Ӕцӕг ныфс
Ӕцӕг ныфс
«Адӕймагӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ алы уысм дӕр тас у мӕлӕтӕй; ӕмӕ ӕппынфӕстаг уыцы тас ӕнӕмӕнг свӕййы ӕрцӕугӕ факт» АРНОЛД ТОЙНБИ, БРИТАЙНАГ ИСТОРИК
1. Цавӕр реалондзинадӕн хъӕуы быхсын адӕмы ӕмӕ цавӕр фарстытӕ сӕвзӕры уый тыххӕй?
КӔЙ бон у зӕгъын, уӕлдӕр загъд ныхӕстӕ раст кӕй не сты? Адӕймагад быхсы мӕлӕты ’гъатыр реалондзинадӕн. Ӕмӕ куыд ӕнӕбон фӕкӕсӕм нӕхимӕ, нӕ зӕрдиаг адӕймӕгтӕй исчи куы амӕлы! Афтӕ нӕм фӕкӕсы, ахӕм хъӕдгомӕн бынтондӕр ницӕмӕйуал ис сдзӕбӕхгӕнӕн. Цымӕ афтӕ тынг кӕй уарзтам, уыцы амӕлджыты искуы ногӕй фендзыстӕм? Цавӕр ныфс дӕтты Библи амӕлджытӕн? Ӕркӕсӕм ацы фарстытӕм.
«Нӕ хӕлар... амард»
2—5. а) Куыд равдыста Йесо йӕ амӕлӕг хӕлар Лазӕры райгас кӕнын ӕй кӕй фӕндыд ӕмӕ йӕ бон дӕр кӕй уыд? ӕ) Уыцы диссаг ма, Лазӕры цардмӕ ӕрыздахыны уӕлдай, цӕмӕн уыд ахъаз?
2 Уыцы хабар ӕрцыд н. э. 32 азы. Иерусалимӕй ӕртӕ километры дарддӕр къаннӕг хъӕу Вифанийы цардысты Лазӕр ӕмӕ йӕ хотӕ, Марфӕ ӕмӕ Мариа. Уыдон уыдысты Йесойы ’ввахс хӕлӕрттӕ. Иухатт Лазӕр тынг фӕрынчын. Йӕ аудаг хотӕ уайтагъд Йесойӕн фехъусын кодтой; уыцы рӕстӕджы уый уыд Иорданы фаллаг фарс. Йесо Лазӕр ӕмӕ йӕ хоты кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ араст Вифанимӕ. Фӕндагыл Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Нӕ хӕлар Лазӕр бафынӕй, фӕлӕ Ӕз цӕуын уый райхъал кӕнынмӕ». Цы зӕгъын ӕй фӕндыд, уый ахуыргӕнинӕгтӕ уайтагъд нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард» (Иоанны 11:1—15).
3 Йесо Вифанимӕ кӕй ӕрбахӕццӕ, уый базонгӕйӕ, Марфӕ йӕ размӕ разгъордта. Йесойы зӕрдӕ фӕрыст Марфӕйы хъыгдзинадӕй, ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Райгас уыдзӕн де ’фсымӕр». Марфӕ йын загъта: «Зонын, кӕй райгас уыдзӕн райгасдзинады, фӕстаг бон». Уӕд ын Йесо загъта: «Ӕз Дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард; Мӕныл ӕууӕндӕг, куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:20—25).
4 Уӕд Йесо бацыд зӕппадзмӕ ӕмӕ бахизӕны фӕлдӕхт дур айсын кодта. Уый фӕстӕ хъӕрӕй скуывта ӕмӕ загъта: «Лазӕр! ӕддӕмӕ рацу». Ӕмӕ мӕнӕ ӕппӕт адӕмы раз Лазӕр ӕддӕмӕ рацыд. Йесо Лазӕры райгас кодта, ома цыппар боны мард цы адӕймаг уыд, уый фӕстӕмӕ цардмӕ ӕрыздӕхта! (Иоанны 11:38—44).
5 Марфӕ уӕдмӕ дӕр ӕууӕндыд зӕрдӕвӕрд райгасдзинадыл (Иоанны 5:28, 29; 11:23, 24). Лазӕр фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй ӕрыздӕхт, уый йын йӕ уырнынзинад ноджы фӕфидар кодта ӕмӕ ахъаз уыд иннӕты уырнындзинадӕн дӕр (Иоанны 11:45). Фӕлӕ уӕддӕр цы нысан кӕны «райгасдзинад»?
«Сыстдзӕн»
6. Цы нысан кӕны дзырд «райгасдзинад»?
6 Дзырд «райгасдзинадӕй» тӕлмац у грекъаг дзырд ана́стасис, ӕмӕ комкоммӕ нысан кӕны «ногӕй сыстын». Грекъаг дзырд ана́стасис тӕлмац ӕрцыд дзуттаг дзырдбаст техийа́т хаммети́м-ӕй, кӕцы нысан кӕны «мӕрдты ӕрыздӕхт цардмӕ» a. Уымӕ гӕсгӕ райгасдзинад у адӕймаджы ӕрыздӕхт мӕлӕты ӕдзард уавӕрӕй — уыцы гоймаджы йе ’ппӕт хицӕнгӕнӕг миниуджытимӕ ногӕй сфӕлдисын.
7. Адӕмы райгас кӕнын Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийӕн зын цӕуылнӕ у?
7 Иегъовӕ Хуыцау ӕнӕкӕрон зонды хицау кӕй у, ӕмӕ алцыдӕр ӕххӕстӕй кӕй хъуыды кӕны, уымӕ гӕсгӕ йын зын нӕу адӕймаджы райгас кӕнын. Хуыцау амӕлӕджы тыххӕй ӕппӕт дӕр — йӕ миниуджытӕ, йӕ иувгъуыд цард, йӕ удыхъӕды хицӕндзинӕдтӕ — кӕй хъуыды кӕны, уым диссагӕй ницы ис (Иов 12:13; абар Исай 40:26). Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕ у Царддӕттӕг. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон суыдзӕн адӕймаджы йӕ раздӕры миниуджытӕ ӕмӕ ног буаримӕ фӕстӕмӕ цардмӕ ӕрыздахын. Ӕмӕ Лазӕры цауӕй бӕлвырдӕй зыны, Йесо Чырыстийы мӕрдты райгас кӕнын кӕй фӕнды ӕмӕ йӕ бон дӕр кӕй у. (Абар Лукайы 7:11—17; 8:40—56.)
8, 9. а) Райгасдзинад ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырадӕн цӕуылнӕ ис иумӕ уӕвӕн? ӕ) Цӕй фӕрцы ис мӕлӕтӕй фервӕзӕн?
8 Фӕлӕ райгасдзинады тыххӕй Библийы ахуырад ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды ӕмбарынадӕн иумӕ уӕвӕн нӕй. Кӕд адӕймаджы уд мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ баззайы, уӕд никӕй хъӕуид райгас кӕнын кӕнӕ фӕстӕмӕ цардмӕ ӕрыздахын. Ӕцӕгдӕр, Марфӕ ницы загъта, мӕлӕты фӕстӕ ма кӕмдӕр чи цӕры, уыцы ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй. Марфӕйы нӕ уырныдта, Лазӕр цавӕрдӕр духовон сферӕмӕ, йӕ цард адарддӕр кӕнынмӕ кӕй араст. Нӕ, уый ӕууӕндыд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл — мӕлӕтӕн йӕ фӕд дӕр кӕй нал уыдзӕн, ууыл. Уый загъта: «Зонын, Райгасдзинады рӕстӕджы, фӕстаг Бон кӕй сыстдзӕн» (Иоанны 11:23, 24, В. Н. Кузнецовӕйы тӕлмац). Уӕдӕ Лазӕр дӕр ницы дзырдта мӕрдты бӕсты тыххӕй. Цы радзырдтаид, уый йын нӕ уыд.
9 Уӕдӕ нын Библи бӕлвырдӕй ӕвдисы, уд кӕй мӕлы ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзыны иунӕг амал райгасдзинад кӕй у. Фӕлӕ зӕххыл Адамӕй фӕстӕмӕ бирӕ миллиардгай адӕймӕгтӕ амард. Чи райгас уыдзӕн уыдонӕй ӕмӕ кӕм?
«Ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ»
10. «Зӕрдыллӕууӕн зӕппӕдзты» уӕвджыты тыххӕй Йесо цавӕр зӕрдӕвӕрд ратта?
10 Йесо Чырысти загъта: «Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг ӕмӕ ӕппӕт ингӕнты [«зӕрдыллӕууӕн зӕппӕдзты», НД] уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). О, Йесо Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта, Иегъовӕ кӕй хъуыды кӕны, ӕппӕт уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн. Миллиардгай адӕймӕгтӕ цардысты ӕмӕ амардысты. Чи ис ӕппӕт уыдонӕй Хуыцауы хъуыдыйы, цӕмӕй сӕ райгас кӕна?
11. Кӕй райгас кӕндзӕн Хуыцау?
11 Иегъовӕ райгас кӕндзӕн чи йын лӕггад кодта ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын чи архайдта, уыдоны. Фӕлӕ милуангай ӕндӕр адӕймӕгтӕ амардысты Хуыцауы раст нормӕтӕм сӕ ахаст нӕ равдисгӕйӕ. Иегъовӕйы домӕнты тыххӕй уыдон кӕнӕ бынтондӕр нӕ зыдтой, кӕнӕ та сын нӕ бантыст ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ивындзинӕдтӕ саразын. Хуыцау ахӕм адӕймӕгты дӕр хъуыды кӕны ӕмӕ уыдоны дӕр райгас кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ Библийы дзырдӕуы: «Уыдзӕн мӕрдты райгасдзинад, рӕстгӕнджыты ӕмӕ ӕнӕрӕстгӕнджыты» (Куыстытӕ 24:15).
12. а) Цавӕр цӕстылуайӕн райста Иоанн райгасдзинады тыххӕй? ӕ) Цы уыдзӕн ӕппӕрст «артын цадмӕ» ӕмӕ ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбарын хъӕуы?
12 Апостол Иоаннӕн лӕвӕрд ӕрцыд диссаджы цӕстылуайӕн, цыран райгасуӕвджытӕ лӕууыдысты Хуыцауы паддзахы бадӕны раз. Иоанн уыцы ныв ахӕм ныхӕстӕй афыста: «Денджыз ратта йӕ мидӕг уӕвӕг мӕрдты, мӕлӕт дӕр, зындон [мӕрдты бӕстӕ] дӕр раттой уым уӕвӕг мӕрдты; ӕмӕ алчидӕр тӕрхонгонд уыд йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ мӕлӕт ӕмӕ зындон ӕппӕрст уыдысты артын цадмӕ. Уый — дыккаг мӕлӕт» (Раргомад 20:12—14). Ахъуыды ма кӕн! Хуыцау кӕй хъуыды кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр ссӕрибар уыдзысты зындонӕй, ома адӕймагады иумӕйаг ингӕнӕй (Псалом 15:10; Куыстытӕ 2:31). Уый фӕстӕ «мӕлӕт ӕмӕ зындон» ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ахӕм бынатмӕ, кӕцы хуыйны «артын цад», ӕмӕ нысан кӕны ӕнусон куынӕгдзинад. Уӕд адӕймагады иумӕйаг ингӕн нал уыдзӕн.
Райгасдзинад — кӕм?
13. Хуыцау иуӕй-иуты уӕларвон цардмӕ цӕмӕн ӕгас кӕны ӕмӕ сын цавӕр буар ратдзӕн Иегъовӕ?
13 Бӕрӕг бӕрц нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы райгас уыдзысты уӕларвон цардмӕ. Уым Чырыстиимӕ иумӕ хицауиуӕг кӕндзысты куыд паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, фыццаг адӕймаг Адамӕй туджы рахӕсгӕ мӕлӕты ’ппӕт фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ (Ромӕгтӕм 5:12; Раргомад 5:9, 10). Библимӕ гӕсгӕ уыдон уыдзысты ӕдӕппӕт 144 000 адӕймаджы; ӕвзӕрст цӕуынц Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй, йӕ иузӕрдион апостолтӕй райдайгӕйӕ (Лукайы 22:28—30; Иоанны 14:2, 3; Раргомад 7:4; 14:1, 3). Райгасдзинады рӕстӕджы Иегъовӕ уыдонӕй алкӕмӕндӕр ратдзӕн духовон буар, цӕмӕй уӕларвыл цӕрын сӕ бон уа (1 Петры 3:18; 1 Коринфӕгтӕм 15:35, 38, 42—45).
14, 15. а) Чи райгас уа, уыдонӕн сӕ фылдӕрмӕ цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы коммӕгӕс адӕймагадмӕ?
14 Амӕлджытӕн сӕ фылдӕр та райгас уыдзысты зӕххон цардмӕ (Псалом 36:29; Матфейы 6:10). Цыхуызӕн уыдзӕн уӕд зӕхх? Абон адӕм зӕхх чъизи кӕнынц, алыран парахат сты хъаугъатӕ, тугкалд, ӕмӕ тыхми. Мӕрдтӕ цардмӕ ахӕм уавӕрты куы райгас уой, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ амонд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Фӕлӕ не Сфӕлдисӕг зӕрдӕ бавӕрдта, тагъд рӕстӕджы кӕй аиуварс кӕндзӕн Сайтаны цагъарады уӕвӕг нырыккон дунеон ӕхсӕнад (Фӕсномыг ныхӕстӕ 2:21, 22; Данелы 2:44). Ӕмӕ йын йӕ бынат бацахсдзӕн ног, рӕстаг адӕймӕгты ӕхсӕнад, кӕцы хуыйны «ног зӕхх» (2 Петры 3:13). Уыцы рӕстӕджы «цӕрджытӕй иу дӕр нӕ зӕгъдзӕн: „ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Суанг ма мӕлӕты къахыл лӕугӕйӕ куыд хъизӕмар кодтой, уый дӕр нал ӕрлӕудзӕн сӕ зӕрдыл, уымӕн ӕмӕ «ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:4).
15 Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дунейы сабыртӕ ӕцӕгдӕр «сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11). Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 ӕмхицауӕй конд уӕларвон паддзахад цадӕггай коммӕгӕс адӕймагады ӕркӕндзӕн, нӕ рагфыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕ цы ’ххӕстдзинад фесӕфтой, уымӕ. Уыцы зӕххы цӕрджыты ’хсӕн уыдзысты райгасуӕвджытӕ дӕр (Лукайы 23:42, 43).
16—18. Цавӕр циндзинад бавзардзысты бинонтӕ райгасдзинады фӕрцы?
16 Библи нын ӕвдисы, райгасдзинады фӕрцы куыд стыр циндзинад бавзардзысты бинонтӕ. Ахъуыды ма кӕн, куыд цин кодта Наинаг идӕдз сылгоймаг, мӕрддзыгой адӕмы ӕруромгӕйӕ йын Йесо йӕ фырты куы райгас кодта! (Лукайы 7:11—17). Фӕстӕдӕр Галилейы денджызы цур Йесо райгас кодта 12-аздзыд чызджы ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ ныййарджытӕ «иттӕг дисы бацыдысты» (Маркы 5:21—24; 35—42; ноджыдӕр кӕс 3 Паддзахӕдты 17:17—24; 4 Паддзахӕдты 4:32—37).
17 Абон ингӕнты чи «фынӕй» кӕны, ахӕм милуангай адӕймӕгтӕ райгасдзинады фӕрцы «райхъал уыдзысты» сабыр ног дунейы. Ахъуыды ма кӕн, цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ацы брошюрӕйы фыццаг сӕры кӕй кой кодтам, уыцы Томми ӕмӕ бизнесменмӕ! Томми дзӕнӕтон зӕххыл куы райхъал уа, уӕд уыдзӕн йӕ мад ӕй цыхуызӕнӕй зыдта, ахӕмӕй, ӕрмӕст ӕнӕниз. Йӕ бон ӕм уыдзӕн бавналын, ахъӕбыс ын кӕнын, ӕмӕ йыл фӕцин кӕнын. Афтӕ индийаг бизнесменӕн дӕр, ӕнустӕм ногӕй гуырыны бӕсты йӕ бон уыдзӕн Хуыцауы ног дунейы йӕ цӕстытӕй ракӕсын ӕмӕ йӕ фырттыл атыхсын.
18 Уды тыххӕй, амӕлджыты тыххӕй ӕмӕ райгасдзинады ныфсы тыххӕй ӕцӕгад зонын, гӕнӕн ис, тынг бандава абон чи цӕры, уыцы адӕмыл. Уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн дарддӕр.
[Фиппаинаг]
a Кӕд дзырд «райгасдзинад» Дзуттаг Фыстыты не ’мбӕлы, уӕддӕр райгасдзинады ныфс ирдӕй ӕвдыст у ахӕм стихты, куыд Иов 14:13, Данелы 12:13 ӕмӕ Оси 13:14.
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 26 фарсыл]
Райгасдзинад ӕрхӕсдзӕн ӕнусон циндзинад.