Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 ФАРСТА

Цавӕр ахсджиаг хабар ис Библийы?

Цавӕр ахсджиаг хабар ис Библийы?

«Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ»

(Райдиан 3:15).

«Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй»

(Райдиан 22:18).

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр»

(Матфейы 6:10).

«Фарндӕттӕг Хуыцау та тагъд Сайтаны уӕ къӕхты бын ныссӕнддзӕн»

(Ромӕгтӕм 16:20).

«Хуыцау [ын] ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар куы бакӕна, уӕд Фырт йӕхӕдӕг дӕр йӕхи бакӕндзӕн, ӕппӕт дӕр ын йӕ дӕлбар чи бакодта, уый дӕлбар, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр Хуыцау уа йӕ иунӕг Хицау»

(1 Коринфӕгтӕм 15:28).

«Хуыцау... зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн... ӕмӕ уый у Чырысти. Ӕмӕ кӕд Чырыстийы стут, уӕд та ӕцӕгдӕр стут Авраамы байзӕддӕгтӕ»

(Галатӕгтӕм 3:16, 29).

«Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Чырыстийы къухы, ӕмӕ уый паддзах уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ»

(Раргомад 11:15).

«Гъемӕ стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр»

(Раргомад 12:9).

«Уыцы зӕд ӕрцахста залиаг калмы, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи у, уыцы рагон калмы, ӕмӕ йӕ мин азмӕ сбаста»

(Раргомад 20:2).