Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 ФАРСТА

Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис?

Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис?

«Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ [...] Ӕппӕт уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан»

(Матфейы 24:7, 8).

«Уыцы рӕстӕг фӕзындзӕн бирӕ мӕнг пехуымпартӕ, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. Ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн»

(Матфейы 24:11, 12).

«Хӕстӕг рӕттӕй ӕмӕ дард рӕттӕй хӕстыты кой хъусдзыстут, фӕлӕ-иу ма тӕрсут – уыцы хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕн»

(Марчы 13:7).

«Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕмӕ-иу куы иу ран, куы иннӕ ран сыстдзӕн фыднизтӕ ӕмӕ адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг. Стӕй уындзысты ӕвирхъау хабӕрттӕ ӕмӕ арвыл стыр диссӕгтӕ»

(Лукайы 21:11).

«Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ, сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн»

(2 Тимофеймӕ 3:1–5).