Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 ФАРСТА

Библи чи ныффыста?

Библи чи ныффыста?

«Моисей Йегъовӕйы ныхӕстӕ иууылдӕр ныффыста»

(Рацыд 24:4).

«Данел йӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ федта фын ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ. Уӕд Данел ныффыста йӕ фын ӕмӕ хабӕрттӕ иууылдӕр ракодта»

(Данел 7:1).

«Махӕй Хуыцауы ныхас куы фехъуыстат, уӕд ӕй адӕймаджы ныхасыл нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл»

(1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн»

(2 Тимофеймӕ 3:16).

«Пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ»

(2 Петры 1:21).