Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 ФАРСТА

Библи дӕ бинонтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

Библи дӕ бинонтӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

ЛӔГТӔ/​ФЫДӔЛТӔ

«Раст афтӕ лӕгтӕ дӕр, сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары... ...Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр»

(Ефесӕгтӕм 5:28, 29, 33).

«Фыдӕлтӕ, сымах... уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут»

(Ефесӕгтӕм 6:4).

УСТЫТӔ

«Ус... хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа»

(Ефесӕгтӕм 5:33).

«Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ ӕмбӕлы»

(Колоссӕгтӕм 3:18).

СЫВӔЛЛӔТТӔ

«Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут, Хуыцауы фӕндон куыд у, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕсты раст у. „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“ – уый у зӕрдӕвӕрдимӕ лӕвӕрд фыццаг фӕдзӕхст. Зӕрдӕвӕрд та у ахӕм: „Цӕмӕй дын уа хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрай“»

(Ефесӕгтӕм 6:1–3).

«Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут, уымӕн ӕмӕ уый цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ»

(Колоссӕгтӕм 3:20).