Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 ФАРСТА

Библийы Чырыстийы тыххӕй цы фыст ис?

Библийы Чырыстийы тыххӕй цы фыст ис?

ПЕХУЫМПАРАД

«Ды... Вифлеем Ефрафӕ... дӕуӕй рацӕудзӕн, Израилы мӕ номӕй чи архайдзӕн, уыцы хицау»

(Михей 5:2).

КУЫД СӔХХӔСТ

«Йесо райгуырд иудейаг горӕт Вифлеемы, паддзах Ироды рӕстӕджы. Уый фӕстӕ Скӕсӕнӕй Иерусалиммӕ ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ»

(Матфейы 2:1).

ПЕХУЫМПАРАД

«Мӕ уӕлӕдарӕс мын сӕ кӕрӕдзийыл дих кӕнынц, мӕ дарӕсыл мын хӕлттӕ ӕппарынц»

(Псалом 22:18).

КУЫД СӔХХӔСТ

«Ӕфсӕддонтӕ Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд ын йе ’ддаг дарӕс райстой ӕмӕ йӕ цыппар дихы акодтой... Йӕ хӕдон та хуыд нӕ уыд, фӕлӕ сӕрӕй бынмӕ уыди уӕфт. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: „Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ, кӕмӕ ӕрхаудзӕн, ууыл хӕлттӕ сӕппарӕм“»

(Иоанны 19:23, 24).

ПЕХУЫМПАРАД

«Йе стджытӕ йын иууылдӕр хъахъхъӕны, иу дӕр ын дзы саст не ’рцыд»

(Псалом 34:20).

КУЫД СӔХХӔСТ

«Йесомӕ куы бацыдысты ӕмӕ, амард, уый куы федтой, уӕд ын йӕ зӕнгтӕ нал асастой»

(Иоанны 19:33).

ПЕХУЫМПАРАД

«Уый барӕхуыстой нӕ фыдракӕндты тыххӕй»

(Исай 53:5).

КУЫД СӔХХӔСТ

«Ӕфсӕддонтӕй [йын] сӕ иу йӕ фарс арцӕй барӕхуыста, ӕмӕ дзы туг ӕмӕ дон ракалд»

(Иоанны 19:34).

ПЕХУЫМПАРАД

«Мӕ мызд [мын] бафыстой – ӕртын ӕвзист ӕхцайы»

(Захари 11:12, 13).

КУЫД СӔХХӔСТ

«Уый фӕстӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, зӕгъгӕ, сауджынты хистӕртӕм ацыди ӕмӕ сын загъта: „Уӕ къухы уын ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд мын цы ратдзыстут?“ Уыдон ын зӕрдӕ бавӕрдтой ӕртын ӕвзист ӕхцайӕ»

(Матфейы 26:14, 15; 27:5).