Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 ФАРСТА

Дӕ бон куыд у Хуыцауы тыххӕй базонын?

Дӕ бон куыд у Хуыцауы тыххӕй базонын?

«Ацы закъоны чиныг алкӕддӕр уӕд де ’взагыл. Ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ»

(Йесо Навин 1:8).

«Уыдон ӕцӕг Хуыцауы закъоны чиныг хъӕрӕй кастысты, стӕй-иу ӕй бамбарын кодтой ӕмӕ-иу ын йӕ хъуыды райхӕлдтой, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цы сын кастысты, уый ӕмбарынӕн»

(Нееми 8:8).

«Амондджын у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зондыл чи нӕ цӕуы... Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй... Цыфӕнды ма араза – алцыдӕр ын бантысдзӕн»

(Псалом 1:1–3).

«Филипп базгъордта бӕхуӕрдонмӕ ӕмӕ фехъуыста, уыцы лӕг хъӕрӕй кӕй каст пехуымпар Исайы чиныг. Уӕд ӕй Филипп бафарста: „Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?“ Уый йын загъта: „Исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд ӕй куыд хъуамӕ ӕмбарон?“»

(Хъуыддӕгтӕ 8:30, 31).

«Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты. Уӕдӕ уыдон сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты»

(Ромӕгтӕм 1:20).

«Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына»

(1 Тимофеймӕ 4:15).

«Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, ...не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм»

(Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

«Кӕд [уӕ] искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн»

(Иаковы 1:5).