Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 ФАРСТА

Библи фидӕны тыххӕй цы дзуры?

Библи фидӕны тыххӕй цы дзуры?

«Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм»

(Псалом 37:29).

«Зӕхх... лӕууы ӕнустӕм»

(Екклесиаст 1:4).

«Уый фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн»

(Исай 25:8).

«Уӕд куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты ӕмӕ къуырматы хъустӕ байгом уыдзысты. Уӕд, къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй хъӕр кӕндзӕн. Ӕдзӕрӕг быдыры рагуылф кӕндзӕн суадӕттӕ, хус бӕстӕйы – цӕугӕдӕттӕ»

(Исай 35:5, 6).

«Ныссӕрфдзӕн [сын] сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта»

(Раргомад 21:4).

«Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра. Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау бирӕ, ӕмӕ ме ’взӕрст адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй»

(Исай 65:21, 22).