Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

30 УРОК

Адӕмыл хъуыды кӕн

Адӕмыл хъуыды кӕн

ХЪУСЫН кӕнгӕйӕ нӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕмӕн Библийӕ цыдӕртӕ радзурӕм. Хъуамӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ бацагайӕм. Уый нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕстмӕ нӕ, фӕлӕ сыл ӕцӕгӕй куы тыхсӕм, уӕд. Не ’рхъуыдыдзинад та алы ӕмӕ алы хуызӕтты ис равдисӕн.

Адӕймаджы цӕстӕнгасӕн аргъ кӕн. Апостол Павелӕй рох никуы уыди, кӕимӕ ныхас кодта, уыдон чи уыдысты ӕмӕ куыд хъуыды кодтой, уый. Мӕнӕ цы загъта: «Иудеӕгтӕн уыдтӕн Иудеаг, цӕмӕй Иудеӕгты зӕрдӕтӕ балхӕдтаин; диндарджытӕн уыдтӕн диндарӕгау, цӕмӕй диндарджыты зӕрдӕтӕ балхӕдтаин; ӕнӕдинтӕн уыдтӕн ӕнӕдинау, (Хуыцауы раз ӕнӕдин нӕ уыдтӕн, фӕлӕ Чырыстийы дины бын ныллӕууыдтӕн),— цӕмӕй ӕнӕдинты зӕрдӕтӕ балхӕдтаин. Ӕдыхтӕн уыдтӕн ӕдыхау, цӕмӕй ӕдыхты зӕрдӕтӕ балхӕдтаин. Се ’ппӕтӕн ӕз сдӕн ӕппӕтдӕр, цӕмӕй удыбӕстӕ ссарын кодтаин уӕддӕр иу къордӕн [«цӕмӕй ӕппын фӕстаг фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты», «Синодалон тӕлмац»]. Ӕппӕтдӕр кӕнын Евангелийы сӕрвӕлтау, цӕмӕй ӕз дӕр дзы хайджын фӕуон уымӕй» (1 Кор. 9:20—23, НФ). Махӕн та цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй «се ’ппӕтӕн суӕм ӕппӕтдӕр»?

Адӕймагимӕ ныхас райдайыны размӕ-иу ӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, бакӕстытӕ кӕн, ӕмӕ уӕд бирӕ цыдӕртӕ бамбардзынӕ: цавӕр адӕймаг у, царды мидӕг цы агуры ӕмӕ цы уавӕрты цӕры. Дӕ бон зӕгъын у, цы куыстгӕнӕг у, уый? Цавӕр диныл хӕст у, уый истӕмӕй бӕрӕг у? Бинонтӕ ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ, мыййаг, ис? Цы фӕхатыдтӕ, уый хынцгӕйӕ нӕу дӕ бон дӕ ныхас райдайын, адӕймаг дӕм ӕхсызгондӕрӕй куыд байхъуса?

Цӕмӕй дӕм адӕм хъусой, уый тыххӕй раздӕр ахъуыды кӕнын хъӕуы, цы зӕгъдзынӕ, ууыл. Кӕцыдӕр рӕтты бирӕ ис ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцӕуӕг адӕм. Ды кӕм хъусын кӕныс, уым дӕр цӕры ахӕм адӕймӕгтӕ? Ӕмӕ уӕд сбӕлвырд кодтай, хуыздӕр сын куыд уыдзӕн хъусын кӕнын, хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр куыд айсдзысты? Хуыцауы уый фӕнды, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ [дӕр] фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ». Уымӕ гӕсгӕ, Паддзахады хабар афтӕ дзур, кӕуыл ӕмбӕлай, уыдон ӕй сӕ зӕрдӕмӕ куыд исой (1 Тим. 2:4).

Адӕймагмӕ зӕрдӕбынӕй хъус. Кӕд Иегъовӕ никӕй уынаффӕхъуаг у, уӕддӕр иннӕтӕм байхъусын йӕ сӕрмӕ хӕссы. Пехуымпар Михей цӕстылуайӕны федта, Иегъовӕ иу хъуыддаджы фӕдыл зӕдтимӕ куыд уынаффӕ кодта. Стӕй йын зӕдтӕй сӕ иу цы загъта, уый бакӕныны бар ын радта (3 Пад. 22:19—22). Содомы цы фыдтӕрхон хъуамӕ баййӕфтаид, уый фӕдыл Авраам йӕ мӕт Иегъовӕйӕн куы радзырдта, уӕд ын Иегъовӕ уый аргъ скодта, ӕмӕ йӕм байхъуыста (Уӕв. 18:23—33). Уацамынды адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Иегъовӕйы фӕзмын?

Адӕмы разӕнгард кӕн сӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ. Адӕймагмӕ ӕмбӕлон фарст ратт, ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Цыма йӕм хъусыс, дӕхи афтӕ ма ӕвдис, фӕлӕ йӕм ӕцӕгдӕр хъус. Йӕ ныхӕстыл ын кӕй хъуыды кӕныс, уый куы фена, уӕд ӕй тынгдӕр бафӕнддзӕн, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ радзурын. Кӕд ын йӕ дзуаппӕй, цавӕр адӕймаг у, уый тыххӕй исты базыдтай, уӕд ӕм уӕзданӕй ратт ӕндӕр фарст. Ӕрмӕст ӕй хынцфарст ма кӕн, ӕнӕуи йемӕ хуыздӕр базонгӕ у. Кӕд йӕ ныхас дӕ зӕрдӕмӕ ӕцӕгдӕр фӕцыд, уӕд ын ӕй зӕгъ. Уӕвгӕ, кӕд йӕ цӕстӕнгасыл разы нӕ дӕ, уӕддӕр ын раарфӕ кӕн, де ’ргом ныхасӕй бузныг, зӕгъгӕ (Кол. 4:6).

Фӕлӕ уыимӕ хъуамӕ уӕм хиуылхӕцгӕ: цы ис зӕгъӕн ӕмӕ цӕмӕй ис бафӕрсӕн, уый хъуамӕ ӕмбарӕм. Ӕрхъуыдыджын кӕй хъуамӕ уӕм, уый нын ахӕм бар нӕ дӕтты, ӕмӕ искӕй хъуыддӕгты нӕхи тъыссӕм (1 Пет. 4:15, НД). Нӕ хъус хъуамӕ дарӕм уымӕ дӕр, ӕфсымӕр уӕвгӕйӕ, сылгоймагимӕ (кӕнӕ хо уӕвгӕйӕ — нӕлгоймагимӕ) куы ныхас кӕнӕм, уӕд нын нӕ ӕнӕхин цымыдис раст куыд бамбарой. Хи дарыны хъуыддаджы иу бӕстӕйы аив цы у, уый ӕндӕр бӕстӕйы, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕгадыл нымад уа, стӕй иу бӕстӕйы дӕр дыууӕ адӕймаджы ӕмхуызон нӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ арфуынӕг уӕм (Лук. 6:31).

Уацамынды цӕуыл дзурдзыстӕм, ууыл-иу рагацау бӕстон куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн лӕмбынӕг хъусынӕн. Цы зӕгъинаг стӕм, уый куы зонӕм, уӕд ӕнӕ уӕлдай тыхстӕй байхъусдзыстӕм нӕ ныхасӕмбалмӕ. Ӕмӕ уӕд уый дӕр йӕхи сӕрибардӕр фӕхатдзӕн, бафӕнддзӕн ӕй немӕ аныхас кӕнын.

Адӕймагмӕ куы байхъусӕм, уӕд уымӕй равдисӕм, кӕй йын кад кӕнӕм (Ром. 12:10). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын йӕ хъуыдытӕн аргъ кӕнӕм, йӕ цин, йӕ рис ын ӕмбарӕм. Ӕмӕ уый куы уына, уӕд, чи зоны, уый дӕр нӕ ныхас йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕгдӕр айса. Уӕдӕ нын Хуыцау йӕ Ныхасы дзӕгъӕлы нӕ дӕтты ахӕм уынаффӕ, зӕгъгӕ, «алкӕцы адӕймаг уӕд рӕвдз хъусынмӕ, сындӕг ныхӕстӕм» (Иак. 1:19).

Ӕххуыс сын кӕн Хуыцауы фӕндагыл слӕууынӕн. Адӕмыл куы тыхсӕм, уӕд Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыдоны нӕ рох кӕндзыстӕм — ногӕй та-иу сӕм бацӕудзыстӕм, цӕмӕй сын бӕстондӕр радзурӕм, Библийӕ сӕ тынг ӕхсызгонӕй цы хъӕуы базонын, уый. Адӕймагмӕ ногӕй бацӕуинаг куы уай, уӕд ахъуыды кӕн, уый размӕ бацыдӕн дзы цы базыдтай. Бацӕттӕ кӕн цалдӕр хъуыдыйы, цӕуыл тыхсы, уый фӕдыл. Ӕмӕ йемӕ куы ныхас кӕнай, уӕд ын бамбарын кӕн, уыцы зонындзинӕдтӕ йын царды куыд фӕахъаз уыдзысты, уый (Ис. 48:17).

Адӕймаг дын йӕ сагъӕс куы ракӕна, уӕд уый афтӕ нымай, ӕмӕ дын диссаджы фадат фӕзынд хорз хабар радзурынӕн. Йесо алкӕддӕр цӕттӕ уыди тыхст адӕмы зын йӕхимӕ райсынмӕ, ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн (Маркы 6:31—34). Хъуыддаг нӕ бамбаргӕйӕ адӕймагӕн зӕндтӕ амонынмӕ ма фӕу ӕмӕ, йӕ зындзинадӕн цы хос ис, уый зӕгъыныл ма тагъд кӕн. Кӕннод ӕм афтӕ фӕкӕсдзӕн, ӕмӕ дӕм йӕ рис ӕппындӕр никӕцӕй хъары. Хуыздӕр уыдзӕн, йӕ рис, йӕ хъыг ын кӕй ӕмбарыс, уый равдисын (1 Пет. 3:8). Библи ӕмбарынгӕнӕг литературӕйы бацагур, йӕ зын уавӕры йын чи феххуыс уыдзӕн, ахӕм ӕрмӕг ӕмӕ йын ӕй ӕрбахӕсс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы адӕймаджы хорздзинадыл куы хъуыды кӕнай, уӕд ын йӕ сусӕг ныхас никӕмӕн зӕгъдзынӕ (кӕд уый сӕр тынг ӕхсызгонӕй нӕ хъӕуа, уӕд) (Ӕмб. 25:9).

Алкӕмӕй тынгдӕр та хъуамӕ тыхсӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоныл. Алкӕй дӕр сӕ цы хъӕуы, уый фӕдыл кув Хуыцаумӕ ӕмӕ семӕ ахуыр ауадзынмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар уыцы зындзинӕдтӕ. Ахъуыды кӕн: цӕмӕй размӕ цӕуа, уый тыххӕй ма йӕ цы бакӕнын хъӕуы? Зӕрдӕхӕларӕй йын баххуыс кӕн, уый тыххӕй Библи ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕ цы дзуры, уый бамбарынӕн (Матф. 24:45). Фӕлӕ алы хатт айдагъ бамбарын кӕнын фаг нӕ вӕййы. Библийӕ цавӕрдӕр хъуыды царды куыд ахады, уый хатт бахъӕуы хъуыддагӕй равдисын, йе та цыдӕр иумӕ дӕр саразын, йӕхи цӕстӕй йӕ куыд фена (Иоан. 13:1—15).

Адӕймагӕн йӕ цард Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ саразынӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ хъуамӕ уӕм уӕззаузонд ӕмӕ арфуынӕг. Адӕмӕн сӕ ивгъуыд алыхуызон у, стӕй иуӕн цас у йӕ бон, иннӕмӕн уыйбӕрц нӕу, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чырыстон фӕндагыл дӕр размӕ ӕмхуызон тагъд нӕ цӕуынц. Уӕдӕ адӕймагмӕ, йӕ бон цы нӕу, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс (Фил. 4:5, НД). Сӕ царды сӕ фӕивын цы хъӕуы, уый сын тыхӕй ма ивын кӕн. Сӕ зӕрдӕты зынг сын уадз ӕмӕ цырен кӕнӕнт Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уд. Иегъовӕйы уый фӕнды, ӕмӕ йын адӕм лӕггад кӕной зӕрдӕйӕ, тыхӕй нӕ, фӕлӕ (Пс. 109:3). Уӕдӕ адӕймаджы йӕхи цыдӕр аскъуыддзаг кӕнын куы хъӕуа, уӕд ын, ӕз дӕ бынаты афтӕ бакӕнин, зӕгъгӕ, макуы зӕгъ. Стӕй дӕ йӕхӕдӕг куы фӕрса, уӕддӕр хъуыддаг йӕ бӕсты ма скъуыддзаг кӕн (Гал. 6:5).

Ӕххуыс сын кӕн хъуыддагӕй. Кӕд Йесо адӕмӕн сӕйраджыдӕр Хуыцауы базонынӕн ӕххуыс кодта, уӕддӕр дзы рох нӕ уыди, царды ма сӕ ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр кӕй хъуыди (Матф. 15:32). Кӕд нӕ нӕ къух бирӕ ницӕмӕй амоны, уӕддӕр бахъуаджы сахат адӕймаджы фарсмӕ балӕууынӕн бирӕ гӕнӕнтӕ ис.

Иннӕтыл куы аудӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕрхъуыдыджын. Цӕвиттон, дӕ ныхасӕмбалӕн уазалы, хурмӕ кӕнӕ дымгӕмӕ лӕууын йӕ бон куы нӕ уа, уӕд ын зӕгъ, уӕртӕ ӕндӕр ран аныхас кӕнӕм кӕнӕ ӕндӕр хатт адарддӕр кӕндзыстӕм нӕ ныхас, зӕгъгӕ. Адӕймаджы куы нӕ ’вдӕла, уӕд та йын зӕгъ, фӕстӕдӕр кӕй ӕрбацӕудзынӕ. Дӕ сыхӕгтӕй кӕнӕ, ӕцӕгад базонын кӕй фӕнды, уыдонӕй исчи нӕфӕразгӕ у, науӕд рынчындоны хуыссы, уӕд ӕй истӕмӕй ӕрхъуыды кӕн: дыууӕ ныхасы йӕм афысс кӕнӕ йӕм рынчынфӕрсӕг бауай. Кӕд ӕмбӕлы, уӕд ын хӕринагӕй дӕр, цы уарзы, ахӕм исты бахӕсс, йе та йын ӕндӕр исты хорз ракӕн.

Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый Хуыцауы фӕндагыл размӕ куыд цӕуа, афтӕ йӕхи, гӕнӕн ис, иунӕг хата, цыма йын цыдӕр нӕ фаг кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ раздӕры хӕлӕрттимӕ афтӕ арӕх нал вӕййы. Ды у йӕ хӕлар. Библи ахуыры фӕстӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕуи ӕндӕр рӕстӕг дӕр ныхас кӕн йемӕ, ма йын ӕвгъау кӕн дӕ рӕстӕг. Ӕмбарын ын кӕн, хорз хӕлӕрттӕ ссарын ӕй кӕй хъӕуы (Ӕмб. 13:20). Ӕххуыс ын кӕн чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын. Куы ’рбацӕуы, уӕд-иу йӕ фарсмӕ сбад, кӕд ын сывӕллӕттӕ ис — фӕкӕс-иу ын сӕм, цӕмӕй фембӕлды рӕстӕг се ’ппӕт дӕр хъусой ӕмӕ дзы фылдӕр пайда райсой.

Адӕмыл зӕрдӕйӕ у. Адӕмыл хъуыды кӕнын сӕрӕндзинадӕй нӕу,— уыцы миниуӕг зӕрдӕйӕ цӕуы. Иннӕтыл куыд аудӕм, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты бӕрӕг вӕййы. Зӕгъӕм, куыд сӕм байхъусӕм ӕмӕ сын цы фӕзӕгъӕм, уымӕй. Нӕ хӕларзӕрдӕ ахаст ӕмӕ не ’рхъуыдыдзинадӕй. Адӕмыл зӕрдӕйӕ куы уӕм, уӕд, зӕгъгӕ дӕр куы ницы кӕнӕм ӕмӕ аразгӕ дӕр, уӕддӕр уый нӕ цӕсгомыл фыст уыдзӕн. Уӕдӕ кӕд иннӕтыл ӕцӕгӕй аудӕм, уӕд ӕй ӕнӕфӕхатгӕ нӕ фӕуыдзысты.

Иууыл фыццаг та адӕмыл зӕрдӕйӕ уымӕн хъуамӕ уӕм, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды фӕзмӕм. Уӕд адӕмӕн ӕнцондӕр уыдзӕн, Иегъовӕ цы диссаджы Хуыцау у, уый бамбарын ӕмӕ нын цы хорз хабар бахӕс кодта хъусын кӕнын, уый сӕ зӕрдӕмӕ айсын. Цӕй уӕдӕ уыцы хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ «ӕрмӕст йӕхи мӕт ма кӕнӕд алчидӕр, фӕлӕ алчидӕр иннӕты мӕт дӕр кӕнӕд» (Фил. 2:4).