Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 УРОК

Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агур

Адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агур

НӔ ХӔС ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм,— хъуамӕ сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг арӕм. Библийы арӕх ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕрд цӕуынц, адӕймаг йӕхи цыхуызӕнӕй ӕвдисы ӕмӕ ӕцӕгӕй йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Зӕрдӕ у адӕймагӕн йӕ миддуне — йе ’нкъарӕнтӕ, цӕуыл хъуыды кӕны ӕмӕ йыл цӕмӕн хъуыды кӕны, стӕй уыцы хъуыдытӕ йӕ хъуыддӕгтыл куыд фӕзынынц. Уыцы зӕрдӕйы байтауӕм ӕцӕгады тауинаг (Матф. 13:19). Уыцы зӕрдӕйы райгуыры Хуыцауы коммӕ кӕсыны фӕнд дӕр (Пс. 118:34; Ром. 6:17).

Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы арфмӕ фӕндаг ссарай, уый тыххӕй архай мӕнӕ ацы хъуыддӕгтыл: 1) сбӕрӕг кӕн, дӕ ныхасмӕхъусӕджы зӕрдӕ ахӕм цӕмӕн сси; 2) йӕ удыхъӕды йын фидар кӕн хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ Хуыцауы ӕфсарм; 3) разӕнгард ӕй кӕн, йӕ зӕрдӕ, йӕ мидхъуыдытӕ сгарынмӕ, алкӕддӕр, Иегъовӕйӕн ӕхсызгон цы у, уый куыд кӕна.

У арфуынӕг. Адӕм ӕцӕгад сӕ зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ исынц, уымӕн бирӕ аххосӕгтӕ ис. Библи искӕимӕ куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ фӕхъӕуы, адӕймаг цӕйдӕр тыххӕй ӕвзӕр дзӕгъӕлы кӕй хъуыды кӕны кӕнӕ йӕ цӕстӕнгӕстӕй кӕцыдӕртӕ раст кӕй не сты, уый йын бӕлвырдгӕнӕнты руаджы бамбарын кӕнын. Дӕхимӕ ратт ахӕм фарстытӕ: ацы адӕймаджы Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй хъӕуы, уый ӕмбары? Ныридӕгӕн цӕуыл ӕууӕнды? Цӕуыл не ’ууӕнды? Ахӕм хатдзӕгтӕм цӕмӕн ӕрцыд? Мыййаг ӕм кӕд цыдӕр фӕндтӕ ис ӕмӕ йӕ ӕххуыс хъӕуы, цӕмӕй сыл йӕ къух сиса ӕмӕ йӕ ма бахъыгдарой, ӕцӕгад зонын ыл цы хӕс ӕвӕры, уый ӕххӕст кӕнын?

Адӕймаг цӕуылдӕр цӕмӕн ӕууӕнды, уый бамбарын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. «Адӕймаджы зӕрдӕйы фӕндтӕ сты арф дӕттау,— кӕсӕм Ӕмбисӕндты 20:5,— фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг базондзӕн». Арфуынӕг адӕймаг у, уӕлӕнгай ӕркӕсгӕйӕ бӕрӕг цы нӕу, уый чи ӕмбары. Уый тыххӕй хъӕуы къӕрцхъус зӕрдӕ ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад.

Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕрмӕст, цы дзуры, уымӕй нӕ вӕййы бамбарӕн. Библи кӕимӕдӕр ахуыр кӕнгӕйӕ арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ цавӕрдӕр фарста ӕвзаргӕйӕ адӕймагӕн йӕ цӕсгом фендӕр вӕййы, йӕ хъӕлӕсы уаг дӕр фӕивы. Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд ӕй куыннӕ бамбарыс, ӕмӕ иугӕр сӕ уагахаст фӕивта, уӕд сӕ царды ног цыдӕр фӕзынд ӕмӕ сӕхи афтӕ уымӕн дарынц. Ахӕм фӕдисы нысӕнттӕ ӕнӕхъусдардӕй макуы ныууадз. Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цытӕ цӕуы, ууыл дзурӕг сты уыцы ивындзинӕдтӕ.

Адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый базонынӕн стыр ӕххуыс сты рӕстдзӕвин фарстытӕ. Ис ӕй бафӕрсӕн: «Мӕнӕ уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?» «Цӕмӕн дӕм афтӕ кӕсы?» «Зӕгъгӕ, афтӕ ӕмӕ афтӕ у, уӕд цы бакӕнис?» Ӕрмӕст афтӕ нӕ, ӕмӕ адӕймаджы фарстыты бын фӕкӕнай. Дӕуырдыгӕй уӕздандзинады нысан уыдзӕн, фыццаг уал ын куы зӕгъай: «Бафӕрсын аипп ма уӕд». Зӕрдӕйы цы ис, уый базонын ӕнцон нӕу, ӕмӕ йыл тагъд кӕнын нӕ хъӕуы. Фылдӕр хатт адӕймаджы фӕхъӕуы рӕстӕг — хуыздӕр дӕ базона, баууӕнда дыл ӕмӕ дын йӕ бон уа, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый зӕгъын. Стӕй дыл куы баууӕнда, уӕд дӕр хъуамӕ уай уӕззаузонд, адӕймаг афтӕ куыннӕ ахъуыды кӕна, ӕмӕ дӕ хъуыддаг цы нӕу, уым дӕхи тъыссыс (1 Пет. 4:15, НД).

Адӕймаг цы дзуры, уымӕ дын цӕмӕй раст ахаст уа, уый тыххӕй дӕр арфуынӕг хъуамӕ уай. Дӕ зӕрдыл дар, кӕй дӕ хъӕуы адӕймаджы бамбарын, уымӕн ӕмӕ уӕд бӕлвырдӕй зондзынӕ, Библийӕ йын йӕ зӕрдӕ тынгдӕр цы бацагайдзӕн. Зӕгъгӕ, дӕм дӕ зӕрдӕ гыццыл дӕр сдзырдта, раст кӕй нӕ хъуыды кӕны, уый йын зӕгъын, уӕд уыцы фӕнд уайтагъддӕр амар. Уый бӕсты ахъуыды кӕн, уыцы ныхӕсты цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕмбӕхст ис. Уӕд зондзынӕ, цы дӕ хъӕуы зӕгъын. Адӕймаг та, кӕй йӕ ӕмбарыс, уый куы фӕхата, уӕд дын дӕ ныхӕстӕм йӕ хъус тынгдӕр ӕрдардзӕн (Ӕмб. 16:23).

Хицӕн адӕймӕгты зӕрдӕты зынг ссудзӕн ис, бирӕ адӕмы раз куы дзурай, уӕд дӕр. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕм куы кӕсай, сӕ цӕсгомыл цы фыст ис, уымӕ дӕ хъус лӕмбынӕг куы дарай, ӕмӕ дзуапп дӕттын кӕмӕн нӕ хъӕуы, ахӕм рӕстдзӕвин фарстытӕ сӕм куы дӕттай, уӕд хатдзынӕ, дӕ ныхӕстӕ сын сӕ зӕрдӕ куыд агайынц, уый. Кӕд дӕ ныхасмӕхъусджыты хорз зоныс, уӕд афтӕ дзур, ӕмӕ дӕумӕ хъусгӕйӕ сӕ царды уавӕртӕ сӕ цӕстыты раз куыд сыстой. Хуыцауы Ныхас ӕмбарын кӕнгӕйӕ дӕ рох ма уӕд, ӕмбырд иумӕйагӕй цы зӕрдӕйы уаг ӕвдисы, уый (Гал. 6:18).

Сӕ зӕрдӕты сын рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ хъал кӕн. Адӕймаджы цы уырны, цы йӕ нӕ уырны, стӕй цӕмӕн, уый куы зонай, уӕд дын дарддӕр ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ ныхас ууыл аразын. Йӕ райгасы хӕдфӕстӕ Йесо ссыгъта йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕтӕ, уымӕн ӕмӕ сын «фыстытӕ... ӕргом кодта», цы цаутӕ ӕрцыд, уыдонимӕ сӕ бӕтгӕйӕ (Лук. 24:32, НФ). Ды дӕр адӕймагӕн ӕмбарын кӕн, царды цытӕ ӕвзары ӕмӕ цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕ, Хуыцауы Ныхасы цы уыны, уыимӕ куыд баст сты. Адӕймаджы зӕрдӕ ссыгъд, зӕгъгӕ, уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, куы бамбара ӕмӕ куы зӕгъа: «Ай мӕнӕ ӔЦӔГАД куы у!»

Цас фылдӕр дзурай Иегъовӕйы хорздзинад, йӕ уарзт, йе стыр хорзӕх ӕмӕ йӕ рӕстаг фӕндӕгты тыххӕй, уыйас хуыздӕр ӕххуыс кӕндзынӕ, кӕй ахуыр кӕныс, уыдонӕн Хуыцауы тынгдӕр бауарзынӕн. Иегъовӕ сӕм цы хорз миниуджытӕ уыны, уыдон тыххӕй зӕгъынӕн рӕстӕг куы арай, уӕд сӕ фидарӕй уырндзӕн, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хӕлар уа. Уый тыххӕй семӕ хъуыды кӕн ахӕм стихтыл: Псалом 138:1—3, Лукайы 21:1—4 ӕмӕ Иоанны 6:44, ӕмӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕн ӕххуыс кӕн, Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цы уарзтӕй уарзы, уыцы уарзты тых банкъарынӕн (Ром. 8:38, 39). Ӕмбарын сын кӕн, Иегъовӕ нын ӕрмӕст нӕ рӕдыдтытӕ кӕй нӕ уыны: уый уыны нӕ царды алцыдӕр, йӕ хъуыддаджы нӕ уд куыд хъарӕм ӕмӕ йын йӕ ном куыд уарзӕм (2 Пар. 19:2, 3; Дзут. 6:10). Иегъовӕ йӕ зӕрдыл дары адӕймаджы удыхъӕды алы лыстӕг фӕзилӕн дӕр, ӕмӕ диссаджы хуызы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн «ӕппӕт ингӕнты уӕвджыты [«зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты чидӕриддӕр ис, уыдоны», НД]» (Иоан. 5:28, 29; Лук. 12:6, 7). Адӕймаг Хуыцауӕн йӕхимӕ гӕсгӕ конд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ миниуджытыл ныхас куы фӕцӕуы, уӕд ын уый арӕх сызмӕлын кӕны йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ (Уӕв. 1:27).

Адӕймаджы зӕрдӕ ма фӕфӕлмӕн вӕййы, Иегъовӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый дӕр сӕм уыцы зӕрдӕ дарын куы фӕахуыр кӕны, уӕд дӕр. Ӕмӕ уӕвгӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа: иугӕр Хуыцау махмӕ хъӕбулы зӕрдӕ дары, уӕд ахӕм зӕрдӕ дары иннӕтӕм дӕр, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕнт, чифӕнды ма уӕнт (Ап. к. 10:34, 35). Адӕймагмӕ уый куы бахъары, уӕд бамбары, Фыстад афтӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ дзуры, зӕгъгӕ, уӕ зӕрдӕйы бынат ма уӕд ӕнӕуынондзинадӕн ӕмӕ хъулон макӕй кӕнут. Ӕмӕ уый фӕрцы, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын куыд ахуыр кӕна, афтӕ йӕ бон суыдзӕн алкӕимӕдӕр хӕларӕй цӕрын.

Хуыцауы тас — ацы миниуӕг дӕр фидар кӕнын хъӕуы адӕмы зӕрдӕты (Пс. 110:10; Рарг. 14:6, 7). Адӕймагмӕ Хуыцауы тас, кӕнӕ ӕфсарм, куы уа, уӕд ӕй фӕнддзӕн, йӕхи хъарутӕй цы нӕ суыдаид йӕ бон, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын. Уӕдӕ адӕмӕн Иегъовӕйы стыр хъуыддӕгтӕ — адӕймаджы ӕцӕгдӕр тасы чи ӕфтауы, уыцы хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ, ӕмбал кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы ӕнувыд уарзты тыххӕй куы дзурай, уӕд сӕ зӕрдӕты гуырдзӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ тасы ӕнкъарӕн: нӕ сӕ фӕнддзӕн Иегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнын (Пс. 65:5; Иер. 32:40).

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн ӕнӕмӕнг бамбарын кӕн, цы аразынц, уымӕ Иегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Иегъовӕйӕн ис зӕрдӕ, ӕмӕ йӕ амындтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый йӕ зӕрдӕйӕн кӕнӕ цины хос уыдзӕн, кӕнӕ масты (Пс. 77:40—42). Бамбарын сын кӕн: сӕхи куыд дарынц, куыд цӕрынц, ууыл ма баст у, Хуыцау йӕ ныхмӕ рацӕуӕг Сайтанӕн цы дзуапп ратдзӕн, уый дӕр (Ӕмб. 27:11).

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн ӕххуыс кӕн, Хуыцаумӕ куы хъусӕм, уӕд уымӕй хорз нӕхицӕн кӕй кӕнӕм, уый бамбарынӕн (Ис. 48:17). Зӕгъӕм, сӕ хъус сын ӕрдар, Хуыцауы зондӕй йӕхи зонд — иу уысммӕ дӕр — уӕлдӕр чи сӕвӕры, уый йӕхи цы стыр бӕллӕхты баппары ӕмӕ удхъизӕмӕртты хай фӕкӕны, уымӕ. Ӕмбарын сын кӕн, тӕригъӕд ракӕнгӕйӕ нӕхи Хуыцауӕй кӕй иппӕрд кӕнӕм, иннӕтӕн та фадат кӕй нал вӕййы махӕй ӕцӕгад базонынӕн, ӕмӕ сын бар цӕмӕн ис, уымӕй дӕр сӕ ӕнӕхай кӕй кӕнӕм (1 Фес. 4:6, НД). Разӕнгард сӕ кӕн, Хуыцауы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ ныридӕгӕн цы хорздзинӕдтӕ ссардтой, уыдон цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнынмӕ. Ӕххуыс сын кӕн, Иегъовӕйы раст фӕндӕгтӕ нӕ бирӕ фыдбылызтӕй кӕй хизынц, уымӕн аргъ кӕнынӕн. Адӕймаг уый фидарӕй куы зона, ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг зонды фӕндаг у, уӕд, уыцы фӕндагӕн иумӕйагӕй кӕимӕ ницы ис, ахӕм митӕй йе сӕфт уындзӕн ӕмӕ сӕ йӕхи хиздзӕн (Пс. 118:104). Ӕмӕ йын уӕд Иегъовӕйы коммӕ кӕсын ӕвӕндоны хъуыддаг нӕ уыдзӕн, фӕлӕ уымӕй ӕвдисдзӕн, ӕнувыд ыл кӕй у ӕмӕ йӕ кӕй уарзы, уый.

Ӕххуыс сын кӕн сӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн. Цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы фӕндагыл размӕ цӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ къӕрцхъус уа, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕ. Дӕ хӕс та у, уыцы хъуыддаджы Библи куыд ӕххуыс кӕны, уый йын бамбарын кӕнын.

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн ӕмбарын кӕн, Библи ӕнӕуи фӕдзӕхстытӕ, уынаффӕтӕ, бӕлвырд цаутӕ ӕмӕ пехуымпарӕдты чиныг кӕй нӕу. Библи нӕ зонгӕ кӕны Хуыцауы хъуыдытимӕ. Иаковы 1:22—25 (НФ) кӕсӕм, зӕгъгӕ, Хуыцауы Ныхас у айдӕнау. Иегъовӕ йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй Библийӕ цы базонӕм, уый фӕдыл нӕм цавӕрдӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ райгуыры, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг кӕны, цы ис нӕ зӕрдӕйы. Афтӕмӕй нын Библи ӕвдисы, «зӕрдӕтӕ фӕлварӕг» Хуыцау нӕ цыхуызӕнӕй уыны, уый (Ӕмб. 17:3). Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн фӕдзӕхс, уый куыд нӕ рох кӕной. Разӕнгард сӕ кӕн, Хуыцау нын Библийы цы ныффыста, ууыл арф хъуыды кӕнынмӕ, афтӕ ма сӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ тынгдӕр куыд райа, уый тыххӕй сӕ царды цы фӕивын хъӕуы, ууыл дӕр. Ӕххуыс сын кӕн, цӕмӕй Библи кӕсгӕйӕ сӕ хъус дарой, алыхуызон «зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕм» Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕ, ӕмӕ дарддӕр йемӕ иумӕ кусой, сӕ удыхъӕды раст цы нӕу, уый фӕивыныл (Дзут. 4:12; Ром. 15:4).

Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕн сӕ уавӕр афтӕ у, ӕмӕ цы базонынц, уый кӕнын сӕ фӕндгӕ кӕны, фӕлӕ тынг тыхсынц, адӕм сӕ цы ахъуыды кӕндзысты, ууыл. Чидӕр та тох кӕны буары тыхджын монцтимӕ. Кӕйдӕрты та афтӕ фӕнды — уӕхст дӕр ма басудза, ӕмӕ физонӕг дӕр, ома Хуыцауӕн дӕр лӕггад кӕной ӕмӕ сӕ ӕвзӕр митӕ дӕр ма ныууадзой. Бамбарын сын кӕн, адӕймагӕн йӕ зонд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ саджилтӕ куы кӕной, уӕд уый тынг тӕссаг кӕй у (3 Пад. 18:21; 1 Кор. 10:21). Разӕнгард сӕ кӕн Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕлвара ӕмӕ сыгъдӕг кӕна (Пс. 25:2; 138:23, 24).

Равдис сын, сӕ тох ӕнцон нӕу, уый Иегъовӕ кӕй ӕмбары, ӕмӕ уыцы тох цӕй мидӕг ис, уый нын Библийы кӕй ӕргом кӕны (Ром. 7:22, 23). Баххуыс сын кӕн, ӕппынӕдзух сӕхимӕ куыд кӕсой ӕмӕ се ’нӕххӕст зӕрдӕйы рохтыл куыд хӕцой (Ӕмб. 3:5, 6; 28:26; Иер. 17:9, 10).

Разӕнгард сӕ кӕн сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынмӕ. Ахуыр сӕ кӕн сӕхиимӕ ныхас кӕнын. Зӕгъӕм: цӕмӕн мӕ фӕнды афтӕ саразын? Афтӕ куы бакӕнон, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Иегъовӕйы хорздзинӕдтӕн ӕцӕгӕй кӕй аргъ кӕнын? Сӕ зонды сын ныффидар кӕн уыцы хъуыды, ӕмӕ Иегъовӕйы хӕлар уай, уымӕй стырдӕр хорздзинад нӕй царды мидӕг.

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн баххуыс кӕн, Иегъовӕйӕн «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» лӕггад кӕнын цы нысан кӕны, уый хорз бамбарынӕн (Лук. 10:27). Уый зӕгъӕн уӕд ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ӕппӕт ӕнкъарӕнтӕ, ӕппӕт фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕ дӕр Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ куы цӕуой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ахуыр кӕн, цы аразынц, ӕрмӕст ууыл куыд нӕ хъуыды кӕной, фӕлӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм цы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ йын цӕмӕн лӕггад кӕнынц, уымӕй дӕр куыд фӕрсой сӕхи (Пс. 36:4). Кӕй ахуыр кӕныс, уыдон сӕ удыхъӕды, бакусын сӕ кӕуыл хъӕуы, ахӕм фӕзилӕнтӕ куы фӕхатой, уӕд сӕ разӕнгард кӕн, ӕмӕ Иегъовӕмӕ кувой, псаломзарӕггӕнӕг куыд куывта, афтӕ: «Мӕ зӕрдӕ мын йӕхимидӕг сӕнгом кӕн, дӕ номӕй куыд тӕрсон» (Пс. 86:11, НД [85:11]).

Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн Иегъовӕ йӕ хӕлар куы суа, уӕд йӕ коммӕ уый тыххӕй нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ йын ды дзурыс, фӕлӕ йӕм афтӕ дзурдзӕн йӕ уырнӕг зӕрдӕ. Ныр йӕхӕдӕг «иртасдзӕн, Хуыцауӕн ӕхцон цы у,— уый» (Еф. 5:10, НФ; Фил. 2:12). Ӕмӕ йӕ зӕрдӕбын коммӕгӕсдзинадӕй рухс кӕндзӕн Иегъовӕйы зӕрдӕ (Ӕмб. 23:15).

Рох дӕ макуы уӕд, адӕмы зӕрдӕты цы ис, уый Иегъовӕ кӕй уыны ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг кӕй ӕрбаввахс кӕны йӕхимӕ (Ӕмб. 21:2; Иоан. 6:44). Мах та йын уыцы хъуыддаджы стӕм ӕххуысгӕнджытӕ (1 Кор. 3:9). Уый афтӕ у, «цыма Хуыцау Йӕхӕдӕг амоны мах дзыхӕй» (2 Кор. 5:20, НФ; Ап. к. 16:14). Иегъовӕ ӕцӕгад тыхӕй никӕмӕн исын кӕны, фӕлӕ адӕмӕн, Фыстад цы дзуры, уый куы ӕвдисӕм, уӕд Хуыцауӕн йӕ бон афтӕ бакӕнын у, ӕмӕ бамбарой, уый сӕ фарстытӕн кӕнӕ сӕ куывтытӕн дзуапп кӕй хъусынц. Уӕдӕ дын искӕмӕн Хуыцауы Ныхасӕй цыдӕр бацамоныны фадат куы фӕзыны, уӕд-иу уый дӕ зӕрдыл дар ӕмӕ-иу зӕрдиагӕй кув Иегъовӕмӕ, кур дзы ӕххуыс ӕмӕ разамынд (1 Пар. 29:18, 19; Еф. 1:16—18).