31 УРОК
Адӕмӕн кад кӕн
БИБЛИ нын йӕхӕдӕг дзуры, зӕгъгӕ, «кад кӕнут ӕппӕтӕн дӕр» ӕмӕ «искӕйы фыдкой ма кӕнут» (1 Пет. 2:17; Тит. 3:2). Уӕвгӕ ма ахъуыды кӕн, цы адӕмыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕй алчидӕр фӕлдыст у «Хуыцауы нывӕнгӕсӕнмӕ» гӕсгӕ (Иак. 3:9, НФ). Чырысти йӕ цард алкӕй тыххӕй дӕр радта (Иоан. 3:16). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд сӕ алчидӕр уый аккаг у, цӕмӕй хорз хабар фехъуса, йӕ цард уымӕ гӕсгӕ араза ӕмӕ фервӕза (2 Пет. 3:9). Адӕмӕй иуӕй-иутӕ та ӕхсӕнады ахӕм бынат ахсынц кӕнӕ сӕм ахӕм хорз миниуджытӕ ис, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕмбӕлы уӕлдай кад.
Цымӕ уӕдӕ уӕд алчи цӕуылнӕ архайы, Библи нӕ куыд разӕнгард кӕны, иннӕтӕн афтӕ кад кӕныныл? Иуӕй-иу адӕмтӕм хъуыддаг афтӕ у, ӕмӕ кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уый се ’гъдауыл баст у. Уыдон фӕкӕсынц, адӕймаг цавӕр мыггагӕй у, урс у ӕви сау, нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг, цӕмӕйдӕр рынчын у ӕви ӕнӕниз у, цы кары ис, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, стыр бынат ахсы ӕви саукусӕг лӕг у. Ӕгас дунейы дӕр кӕдӕмфӕнды ма акӕсай, хицӕуттӕ ӕхцайӕ ӕфсис нӕ зонынц, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ адӕмы цӕсты кад нал ис. Бирӕ бӕстӕты адӕм сӕ цардӕй сты сӕ хъуырмӕ: бон-сауизӕрмӕ сӕ хид калынц, фӕлӕ уӕддӕр мамӕлайы къӕбӕр хӕрынц. Цӕрынц, ӕппындӕр чи никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн аргъ кӕны, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Ахуырдзау фӕсивӕд кӕрӕдзийы ардауынц, ахуыргӕнджытӕй сӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыдоны ныхмӕ. Уӕвгӕ сын канд ахуыргӕнджытӕм нӕй ахӕм ахаст,— хистӕр-кӕстӕр ӕппындӕр нал зонынц. Бирӕтыл тынг фӕзынд, телевизоры цы уынынц, уый: сывӕллӕттӕ алы къахдзӕфӕн сӕ ныййарджытыл сайдӕй куыд цӕуынц, куыд сын цума кӕнынц ӕмӕ сӕхи фӕнд куыд тӕрынц. Цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ махыл дӕр ма фӕзыной ӕмӕ адӕммӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын ма райдайӕм, уый тыххӕй нӕ нӕхиуыл кусын хъӕуы. Цыфӕндыйӕ дӕр адӕмӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд сын ӕнцон уыдзӕн, цы хъуыды кӕнынц, уый зӕгъын.
Адӕймагӕн кӕй кад кӕныс, уый бӕрӕг уӕд, куыд ӕм дзурыс, уымӕй. Йӕхи уырнон чи хоны, уыдонӕй уымӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ адӕмӕн кад кӕндзысты цы сӕ уынд ӕмӕ кондӕй, цы сӕ хорз хъуыддӕгтӕй. Уӕздандзинад цы у, уый та алы рӕтты алыхуызон ӕмбарынц. Кӕмдӕрты, дӕ худ ма сисай кӕнӕ дӕ къухтӕ дӕ дзыппыты нытътъыссай, афтӕмӕй ныхас
кӕнай адӕймагимӕ, уый худинагыл нымад у. Ӕндӕр рӕтты та уым ӕвзӕрӕй ницы уынынц. Уӕдӕ, алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, цы адӕмы ’хсӕн дӕ, уыдоны ӕгъдау, цӕмӕй макӕй зӕрдӕхудт райсай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд хорз хабар цы адӕмӕн хъусын кӕнай, уыдонӕн дӕуырдыгӕй къуылымпыйы хос ницы уыдзӕн.Уый хауы, иннӕтӕм куыд дзурӕм, уымӕ дӕр — уӕлдайдӕр та хистӕртӕм. Бирӕ рӕтты рӕсугъд нӕу, кӕстӕр хистӕрмӕ йӕ номӕй куы дзура (йӕхӕдӕг ын ма раттӕд уый бар, ӕндӕр). Кӕцыдӕр бӕстӕты та аив нӕу, де ’мцахъхъӕнмӕ дӕр, де ’ввахс зонгӕ куы нӕ уа, уӕд ӕм ӕрмӕст йӕ номӕй дзурын. Бирӕ ӕвзӕгты та адӕймагмӕ бадзурынӕн номивӕг «ды»-йӕ дарддӕр ис номивӕг «сымах», кӕнӕ ма ноджы ӕндӕр дзырдтӕ дӕр, дӕхицӕй хистӕрӕн кӕнӕ хицауӕн кӕй кад кӕныс, уый равдисынӕн.
Адӕймагӕн кӕй кад кӕныс, уый бӕрӕг уӕд дӕ ахастӕй. Гыццыл горӕтты ӕмӕ хъӕуты хӕдзармӕ бахизгӕйӕ кӕнӕ фӕндагыл искӕуыл амбӕлгӕйӕ ӕнӕуи йӕ фӕрсты ахизын рӕсугъд нӕу. Кӕрӕдзимӕ кӕнӕ сӕ мидбылты бахудынц, кӕнӕ сӕ сӕртӕ батилынц, йе се ’рфгуытӕ базмӕлын кӕнынц, кӕрӕдзийӕн ӕнӕуи «дӕ бон хорз» уӕддӕр фӕзӕгъынц. Цыма никӕй уыныс, дӕхи афтӕ куы скӕнай, уӕд адӕймаг зӕгъдзӕн, ӕмӕ йӕ ницӕуыл нымайыс.
Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ адӕймагӕн салам радтай, фӕлӕ йӕм уӕддӕр афтӕ фӕкаст, цыма йӕ ницӕмӕ ӕрдардтай. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕхатыд, хорз цӕстӕй йӕм кӕй нӕ ракастӕ. Уӕвгӕ, чи йӕ нӕ зоны, адӕм, йӕ бакастӕй бӕллиццаг чи у, уымӕ иу зӕрдӕ кӕй дарынц, иннӕмӕ та — ӕндӕр. Бирӕтӕ сӕхи дард ласынц сахъат адӕймӕгтӕй ӕмӕ рынчынтӕй. Фӕлӕ нӕ Хуыцауы Ныхас ууыл ахуыр кӕны, цӕмӕй ахӕм адӕмы уарзӕм ӕмӕ сӕ дӕлджиныг ма кӕнӕм (Матф. 8:2, 3). Адамы тӕригъӕд нӕ йӕ фӕд кӕуыл нӕ ныууагъта, иу дӕр нӕ ахӕм нӕй. Дӕ хъӕндзинӕдтӕм дын ӕппынӕдзух къухӕй куы амоной, уӕд ӕй цымӕ афтӕ банымаис, ӕмӕ дын кад кӕнынц? Бирӕ ӕхсызгондӕр дын нӕ уаид, цы хорз миниуджытӕ дӕм ис, уыдоны тыххӕй дын куы аргъ кӕниккой?
Адӕмӕн кад кӕнынмӕ хауы хӕдзары хицауы нымайын дӕр. Иуӕй-иу адӕмтӕм аив нӕу хӕдзары хицауы нӕ бафӕрсгӕйӕ бинонтӕй искӕмӕн хъусын кӕнын. Кӕд нын хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаг Иегъовӕ бахӕс кодта, уӕддӕр сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл ӕвӕрын Хуыцау ныййарджыты бӕрны бакодта, ӕмӕ уый хъуамӕ ӕмбарӕм (Еф. 6:1—4). Уымӕ гӕсгӕ, искӕмӕ хӕдзармӕ куы бацӕуӕм, уӕд раст нӕ уыдзӕн, ныййарджыты нӕ бафӕрсгӕйӕ, сывӕллӕттимӕ дӕргъвӕтин ныхӕстӕ кӕнын.
Адӕймагыл цас фылдӕр азтӕ цӕуы, уыйас ӕм царды фӕлтӕрддзинад фылдӕр ис, ӕмӕ уымӕн дӕр аргъ кӕнын ӕмбӕлы (Иов 32:6, 7). Шри-Ланкайӕ иу ӕвзонг хо-пионер уый йӕ зӕрдыл дардта, ӕмӕ йын тынг феххуыс. Иухатт уый хъусын кодта иу ацӕргӕ лӕгӕн. Хойы ӕрбацыд лӕгӕн райдианы ӕхсызгон нӕ уыд ӕмӕ йын загъта: «Ды мӕ разы сывӕллон куы дӕ, уӕд мын Библи куыд хъуамӕ амонай?» Хо йын дзуапп радта: «Нӕ, ӕз уымӕн не ’рбацыдтӕн, ӕмӕ дӕ ахуыр кӕнон. Фӕлӕ ӕз ахӕм цыдӕр базыдтон, ӕмӕ мӕхи тынг амондджын хонын. Фӕнды мӕ, иннӕтӕ дӕр ӕй куы базониккой». Нӕ хойы хӕдӕфсарм дзуапп нӕлгоймагмӕ диссаг фӕкаст ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ ма йӕ уӕдӕ мӕнӕн дӕр, уагӕры ахӕмӕй цы базыдтай». «Ӕз базыдтон, куыд ис ӕнустӕм цӕрӕн»,— загъта хо. Уыйадыл ацӕргӕ нӕлгоймаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацӕргӕ адӕмӕй алчи ӕргом нӕ зӕгъдзӕн, кӕстӕртӕ сын кад кӕной, уый сӕ кӕй фӕнды, фӕлӕ сӕ фылдӕр ахӕм уӕздан ахастӕн тынг аргъ кӕнынц.
Ӕцӕг, фырнымд митӕ кӕнын дӕр нӕ хъӕуы. Сабыр денджызы сакъадӕхты ӕмӕ ма ӕндӕр кӕмдӕрты дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты цавӕрдӕр хъӕу кӕнӕ знӕмы хистӕримӕ аныхас кӕныны сӕр куы фӕхъӕуы, уӕд ын салам раттынц уӕзданӕй, бынӕттон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон свӕййы, хорз хабар куыд хистӕрӕн йӕхицӕн, афтӕ йӕ дӕлбар адӕмӕн дӕр фехъусын кӕнын. Фӕлӕ рӕсугъд нӕу цӕстмӕ митӕ кӕнын, стӕй хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны (Ӕмб. 29:5). Ӕвзаджы мидӕг вӕййы, адӕймагмӕ дзургӕйӕ фырбуцӕн кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, ахӕм стауӕн ныхӕстӕ. Фӕлӕ чырыстон ӕфсармы фӕлгӕты уыдӕттӕ тынг нӕ хъӕуынц.
Адӕймагӕн кӕй кад кӕныс, уый бӕрӕг уӕд дӕ ныхасы уагӕй. Библи нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ ныфсы тыххӕй дзурӕм «фӕлмасӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15, НФ). Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн: адӕймаг раст кӕй нӕ хъуыды кӕны, уый зонӕм ӕмӕ йын ӕй нӕ бон у комкоммӕ зӕгъын, фӕлӕ нӕ ныхӕсты фӕстӕ йӕ уд цъӕлтӕй куы баззайа, уӕд уый хорз уыдзӕн? Хуыздӕр нӕ уаид, лӕмбынӕг ӕм куы байхъусиккам, цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ йӕ куы бафӕрсиккам, ӕмӕ йын уый фӕстӕ, йӕ зӕрдӕ йын куыд нӕ фӕриссын кӕнӕм, афтӕмӕй, Сыгъдӕг Фыстад цы дзуры, уый куы равдисиккам?
Уӕздандзинад нӕ, искӕимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ куы ныхас кӕнӕм, канд уӕд нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма сценӕйӕ куы фӕдзурӕм, уӕд дӕр. Ныхасмӕ хъусӕг адӕмӕн кад чи кӕны, уый сӕ ӕппынӕдзух ӕфхӕргӕ нӕ кӕндзӕн кӕнӕ сын йӕ алы фезмӕлдӕй уый нӕ дзурдзӕн: «Куы уӕ фӕндид, уӕд уый раджы бакодтаиккат». Ахӕм ныхасы уаг адӕмӕн у ӕрмӕстдӕр зӕрдӕсасты хос. Хуыздӕр нӕ уыдзӕн, афтӕ куы хъуыды кӕнай, ацы адӕм уарзынц Иегъовӕйы ӕмӕ йын зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц, зӕгъгӕ?! Суанг, нырма ӕвӕлтӕрд чи у кӕнӕ йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, йе та, Библийы уынаффӕтӕ уайтагъд кӕмӕ нӕ бахъарынц, ахӕмтӕм куы уа нӕ ныхас, уӕд дӕр Йесойау уӕм ӕмбаргӕ.
Ныхасгӕнӕг йӕхи дӕр, Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕмыл куы нымайа, уӕд уымӕй кад кӕндзӕн йӕ ныхасмӕ хъусӕг
адӕмӕн. Уымӕ гӕсгӕ, Библийы стихтӕ ӕмбарын кӕнгӕйӕ, ӕппынӕдзух «сымах-сымах» ма кӕн. Ӕркӕс ма, цы хъауджыдӕр ис ацы дыууӕ хъуыдыйадӕй: «Уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕнут?» ӕмӕ «Хорз уаид, алчидӕр нӕ йӕхимӕ фарст куы раттид: мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕнын?» Дыууӕ хъуыдыйадӕн дӕр сӕ хъуыды иу у. Фӕлӕ фыццаг фарст афтӕ ӕвӕрд у, цыма ныхасгӕнӕг афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ адӕмӕн цы дзуры, уый йӕхимӕ нӕ хауы. Дыккаг хъуыдыйады та дзырд цӕуы алкӕуылдӕр, уыимӕ ныхасы рацӕуӕгыл дӕр — алкӕйдӕр хъӕуы, йӕ уавӕр куыд у, ууыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын.Дӕхи хиз, ӕнӕуи, адӕмы ахудын кӕныны оххыл кӕй фӕдзурынц, ахӕм цыргъзонд ӕмӕ къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй. Уӕд, Библийы цы хорз хабар ис, уый цӕсты нал фӕахады. Раст у — Хуыцауӕн зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ цы ӕрмӕг фӕхъӕуы райхалын, уым дӕр хатт цыдӕр худӕг вӕййы. Фӕлӕ ахсджиаг хъуыддӕгтыл худӕджы хал ахӕрӕгау куы дзурай, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ нӕдӕр адӕмӕн кад кӕныс, нӕдӕр Хуыцауы нымайыс.
Цӕй уӕдӕ, адӕммӕ куыд дзурӕм, семӕ нӕхи куыд дарӕм ӕмӕ куыд ныхас кӕнӕм, уымӕй алкӕддӕр бӕрӕг уӕд, Иегъовӕ нӕ куыд ахуыр кӕны, ахӕм зӕрдӕ сӕм кӕй дарӕм.