Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

53 УРОК

Адӕмӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтау, сӕ хъаруйыл — хъару

Адӕмӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтау, сӕ хъаруйыл — хъару

ХУЫЦАУЫ лӕггадгӕнджытӕ царды цавӕрфӕнды зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлой,— чырыстон ӕмбырды хъуамӕ сӕ ныфсыл ныфс ӕфта. Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ архайой, сӕ раныхӕстӕ ӕмӕ сӕ уынаффӕтӕй адӕмы зӕрдӕты ныфс куыд уадзой, ууыл. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой «дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты ӕмӕ тӕрккъӕвдайӕ бааууонгӕнӕн бынаты хуызӕн, хурсыгъд бӕстӕйы цӕугӕдонау ӕмӕ хус бӕстӕйы егъау къӕдзӕхы аууонау» (Ис. 32:2).

Кӕд ды дӕр хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд дӕ раныхӕсты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ рӕвдыд ӕмӕ удӕнцой ссарынц? Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл йӕ уд чи хъары, уыдонӕн се онг фӕрог кӕнынц? Кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъусынц кӕнӕ ма суанг ныхмӕ дӕр цӕуынц, уӕддӕр цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй сын сӕ тыхыл тых ӕфтауынц? Мыййаг дӕ ныхасмӕхъусджыты ’хсӕн ис, ацы тыхст царды уаргъ хӕссынӕй чи бафӕллад кӕнӕ, хос дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕгъатыр низ кӕй бадомдта, ахӕм адӕймӕгтӕ? Дӕуӕн ис фадат, цӕмӕй дӕ «дзыхыныхасӕй [де ’фсымӕрты] хъаруйыл хъару ӕфтауай» (Иов 16:5).

Ныхасы рацӕугӕйӕ архай де ’фсымӕрты Иегъовӕйы ныфсӕй фӕныфсджын кӕныныл ӕмӕ нын ӕххуысӕн цы дӕтты, ӕппӕт уыдӕттӕй сӕ фӕфидар кӕныныл (Ром. 15:13; Еф. 6:10).

Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕн, Иегъовӕ цы сарӕзта, уый. Ӕфсымӕрты зӕрдӕты ныфс бауадзынӕн стыр ӕххуыс уыдзӕн, рагзаманты-иу Иегъовӕйы адӕм зын уавӕрты куы бахаудысты, уӕд-иу сын ӕххуысгӕнӕг куыд уыди, уый тыххӕй радзурын (Ром. 15:4).

Израилы адӕм, се знӕгтӕ кӕм цардысты, уыцы Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы уыдысты, уӕд Иегъовӕ Моисейӕн ныффӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Йесо Навины «ныфсыл ныфс бафтау», «йӕ хъаруйыл — хъару». Куыд сӕххӕст кодта Моисей Хуыцауы фӕдзӕхст? Йесо Навин йӕхӕдӕг дӕр уым, афтӕмӕй Моисей ӕгас адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Иегъовӕ сӕ Египетӕй куыд ракодта, цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый (Дык. з. 3:28; 7:18). Бӕстон сын ӕркой кодта, Иегъовӕ сын аморрейӕгты басӕттынӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесойӕн загъта: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у» (Дык. з. 31:1—8). Ды дӕр де ’фсымӕртӕн ныфсытӕ куы февӕрыс, уӕд сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕныс, Иегъовӕ сын ныронг хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттӕ, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ хъаруйыл хъару бафтауыс?

Хатт адӕймаг йӕ зындзинӕдтӕй афтӕ стыхсы, ӕмӕ искуы Паддзахады хорздзинӕдтӕ фендзӕн, уый ныфс ӕй нал вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕн, Иегъовӕ йӕ ныхас кӕй нӕ сайы (Йес. Н. 23:14).

Иуӕй-иу бӕстӕты хицауад не ’фсымӕртӕн нӕ дӕтты хорз хабар хъусын кӕныны бар. Ахӕм уавӕрты уарзагзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’муырнджыты хъаруйыл хъару ӕфтауынц, Йесо Чырыстийы апостолтӕ цытӕ бавзӕрстой, уыдӕтты тыххӕй сын дзургӕйӕ (Ап. к. 4:1—5:42). Уӕдӕ Хуыцау, Есфиры чиныджы кӕй кой цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ аразӕг куыд уыди, уый дӕр ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс куыннӕ бафтаудзӕн.

Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ ӕмбырдмӕ цӕуынц, фӕлӕ уымӕй дарддӕр размӕ къахдзӕф нӕ кӕнынц. Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, мӕ тӕригъӕдтӕ уыйбӕрц сты, ӕмӕ мын Хуыцау никуы ныббардзӕн. Уӕд сын радзур, Иегъовӕ паддзах Манассийӕн куыд ныббарста, уый тыххӕй (2 Пар. 33:1—16). Кӕнӕ рагон сахар Коринфы цӕрджыты тыххӕй: уыдон ныууагътой се ’взӕр хъуыддӕгтӕ, систы чырыстӕттӕ, ӕмӕ сӕ Хуыцау банымадта рӕстгӕнджытыл (1 Кор. 6:9—11).

Кӕмӕдӕр та афтӕ кӕсы, ӕмӕ иугӕр зындзинӕдтӕ ӕвзары, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ Хуыцауы хорзӕх нал ис. Дӕ бон у, ӕмӕ ахӕм адӕймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнай, Иов цы зынтӕ бавзӕрста, уый ӕмӕ, Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивта, уый тыххӕй йӕ стыр хорздзинӕдтӕй куыд схайджын кодта (Иов 1:1—22; 10:1; 42:12, 13; Пс. 33:20). Иовӕн ӕфсоны ныфсытӕ чи ӕвӕрдта, уыдон ын дзырдтой, зӕгъгӕ, цыдӕр тӕригъӕд ракодтай (Иов 4:7, 8; 8:5, 6). Уыдонӕй хъауджыдӕр Павел ӕмӕ Варнавӕ та, ахуыргӕнинӕгты зӕрдӕтӕ куы фидар кодтой ӕмӕ сӕ уырнындзинады фидар лӕууынмӕ куы разӕнгард кодтой, уӕд загътой: «Хуыцауы паддзахдзинадмӕ махӕн бахъӕудзӕн бирӕ тухиты фӕстӕ бацӕуын» (Ап. к. 14:21, 22, НФ). Афтӕ абон дӕр, фыдӕвзарӕнты чи ис, уыдонӕн сӕ хъаруйыл хъару ӕфтау: се ’ргом сын здах, чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы зындзинӕдты быхсын ӕмӕ уымӕн Хуыцауы цӕсты стыр аргъ кӕй ис (Ӕмб. 27:11; Матф. 24:13; Ром. 5:3, 4; 2 Тим. 3:12).

Иегъовӕ йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый дӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕхи царды куыд сбӕлвырд, ууыл хъуыды кӕнынмӕ сӕ разӕнгард кӕн. Дыууӕ ныхасы дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ фаг уой, цӕмӕй ӕрхъуыды кӕной, Иегъовӕ йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый сӕхиуыл цал ӕмӕ цал хатты бавзӕрстой. Псаломы 31:8 ахӕм ныхӕстӕ кӕсӕм: «Бамбарын кӕндзынӕн дӕуӕн, сӕвӕрдзынӕн дӕ фӕндагыл, кӕцыйыл дӕу цӕуын хъӕуы; разамынд дын дӕтдзынӕн, Мӕ цӕстӕнгас дӕ сӕрмӕ». Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн, Иегъовӕ сын куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ сын хъару куыд лӕвӕрдта, уый ӕрхъуыды кӕнынӕн куы баххуыс кӕнай, уӕд ӕй фидарӕй зондзысты, ныр дӕр сӕ алкӕуыл дӕр кӕй ауды ӕмӕ сӕ цыфӕнды фыдӕвзарӕны дӕр иунӕгӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн (Ис. 41:10, 13; 1 Пет. 5:7).

Бӕрӕг уӕд, Хуыцау ныртӕккӕ цы аразы, уый дӕхицӕн зӕрдӕрухсы хос кӕй у. Де ’фсымӕрты ныфсыл дӕ ныфс бафтауын куы фӕнда, уӕд сын се ’ргом здах, Иегъовӕ ныртӕккӕ цы аразы, уымӕ дӕр. Кӕд дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уа, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ дӕхицӕн зӕрдӕрухсы хос сты, уӕд уыдоны зӕрдӕты дӕр ахӕм ӕнкъарӕнтӕ райхъал кӕндзынӕ.

Ахъуыды кӕнӕм, куыд нын ӕххуыс кӕны Иегъовӕ ацы зын царды фидар лӕууынӕн. Иу уый, ӕмӕ нын амоны царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг (Ис. 30:21). Уымӕй уӕлдай нын ӕмбарын кӕны, адӕм рӕстӕй ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййафынц, фыдракӕнд, мӕгуырдзинад, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт цӕмӕн ис ӕмӕ сын кӕрон куыд скӕндзӕн. Радта нын, ӕцӕгӕй нӕ чи уарзы, бирӕ ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Цы диссаджы лӕвар у, нӕ бон ӕм кувын кӕй у, уый та?! Науӕд йӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый нын куыд стыр кад у! Иегъовӕ нын нӕ цӕстыты фӕлм систа, ӕмӕ уынӕм, Чырысти уӕларвон паддзахбадӕныл кӕй ӕрбадт ӕмӕ ацы зӕронд дунейӕн йӕ фӕстаг бонтӕ мӕнӕ-мӕнӕ кӕй кӕнынц (Рарг. 12:1—12).

Нӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ нӕ конгресстӕ дӕр Иегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ сты. Уӕдӕ уыцы лӕвӕрттӕн дӕхӕдӕг стыр аргъ кӕй кӕныс, уый дӕ ныхасӕй бӕрӕг куы уа, уӕд-иу дӕ ныхасмӕхъусджытӕ дӕр сӕхицӕн зӕгъдзысты, ме ’фсымӕртимӕ фембӕлыны фадат ницӕй тыххӕй ауадздзынӕн, зӕгъгӕ (Дзут. 10:23—25).

Иегъовӕ нын уацамынды ӕххуысгӕнӕг кӕй у, уый ӕвдисӕг цаутӕ дӕр стыр ныфсы хос сты. Фыццаг ӕнусы Павел ӕмӕ Варнавӕ Иерусалиммӕ куы цыдысты, уӕд-иу кӕмыты ӕрлӕууыдысты, уым ӕфсымӕртӕн дзырдтой, чырыстон дин ӕндӕр адӕмтӕ дӕр куыд исынц, уый тыххӕй, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр «тынг цин кодтой» (Ап. к. 15:3, НФ). Ды дӕр ӕфсымӕртӕн дзур ныфсдӕттӕг цаутӕ, ӕмӕ сын уымӕй сӕ зӕрдӕтыл цин ӕфтау.

Адӕймагӕн йӕ куыст дзӕгъӕлы кӕй нӕу, уый куы зона, уӕд ын уый дӕр йӕ зӕрдӕйыл ныфсы базыртӕ садздзӕн. Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ хорзӕй цы аразынц, уымӕй-иу сӕ раппӕл. Азтӕ йыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ йыл низтӕ кӕй стых сты, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон бирӕ аразын кӕмӕн нӕу, фӕлӕ уӕддӕр уырнындзинады фидар чи лӕууы, уыдоны-иу хорз ныхасӕй барӕвдау. Сӕ зӕрдыл-иу сын ӕрлӕууын кӕн, Иегъовӕ кӕй никуы ферох кӕндзӕн, йӕ ном ын кӕй уарзынц, уый (Дзут. 6:10). Фыдӕвзарӕнты, зындзинӕдты чи сфӕлтӕрдта, уыцы уырнындзинад, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм хӕзна у (1 Пет. 1:6, 7). Не ’фсымӕртӕн уый фӕхъӕуы сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.

Цы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй зӕрдиагӕй дзур. Хуыцау йӕ Ныхасы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ныффыссын кодта, уыдоны хуызӕн стыр ныфс ницы дӕтты, чи йӕ уарзы, уыдонӕн. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ фылдӕр уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъуыстой. Фӕлӕ сыл зӕрдӕйӕ куы дзурай, уӕд уыцы ныхӕсты бауадздзынӕ уд, адӕм ноджы фидардӕрӕй ӕууӕнддзысты, кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл, ӕмӕ сын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзысты. Ӕмӕ дын уымӕн та стыр ӕххуыс уыдзӕн, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕуыл сахуыр дӕ, уый.

Иегъовӕ йӕхӕдӕг у йӕ адӕмӕн сӕ Ныфсы Мӕсыг, сӕ Лӕугӕ Хох. Фӕлӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ Иегъовӕимӕ иумӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауай, сӕ хъаруйыл — хъару. Уымӕн замманай фадат — ӕмбырды дын раныхас куы вӕййы, уӕд.