Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

48 УРОК

Алкӕимӕдӕр ӕмбаргӕ ныхас кӕн

Алкӕимӕдӕр ӕмбаргӕ ныхас кӕн

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ фӕрцы нӕ царды цы стыр ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уымӕй нӕ зӕрдӕ райы, ӕмӕ нӕ иннӕтӕн дӕр уыцы хорздзинад фӕнды. Уымӕй уӕлдай мах зонӕм, адӕм хорз хабарӕн цы аргъ скӕной, сӕ цард уымӕй аразгӕ кӕй у, уый (Матф. 7:13, 14; Иоан. 12:48). Уымӕ гӕсгӕ нӕ тынг фӕнды, ӕцӕгад куы айсиккой. Фӕлӕ кӕд ууыл нӕ уд хъарӕм, уӕддӕр сын ӕцӕг ӕххуыс уӕд бакӕндзыстӕм, ӕмӕ арфуынӕг куы уӕм.

Адӕймаг рагӕй цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ йын зынаргъ цы у, уый тыххӕй йын цӕхгӕр куы зӕгъай, раст нӕу, зӕгъгӕ, суанг ын Библийӕ бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр куы ’рхӕссай, уӕддӕр дын дӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсдзӕн. Зӕгъӕм, куы йын зӕгъай, ахӕм ӕмӕ ахӕм бӕрӕгбон кӕнын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ уидӕгтӕ муртаттаг динмӕ кӕнынц, уӕд уымӕй уыцы бӕрӕгбонмӕ ӕндӕр цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн. Иууыл хуыздӕр уыдзӕн, ӕмбаргӕ ныхас куы кӕнӕм. Фӕлӕ цы у ӕмбаргӕдзинад?

Фыстад нын дзуры, зӕгъгӕ, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... у... фӕрнӕйдзаг, ӕмбаргӕ» (Иак. 3:17, НД). Дзырд «ӕмбаргӕ» грекъаг ӕвзаджы (цы ӕвзагӕй уыд тӕлмац, уым) комкоммӕ амоны «ӕнцондзырд». Иннӕ тӕлмацты та у «уӕздан», «бонзонгӕ». Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ацы стихы ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ фарн лӕууынц фӕрсӕй-фӕрстӕм. Титмӕ 3:2 (НД) та дзырд «ӕмбаргӕ» ӕмбӕлы фӕлмасдзинады ӕмрӕнхъ ӕмӕ ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕрд цӕуы, адӕймаг загъдӕргом куы уа, уыимӕ. Филиппӕгтӕм 4:5 (НД) нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «нӕ ӕмбаргӕдзинадӕй» зындгонд уӕм алкӕмӕн дӕр. Ӕмбаргӕ адӕймаг хъуыды кӕны, кӕимӕ ныхас кӕны, ууыл: чи у, куыд цӕры, цы зӕрдӕйы уагыл ис ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Кӕм хъӕуа, уым у ӕнцондзырд. Уыцы миниуӕг нӕм куы уа, уӕд адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ардзыстӕм, ӕмӕ сын Библийӕ цы дзурӕм, уымӕ хуыздӕр хъусдзысты.

Цӕмӕй ис райдайӕн. Историк Лука фыссы, зӕгъгӕ, апостол Павел Фессалоникӕйы куы уыди, уӕд адӕмӕн Фыстыты руаджы «ӕргом кодта ӕмӕ ӕвдыста... Чырыстийы кӕй хъуыд ахӕссын тухӕнтӕ ӕмӕ мӕрдтӕй райгас уӕвын» (Ап. к. 17:2, 3). Павел адӕмимӕ ныхас кодта иудейты ӕмбырдгӕнӕны. Йӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕмӕн Дзуттаг Фыстытӕ уыдысты сӕ стырдӕр закъон. Уӕдӕ йӕ ныхас, сӕ цӕсты стыр кад цӕмӕн уыди, уымӕй кӕй райдыдта, уый хуымӕтӕджы афтӕ нӕ уыд — уый дзурӕг уыд йӕ ӕмбаргӕдзинадыл.

Павел Афины сахары куы уыд ӕмӕ Ареопагыл грекъӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд комкоммӕ Фыстытӕй нӕ райдыдта. Фыццаг уал сын радзырдта, цы зыдтой, цӕуыл ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ стӕй сбаста Сфӕлдисӕг ӕмӕ йӕ фӕндтимӕ (Ап. к. 17:22—31).

Библимӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕм абон бирӕ ис. Фӕлӕ ацы дунейы уӕззау цардӕй та, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алчидӕр тыхсы. Адӕм бӕллынц хуыздӕр цӕмӕдӕр. Уымӕ гӕсгӕ махырдыгӕй стыр ӕмбаргӕдзинад уыдзӕн, нӕ ныхас, цӕуыл тыхсынц, уымӕй райдайын ӕмӕ сын уый фӕстӕ сӕ хъус, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уымӕ ӕрдарын. Уӕд, гӕнӕн ис, байхъусой ӕмӕ базоной, Хуыцау адӕмӕн цы диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй Библи цы дзуры.

Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уыдонӕй бирӕтӕн дины уырнынӕдтӕ ӕмӕ кӕнонтӕ уыдысты, сӕ ныййарджытӕ сын «бынӕн» цы радтой, уый. Ныр ахӕм адӕймаг базыдта, уыцы уырнынӕдтӕ ӕмӕ кӕнонтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, ӕмӕ сыл йӕ къух систа — нырӕй фӕстӕмӕ уый ӕууӕнды, Библийӕ цы базыдта, ууыл. Фӕлӕ уыцы хабар йӕ ныййарджытӕн куыд хуыздӕр бамбарын кӕна? Цы йын радтой, цӕуыл ӕй сахуыр кодтой, ууыл йӕ къух кӕй систа, уый афтӕ нӕ банымайдзысты, ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр нал хъӕуынц? Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, аскъуыддзаг кӕна, нырма уал сын йӕ ныхӕстӕй, йӕ хъуыддӕгтӕй кӕй равдисдзӕн, кӕй сын кад кӕны, тынг сӕ кӕй уарзы, ӕмӕ сын ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Библийӕ кӕй бамбарын кӕндзӕн йӕ фӕнд.

Кӕд хъӕуы ӕнцад байхъусын. Иегъовӕйӕн алкӕуылдӕр ӕмӕ алцӕуылдӕр цӕуы йӕ бар, фӕлӕ уӕддӕр цӕттӕ у алкӕй бамбарынмӕ дӕр. Иегъовӕйы зӕдтӕ Лот ӕмӕ йӕ бинонты Содомы сахарӕй куы рацӕйкодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Лидзгӕ кӕн хӕхтӕм, кӕннод сӕфыс!» Фӕлӕ Лот ныллӕгъстӕ кодта: «Нӕ, нӕ, Иегъовӕ!» Лот Иегъовӕйӕ куырдта, цӕмӕй йын Сигормӕ алидзыны бар раттаид. Иегъовӕ йын йӕ уавӕр бамбӕрста ӕмӕ йӕ фӕндыл сразы. Ӕмӕ иннӕ сахартӕ куы фесӕфта, уӕд Сигоры сахармӕ нӕ бавнӕлдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, Иегъовӕ сӕрысуангӕй куыд загъта, Лот афтӕ бакодта — хӕхбӕстӕм алыгъд цӕрынмӕ (Уӕв. 19:17—30). Иегъовӕ зыдта, йӕ фӕнд раст кӕй уыди, фӕлӕ йӕ цалынмӕ Лот йӕхӕдӕг нӕ бамбӕрста, уӕдмӕ йын йӕ зонд тыхӕй нӕ хъардта.

Мах дӕр цӕмӕй адӕмимӕ кӕрӕдзи ӕмбарӕм, уый тыххӕй семӕ хъуамӕ цӕхгӕр ныхас ма кӕнӕм. Адӕймаг раст нӕ хъуыды кӕны, уый фидарӕй куы зонӕм, ӕмӕ йын нӕ бон, дон кӕм нӕ атӕдздзӕн, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын дӕр куы уа, уӕддӕр арӕх ницӕмӕн фӕхъӕуы адӕймаджы басӕттын. Ӕмбаргӕ кӕй стӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иегъовӕйы закъӕтты сӕрты хизӕм. Фӕлӕ арӕх хуыздӕр вӕййы, адӕймаг йӕ хъуыды кӕй загъта, уый тыххӕй йын раарфӕ кӕнын кӕнӕ та, цыма, раст кӕм нӕ хъуыды кӕны, уый хатгӕ дӕр нӕ фӕкодтай, дӕхи афтӕ равдисын. Уый фӕрцы дӕ бон суыдзӕн, тынгдӕр ын цы фӕахъаз уа, ахӕм цӕуылдӕр аныхас кӕнын. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый ныхмӕ куы дзура, уӕддӕр мӕсты ма кӕн. Уый бӕсты йӕ бафӕрс, цӕмӕн дӕм афтӕ кӕсы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм стӕй лӕмбынӕг байхъус. Уӕд ын йӕ зонды фӕзилӕнтӕ дӕр хуыздӕр бамбардзынӕ ӕмӕ ма йӕ, чи зоны, иннӕ хатт дӕр бафӕнда демӕ аныхас кӕнын (Ӕмб. 16:23; 19:11).

Иегъовӕ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр сӕ бон у, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ бакӕнын. Уый бар сын дӕтты, кӕд алыхатт зонды фӕндагыл нӕ ацӕуынц, уӕддӕр. Иегъовӕйы минӕвар Йесо Навин Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцауы адӕм куыд систы, куыд сыл аудыдта, уыдӕттӕ. Фӕлӕ сын уый фӕстӕ загъта: «Кӕд уӕм Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын хорз нӕ кӕсы, уӕд равзарут абон уӕхицӕн, кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут: уӕ фыдӕлтӕ доны фаллаг фарс цы хуыцӕуттӕн лӕггад кодтой, уыдонӕн ӕви, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморрейӕгты хуыцӕуттӕн. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзарвӕндаг та лӕггад кӕндзыстӕм Иегъовӕйӕн» (Йес. Н. 24:15). Хуыцау абон махӕн бахӕс кодта «ӕвдисӕн» лӕууын, ӕмӕ мах дӕр фидарӕй дзурӕм. Фӕлӕ нӕ цы уырны, уый тыхӕй никӕмӕн хъарӕм (Матф. 24:14). Алкӕмӕн дӕр йӕ бар йӕхи у, ӕмӕ мах уый ӕмбарӕм.

Фарстытӕ дӕтт. Адӕмимӕ Йесойы хуызӕн ӕмбаргӕ ныхас ничи кодта. Уый алкӕддӕр хъуыды кодта, йӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕм чи сты, куыд цӕрынц, ууыл, ӕмӕ-иу сын ӕрхаста, сӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй истой, ахӕм цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ. Йесо дӕсны уыди фарстытӕ дӕттынмӕ дӕр. Йӕ фарстытӕй адӕмӕн лӕвӕрдта, цы хъуыды кӕнынц, уый зӕгъынын фадат, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ зӕрдӕты мидсчъилтӕ ӕддӕмӕ фӕлдӕхта. Афтӕ ма сын сӕхи разӕнгард кодта, йӕ ныхас-иу цӕуыл уыди, уый фӕдыл раст хатдзӕгмӕ ӕрцӕуынмӕ дӕр.

Закъон хорз чи зыдта, иу ахӕм адӕймаг Йесойы бафарста: «Ахуыргӕнӕг! цы кӕнын хъӕуы мӕн, цӕмӕй мыггагмӕйы цардӕй хайджын уон?» Йесойы дзуапп раттын цы хъуыди?! Фӕлӕ йын уый бӕсты йӕхи бафарста: «Закъоны цы фыст ис? куыд кӕсыс?» Лӕг раст дзуапп радта. Фӕлӕ цымӕ Йесо ууыл йӕ ныхас фӕци? Нӕ. Бауагъта йӕ йӕ хъуыды дарддӕр зӕгъын, ӕмӕ лӕг йӕхӕдӕг цы фарст радта, уымӕй рабӕрӕг, йӕхи раст кӕнынмӕ кӕй хъавыд. Уый бафарста: «Мӕ хӕстӕг та чи у?» Йесо йын дзуапп комкоммӕ нӕ радта: иудейтӕ ӕндӕр адӕмтӕм дӕр ӕмӕ самариӕгтӕм дӕр знаджы цӕстӕй кастысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн уыдис, йемӕ ма сразы уыдаид. Уый бӕсты йын йӕхицӕн баххуыс кодта раст хатдзӕг скӕнынӕн. Радзырдта йын хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы хабар: уый удыбӕстӕ скодта, абырджытӕ кӕй бастыгътой ӕмӕ саунад кӕй фӕкодтой, уыцы фӕндаггонӕн (кӕд ӕмӕ сауджын ӕмӕ левит та йӕ иувӕрсты ацыдысты). Уый фӕстӕ Йесо радта хуымӕтӕг фарст ӕмӕ афтӕмӕй сбӕлвырд кодта, закъонзонӕгмӕ таурӕгъы хъуыды кӕй бахъардта. Лӕг бамбӕрста, хъуыды дӕр кӕмӕй нӕ акодтаид, уыдон дӕр йӕ «хӕстӕджытӕ» кӕй сты (Лук. 10:25—37). Цӕй ӕмӕ мах дӕр афтӕ ныхас кӕнӕм адӕмимӕ! Алцы нӕхӕдӕг ма дзурӕм, ӕмӕ нӕ ныхасӕмбалы бӕсты дӕр ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ ахуыр кӕнӕм ӕмбӕлон фарстытӕ ӕмӕ цӕвиттонты руаджы адӕймаджы хъуыды кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын.

Ӕмбарын кӕн, хӕсс бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Апостол Павел Фессалоникӕйы ӕмбырдгӕнӕны адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд Фыстытӕй ӕрмӕст бакӕсын нӕ нымадта йӕ хӕсыл, зӕгъгӕ сыл уӕддӕр ӕууӕндынц, ӕмӕ ма сӕ ӕндӕр цы хъӕуы. Лука куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу Павел, цы бакаст, уый райхӕлдта, ӕрхаста-иу ын бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ йӕ ныхасмӕхъусджытӕм куыд хауди, уый-иу бамбарын кодта. Уыйадыл, «иуӕй-иутӕ уыдонӕй баууӕндыдысты, ӕмӕ ӕрбаиу сты Павел ӕмӕ Силӕимӕ» (Ап. к. 17:1—4).

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чифӕнды ма уой, алкӕддӕр хуыздӕр уыдзӕн семӕ ахӕм ӕмбаргӕ ныхас кӕнын. Фӕнды дӕ хиуӕттимӕ ныхас кӕнай, фӕнды дӕ куысты кӕнӕ ахуырӕмбӕлттимӕ, йе та ӕнӕзонгӕ адӕймагӕн хъусын кӕнай, фӕнды искӕимӕ Библи ахуыр кӕнай, фӕнды дын ӕмбырды уа раныхас,— уӕлдай нӕу. Библийы цы стих бакӕсыс, уӕмӕн йӕ хъуыды, чи зоны, ды иттӕг хорз ӕмбарыс, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ иннӕтӕ дӕр афтӕ ӕмбарынц. Уымӕ гӕсгӕ, стих куыд бамбарын кӕнай кӕнӕ сын ӕй сӕ цардмӕ куыд ӕгъдауӕй ахӕссай, уый сӕм гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕбындур ныхас фӕкӕса. Цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хорз нӕ уаид, стихы сӕйраг дзырдтӕ куы райсис ӕмӕ, цы амонынц, уый куы бамбарын кӕнис? Кӕнӕ, стих кӕцӕй ист у, уыцы скъуыддзагӕй, науӕд ӕндӕр стихӕй дӕ бон ницы бӕлвырдгӕнӕнтӕ у ӕрхӕссын? Рӕстытӕ кӕй дзурыс, уый ницавӕр цӕвиттонӕй ис равдисӕн? Цы дзурыс, ууыл ахъуыды кӕнынӕн сын цалдӕр фарсты нӕ фӕахъаз уаиккой? Ахӕм ӕмбаргӕ ныхас хорзырдӕм ахады адӕмыл ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны бирӕ цӕуылдӕрты ахъуыды кӕнынӕн.