Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Амындтӕ Скъолайы цӕстдарджытӕн

Амындтӕ Скъолайы цӕстдарджытӕн

АЛЫ ӕмбырды дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуы снысан кӕнынц Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕстдарӕгӕй. Кӕд уыцы хӕс дӕ бӕрны бакодтой, уӕд дӕ хъарутӕ ма ’вгъау кӕн ӕмӕ алы ахуыргӕнинагӕн дӕр зӕрдӕбынӕй ӕххуыс кӕн размӕ цӕуынӕн, уымӕн ӕмӕ Скъола уе ’мбырдӕн цы ахъаз фӕуыдзӕн, уый уымӕй бирӕ аразгӕ у.

Дӕ ахсджиагдӕр хӕстӕй иу у Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ӕрвылкъуырион программӕ уадзын. Дӕ зӕрдыл дар, хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕй уӕлдай ма залы ӕндӕр чидӕртӕ дӕр кӕй ис. Скъола афтӕ уадз, ӕмӕ дзы ӕмбырдӕй алчидӕр зондӕн цыдӕр куыд райса, чиныджы 5—8-ӕм фӕрстыл кӕй кой цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕппынкъаддӕр иуы фӕдыл ахӕм уынаффӕтӕ куыд фехъуса, ӕмӕ йӕ хъуыддагмӕ сразӕнгард кӕной.

Ахуыргӕнинӕгтӕй дӕ хъусдардӕй цух макӕй уадз: йӕ хӕслӕвӕрд кӕсын уа, хъусын кӕнӕн куыд ис, уый равдисын ӕви раныхас,— уӕлдай нӕу. Ӕххуыс сын кӕн, цы аразынц, уый ӕнӕуи хӕслӕвӕрдыл куыд нӕ нымайой, фӕлӕ сӕм сӕ зӕрдӕ куыд дзура, мӕнӕ та мын Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы цыдӕр фӕхуыздӕр кӕныны фадат фӕци, зӕгъгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ къухы цас ӕнтыстытӕ бафтдзӕн, уый сӕ алкӕмӕндӕр фыццаджыдӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у. Фӕлӕ дӕуӕй дӕр бирӕ аразгӕ у: зӕрдӕйӕ у алкӕуылдӕр, ӕххуыс сын кӕн, алы урок дӕр сын цы ахъаз фӕуыдзӕн, уый фенынӕн ӕмӕ сын ӕмбарын кӕн, цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон куыд сӕххӕст кӕнӕн ис. Уый тыххӕй алы хӕслӕвӕрдмӕ дӕр лӕмбынӕг хъус, ахуыргӕнинагӕн ӕцӕг ӕххуыс чи фӕуыдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ йын куыд раттай.

Скъола алы хатт дӕр хъуамӕ райдайа ӕмӕ фӕуа йӕ афоныл. Уыцы хъуыддаджы дӕхӕдӕг у фӕзминаг — хӕслӕвӕрды фӕдыл дын дӕ хъуыды зӕгъынӕн цы рӕстӕг ис, уымӕй фылдӕр ма дзур. Ахуыргӕнинаг йӕ рӕстӕгӕй куы ахиза, уӕд хъуамӕ ныдздзӕнгӕрӕг кӕнай, кӕд дӕхӕдӕг нӕ, уӕд та де ’ххуысгӕнӕг. Хӕслӕвӕрд кӕмӕн ис, уый хъуамӕ йӕ хъуыдыйад кӕронмӕ зӕгъа ӕмӕ сценӕйӕ рацӕуа. Зӕгъгӕ, фембӕлды иннӕ архайджытӕ ныйивӕзтой рӕстӕг, уӕд ахуыргӕнинӕгты хӕслӕвӕрдты фӕстӕ хӕрз цыбыртӕй зӕгъ дӕ фиппаинӕгтӕ, ӕмӕ йӕ рӕстӕгӕй чи ахызт, уыцы ӕфсымӕримӕ аныхас кӕн ӕмбырды фӕстӕ.

Фембӕлды куы уай, уӕд Скъола хъуамӕ ды уадзай. Кӕд нӕ, уӕд та — хистӕр нӕлгоймӕгты комитет рагацау кӕй снысан кӕна, ӕндӕр ахӕм хистӕр нӕлгоймаг. Кӕд дӕ графиктӕ скӕнынӕн, хӕслӕвӕрдты гӕххӕттытӕ байдзаг кӕнынӕн ӕмӕ сӕ байуарынӕн, кӕнӕ хӕслӕвӕрд кӕмӕн ис, уыдоны баивынӕн ӕххуыс хъӕуы, уӕд дын хистӕр нӕлгоймӕгты совет, чи зоны, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй искӕй ӕххуыс кӕнынӕн снысан кӕной.

Кӕй ис Скъолайы ныффыссӕн. Хъусынгӕнджыты се ’ппӕты дӕр разӕнгард кӕн Скъолайы сӕхи ныффыссынмӕ. Сӕхи ныффыссын сӕ бон у, ӕмбырдыл йӕхи ӕнгом чи бӕтты, ахӕм адӕймӕгтӕн дӕр, ӕрмӕст хъуамӕ разы уой, Библи цы амоны, уыимӕ, ӕмӕ чырыстон уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой. Кӕд искӕй йӕхи ныффыссын фӕнды, уӕд дзы зӕрдӕбынӕй раппӕл. Кӕд хъусынгӕнӕг нӕма у, уӕд ды, Скъолайы цӕстдарӕг, йемӕ хъуамӕ аныхас кӕнай, Скъолайы йӕхи ныффыссын кӕй фӕнды, уый цавӕр хъуамӕ уа, уый фӕдыл. Хорз уаид, йемӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый (кӕнӕ кӕд йӕ ныййарджытӕ Ӕвдисӕнтӕ сты, уӕд уыдонӕй исчи) йемӕ куы уаид. Уӕвгӕ, чырыстон ӕгъдау уымӕй дӕр домы, ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уымӕй цы домы, растдӕр уый. Уыцы домӕнтыл дзырд цӕуы чиныджы, «Цӕттӕ стӕм нӕ лӕггаддзинадмӕ», зӕгъгӕ, 97—100-ӕм фӕрстыл (уыр.). Скъолайы йӕхи чи ныффыста, уыдоны номхыгъд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ногӕй баив.

Уынаффӕты сыфыл куыд кусын хъӕуы. Алы ахуыргӕнинагӕн дӕр йӕ уынаффӕты сыф ис йӕ чиныджы, 79—81-ӕм фӕрстыл. Ӕртӕ хуызы ахорӕнтӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ фыццаг ӕвддӕс урокыл кусӕн уыдзӕн, ахуыргӕнинагӕн хъӕрӕй кӕсыны хӕслӕвӕрд куы уа, уӕд. Хӕслӕвӕрд равдыст куы уа, уӕд бакусӕн ис ӕппӕт уроктыл дӕр, 7-ӕм, 52-ӕм ӕмӕ 53-ӕй фӕстӕмӕ. Раныхӕстӕм дӕр хауынц уроктӕ иууылдӕр, ӕрмӕст 7-ӕм, 18-ӕм ӕмӕ 30-ӕм нӕ.

Ахуыргӕнинагӕн кӕцыдӕр урокыл бакусын куы бахӕс чындӕуа, уӕд ын Скъолайы цӕстдарӕг хъуамӕ йӕ хъус ӕрдара, ахуыргӕнинаджы чиныджы «Кӕд ыл райдыдтай кусын», зӕгъгӕ, уыцы цӕджындзӕджы урочы бакомкоммӕ кърандасӕй фыст куыд уа, кӕд ын ӕй бахӕс кодтой, уый. Уыцы урокыл куыст куы фӕуа, уӕд ӕй хибарӕй бафӕрс, цы фӕлтӕрӕн (кӕнӕ фӕлтӕрӕнтӕ) дзы ис, уыдон сарӕзта ӕви нӕ. Кӕд о, уӕд уый уынаффӕты сыфыл фӕлгӕты фӕнысан кӕнын хъӕуы. Кӕд ма йӕ уыцы урокыл ноджыдӕр хъӕуы бакусын, уӕд ницы хъӕуы нысан кӕнын — «Кӕд ыл фӕдӕ куыст», зӕгъгӕ, уыцы бынат уал афтидӕй уадз. Фӕнысан кӕнын дзы хъӕудзӕн, иннӕ урокмӕ куы хиза, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕй уӕлдай ма ахуыргӕнинаг йӕ хӕслӕвӕрд куы сӕххӕст кӕна, уӕд 82-ӕм фарсыл, цы уавӕр равзӕрста, уый бакомкоммӕ фӕнысан кӕнын хъӕудзӕн уыцы бон. Уынаффӕты сыф дӕр ӕмӕ уавӕрты номхыгъд дӕр афтӕ арӕзт сты, ӕмӕ дзы алкӕцы урокыл дӕр бакусӕн ис дыууӕ хатты, ӕмӕ алы уавӕр дӕр равзарӕн ис дыууӕ хатты. Алы ахуыргӕнинаг дӕр хъуамӕ йӕ чиныг Скъоламӕ йемӕ хӕсса.

Иу хаттӕн-иу бахӕс кӕн ӕрмӕстдӕр иу урокыл бакусын — хуыздӕр уыдзӕн фӕд-фӕдыл, чиныджы куыд ӕвӕрд сты, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ кӕд ахуыргӕнинаг хорз арӕхсы, уӕд ын зӕгъӕн ис, цӕмӕй кӕцыдӕр уроктыл йӕхӕдӕг бакуса, ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй спайда кӕна. Скъолайы та йын баххуыс кӕн, дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ йын йӕ дзырдарӕхстдзинад ӕмӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныдзинад фӕхуыздӕр кӕнынӕн уӕлдай ахъаз чи фӕуыдзӕн, уыцы уроктыл бакусынӕн.

Алы урочы уынаффӕтӕ дӕр стыр ӕххуыс уыдзысты, Скъолайы рагӕй чи у фыст, уыдонӕн дӕр. Ахуыргӕнинӕгтӕй сӕрмагонд ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонӕн дӕ бон у, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг равзарай, цавӕр урокыл бакусын сын уыдзӕн хуыздӕр (уроктӕ сын фӕд-фӕдыл дӕттыны бӕсты).

Куыд хъӕуы уынаффӕтӕ дӕттын. Дӕ уынаффӕтӕн сӕ рахӕцӕн уӕнт, Библийы цы дӕнцӕгтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон. Ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ хатой, цы уынаффӕтӕ сын дӕттыс ӕмӕ куыд, уым Хуыцауы Ныхасы ӕвӕджиауы уагӕвӕрдты уддзӕф кӕй ис.

Дӕ зӕрдыл дар, де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хотӕн сӕ «ӕмкусӕг» кӕй дӕ (2 Кор. 1:24; 8:23). Дзырдарӕхстдзинад ӕмӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныдзинадыл уыдоны куыд хъӕуы кусын, дӕу дӕр афтӕ хъӕуы. Уӕдӕ дӕхӕдӕг дӕр ахуыр кӕн чиныг «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн», цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архай ӕмӕ сын уымӕй фӕзминаг у.

Дӕ разы хӕс сӕвӕр, ахуыргӕнинӕгтӕ хорз кӕсын куыд сахуыр уой, фӕлтӕрд ныхасгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ дӕсны ахуыргӕнджытӕ куыд рауайа, уымӕн сын баххуыс кӕнын. Цы дӕ хъӕуы уый тыххӕй? Дзырдарӕхстдзинады алы фӕзилӕн дӕр цы у, цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ дзы хорз сфӕлтӕрӕн куыд ис, уый бамбарын кӕнынӕн сын дӕ хъарутӕ ма бавгъау кӕн. Скъолайы чиныг афтӕ арӕзт у, ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы стыр ахъаз уыдзӕн. Фӕлӕ алы хатт фаг нӕ уыдзӕн цыдӕр дзы ӕнӕуи бакӕсын. Уыцы ныхӕстӕн сӕ хъуыды цы у ӕмӕ афтӕ куыд ис саразӕн, ууыл-иу семӕ аныхас кӕн.

Кӕд ахуыргӕнинаг йӕ хӕслӕвӕрдыл дзӕбӕх бакуыста, уӕд дзы раппӕл. Цыбыртӕй зӕгъ, цы дзы уыд хорзӕй кӕнӕ цы сарӕзта, уый ахсджиаг цӕмӕн у. Кӕд ӕмӕ ма йӕ цӕуылдӕр бакусын хъӕуы, уӕд дӕ сбӕлвырд кӕнын хъӕуы, уыцы урокыл ма йӕ ноджыдӕр цӕмӕн хъӕуы кусын, уый ӕмбары ӕви нӕ. Аныхас кӕн йемӕ, куыд ӕй ис саразӕн. Дӕ ныхас уӕд бӕлвырд ӕмӕ фӕлмӕн.

Ма рох кӕн, адӕмы раз дзурын бирӕтӕн тынг зын кӕй у. Адӕймагмӕ афтӕ куы кӕса, ӕмӕ йын хорз нӕ рауади, уӕд, гӕнӕн ис, йӕ ныфс мауал хӕсса Скъолайы архайынмӕ, уӕддӕр мын ницы уайы, зӕгъгӕ. Фӕзм Йесойы, уый-иу «цъӕл хъӕз» нӕ асаста ӕмӕ «мынӕг судзгӕ гӕн» нӕ ахуыссын кодта (Матф. 12:20). Ахуыргӕнинаг йӕхимидӕг тынг тыхсы ӕви нӕ, уымӕ дӕ хъус дар. Уынаффӕ куы дӕттай, уӕд хъуыды кӕн, кӕмӕн ӕй дӕттыс, ууыл: Скъолайы йӕхи ӕрӕджы ныффыста ӕви фӕлтӕрд хъусынгӕнӕг у. Адӕймагӕй куы раппӕлай ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдӕйы хъармӕй куы батавай, уӕд дзы уый ныфс бауадздзӕн ӕмӕ йӕ уды хъарутӕй фӕстӕмӕ ницӕуыл уал фӕхӕцдзӕн.

Дӕ ныхасӕй ахуыргӕнинаг йӕхимӕ ӕгуыдзӕг куыд нӕ фӕкӕса, ууыл архай. Ромӕгтӕм 12:10 (НФ) нын дзуры: «Кӕрӕдзийӕн хорз ӕгъдау раттыны уӕ иу иннӕмӕй раздӕр кӕнӕд йӕхи». Ацы уынаффӕ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕстдарӕджы куыд ӕхсызгон хъӕуы! Кӕд ахуыргӕнинаг дӕуӕй хистӕр у, уӕд архай 1 Тимофеймӕ 5:1, 2 (НФ) гӕсгӕ. Уӕвгӕ, адӕймаг дӕ кӕстӕр уа ӕви хистӕр,— цыдӕр хъуыддаджы йӕ фӕивын кӕй хъӕуы, уый йын зӕрдӕхӕларӕй куы зӕгъай, уӕд ын дӕ ныхасмӕ байхъусын ӕнцондӕр уыдзӕн (Ӕмб. 25:11).

Уынаффӕ дӕтгӕйӕ ахуыргӕнинагӕн йе ’ргом здах, ацы Скъолайы цӕй тыххӕй ахуыр кӕнӕм, уымӕ. Нӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ урокыл ӕнӕуи хорз бакусӕм, раппӕлой нӕ ӕмӕ дарддӕр иннӕ урокмӕ ахизӕм, кӕнӕ нӕ дисӕн хӕссой, мӕнӕ дзурынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ куыд дӕсны у, зӕгъгӕ (Ӕмб. 25:27, Флп. 2:3). Мах фӕнды нӕ дзыхыныхасӕй Иегъовӕйы кадджын кӕнын, стӕй адӕмӕн йӕ базонынӕн ӕмӕ йӕ бауарзынӕн ӕххуыс кӕнын. Уымӕн ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ Матфейы 24:14 ӕмӕ 28:19, 20 кӕй кой цӕуы, уыцы куыст арӕхстджынӕй куыд ӕххӕст кӕнӕм. Фӕзминаг аргъуыд ӕфсымӕртӕн цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бабар кӕнынц семӕ «Хуыцауы дзугыл» аудын — бахӕс сын кӕнынц ныхасы рацӕуын ӕмӕ ӕмбырд ахуыр кӕнын (1 Пет. 5:2, 3).

Ахуыргӕнинӕгты разӕнгард кӕн, дарддӕр сӕ цы урокыл кусын хъӕудзӕн, уый-иу, куыддӕр сын ӕй радтой, афтӕ фыццаг цалдӕр боны мидӕг куыд бакӕсой. Дзур сын, цӕмӕй дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй спайда кӕной хӕслӕвӕрд цӕттӕгӕнгӕйӕ, фембӕлдты дзуапп дӕтгӕйӕ, ӕнӕуи искӕимӕ ныхасгӕнгӕйӕ ӕмӕ уацамынды.

Куыд дӕттын хъӕуы хӕслӕвӕрдтӕ. Иууыл хуыздӕр уыдзӕн алы хӕслӕвӕрд дӕр ӕппынкъаддӕр ӕртӕ къуыри раздӕр раттын, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, гӕххӕттыл фыстӕй.

Зондамонӕн раныхӕстӕ дӕттын хъӕуы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн (хорз уаид, дзӕбӕх ӕй чи бацӕттӕ кӕндзӕн, ахӕмӕн) кӕнӕ, йӕхи хорз ахуыргӕнӕгӕй чи равдыста, ахӕм кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн.

Цавӕр хӕслӕвӕрд кӕмӕн раттай — ӕфсымӕрӕн ӕви хойӕн,— ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ кӕс, Скъолайы программӕйы цы амындтӕ ис, уыдонмӕ. Кӕд ӕмбырды, хӕслӕвӕрдтӕ раттӕн кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕртӕ бирӕ нӕй, хотӕ та ис, уӕд уымӕ дӕ хъус дар, ӕфсымӕртӕ айдагъ кӕсыны хӕслӕвӕрдтыл куыд нӕ уой.

Хӕслӕвӕрдтӕ дӕтгӕйӕ кӕс ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты уавӕртӕм дӕр. Хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн Хъусын кӕныны фембӕлды куы уа хӕслӕвӕрд кӕнӕ йын ӕргом раныхас куы уа, Скъолайы дӕр ын ӕнӕмӕнг уыцы къуыри хъуамӕ уа раныхас? Кӕнӕ хойӕн хӕслӕвӕрд ӕнӕмӕнг йӕ сывӕллонимӕ иу бонмӕ хъӕуы раттын, кӕд ӕмӕ йӕ уымӕн дӕр хъӕудзӕн баххуыс кӕнын? Кӕмӕн цавӕр фарста райхалын бахӕс кӕндзынӕ, уымӕ дӕр дӕ хъус дар — уӕлдайдӕр ӕрыгӕттӕн ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, фӕлӕ аргъуыд чи нӕма райста, уыдонӕн куы дӕттай хӕслӕвӕрд, уӕд. Ахъуыды-иу кӕн, хӕслӕвӕрды ӕрмӕг ахуыргӕнинагӕн уый фадат ратдзӕн, ӕмӕ йӕ цы урокыл кусын хъӕуы, ууыл дзӕбӕх бакуса.

Чиныджы 78—82-ӕм фӕрстыл цы амындтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ хо йӕхӕдӕг ӕвзары, йӕ хӕслӕвӕрд цы уавӕры дзурдзӕн, уый. Дӕу та хъӕуы уымӕн иу ӕххуысгӕнӕг снысан кӕнын, фӕлӕ йын, гӕнӕн ис, дыууӕ адӕймаджы дӕр ӕххуыс кӕной. Зӕгъгӕ дӕм хо бахатыд, уыцы адӕймаджы мын снысан кӕн ӕххуысгӕнӕгӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы уавӕры уый хуыздӕр уыдзӕн, уӕд ын йӕ фӕндон сӕххӕст кӕн.

Уӕлӕмхасӕн кълӕстӕ. Скъолайы йӕхи чи ныффыста, уыдон 50 адӕймагӕй фылдӕр куы уой, уӕд хорз уаид афтӕ саразын, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иутӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ дзурой ӕндӕр бынӕтты. Уавӕр куыд амона, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн ис кӕнӕ ахуыргӕнинӕгты хӕслӕвӕрдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, кӕнӕ та фӕстаг дыууӕйӕн.

Алы уӕлӕмхасӕн къласы дӕр хъӕуы, уынаффӕтӕ чи дӕтта, ахӕм арӕхстджын ӕфсымӕр, хуыздӕр уаид хистӕр нӕлгоймаг. Кӕд нӕ, уӕд та уыцы хъуыддаг бахӕс кӕнӕн ис, хорз чи арӕхсы, ахӕм кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн. Уыцы ӕфсымӕртӕ хъуамӕ нысангонд уой хистӕр нӕлгоймӕгты советы разыйӕ. Семӕ ӕмвӕндӕй архай, цӕмӕй зонай, ахуыргӕнинӕгтӕн иннӕ хатмӕ цавӕр урок хъӕуы бахӕс кӕнын (фӕнды йын сӕйраг къласы уӕд хӕслӕвӕрд, фӕнды — уӕлӕмхасӕн къласы).

Кӕсыны уроктӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты совет аскъуыддзаг кӕна, ӕмбырд цы ӕвзагыл цӕуы, уыцы ӕвзагыл кӕсын базонынӕн кӕмӕндӕрты кӕй хъӕуы баххуыс кӕнын, ӕмӕ уӕд уыцы уроктӕ дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъоламӕ бахӕссай. Уыцы уроктӕн сӕ нысан у ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты кӕсын-фыссын кӕнӕ та сӕ хуыздӕр кӕсын сахуыр кӕнын.

Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ Скъолайы хӕслӕвӕрдтимӕ куы рацӕуынц, уӕд уадзай уыцы уроктӕ. Куыд ӕмбӕлы, афтӕ баххуыс кӕнынӕн хатт фылдӕр рӕстӕг фӕхъӕуы. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ аскъуыддзаг кӕндзысты, цавӕр ӕххуыс сӕ хъӕуы ӕмӕ уыцы уроктӕ кӕд цӕудзысты. Уроктӕ скӕнӕн ис къорд адӕймагӕн дӕр ӕмӕ хицӕнӕй иу адӕймагӕн дӕр.

Кӕсыны уроктӕ уадзынӕн хъӕуы хорз ахуыргӕнӕг. Уыцы хъуыддаг, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, бахӕс кӕнын хъӕуы, дзӕбӕх чи кӕсы ӕмӕ ӕвзаг хорз чи зоны, ахӕм ӕфсымӕрӕн. Кӕд ахӕм ӕфсымӕр нӕй, уӕд та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕгъдзысты уыцы хъуыддаджы фӕлтӕрд, фӕзминаг хойӕн. Кӕсыны уроктӕ уадзгӕйӕ йӕ сӕрыл хъуамӕ исты уа (1 Кор. 11:3—10; 1 Тим. 2:11, 12).

Бирӕ ӕвзӕгтыл ис къаннӕг чиныг, «Ахуыр кӕнӕм кӕсын ӕмӕ фыссын», зӕгъгӕ. Фӕлӕ, уыцы уроктӕм йӕхи чи ныффыста, уыдон куыд кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ ахуыр кӕнӕн ис ӕндӕр ӕрмӕгӕй дӕр. Кӕсыныл куы фӕцалх уой, уӕд сӕ сразӕнгард кӕн Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕйы архайынмӕ дӕр.

Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕстдарӕг уӕвгӕйӕ дӕ бон у ӕмбырдӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты баххуыс кӕнын. Дӕхи хорз цӕттӕ кӕн ӕмӕ, Ромӕгтӕм 12:6—8 гӕсгӕ, дӕ бӕрны цы хъуыддаг ис, уый нымай Хуыцауы стыр лӕварыл.