Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 УРОК

Аразгӕ ныхас ма кӕн

Аразгӕ ныхас ма кӕн

АДӔЙМАГ цы у, уый куы уа, аразгӕ ныхас куы нӕ кӕна, уӕд ыл иннӕтӕ ӕууӕнддзысты. Дзырдӕн, чидӕр йӕхиуыл кӕнгӕ цӕсгом скодта ӕмӕ демӕ афтӕмӕй ныхас кӕны. Цы дын дзура, ууыл баууӕнддзынӕ? Ӕмӕ кӕнгӕ цӕсгом йӕхи цӕсгомӕй рӕсугъддӕр куы уа, уӕд та? Уӕлдай нӕу. Уӕдӕ, цы дӕ, уый у — аразгӕ митӕ дӕм ма уӕд.

Аразгӕ ныхас ма кӕнай, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ ӕнӕхъола ныхас кӕнай. Хылы-мылы ныхас, дзырдтӕ раст нӕ дзурын, дзырдты уӕнгтӕ ныхъуырын, ай-гъай дӕр, рӕсугъд нӕу. Хорз нӕу, иу цавӕрдӕр адӕмы къорд кӕмӕй пайда кӕнынц ӕмӕ ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ аив чи нӕу, ахӕм дзырдтӕ дзурын дӕр. Кӕмфӕнды ма уай,— дӕ ныхасӕй дӕр ӕмӕ де ’гъдауӕй дӕр бӕрӕг уӕд, дӕхицӕн аргъ кӕнын кӕй зоныс. Адӕймаг цы у, уый куы уа, уӕд йӕхи ӕгӕр хъуыддагхуыз дӕр нӕ дардзӕн ӕмӕ йӕхи иннӕтӕн бауарзын кӕныныл дӕр нӕ хъардзӕн.

 Уацамынды. Искӕй дуары раз куы ӕрлӕууыс кӕнӕ дӕхицӕн куы фӕзӕгъыс, уӕртӕ уыцы адӕймагмӕ бацӕуон, йемӕ аныхас кӕнон, зӕгъгӕ, уӕд дӕ зӕрдӕ йӕхи риуы къултыл нӕ ныххойы? Чи къаддӕр фӕтыхсы, чи та — тынгдӕр, фӕлӕ нӕ ахӕм стӕм ис, ӕмӕ ӕппындӕр ма тыхса. Хатт фыртыхстӕй нӕ хъӕлӕс куыддӕр фӕивы, ризын райдайы, тыхсгӕ кӕй кӕнӕм, уый бӕрӕг вӕййы нӕ сӕр ӕмӕ нӕ къухты змӕлдӕй дӕр.

Адӕймаг хъусын кӕнгӕйӕ кӕй фӕтыхсы, уымӕн цалдӕр аххосаджы ис. Чи зоны, мӕт фӕкӕны, цы мӕ ахъуыды кӕндзысты кӕнӕ мын куы ницы рауайа, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Бӕллӕх уый у, ӕмӕ ахӕм цӕуылдӕрты ӕгӕр куы райдайы хъуыды кӕнын. Уацамынды ацӕуын дӕ кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр куы тыхсай, уӕд та цы саразӕн ис? Дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн ӕмӕ зӕрдиагӕй скув Иегъовӕмӕ (Ап. к. 4:29). Ахъуыды кӕн, Иегъовӕ адӕмы ӕнустӕм Дзӕнӕты зӕххыл ӕнӕнизӕй ӕмӕ ӕххӕст адӕймӕгтӕй цӕрынмӕ кӕй хоны, уымӕй цы стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы. Ахъуыды кӕн, цы адӕмӕн дӕ фӕнды баххуыс кӕнын, уыдоныл, ӕмӕ сӕ хорз хабар куыд ӕхсызгонӕй хъӕуы, ууыл.

Дӕ зӕрдыл дар уый дӕр, ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕ бар йӕхи у: цы йын дзурӕм, уый йӕ зӕрдӕмӕ айсдзӕн ӕви нӕ, уый йӕхи хъуыддаг у. Афтӕ уыди, Йесо Израилы куы хъусын кодта, уӕд дӕр. Дӕ хӕс у ӕрмӕстдӕр хъусын кӕнын (Матф. 24:14). Адӕм дын дӕ ныхасмӕ куы нӕ байхъусой, уӕддӕр сын дӕ бацыд йӕхӕдӕг дӕр бирӕ цӕуылдӕр дзурӕг уыдзӕн. Дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу,— афтӕмӕй Иегъовӕйӕн уый фадат дӕттыс, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕу уылты дӕр ӕххӕст кӕна. Стӕй дын искӕимӕ аныхас кӕныны фадат куы уа, уӕд куыд дзурдзынӕ йемӕ? Адӕмы уавӕры бацӕуыныл куы архайай, цы сӕ тыхсын кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ныхас цӕудзӕн зӕрдӕйӕ, ӕмӕ ахӕм ныхас та зӕрдӕмӕ хъары.

Ӕнӕуи куыд дӕ, уацамынды дӕр дӕхи афтӕ куы дарай ӕмӕ афтӕ куы дзурай, уӕд, кӕимӕ ныхас кӕнай, уыдон дӕр сӕхи сӕрибардӕр хатдзысты. Чи зоны сын Фыстадӕй цы хъуыдытӕ зӕгъай, уыдонмӕ дӕр ӕхсызгондӕрӕй байхъусой. Дӕхи-иу сын зондамонӕг ма скӕн, фӕлӕ семӕ ӕнӕуи ныхас кӕн. У сӕ хӕлар. Кӕй сыл хъуыды кӕныс, уый ӕвдис ӕмӕ, цы дзурой, уымӕ зӕрдӕбынӕй хъус. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы адӕммӕ дӕр ӕмӕ алы ӕвзаджы дӕр йӕхи ӕгъдӕуттӕ ис, ӕнӕзонгӕимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, уымӕн, ӕмӕ уый рох кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр фӕлмӕн мидбылхудт хъыг никӕмӕ фӕкӕсдзӕн.

Сценӕйыл. Дӕ ныхас къорд адӕммӕ куы уа, уӕд дӕр иууыл хуыздӕр уыдзӕн, ӕнӕуи куыд фӕныхас кӕныс, афтӕ дзурын. Ӕцӕг дӕ бирӕ адӕмы раз хъӕрдӕр дзурын хъӕудзӕн. Дӕ раныхасы алы дзырд бахъуыды кӕныныл куы архайай кӕнӕ йӕ иууылдӕр фысгӕ куы ныккӕнай, уӕд дзырдтыл ӕгӕр хъуыды кӕндзынӕ. Раст у, кӕм цавӕр дзырд зӕгъын хъӕуы, уый хъуамӕ зонай, фӕлӕ ууыл ӕгӕр куы мӕт кӕнай, уӕд дӕ ныхас уыдзӕн хус ӕмӕ ӕнӕуд. Ӕнӕуи куыд фӕныхас кӕныс, афтӕ нӕ уыдзӕн. Цы хъуыдытӕ зӕгъын дӕ фӕнды, уыдоныл рагацау хъӕуы дзӕбӕх ахъуыды кӕнын, ӕрмӕст хъуыды кӕнын хъӕуы хъуыдытыл, цы дзырдтӕй сӕ зӕгъдзынӕ, ууыл нӕ, фӕлӕ.

Афтӕ у, фембӕлды дӕ интервью куы исой, уӕд дӕр. Дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн, фӕлӕ дӕ дзуаппытӕ гӕххӕттӕй ма кӕс ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр ма скӕн. Дӕ хъӕлӕс уӕд, ӕнӕуи ныхасгӕнгӕйӕ дын куыд вӕййы, афтӕ,— уӕд аразгӕ ныхас нӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм хъусын ӕхсызгондӕр уыдзӕн.

Ныхасгӕнӕг дзырдарӕхстдзинадыл куы куса, уый хорз у, фӕлӕ ууыл ӕгӕр куы хъуыды кӕна, уӕд адӕммӕ афтӕ кӕсдзӕн, цыма аразгӕ ныхас кӕны. Цӕвиттон, дзырдтӕ раст ӕмӕ сыгъдӕг дзурын хъӕуы, фӕлӕ афтӕ нӕ, ӕмӕ ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, афтӕ мауал дзурай. Амонӕн кӕнӕ хъуыды фӕтыхджындӕргӕнӕн къухамындты руаджы ныхас вӕййы цардӕгас (арӕхстджынӕй сӕ куы пайда кӕнай, уӕд), фӕлӕ ныхасы рацӕуӕгӕн къухамындтӕ сӕ ӕрдзон уагыл куы нӕ уайой ӕмӕ хъӕуа-нӕхъӕуа йӕ къухтӕ дардыл куы тила, уӕд ын адӕм йӕ митӕм цы кӕсой, ӕндӕр ын йӕ ныхӕстӕм нӕ хъусдзысты. Ныхасы рацӕугӕйӕ дӕ ныхас дзӕбӕх хъуамӕ хъуыса, фӕлӕ хъӕр кӕнын нӕ хъӕуы. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хорз уаид дӕ ныхасы «цӕхӕр фӕтынгдӕр кӕнын», фӕлӕ дын ӕгӕр ма фӕуӕд — афтӕ куыд нӕ рауайа, ӕмӕ театры хъазыс. Иудзырдӕй, дӕ хъӕлӕсы уаг афтӕ ӕнахуыр ивтытӕ ма кӕн, афтӕ зӕрдиагӕй ма дзур, де ’нкъарӕнтӕ ахӕм хуызы ма ӕвдис, ӕмӕ дӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕ стыхсой кӕнӕ, цы дзурыс, уый бӕсты, дӕхи куыд дарыс, ууыл хъуыды кӕной.

Адӕмӕй иутӕ ӕнӕуи ныхасы дӕр дзурынц рӕсугъд, се ’взаг у тынг хъӕздыг. Иннӕтӕн та сӕ ныхас у хуымӕтӕгдӕр. Фӕлӕ сӕйраг уый у, ӕмӕ кӕмфӕнды ма уай, цыфӕнды ма аразай,— дӕ ныхасы уаг дӕр ӕмӕ де ’гъдау дӕр хъуамӕ уой, чырыстонӕн куыд фидауы, афтӕ. Уӕд дын сценӕйыл дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн, ӕнӕуи куыд вӕййыс, дӕхи афтӕ дарын ӕмӕ дзургӕ дӕр афтӕ кӕнын.

Иннӕтӕн куы фӕкӕсыс, уӕд. Цӕмӕй иннӕтӕн кӕсгӕйӕ афтӕ ма зына, цыма аразгӕ ныхас кӕныс, уый тыххӕй хиуыл кусын хъӕуы. Фыццаджыдӕр уал, цы кӕсдзынӕ, уым ссар сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ, ӕрмӕджы куыд хӕлд цӕуынц, уымӕ ӕркӕс. Дӕ хъуыдыйы сӕ дар, кӕннод ӕнӕуи дзырдтӕ цы кӕсай, ӕндӕр дӕ касты уд нӕ уыдзӕн. Ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ куыд кӕсгӕ сты, уый базон. Хӕдзары йӕ хъӕрӕй кӕс, цалынмӕ дӕ хъӕлӕсы уаг, кӕм куыд хъӕуы, афтӕ нӕ ивай ӕмӕ дзырдты къордтӕ иумӕ афтӕ нӕ кӕсай, алы хъуыды дӕр дзы бӕлвырд куыд уа. Цалынмӕ йӕ бынтон ӕнӕрхӕцгӕйӕ нӕ кӕсай, уӕдмӕ ма ӕрлӕуу. Кӕсинаг ӕрмӕгыл дзӕбӕх куы бакусай, куы йӕ бамбарай, уӕд ӕй афтӕ кӕсдзынӕ, цыма кӕимӕдӕр зӕрдиаг ныхас кӕныс. Ӕмӕ уӕд аразгӕ ныхас нӕ кӕндзынӕ.

Фылдӕр хатт иннӕтӕн хъӕрӕй фӕкӕсӕм, Библи ӕмбарынӕн нӕм цы литературӕ ис, уый. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы кӕсыны хӕслӕвӕрдтӕй дарддӕр ма Библийӕ стихтӕ фӕкӕсӕм сценӕмӕ ныхасимӕ рацӕугӕйӕ, стӕй уацамынды дӕр. Ӕфсымӕртӕн ма бахӕс кӕнынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр кӕнӕ ӕмбырды чиныгахуыры ӕрмӕг кӕсын дӕр. Хатт ма фӕлтӕрд ӕфсымӕрты фӕхъӕуы, конгресмӕ цы адӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕн ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхас бакӕсын дӕр. Библийӕ кӕсай ӕви ӕндӕр искӕцӕй,— кӕсинаг ӕрмӕджы искӕй ныхӕстӕ куы уа, уӕд сӕ афтӕ бакӕс, цыма сӕ уыцы адӕймаг йӕхӕдӕг дзуры. Кӕд дзы дыууӕ кӕнӕ цалдӕр адӕймаджы ныхас ӕмбӕла, уӕд та дзы алы адӕймаджы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ дӕр дӕ хъӕлӕс фӕив. Ӕрмӕст иу цыдӕр у хъуыдыйаг: артисты каст ма кӕн — кӕс аив, ӕнӕуи ныхас куыд фӕкӕныс, афтӕ.

Дӕ каст ӕцӕг зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕд уыдзӕн, цыма ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕныс, афтӕ куы хъуыса. Уӕд дӕ ныхас аразгӕ никӕмӕ фӕкӕсдзӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ хъардзӕн.