Ахуыр кӕн адӕмимӕ ныхас кӕнын
АДӔМИМӔ ныхас кӕнын дын ӕнцон вӕййы? Бирӕтӕ, искӕимӕ (уӕлдайдӕр та ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ) аныхас кӕнын сӕ кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр сӕхицӕн ӕнцой нал фӕарынц. Чи зоны, уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ адӕймаг вӕййы ӕфсӕрмыгӕнаг, нӕуӕндаг. Ахӕм адӕймаг йӕхицӕн фӕдзуры: «Цӕуыл хъуамӕ дзурон? Цӕмӕй райдайон мӕ ныхас? Дарддӕр цы зӕгъдзынӕн?» Ныфсхаст, адӕмимӕ ныхас кӕнын чи уарзы, ахӕм адӕймӕгтӕм та иу миниуӕг ис: иннӕтӕн дзырды бар нӕ фӕдӕттынц. Ахӕмтӕн тынг зын у сӕ ныхасӕмбалы йӕ хъуыды зӕгъынмӕ разӕнгард кӕнын ӕмӕ, цы зӕгъдзӕн, уымӕ байхъусын. Уӕдӕ нӕ алкӕйдӕр — ӕфсӕрмыгӕнаг уа ӕви ныфсхаст — иннӕтимӕ ныхас кӕнын хъӕуы ахуыр кӕнын.
Райдай дӕ бинонтӕй
Иннӕтимӕ ныхас кӕнын куыд хъӕуы, ууыл ахуыр кӕнын райдай дӕ бинонты ’хсӕн. Зӕрдӕбын, адджын ныхасӕй хуыздӕр ницы бӕтты бинонты кӕрӕдзийыл.
Ӕмӕ цӕмӕй бинонтӕн кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын ӕхсызгон уа, уый тыххӕй та дзы хъуамӕ иу иннӕйыл ауда (Дык. з. 6:6, 7; Ӕмб. 4:1—4). Кӕй уарзӕм, уыимӕ нӕ ӕнӕмӕнг фӕнддзӕн ныхас кӕнын, стӕй йӕ исты зӕгъын куы фӕнда, уӕд дӕр ӕм лӕмбынӕг байхъусдзыстӕм. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу — хорзӕй йын цы зӕгъӕм, уый дӕр ма нӕм хъуамӕ уа. Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ цы зӕгъӕм, уый ма зонӕм. Ныхас райдайынӕн диссаджы хорз мадзал у чиныг «Алы бон дӕр ӕвзар Фыстытӕ». Исты ӕхсызгон цаутӕ ныл ӕрцӕуы хъусын кӕнгӕйӕ дӕр. Йе та ног, цымыдисаг хабӕрттӕ кӕнӕ худӕг исты бакӕсӕм. Уӕдӕ нӕ бон у, ӕмӕ-иу нӕ бинонтимӕ ӕппӕт уыдӕттыл зӕрдӕбынӕй ныхас кӕнӕм. Афтӕмӕй нын иннӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн.
Ныхас ӕнӕзонгӕтимӕ
Бирӕтӕ ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ ныхас кӕнынмӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы дӕр ӕмӕ сӕ алыварс адӕмы дӕр кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнынц иннӕтимӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй сын дзурой, Библийӕ сӕхӕдӕг цы базыдтой, уый. Цы дын феххуыс уыдзӕн уыцы хъуыддаджы?
Иу хорз хъуыды ис Филиппӕгтӕм 2:4. Хуыцау нӕм сиды, цӕмӕй «ӕрмӕст йӕхи мӕт ма кӕна алчидӕр, фӕлӕ... иннӕты мӕт дӕр». Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл даргӕйӕ, ахъуыды кӕн: адӕймаг дӕ йӕ царды мидӕг уыны фыццаг хатт, чи дӕ, уымӕн ницы зоны. Уӕдӕ цӕмӕй ма стыхса, уый тыххӕй цы бакӕнын хъӕуы? Дӕ мидбылты йӕм фӕлмӕн бахуд ӕмӕ йын зӕрдӕхӕларӕй салам ратт. Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ ахицӕн.
Чи зоны, адӕймаг уыцы рӕстӕджы цӕуылдӕр хъуыдытӕ кодта, ӕмӕ йӕ бахъыгдардтай. Уӕдӕ, уый цӕуыл тыхсы, ууыл хъуыды дӕр куы нӕ акӕнай, афтӕмӕй, дӕу цы зӕгъын фӕнды, ууыл куы райдайай дзурын, уӕд дӕм ӕхсызгонӕй байхъусдзӕн? Куыд бакодта Йесо, самариаг сылгоймагыл цъайы цур куы фембӕлд, уӕд? Сылгоймаджы хъуыдытӕ уыдысты, дон куыд ахӕсса, ууыл. Йесо дӕр йӕ ныхас раст уымӕй райдыдта, ӕмӕ сын ӕцӕгады тыххӕй диссаджы ныхас бацайдагъ (Иоан. 4:7—26).
Алцыуынаг цӕст дын куы уа, уӕд дын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, адӕм цӕуыл фӕхъуыды кӕнынц, уый ӕмбарынӕн. Адӕймаг йӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕйыл у ӕви цӕуылдӕр маст кӕны? Азтӕ йыл сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ, мыййаг, рынчын у? Хӕдзары сывӕллӕттӕ ис ӕви нӕ, уый истӕмӕй бӕрӕг у? Адӕймагӕн йӕ хӕдзары арӕзтӕй цы зӕгъӕн ис, хъӕздыг цард кӕны ӕви йӕ тыхстӕй йӕ къухтӕм ӕмхасӕнтӕ кӕны? Йӕ хӕдзары цы дзаумӕттӕ ис кӕнӕ йӕ уӕлӕ фидыцӕн цы дары, уымӕй ницы базонӕн ис, цавӕр диныл хӕст у, уый тыххӕй? Дӕ ныхас, уый цӕуыл тыхсы, ахӕм истӕмӕй куы райдайай, уӕд, чи зоны, уый дӕр ахъуыды кӕна, ацы адӕймагимӕ нын иумӕйагӕй цыдӕр ис, зӕгъгӕ.
Адӕймаг дуар куы нӕ бакӕна, афтӕмӕй куы ныхас кӕна демӕ, уӕд та цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис? Ӕвӕццӕгӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрвиты йӕ царды бонтӕ. Уыцы хъуыды дын нӕ фӕахъаз уыдзӕн йемӕ ӕхгӕддуарӕй аныхас кӕнынӕн?
Иуӕй-иу рӕтты демӕ хорз аныхас кӕндзысты, раздӕр уал сын дӕхи тыххӕй исты куы радзурай, уӕд: чи дӕ, цы у де ’рбацыды сӕр, Хуыцау дӕ цӕмӕн уырны, Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн райдыдтай ӕмӕ дын уый куыд ӕххуыс кӕны (Ап. к. 26:4—23). Ӕцӕг, ахӕм уавӕры зӕрдыл дарын хъӕуы, зӕгъӕн цы ис ӕмӕ цы нӕй, стӕй цӕй фӕдыл ӕрбацыдтӕ, уый дӕр. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, хӕдзары хицау дӕр ӕнӕзивӕгӕй радзура, чи у ӕмӕ цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй.
Кӕмдӕрты адӕм сты тынг уазӕгуарзон суанг ӕнӕзонгӕтӕм дӕр. Уыцы зӕрдиагӕй дӕ бахондзысты мидӕмӕ ӕмӕ дӕ ӕрбадын кӕндзысты. Куы ’рбадай, уӕд хӕдзары хицауы уӕзданӕй афӕрс йӕ бинонтӕй, куыд сты, цард сӕм куыд цӕуы ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ лӕмбынӕг байхъус. Уый фӕстӕ дӕм хӕдзары хицау дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хуыздӕр байхъусдзӕн. Кӕцыдӕр адӕмтӕм та ӕрбацӕуӕгыл ноджы тынгдӕр баузӕлынц, ӕмӕ дӕ хъуыддагмӕ рахизынӕн, чи зоны, фылдӕр рӕстӕг бахъӕуа.
Фӕлӕ дын уӕдмӕ ис диссаджы фадат, ды дӕр уыдоны хуызӕн адӕймаг кӕй дӕ, кӕй сӕ ӕмбарыс, уый равдисынӕн. Уый дӕ къухы куы бафта, уӕд та дын семӕ Хуыцауы Ныхасыл аныхас кӕнын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн.Кӕм хъусын кӕныс, уым ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм куы цӕра, уӕд та? Ахӕм адӕймӕгты зӕрдӕмӕ фӕндаг куыд ис ссарӕн? Се ’взагыл салам раттын куыд хъӕуы, уый куы сахуыр кӕнай, уӕд уыцы адӕм уындзысты, ӕцӕгӕлӕттыл сӕ кӕй нӕ нымайыс. Чи зоны, уый фӕрцы дарддӕр демӕ ӕхсызгондӕрӕй ныхас кӕной.
Дарддӕр куыд ӕмӕ цӕуыл ис ныхас кӕнӕн
Цӕмӕй ныхас ма аскъуыйа, уый тыххӕй дӕ ӕцӕгдӕр хъуамӕ фӕнда, адӕймаг цы хъуыды кӕны, уый зонын. Кӕд ын ныхас кӕныны зӕрдӕ ис, уӕд ӕй разӕнгард кӕн йӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ. Уый тыххӕй дӕ бахъӕудзӕн рӕстдзӕвин фарстытӕ. Иууыл хуыздӕр сты, «о» кӕнӕ «нӕ» кӕм нӕ уа зӕгъӕн, фӕлӕ адӕймаг йӕхӕдӕг куыд хъуыды кӕны, уый бамбарын кӕнын ӕй кӕм хъӕуа, ахӕм фарстытӕ. Зӕгъӕм, адӕм тынг цӕмӕй тыхсынц, ахӕм истӕй кой ракодтай, уӕд ӕй бафӕрс: «Цы хъуыды кӕныс, афтӕ цӕмӕн у?» кӕнӕ «Куыд дӕм кӕсы, уыцы хъуыддагӕн цы хос ис?»
Фарст куы раттай, уӕд ын йӕ дзуапмӕ лӕмбынӕг байхъус. Кӕй йӕм хъусыс, уый ӕвдис, кӕм ныхасӕй, кӕм дӕ сӕры батылдӕй, кӕм къухы змӕлдӕй, кӕм та дӕ цӕстӕнгасӕй. Бауадз-иу ӕй йӕ хъуыды кӕронмӕ зӕгъын. Цы дзуры, уымӕн рагацау хатдзӕгтӕ ма кӕн. У «рӕвдз хъусынмӕ, сындӕг ныхӕстӕм» (Иак. 1:19). Дӕ дзуаппӕй-иу бӕрӕг уӕд, йӕ ныхӕстӕм ын ӕцӕгдӕр кӕй хъуыстай.
Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар уый дӕр, ӕмӕ дӕ фарстытӕн алчи нӕ дӕтдзӕн дзуапп. Иуӕй-иутӕ дзургӕ ницы скӕнынц, ӕрмӕст сӕ цӕстӕнгасӕй кӕнӕ сӕ мидбылхудтӕй бӕрӕг вӕййы, цы хъуыды кӕнынц, уый. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ дын ӕрмӕстдӕр «о» кӕнӕ «нӕ» зӕгъдзысты. Фӕлӕ дын уый де онг ма амарӕд. У фӕразон. Хынцфарст ма кӕн. Кӕд дӕм адӕймаг хъусы, уӕд дын ис диссаджы фадат: Библийӕ йын исты ныфсдӕттӕг хъуыдытӕ зӕгъ. Афтӕ иу хатт, дыууӕ хатты — ӕмӕ дӕм дзӕбӕх зонгӕйы цӕстӕй кӕсдзӕн ӕмӕ демӕ ӕргом ныхас кӕндзӕн.
Адӕймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар, ноджыдӕр ма йӕм кӕй хъуамӕ ӕрбацӕуай. Зӕгъгӕ, адӕймагмӕ цыдӕр фарстытӕ ис, уӕд ын сӕ иууылдӕр ма бамбарын кӕн, иу-дыууӕ дзы ныууадз иннӕ хатмӕ. Зӕгъ ын, дӕ бон кӕй у уыцы фарстытӕ раиртасын ӕмӕ цы базонай, уый йын ӕндӕр хатт радзурын. Кӕд ӕм ницы фарстытӕ ис, уӕд та йӕм дӕ ныхасы кӕрон ратт, дӕумӕ гӕсгӕ йын цымыдисаг чи уыдзӕн, ахӕм фарст. Зӕгъ ын, иннӕ хатт ыл кӕй аныхас кӕндзыстут. Бирӕ хорз хъуыдытӕ ссарӕн ис чиныджы «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» (англ.), брошюрӕйы «Хуыцау нӕ
цы домы?», стӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы фӕстаг номырты.Нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕй фыццаг хатт куы феныс, уӕд йемӕ базонгӕ вӕййыс? Ӕви хъусӕй фӕлӕууыс? Не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ фӕнда семӕ зонгӕ кӕнын (Иоан. 13:35). Фӕлӕ цӕмӕй ис райдайӕн? Дӕхи йын бацамон ӕмӕ йӕ бафӕрс, дӕ ном та куыд хуыйны, зӕгъгӕ. Ӕцӕгад куыд базыдта, уымӕй йӕ куы бафӕрсай, уӕд уын рауайдзӕн зӕрдӕбын ныхас ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ базондзыстут уӕ кӕрӕдзийы тыххӕй. Бынтон хорз куы нӕ арӕхсай дзурынмӕ, уӕддӕр дӕ дӕ ныхасӕмбал бузныг уыдзӕн де ’рхъуыдыйы тыххӕй. Ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад та иууыл сӕйрагдӕр у.
Цӕмӕй де ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ, уӕлӕнгӕйтты ницытӕ-мацытыл нӕ, фӕлӕ уӕ алкӕмӕндӕр пайда чи уа, ахӕм истӕуыл ныхас кӕнай, уый тыххӕй та цы хъӕуы? Хъуамӕ дӕ ныхасӕй бӕрӕг уа, зынаргъ дын кӕй сты. Кӕд фембӕлды фӕстӕ искӕимӕ ныхас кӕнай, уӕд ын зӕгъ, дӕ зӕрдӕмӕ дзы цы хъуыдытӕ фӕцыди, уыдон. Уый пайда уыдзӕн уӕ дыууӕйӕн дӕр. Йе та кӕд ӕрӕджы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕнӕ «Райхъал ут!»-ы цыдӕр хорз хъуыды бакастӕ, уӕд дӕ бон у ууыл аныхас кӕнын. Ӕрмӕст дӕ ныхас афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ дӕхи ӕвдисыс, кӕнӕ йӕ къахгӕ кӕныс, кӕддӕра уыцы статья касти ӕви нӕ. Ӕнӕуи йын радзур, дӕ зӕрдӕмӕ дзы уӕлдай тынгдӕр цы фӕцыд, уый. Кӕд дын тагъд Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы хӕслӕвӕрд уыдзӕн, уӕд дӕ бон у, куыд ӕй ис саразӕн, ууыл йемӕ аныхас кӕнын. Ӕвзӕр нӕ уаид уацамындӕй исты цау радзурын дӕр.
Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ фӕнды иннӕты тыххӕй зонын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ арӕх ныхас рахизы, чи цы загъта кӕнӕ сарӕзта, уыдӕттӕм. Уӕдӕ ӕнӕ хъӕлдзӕг ныхӕстӕй дӕр кӕм вӕййы. Фӕлӕ нӕ ныхӕстӕ адӕймагӕн йе онг фӕрогдӕр кӕндзысты? Кӕд нын Хуыцау йӕ Ныхасы цы дзуры, уый нӕ зӕрдӕмӕ исӕм ӕмӕ кӕд не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты уарзӕм, уӕд — ӕнӕмӕнг (Ӕмб. 16:27, 28; Еф. 4:25, 29; 5:3, 4; Иак. 1:26).
Хъусын кӕнынмӕ куы фӕцӕуӕм, уӕд уал раздӕр цӕттӕ бакӕнӕм. Уӕдӕ хорз нӕ уаид, ӕмӕ-иу нӕ хӕлӕрттимӕ цӕуыл ныхас кӕндзыстӕм, ууыл дӕр рагацау куы ахъуыды кӕниккам? Цымыдисаг цыдӕр куы кӕсай кӕнӕ истӕмӕ куы хъусай, уӕд дӕ дзы иннӕтӕн зӕгъын цы фӕнда, уый-иу бахъуыды кӕн. Куыдфӕстагмӕ дын фагӕй фылдӕр уыдзӕн зӕгъинӕгтӕ, ӕмӕ дӕ ныхас ӕрмӕст уыдӕттыл нӕ уыдзӕн, куыд дӕ, цы куыстай ӕмӕ кӕм уыдтӕ, зӕгъгӕ. Цӕй уӕдӕ дӕ алы ныхасӕй дӕр бӕрӕг уӕд, Хуыцауы Ныхасӕн кӕй аргъ кӕныс, уый! (Пс. 138:17).