Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы хабар хъуамӕ хъусын кӕнӕм

Ацы хабар хъуамӕ хъусын кӕнӕм

«Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ... ӕз та дӕн Хуыцау»,— ацы ныхӕстӕ зӕгъгӕйӕ нын Иегъовӕ нӕ бӕрны бакодта стыр ӕмӕ кадджын хӕс (Ис. 43:12). Мах ӕнӕуи уырнджытӕ не стӕм. Мах стӕм ӕвдисӕнтӕ, ома адӕмы раз ӕвдисӕн лӕууӕм, Хуыцауы удцырын Ныхасы фыст ахсджиаг хабӕрттӕ раст кӕй сты, уымӕн. Цы нын бахӕс кодта Иегъовӕ абон, цавӕр хабар хъуамӕ хъусын кӕнӕм адӕмӕн? Мах хъуамӕ дзурӕм Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй, стӕй Мессиайы Паддзахады тыххӕй.

«ТӔРС ӔЦӔГ ХУЫЦАУӔЙ ӔМӔ ЙЫН ЙӔ ФӔДЗӔХСТЫТӔ ӔХХӔСТ КӔН»

ЧЫРЫСТОН дин куы фӕзынд, уымӕй бирӕ раздӕр Иегъовӕ йӕ ӕнувыд лӕггадгӕнӕг Авраамӕн загъта, афтӕ кӕй сараздзӕн, ӕмӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» арфӕгонд ӕрцӕудзысты (Уӕв. 22:18). Соломонӕн та ныффыссын кодта, алы адӕймагӕн дӕр йӕ сӕрысӕйраг хӕс цы у, уый: «Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн. Уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (Еккл. 12:13). Фӕлӕ алы адӕмыхӕттытӕ уый тыххӕй куыд хъуамӕ базоной?

Хуыцауы дзырдыл чи ӕууӕндыд, зӕххыл ахӕм адӕймӕгтӕ уыди алы заманты дӕр. Фӕлӕ нын уӕддӕр Библи ӕвдисы, цалынмӕ «Хицауы бон» не ’рцыд, уӕдмӕ кӕй нӕ цыдаид хъуыстгонд хорз хабар, ӕгас дунейы цы адӕмтӕ цӕры, уыдонӕн. Уыцы «бон» та райдыдта 1914 азы (Рарг. 1:10, НД). Раргомады 14:6, 7 (НФ) рагацау фыст ӕрцыд, уыцы рӕстӕджы ӕмгъуыды зӕдты разамындӕй «алы адӕмӕн ӕмӕ мыггагӕн, ӕмӕ ӕвзагӕн ӕмӕ дзыллӕйӕн» хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн тынг ахсджиаг хабар. Мӕнӕ цы у уыцы хабар: «Тӕрсут Хуыцауӕй! Ӕмӕ Йӕ цытджын кӕнут! Цӕмӕйдӕриддӕр ӕрцыд Йӕ тӕрхоны сахат, ӕмӕ кувут, арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ донгуырӕнтӕ чи сфӕлдыста, Уымӕн». Ацы хабар Хуыцауы фӕндӕй хъуыстгонд цӕуы. Ӕмӕ махмӕ ӕрхауд уыцы стыр кад — мах архайӕм уыцы хъуыддаджы.

«Ӕцӕг Хуыцау». «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ»,— ацы ныхӕстӕ Иегъовӕ загъта, Хуыцау чи у, уый дзырддаг кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ (Ис. 43:10). Адӕмӕн уый нӕ хъӕуы фехъусын кӕнын, ӕмӕ ӕнӕуи цавӕрдӕр дин райсой кӕнӕ цавӕрдӕр хуыцауыл баууӕндой. Адӕмӕн бамбарын кӕнын хъӕуы, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, иунӕг ӕцӕг Хуыцау Уый кӕй у (Ис. 45:5, 18, 21, 22; Иоан. 17:3). Ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцауӕн у йӕ бон, фидӕны цы уыдзӕн, уый раст зӕгъын. Ӕмӕ нӕ хӕс у адӕмӕн дзурын, зӕгъгӕ, кӕд Иегъовӕйы дзырд ивгъуыд заманты сӕххӕст, уӕд ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн, фидӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр (Йес. Н. 23:14; Ис. 55:10, 11).

Цы адӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕй чи ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувы, чи та афтӕ зӕгъы, мӕн ӕппындӕр ничи ӕмӕ ницы уырны, зӕгъгӕ. Уӕдӕ нын цӕмӕй нӕ ныхасмӕ байхъусой, уый тыххӕй нӕ райдианы ахӕм цыдӕр зӕгъын хъӕуы, махӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр цымыдисаг куыд уа. Ам нӕ бон зондӕн райсын у, Куыстыты 17:22—31 цы хабар кӕсӕм, уый. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ кӕд апостол Павел адӕмимӕ уӕздан ныхас кодта, уӕддӕр сын бӕлвырд-бӕрӕгӕй бамбарын кодта, алы адӕймаг дӕр арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Хуыцауы раз дзуапп кӕй дӕтты.

Адӕмӕн дзурӕм Хуыцауы ном. Дӕхиуыл фӕстӕмӕ макуы фӕхӕц адӕмӕн ӕцӕг Хуыцауы ном бацамонынӕй. Иегъовӕ йӕ ном уарзы (Рац. 3:15; Ис. 42:8). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ ном зоной. Хуыцауы фӕндӕй йе стыр ном Библийы фыст ӕрцыд 7 000 хаттӕй фылдӕр. Махӕн та нӕ хӕс у уыцы ном адӕмӕн дзурын (Дык. з. 4:35).

Адӕм Иегъовӕйы куы зоной, куы йыл ӕууӕндой ӕмӕ йӕм афтӕмӕй куы кувой, ӕрмӕстдӕр сын уӕд ис фидӕны ныфс (Иоил 2:32; Мал. 3:16; 2 Фес. 1:8). Фӕлӕ сӕ фылдӕр Иегъовӕйы нӕ зонынц. Афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, мах дӕр, Библи цы Хуыцауы кой кӕны, уымӕн кувӕм, уыдонӕй дӕр ӕй бирӕтӕ ӕцӕгӕй нӕ зонынц. Библи дзы кӕмӕ ис ӕмӕ йӕ чи кӕсы, уыдон дӕр арӕх нӕ фӕзонынц Хуыцауы ном, уымӕн ӕмӕ бирӕ нырыккон тӕлмацты уыцы ном нал ис. Иуӕй-иутӕ та Хуыцауы ном ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы фехъуыстой, ӕмӕ сын сӕ дины разамонджытӕ загътой, уыцы ном дзурын нӕ фӕтчы, зӕгъгӕ.

Куыд базонгӕ кӕнӕм адӕмы Хуыцауы номимӕ? Иууыл хуыздӕр уыдзӕн, Библийы сын ӕй куы равдисӕм — гӕнӕн уӕвгӕйӕ, сӕхи Библийы. Бирӕ ӕвзӕгтыл ахӕм тӕлмацтӕ ис, ӕмӕ дзы уыцы ном ӕмбӕлы цалдӕр мин хатты. Иннӕты та — ӕрмӕстдӕр Псаломы 82:19 (МГТ) ӕмӕ Рацыды 6:3—6, кӕнӕ Рацыды 3:14, 15 ӕмӕ 6:3 стихмӕ фиппаинаджы. Ис ахӕм тӕлмацтӕ дӕр, ӕмӕ Фыстады фыццаг къухфыстыты Хуыцауы ном кӕм ис, уым ӕй баивтой «Хицау» кӕнӕ «Хуыцауӕй», ӕрмӕст сӕ ныффыстой стыр дамгъӕтӕй. Кӕд де ’взагыл фӕстаг тӕлмацты нӕй Хуыцауы ном, уӕд адӕмӕн Библийы рагондӕр тӕлмацты руаджы равдис, афтӕ куыд рауад, уый. Кӕцыдӕр бӕстӕты Хуыцауы ном ӕмбӕлы дины зарджыты кӕнӕ та фыст ис ӕхсӕнадон бӕстыхӕйттыл.

Ӕндӕр хуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕн хорз уаид Иереми 10:10—13 «Ног дунейы тӕлмацы» равдисын. Уыцы стихты Хуыцауӕн айдагъ йӕ ном нӕй, фӕлӕ ма, чи у, уый дӕр ӕмбарын кӕнынц.

Ном Иегъовӕ ма аууон кӕн ахӕм дзырдтӕй, «Хуыцау» ӕмӕ «Хицау», зӕгъгӕ, чырыстон аргъуанты минӕвӕрттӕ куыд кӕнынц, афтӕ. Ӕцӕг уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ-иу куыддӕр ныхас райдайай, афтӕ Хуыцауы ном зӕгъай. Бирӕтӕ нӕ ӕвзӕр кӕй хъуыды кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ ӕвиппайды уыцы ном куы фехъусой, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ бынтондӕр мауал байхъусой. Фӕлӕ уын иугӕр ныхас бацайдагъ, уӕд Хуыцауы йӕ номӕй хонын ӕфсӕрмы ма кӕн.

Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Библийы дзырдтӕ «Хицау» ӕмӕ «Хуыцау» ӕмткӕй райсгӕйӕ цал хатты ӕмбӕлынц, уымӕй дзы Хуыцауӕн йӕ ном ӕмбӕлы фылдӕр хатт. Фӕлӕ Библи чи фыста, уыдон ӕй алы хъуыдыйады тыхтъыст нӕ кодтой. Фыстой йӕ, йӕхигъӕдӕй кӕм бадт, уым, тӕрсгӕ дзы нӕ кодтой, уыцы ном куыд кадджын у, уый ӕмбӕрстой. Ӕмӕ махӕн дӕр хорз уаид уый зондӕн райсын.

Уыцы номы хицау чи у. Хуыцауӕн ном кӕй ис, уый базонын дӕр стыр хъуыддаг у, фӕлӕ уый ӕрмӕстдӕр фыццаг къахдзӕф у.

Цӕмӕй адӕймаг Иегъовӕйы уарза, ӕууӕнда йыл ӕмӕ йын афтӕмӕй кува, уый тыххӕй хъуамӕ зона, чи у, цавӕр Хуыцау у. Синайы хохыл Иегъовӕ Моисейӕн йӕ ном куы раргом кодта, уӕд ын ӕрмӕст уый нӕ загъта, Иегъовӕ мӕ ном, зӕгъгӕ. Йӕ хъус ын ӕрдардта йӕ ӕвӕджиауы миниуджытӕй цалдӕрмӕ (Рац. 34:6, 7). Цӕй ӕмӕ мах дӕр афтӕ кӕнӕм.

Ӕцӕгадимӕ ӕрӕджы чи райдыдта зонгӕ кӕнын, ахӕм адӕймагимӕ ныхас кӕнай ӕви дын ӕмбырды раныхас уа,— Паддзахады хорздзинӕдты кой куы кӕнай, уӕд бамбарын кӕн, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ Хуыцауы тыххӕй цы дзурынц. Йӕ фӕдзӕхстытыл куы уа дӕ ныхас, уӕд та ӕнӕзӕгъгӕ ма фӕу, уыцы фӕдзӕхстыты йе стыр зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинад куыд зынынц, уый тыххӕй. Бӕлвырд ӕвдис, Хуыцау нын цы дзуры, уый бакӕнын зын кӕй нӕу,— уый нӕ, фӕлӕ, махӕн хуыздӕр куыд уа, уый тыххӕй сты (Ис. 48:17, 18; 1 Иоан. 5:3). Радзур, Иегъовӕ йӕ хъомыс цы хъуыддӕгты равдыста, уыдонӕй алкӕцыйӕ дӕр цыдӕр куыд ис базонӕн, цавӕр миниуджыты хицау у, йӕ фӕнд цы у ӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй. Сӕ хъус сын ӕрдар, Иегъовӕ йӕ миниуджытӕ куыд ӕвдисы, уым кӕй зыны стыр ӕмбаргӕдзинад. Уадз ӕмӕ адӕм феной, Иегъовӕ дын куыд зынаргъ у, уый. Куыд ӕй уарзыс, уый куы уыной, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ зӕрдӕты тау суадздзӕн ахӕм уарзондзинад.

Абон ӕппӕт адӕмӕн дӕр ӕвӕстиатӕй цы хабар хъусын кӕнӕм, уый сӕм сиды, Хуыцауӕй тӕрсут, зӕгъгӕ. Адӕмӕн цы дзурӕм, уымӕй хъуамӕ архайӕм сӕ зӕрдӕты Хуыцауы тас райхъал кӕныныл. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕймаг зыр-зыр кӕна. Уый у Иегъовӕйӕ аргъуыц кӕнын ӕмӕ дзы нымд кӕнын (Пс. 88:8). Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕм адӕймаг ӕмбары, Иегъовӕ кӕй у Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ нӕ фидӕн йӕ хорзӕхӕй аразгӕ кӕй у (Лук. 12:5; Ром. 14:12). Уымӕ гӕсгӕ ахӕм тасимӕ иумӕ адӕймаг хъуамӕ Хуыцауы уарзгӕ дӕр кӕна, тынг ӕй фӕнда, йӕ алы къахдзӕфӕй дӕр райгонд куы уаид, уый (Дык. з. 10:12, 13). Хуыцауы тас нӕм куы уа, уӕд ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уындзыстӕм, йӕ фӕдзӕхстытӕм ын хъусдзыстӕм ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм (Дык. з. 5:29; 1 Пар. 28:9; Ӕмб. 8:13). Уӕд нӕ зӕрдӕ саджилтӕ нӕ кӕндзӕн: Хуыцауӕн дӕр кувӕм ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, дунейы цы ис, уый дӕр уарзӕм, ууыл нӕ архайдзыстӕм (1 Иоан. 2:15—17).

Хуыцауы ном — «фидар мӕсыг». Иегъовӕйы ӕцӕгӕй чи зоны, уыдонӕн тӕссаг ницӕмӕй у. Фӕлӕ уый айдагъ уымӕн афтӕ нӕу, ӕмӕ йын йӕ ном дзурынц кӕнӕ сӕ бон у йӕ миниуджытӕ ранымайын. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ уыдон фидарӕй ӕууӕндынц Иегъовӕйыл. Растдӕр ахӕм адӕмы тыххӕй дзырдӕуы Ӕмбисӕндты 18:10: «Иегъовӕйы ном у фидар мӕсыг. Рӕстгӕнӕг балидзы уырдӕм — ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы».

Гӕнӕн кӕм уа, уым иннӕты разӕнгард кӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы ныфсӕй ныфсджын уой (Пс. 36:3; Ӕмб. 3:5, 6). Адӕймаг йӕ ныфс Иегъовӕйыл куы ӕвӕра, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл дӕр ӕууӕнды (Дзут. 11:6). Адӕймаг Иегъовӕйы Дун-дунейы иунӕг Хицауыл куы нымайа, куы йӕ уарза, фидарӕй йӕ куы уырна, ӕцӕг ирвӕзындзинад ӕрмӕстдӕр уымӕй кӕй цӕуы, уый, ӕмӕ афтӕмӕй «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй [куы] кува», уӕд фервӕздзӕн — афтӕ нын дзуры Хуыцауы Ныхас (Ром. 10:13, 14, НД). Иннӕты куы фӕахуыр кӕныс, уӕд сын ӕххуыс кӕн, сӕ царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр растдӕр ахӕм уырнындзинад куыд ӕвдисой.

Бирӕтӕн сӕ цард ахӕм у, ӕмӕ мастӕй сты сӕ хъуырмӕ. Ӕмӕ арӕх сӕ сӕрӕн ницыуал фӕзонынц. Разӕнгард сӕ кӕн, Иегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый базонынмӕ, сӕ ныфс ыл куыд дарой ӕмӕ цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ куыд архайой (Пс. 24:5). Дзур сын, цӕмӕй Хуыцауӕй ӕхсызгонӕй курой ӕххуыс ӕмӕ йын арфӕ кӕной йӕ хорздзинӕдты тыххӕй (Фил. 4:6, 7). Иегъовӕйы ӕрмӕст Библийы стихтӕй куы нӕ зоной, фӕлӕ, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд ӕххӕст кӕны, уый сӕхи царды куы уыной, уӕд сӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн ӕмӕ ӕнцойдзинад. Ӕмӕ уый та дзурӕг уыдзӕн, ном Иегъовӕ цы амоны, уый ӕцӕгӕй кӕй ӕмбарынц (Пс. 33:9; Иер. 17:7, 8).

Гӕнӕн кӕм уа, уым адӕмӕн арӕхстджынӕй ӕххуыс кӕн, ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын зонды нысан кӕй у, уый бамбарынӕн.

«ӔВДИСӔН ЛӔУУӔМ ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙӔН»

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ куы райгас ӕмӕ уӕларвмӕ куы нӕма ацыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, дарддӕр сӕ цы кӕнын хъӕудзӕн, уый бамбарын кодта афтӕ: «Уыдзыстут Мӕнӕн ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕронмӕ» (Ап. к. 1:8). Хуыцауӕн абон цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдоны тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «Йесо Чырыстийӕн ӕвдисӕн... лӕууынц» (Рарг. 12:17, НФ). Уыцы хъуыддагӕн ды цас хъарутӕ дӕттыс?

Афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Йесойыл ӕууӕндын, уыдонӕй бирӕтӕ ницы зонынц, зӕхмӕ ӕрцӕуыны агъоммӕ чи уыд, уымӕн. Сӕ хъуыдымӕ дӕр никуы ӕрцыд, зӕххыл цӕргӕйӕ адӕймаг кӕй уыди, уый. Нӕ йӕ ӕмбарынц, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг у. Уӕдӕ йын Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы цы ахадындзинад ис, уый тыххӕй дӕр бирӕ ницы зонынц. Ныртӕккӕ цы аразы, уый дӕр нӕ зонынц, ӕмӕ йӕ фидӕны хъуыддӕгтӕ сӕ цардыл куыд фӕзындзысты, уый дӕр. Афтӕ дӕр ма хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойы нӕ нымайынц. Хъуыддаг афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныл ис кадджын хӕс — хъуамӕ сын уыцы фарстатӕ раст бамбарын кӕнӕм.

Ис ахӕм адӕм дӕр, ӕмӕ сӕ бынтондӕр нӕ уырны, Библи цы Йесойы кой кӕны, уый уӕвгӕ цардис. Иннӕтӕ йӕ нымайынц ӕнӕуи номдзыд адӕймагыл. Бирӕтӕ та сӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ уадзынц ахӕм хъуыды, ӕмӕ Йесо Хуыцауы Фырт у. Уӕдӕ ахӕм адӕмы ’хсӕн «Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууын» ӕнцон нӕу: хъӕуы нӕ стыр хъарутӕ, стыр фӕразондзинад ӕмӕ ӕрхъуыдыдзинад.

Дӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕм куыдфӕнды ма хъуыды кӕной, кӕд сӕ фӕнды, ӕмӕ Хуыцауы лӕварӕй хайджын фӕуой,— ӕнустӕм цӕрой,— уӕд сӕ хъӕуы, Йесо Чырысти ӕцӕгӕй чи у, уый базонын (Иоан. 17:3). Хуыцауы фӕндон бӕлвырд у: алы удгоймаг дӕр хъуамӕ «ӕргом дзура, Йесо Чырысти Хицау кӕй у», ӕмӕ йӕхи йӕ бӕрны бакӕна (Фил. 2:9—11, НФ). Иугӕр афтӕ у, уӕд нын уый бар нӕй, ӕмӕ Йесойы тыххӕй йӕхи хъуыды кӕмӕн ис,— фӕлӕ раст чи нӕу, йе та, Йесойы кой йын кӕной, уый ӕппындӕр кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕмыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъусӕй лӕууӕм. Хатт фыццаг фембӕлдӕн дӕр Йесо Чырыстийы тыххӕй дзурӕн вӕййы комкоммӕ, хатт та нӕ бахъӕуы нӕхиуыл фӕхӕцын, адӕймагӕн Йесойы тыххӕй хуыздӕр цы ӕмӕ кӕд уыдзӕн зӕгъын, ууыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ йын раст хатдзӕгмӕ ӕрцӕуынӕн баххуыс кӕнын. Ахъуыды кӕнын фӕхъӕуы, иннӕ хӕттыты ма уый фӕдыл ноджыдӕр цы зӕгъдзыстӕм, ууыл. Фӕлӕ цалынмӕ адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдайӕм, уӕдмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн гӕнӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ йемӕ ӕппӕт фарстатӕ дӕр равзарӕм (1 Тим. 2:3—7).

Йесойы ахадындзинад Хуыцауы фӕндты. Хъуамӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм иу хъуыддаг бамбарынӕн: Йесо у «фӕндаг» ӕмӕ «Фыдмӕ уый уылты йедтӕмӕ ничи никӕуылты цӕуы», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо Чырысти кӕй нӕ уырна, уымӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы хорзӕх ссарын (Иоан. 14:6, «Мах дуг» № 5, 1992). Иегъовӕ йӕ фыццаггуырд Фырты цы стыр бынаты сӕвӕрдта, адӕймаг уый куы нӕ ӕмбара, уӕд ын Библи уыдзӕн ӕхгӕд чиныг. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы сӕйраг архайӕгӕй йӕ уыцы Фырты сӕвӕрдта (Кол. 1:17—20). Уыцы хабаримӕ баст сты Библийы пехуымпарӕдтӕ дӕр (Рарг. 19:10). Сайтаны ныхмӕлӕуд ӕмӕ Адамы тӕригъӕд цы стыр бӕллӕхтӕ расайдтой, уыдонӕн Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы скӕндзӕн кӕрон (Дзут. 2:5—9, 14, 15).

Чырыстийӕн цы ахадындзинад ис, уый адӕймагмӕ нӕ бахъардзӕн, цалынмӕ нӕ бамбара, адӕм цы ӕдзӕллаг уавӕры сты, уырдыгӕй рацӕуын сӕхицӕн сӕ бон кӕй нӕу. Не ’ппӕт дӕр тӕригъӕд нӕ мады гуыбынӕй рахастам. Тӕригъӕд цы у, уый нӕ царддӕргъы алыхуызӕтты бавзарӕм нӕхиуыл. Ӕппынфӕстаг та нӕ алкӕй дӕр ӕркӕны мӕлӕтмӕ (Ром. 3:23; 5:12). Уый ӕмбарын кӕн, Йесойы тыххӕй ӕвдисӕн кӕмӕн лӕууай, уыдонӕн. Уый фӕстӕ сын сӕ хъус ӕрдар, нӕ уарзагзӕрдӕ Хуыцау Иегъовӕ Йесо Чырыстийы адӕмы сӕрвӕлтау нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ, уыцы ахӕстаргъыл чи ӕууӕнда, уыдонӕн мӕлӕтӕй фервӕзыны фадат кӕй радта, уымӕ (Маркы 10:45; Дзут. 2:9). Уый фӕрцы уыцы адӕм суыдзысты алцӕмӕй дӕр ӕххӕст ӕмӕ цӕрдзысты ӕнустӕм (Иоан. 3:16, 36). Адӕймаг ӕппӕт уыдӕттӕй хайджын суа, уымӕн ӕндӕр ницавӕр мадзал ис (Ап. к. 4:12). Ӕмбырды ӕфсымӕрты ахуыр кӕнай ӕви иу искӕй, уыцы хабӕрттыл ӕнӕуи ма дзур, афтӕ ӕмӕ афтӕ у, зӕгъгӕ. Зӕрдӕхӕларӕй ӕмӕ фӕразонӕй бацархай, Чырысти, нӕ Ирвӕзынгӕнӕг, мах сӕраппонд цы аразы, уый дӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдӕтӕ арф куыд бацагайа ӕмӕ дзы ӕнӕкӕрон бузныг куыд уой. Адӕймаг уыцы стыр лӕварӕн куы аргъ кӕна, уӕд уый тынг фӕзындзӕн йӕ зондахастыл дӕр, йӕ хъуыддӕгтыл дӕр ӕмӕ, царды цӕмӕ тырны, ууыл дӕр (2 Кор. 5:14, 15).

Йесо йӕ цард нывондӕн иу хатт ӕрхаста (Дзут. 9:28). Фӕлӕ ныртӕккӕ уый у Хистӕр сауджын, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы йӕ уд хъары. Адӕмӕн ӕххуыс кӕн, уый цы нысан кӕны, уый бамбарынӕн. Адӕм сты тынг уынгӕджы уавӕры, хъизӕмар кӕнынц, чидӕр та фыдӕнхъӕл фӕци кӕнӕ стыр мӕстытӕ ӕвзары, йӕ алыварс адӕм дурзӕрдӕ кӕй сты, уый аххосӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ йӕхиуыл бавзӕрста Йесо, зӕххыл цӕргӕйӕ. Ӕмбары нын нӕ цин дӕр ӕмӕ нӕ хъыг дӕр. Куыд ӕнӕххӕст стӕм, уый хатгӕйӕ нӕ нӕ фӕфӕнды, Хуыцау нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы уаид? Ӕмӕ Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, цӕмӕй нын Йесойы нывонды хатырӕй нӕ рӕдыдтытӕ ныббара, уӕд Йесо ӕрлӕууы «Фыды раз бахатӕгӕй». Уый свӕййы «лӕгъстӕгӕнӕг нӕ сӕрвӕлтау», уымӕн ӕмӕ нын тӕригъӕд кӕны (1 Иоан. 2:1, 2, НФ; Ром. 8:34, НФ). Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ ныртӕккӕ Хистӕр сауджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у бахъуаджы сахат Иегъовӕйы «хорзӕхы Троны [паддзахбадӕны] раз» ӕрлӕууын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын (Дзут. 4:15, 16, НФ). Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ Хистӕр сауджын Йесойы ӕххуысы фӕрцы нӕ бон у Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнын (Дзут. 9:13, 14).

Уымӕй уӕлдай ма Йесойы Хуыцау сӕвӕрдта чырыстон ӕмбырды Хистӕрӕй, ӕмӕ уыцы фадыджы дӕр йӕ къухы ис стыр бартӕ (Матф. 28:18; Еф. 1:22, 23). Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ Йесо ӕмбырдӕн дӕтты хъӕугӕ разамынд. Адӕмы куы ахуыр кӕнай, уӕд сын ӕххуыс кӕн уый бамбарынӕн: ӕмбырды Хистӕр у Йесо Чырысти, адӕймаг нӕ, фӕлӕ (Матф. 23:10). Ӕцӕгады тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы фыццаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ хон ӕмбырдмӕ, уымӕн ӕмӕ уым ахуыр кӕнӕм Библи, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» фӕрцы цы литературӕ исӕм, уый руаджы. Ӕмбарын сын кӕн, уыцы «цагъар» чи у, канд уый нӕ, фӕлӕ ма цагъарӕн йӕ Хицау чи у, уый дӕр. Уӕд ӕмбардзысты, нӕ Разамонӕг Йесо кӕй у (Матф. 24:45—47). Базонгӕ сӕ кӕн хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ, ӕмӕ сын бамбарын кӕн, уыцы нӕлгоймӕгтӕ цавӕр, цыхуызӕн хъуамӕ уой, уый тыххӕй Библи цы дзуры (1 Тим. 3:1—7; Тит. 1:5—9). Дзӕбӕх сын бамбарын кӕн, ӕмбырд хистӕр нӕлгоймӕгты кӕй нӕу — уыдон нын ӕрмӕстдӕр ӕххуыс кӕнынц Йесо Чырыстийы къахвӕдтыл цӕуынӕн (Ап. к. 20:28; Еф. 4:16; 1 Пет. 5:2, 3). Ахӕм ӕмбырдтӕ ӕгас дунейы дӕр кӕй ис ӕмӕ се ’ппӕт дӕр иу организацийы мидӕг Чырыстийы разамындӕй ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй архайынц, уый фенынӕн сын баххуыс кӕн.

Евангелиты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Иерусалиммӕ куы бацыд, уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ арфӕ кодтой, хуыдтой йӕ «Паддзах, Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг!» (Лук. 19:38, НФ). Адӕймаг Библи ахуыр кӕнынмӕ бӕстондӕр куы ӕрӕвналы, уӕд базоны, Иегъовӕ хицаудзинады бартӕ Йесойы къухмӕ кӕй радта ӕмӕ уыцы хицаудзинад ӕгас дунейы адӕмыл дӕр кӕй ӕххӕссы (Дан. 7:13, 14). Уӕдӕ дын ӕмбырды раныхас уа ӕви искӕимӕ Библи ахуыр кӕнай,— адӕмӕн ӕххуыс кӕн, Йесойы хицаудзинад махӕй алкӕмӕн дӕр цы нысан кӕны, уый ӕмбарынӕн ӕмӕ йын аргъ кӕнынӕн.

Йесо Чырысти Паддзах кӕй у, ууыл ӕцӕг ӕууӕндӕм ӕмӕ нӕхи йӕ бар кӕнӕм ӕви нӕ, уый нӕ царды уагӕй бӕрӕг хъуамӕ уа, ӕмӕ уый ӕмбарын кӕн адӕмӕн. Се ’ргом сын здах, Хуыцау Йесойы Паддзахӕй куы байсӕрста, уый фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы куыст бахӕс кодта, уымӕ (Матф. 24:14; 28:18—20). Ныхас кӕн семӕ, Йесо — Диссаджы Уынаффӕгӕнӕг — цы загъта, царды ӕцӕг аргъ цӕмӕн ис, уый фӕдыл (Ис. 9:6, 7; Матф. 6:19—34). Сӕ хъус-иу сын ӕрдар, цы загъта Фарны Кънйаз, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ зондахаст цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй (Матф. 20:25—27; Иоан. 13:35). Ӕрмӕст, цас хъуамӕ аразой, уыйбӕрц аразынц ӕви нӕ, уымӕн дӕхи тӕрхонгӕнӕг ма кӕн. Уый бӕсты сӕ разӕнгард кӕн хъуыды кӕнынмӕ, сӕхи Паддзах Чырыстийы бӕрны кӕй бакодтой, уый сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у ӕви нӕ. Уыимӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи дӕр кӕй хъӕуы афтӕ кӕнын.

Йесо Чырысти у бындур. Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг Библи абарста, ӕвӕрд бындурыл — Йесо Чырыстийыл — куыд амайай хӕдзар, уыимӕ (1 Кор. 3:10—15). Цӕмӕй уыцы хъуыддаг дӕ къухы бафта, уый тыххӕй адӕм хъуамӕ Йесойы зоной, Библи нын ӕй цыхуызӕнӕй ӕвдисы, ахӕмӕй. Къӕрцхъус у, адӕм афтӕ куыд нӕ банхъӕлой, ӕмӕ дӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуой (1 Кор. 3:4—7). Сӕ хъуыдытӕ сын иууылдӕр араз Йесо Чырыстимӕ.

Иугӕр бындур раст ӕвӕрд ӕрцыд, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбардзысты, Чырысти нын кӕй ныууагъта дӕнц, «цӕмӕй мах цӕуӕм Йӕ къахфӕдтыл» (1 Пет. 2:21). Уымӕ гӕсгӕ сын ӕмбарын кӕн, Евангелитӕ ӕнӕуи ӕцӕг хабӕрттыл кӕй хъуамӕ ма нымайой, фӕлӕ дзы уыной, цӕрын нӕ куыд хъӕуы, уый хуызӕг. Ӕххуыс сын кӕн, Йесо куыд хъуыды кодта ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау уыди, уый сӕ зӕрдыл дарынӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайынӕн. Дзур сын, цӕмӕй се ’ргом здахой, Йесо йӕ Фыдмӕ цы цӕстӕй касти, фӕлварӕнтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты куыд быхста, Хуыцауы коммӕ куыд каст ӕмӕ алыхуызон уавӕрты адӕмимӕ йӕхи куыд дардта, уымӕ. Сӕ хъус сын дар, Йесо йӕ хъарутӕ цы хъуыддагӕн лӕвӕрдта, уымӕ. Афтӕ куы аразай, уӕд сӕ исты фарста алыг кӕнын куы хъӕуа кӕнӕ фӕлварӕнты куы бахауой, уӕд хъуыды кӕндзысты: мӕ бынаты Йесо куыд бакӕнид? Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыдзӕн, цы хорзы мын бацыди, уымӕн кӕй аргъ кӕнын?

Ӕмбырды раз дзургӕйӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ не ’фсымӕртӕн нал хъӕуы Йесойы тыххӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ йыл афтӕ дӕр ӕууӕндынц. Дӕ ныхасы стырдӕр уӕз уыдзӕн, уыцы уырнындзинадыл ӕй куы самайай, уӕд. Фембӕлдты кой куы кӕнай, уӕд-иу ӕй сбӕтт, Йесо ӕмбырды Хистӕр кӕй у, уыимӕ. Уацамынды фӕдыл куы уа дӕ ныхас, уӕд та сын се ’ргом здах, уыцы хъуыддаджы Йесо йӕ удӕй арт куыд цагъта, уымӕ. Ӕмбарын сын кӕн, уацамынды фӕрцы Паддзах Чырысти кӕй ӕмбырд кӕны, чи фервӕздзӕн ӕмӕ ног дунемӕ чи бацӕудзӕн, уыцы адӕмы.

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесойы тыххӕй уӕлӕнгӕйтты цыдӕртӕ базонын фаг нӕу. Адӕймаг ӕцӕг чырыстон ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, кӕй йыл ӕууӕнды, уый хъуыддӕгтӕй куы ’вдиса ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй куы уарза. Адӕймагмӕ ахӕм уарзондзинад куы уа, уӕд ын алы хъуыддаджы дӕр зӕрдӕйӕ коммӕгӕс уыдзӕн (Иоан. 14:15, 21). Ӕмӕ уӕд цыфӕнды фыдӕвзарӕнты дӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн, уый цард-цӕрӕнбонты цӕудзӕн Чырыстийы къахвӕдтыл ӕмӕ йӕ цардӕй ӕвдисдзӕн, «бындуры уидаг [чи] ауагъта ӕмӕ йыл фидар [чи] лӕууы», ахӕм ӕмбаргӕ чырыстон кӕй у (Еф. 3:17, 18, НД). Ахӕм царды уаг кадджын кӕны Иегъовӕйы — Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыды.

«ПАДДЗАХАДЫ ХОРЗ ХАБАР»

ЙЕСО адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цӕмӕй базонӕн уыдзӕн, уыдӕттыл дзургӕйӕ йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели [«хорз хабар», НД] ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14).

Ӕгас дунейы адӕм кӕй хъуамӕ фехъусой, уыцы хабар бӕлвырдӕй цы у? Йесо ахуыр кодта, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ кувут афтӕ — «ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад», ӕмӕ растдӕр уыцы Паддзахады тыххӕй хъуамӕ базоной адӕмтӕ (Матф. 6:10). Раргомады 11:15 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уый у «нӕ Хицауы [Иегъовӕйы] Паддзахад ӕмӕ Йӕ Чырыстийы». Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уымӕн ӕмӕ хицаудзинады ӕппӕт бартӕ сты Иегъовӕйы къухы ӕмӕ уый Паддзахӕй сӕвӕрдта Чырыстийы. Фӕлӕ ма уый хъӕуы зӕгъын, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ абон цы хабар хъӕуы хъусын кӕнын, уый у, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ фыццаг ӕнусы кӕй хъусын кодтой, уымӕй ноджы ӕхсызгондӕр хабар. Уыдон адӕмӕн дзырдтой: «Ӕрхӕстӕг сымахмӕ Хуыцауы Паддзахад» (Лук. 10:9). Йесо — Хуыцауы сыгъдӕг удӕй сӕрст Паддзах — уыди се ’хсӕн. Фӕлӕ Матфейы 24:14 Йесо загъта, ӕгас дунейыл хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн ӕндӕр ахсджиаг цау,— Хуыцауы фӕнд йӕ сӕххӕстмӕ ноджы хӕстӕгдӕр кӕмӕй фӕуыдзӕн, уыцы цау.

Уыцы ахсджиаг цауы фӕдыл Хуыцау пехуымпар Данелӕн равдыста цӕстылуайӕн. Уый федта, «Чидӕр, адӕймаджы Фырты хуызӕн», ома Йесо Чырысти, «Ӕвидигӕнусонӕй», ома Иегъовӕ Хуыцауӕй, куыд райста «хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад, ӕмӕ адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иуылдӕр Уымӕн [куыд] куыстой» (Дан. 7:13, 14, БГТ). Уыцы цау ӕрцыд уӕлӕрвты 1914 азы, ӕмӕ уӕд ӕгас дун-дунейы цалх цӕхгӕр фӕзылд. Уый фӕстӕ Йесо Хӕйрӕджы йе ’взӕр зӕдтимӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста (Рарг. 12:7—10). Уыйадыл ацы зӕронд дунейӕн ралӕууыдысты йӕ фӕстаг бонтӕ. Фӕлӕ йӕ цалынмӕ Хуыцау бынтондӕр нӕ фесафа, уӕдмӕ ӕгас зӕххы къорийыл дӕр хъуысы, Иегъовӕйы ӕвӕрд Паддзах-Мессиа уӕларвон паддзахбадӕнӕй кӕй хицауиуӕг кӕны, уыцы хабар. Уый тыххӕй хъуыстгонд цӕуы адӕмӕн алкӕмдӕр. Ӕмӕ уыцы хабармӕ чи куыд хъусы, уымӕй бӕрӕг у, цы цӕстӕй кӕсы Стыр Хуыцаумӕ — «адӕмы паддзахады» Хицаумӕ (Дан. 4:29).

Уӕвгӕ нӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы стырдӕр хабӕрттӕ! Мах ныр дӕр ма кувӕм, «ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад», зӕгъгӕ, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад йӕ бартӕ йӕ къухмӕ нӕма райста. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ уӕларвон Паддзахад фидӕны ӕрӕвналдзӕн, Данелы 2:44 ӕмӕ Раргомады 21:2—4 цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы Паддзахад зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт, цӕргӕ та дзы кӕндзысты, Хуыцауы дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр чи уарзы, ахӕм адӕм. Ӕмӕ «Паддзахады хорз хабар» хъусын кӕнгӕйӕ адӕмӕн растдӕр уыцы ӕрцӕуинаг цауты кой фӕкӕнӕм. Уыимӕ ма дзурӕм, Иегъовӕ хицаудзинады бартӕ ӕгасӕй дӕр йӕ Фырты къухмӕ кӕй радта, уымӕн ӕмӕ фидарӕй зонӕм, афтӕ кӕй у. Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ адӕмӕн сӕ хъус уыцы хорз хабармӕ ӕрдарыс?

Адӕмӕн ӕмбарын кӕн, цы у Паддзахад. Мах стӕм Хуыцауы Паддзахады хабар хъусынгӕнджытӕ. Куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм уыцы хӕс? Адӕймаджы бацымыдис кӕнынӕн нӕ ныхас цӕмӕйфӕнды ма райдайӕм,— хъуамӕ йӕ тагъд бамбара, Хуыцауы Паддзахады хабар ӕм кӕй ӕрбахастам.

Уый тыххӕй-иу хъуамӕ Библийы ахӕм бынӕттӕ бакӕсӕм, Паддзахады тыххӕй кӕм дзырдӕуы, кӕнӕ дзы цы фыст ис, уый-иу хи ныхӕстӕй зӕгъӕм. Ӕрмӕст, адӕмӕн Паддзахады кой куы кӕнай, уӕд сын ӕмбарын кӕн, цы у, уый. Чи зоны, фаг нӕ уа зӕгъын, Хуыцауы Паддзахад у хицауад, зӕгъгӕ. Бирӕтӕн ӕнцон нӕу, хицауад ӕнӕуынгӕ цыдӕр куыд хъуамӕ уа, уый бамбарын. Алыхуызӕтты сын ӕй ис бамбарын кӕнӕн. Зӕгъӕм, дунеон химӕлвасынады тых дӕр нӕ уынӕм, фӕлӕ нӕ цард уымӕй аразгӕ кӕй у, уый алчидӕр зоны. Нӕ уынӕм, химӕлвасынады закъон Чи сфидар кодта, уый дӕр, фӕлӕ стыр тыхы хицау кӕй у, уый дызӕрдыггаг нӕу. Библи йӕ хоны «ӕнусты Паддзах» (1 Тим. 1:17, НФ). Ис ма ӕндӕр цӕвиттон дӕр, зӕгъӕм: стыр бӕстӕты цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ сӕ паддзахады сӕйраг горӕты никуы уыдысты ӕмӕ сӕ хицауады сӕргълӕууӕгимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ никуы фембӕлдысты. Хицауады цытӕ цӕуы, уый базонынц ног хабӕрттӕй. Гъе раст афтӕ нын Библи дӕр 2 200 ӕвзагыл дзуры Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Уырдыгӕй зонӕм, хицаудзинады бартӕ кӕй къухы сты ӕмӕ уыцы Паддзахад ныртӕккӕ цы аразы, уыдӕттӕ. Ӕрвылмӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цал ӕвзагыл цӕуы, уал ӕвзагыл ӕндӕр ницавӕр журнал цӕуы; йӕ нысан цы у, уый та фыст у йе ’ддаг цъарыл — «хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад».

Паддзахад цы у, уый бамбарын кӕнынӕн радзурӕн ис, адӕм ӕнӕуи хицауадӕй цӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц, уыдӕтты тыххӕй: мацӕмӕй цух уой, сабырдзинад уа, фыдракӕндтӕй хызт уой, алы адӕмыхӕттытӕ дӕр ӕмсӕр-ӕмбар уой, алкӕмӕн дӕр ахуыр кӕныны фадат уа ӕмӕ сын се ’нӕниздзинадыл тыхса. Равдис сын, адӕмы уыцы хорз фӕндтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр рӕсугъд бӕллицтӕ дӕр ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Пс. 144:16).

Архай адӕмӕн сӕ зӕрдӕты зынг ссудзыныл, куыд сӕ бафӕнда, Йесо Чырысти йӕ Паддзах кӕмӕн у, сӕхи уыцы Паддзахады бӕрны бакӕнын. Дзур сын, зӕххыл цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон нын бӕлвырдӕй кӕй ӕвдисынц, уӕларвон Паддзах уӕвгӕйӕ цы араздзӕн, уый. Арӕхдӕр сын кӕн Чырыстийы рӕсугъд миниуджыты кой (Матф. 8:2, 3; 11:28—30). Бамбарын кӕн, йӕ цард мах сӕрвӕлтау кӕй радта ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Хуыцау уӕларвон ӕнӕмӕлгӕ цардмӕ кӕй райгас кодта. Ӕмӕ ныр растдӕр уырдыгӕй паддзахиуӕг кӕны (Ап. к. 2:29—35).

Се ’ргом сын здах, Хуыцауы Паддзахад йӕ бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ уӕларвӕй кӕй хицауиуӕг кӕны. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, адӕмӕн сӕ фылдӕр ууыл разы кӕй не сты, уымӕн ӕмӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы Паддзахад йӕ тыхы куы уаид, уӕд абон зӕххыл ахӕм бӕллӕхтӕ нӕ цӕуид. Ахӕм адӕймагӕн зӕгъ, йемӕ разы кӕй дӕ, ӕцӕгдӕр афтӕ хъуыды кӕнынц бирӕтӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ стӕй бафӕрс, йӕ хицаудзинады рӕстӕджы тыххӕй Йесо Чырысти цы загъта, уый зоны ӕви нӕ. Йӕ хъус ын ӕрдар, Матфейы 24-ӕм сӕры, Маркы 13-ӕм сӕры ӕмӕ Лукайы 21-ӕм сӕры кӕй кой цӕуы, уыцы нысан аразӕг цаутӕй иуӕй-иутӕм. Уый фӕстӕ йӕ бафӕрс, куыд ӕм кӕсы, кӕд ӕмӕ Чырысти уӕларвон паддзахбадӕныл ӕрбадт, уӕд зӕххыл ахӕм уавӕртӕ цӕмӕн ис. Бакӕс ын Раргомады 12:7—10, 12.

Хуыцауы Паддзахад бӕлвырдӕй цы аразы, уый равдисынӕн бакӕс Матфейы 24:14 ӕмӕ йын радзур, ныртӕккӕ ӕгас зӕххыл дӕр цы куыст цӕуы, уый тыххӕй — адӕмӕн Библийы ӕцӕгад амоныны куыст (Ис. 54:13). Адӕмӕн дзур, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ахуыр кӕнынӕн цы скъолатӕ сарӕзтой, уыдон тыххӕй — иуы дӕр дзы ахуырӕн ӕхца фидын нӕ хъӕуы. Ӕмбарын сын кӕн, нӕ куыст ӕнӕуи хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕй нӕу, фӕлӕ ма адӕймагимӕ хицӕнӕй кӕнӕ бинонтимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнын, ӕмӕ ахӕм куыст кӕй цӕуы 230 бӕстӕйӕ фылдӕры. Кӕцы зӕххон хицауад ахуыр кӕны афтӕ йӕ бӕстӕйы адӕмы, ӕмӕ канд уыдон нӕ, фӕлӕ ма ӕнӕхъӕн дунейы адӕмы дӕр? Адӕмы хон Паддзахады залмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕм, стӕй уӕд сӕ конгресстӕм — уыцы ахуыр адӕмы цардыл куыд ахады, уый уадз ӕмӕ сӕхӕдӕг феной (Ис. 2:2—4; 32:1, 17; Иоан. 13:35).

Фӕлӕ адӕймаг бамбардзӕн, цы йын дзурыс, уый уымӕ куыд хауы? Хъыг ӕм куыд ницы фӕкӕса, афтӕ йын бамбарын кӕн де ’рбацыды сӕр: йемӕ дӕ аныхас кӕнын кӕй фӕнды, алы адӕймагӕн дӕр йӕхи Хуыцауы Паддзахады бӕрны бакӕнын ӕмӕ афтӕмӕй цард равзарыны фадат кӕй ис, уый тыххӕй. Цы бакӕнын ӕй хъӕуы? Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый базонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын (Дык. з. 30:19, 20; Рарг. 22:17).

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн фыццаджыдӕр Паддзахад агурынӕн. Адӕймаг Паддзахады хабар йӕ зӕрдӕмӕ куы айсы, уӕд ма йӕ уый фӕстӕ дӕр цыдӕртӕ фӕхъӕуы аскуыддзаг кӕнын. Йӕ царды Хуыцауы Паддзахадӕн цавӕр бынат уыдзӕн? Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад» (Матф. 6:33, НФ). Куыд ис уыцы хъуыддаджы нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн баххуыс кӕнӕн? Йесойы фӕдзӕхст нӕхӕдӕг куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ, фыццаджыдӕр Паддзахад агурынӕн бӕлвырдӕй цы саразӕн ис, ууыл куы ныхас кӕнӕм семӕ. Хатт хорз вӕййы адӕймаджы бафӕрсын, зӕгъгӕ, ахӕм ӕмӕ ахӕм фадӕттыл хъуыды кодтай, ӕмӕ йын радзурын, иннӕтӕ цы аразынц, уый тыххӕй. Библийы цы фыст ис, уый фӕдыл афтӕ ныхас кӕн семӕ, Иегъовӕйы ноджы тынгдӕр куыд бауарзой. Се ’ргом сын здах, Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у, уымӕ. Дӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд, Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг кӕй нӕй. Арӕх иууыл хуыздӕр нӕ вӕййы, афтӕ ӕмӕ афтӕ кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, зӕгъын. Фӕлтау сын сӕ зӕрдӕйы зынг ссудзыныл архай, сӕхи куыд бафӕнда афтӕ кӕнын.

Куыд уынӕм, афтӕмӕй адӕмӕн цы ахсджиаг хабар хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уый у Иегъовӕ Хуыцау, Йесо Чырысти ӕмӕ Паддзахады тыххӕй. Уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ нын хъуамӕ уой сӕрӕвӕрӕн адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ дӕр, не ’мбырдты дӕр ӕмӕ нӕхи царды дӕр. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола нын ӕцӕгӕйдӕр стыр ӕххуыс кӕй у.