Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 УРОК

Библийы стихтӕ раст ӕмбарын кӕн

Библийы стихтӕ раст ӕмбарын кӕн

АДӔМӔН Хуыцауы Ныхас амонын уый нӕу, ӕмӕ сын ӕнӕуи Библийӕ стихтӕ кӕсай. Апостол Павел йе ’мбал Тимофеймӕ фыста: «Бадар дӕхи Хуыцауы раз равдисынмӕ аккаг ӕмӕ ӕназым кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырд раст чи амоны, ахӕмӕй» (2 Тим. 2:15, НФ).

Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ стихтӕ хъуамӕ ӕмбарын кӕнӕм, Библи йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕ. Ома хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, стих кӕцӕй ист у, уым дзырд цӕуыл цӕуы. Афтӕ куыд нӕ рауайа, ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕмӕ цы ныхӕстӕ фӕцыди, уыдон райстам ӕмӕ йӕ, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ ӕмбарын кӕнӕм. Иегъовӕ пехуымпар Иеремийы дзыхӕй адӕмы фӕдзӕхста, цӕмӕй ма хъуыстаиккой, афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, ацы ныхас Иегъовӕйы дзыхӕй рацыд, ӕцӕгӕй та сӕ «сӕ зӕрдӕйы сӕнттӕй» чи сайдта, уыцы пехуымпартӕм (Иер. 23:16). Апостол Павел та чырыстӕтты фӕдзӕхста, Хуыцауы Ныхас адӕймаджы хъуыдытимӕ хӕццӕ кӕнӕн кӕй нӕй. Уый фыста: «[Мах] ӕмбӕхст худинаг хъуыддӕгтӕ ӕппаргӕйӕ, ӕнӕ хинӕй ӕмӕ Хуыцауы дзырд зыгъуыммӕ нӕ кӕнгӕйӕ... ӕцӕгад ӕргом кӕнӕм». Уӕды дуджы тынг арӕх уыди, ӕхцамондагӕй сӕн донимӕ чи хӕццӕ кодта ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы чи фӕлывта, ахӕм базаргӕнджытӕ. Мах уыдоны нӕ фӕзмӕм: Хуыцауы Ныхас адӕймаджы хъуыдытимӕ нӕ хӕццӕ кӕнӕм. «Мах нӕ халӕм Хуыцауы ныхӕстӕ, куыд бирӕтӕ,— загъта Павел,— фӕлӕ хъусын кӕнӕм зӕрдиагӕй, куыд Хуыцауӕй, Хуыцауы раз, Чырыстийы мидӕг» (2 Кор. 2:17; 4:2).

Хатт Библийӕ ӕрхӕссын бахъӕуы, цавӕрдӕр уагӕвӕрд кӕм ис, ахӕм стих. Уӕвгӕ, царды алы фӕзилӕнты куыд бакӕнӕм, нӕхи куыд дарӕм, уый фӕдыл Библийы бирӕ уагӕвӕрдтӕ ис (2 Тим. 3:16, 17). Фӕлӕ дӕу сбӕлвырд кӕнын хъӕуы, цӕй кой кӕныс, уым уыцы стихӕй спайда кӕнӕн ис ӕви нӕ. Науӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ дӕумӕ афтӕ кӕсы, стих уыцы уавӕрмӕ ахӕссӕн ис, ӕцӕгӕй та дзы ӕвӕрыс бынтон ӕндӕр, дӕхи цавӕр фӕнды, ахӕм хъуыды (Пс. 90:11, 12; Матф. 4:5, 6). Стих куыд бамбарын кодтай, уый раст ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕни, Иегъовӕйӕн йӕ фӕнд ӕмӕ ӕмткӕй йӕ Ныхасимӕ разы куы уа.

Цӕмӕй «ӕцӕгады дзырд раст амонай», уый тыххӕй хъуамӕ раст ӕмбарай, Библийы ныхӕсты цы арф хъуыды ис, уый. Библи тӕрсынгӕнӕн «хъил» нӕу. Йесо Чырыстийы ныхмӕ чи цыди, уыцы динамонджытӕн Фыстытӕ ӕппынӕдзух се ’взагыл уыдысты, фӕлӕ сӕм Хуыцау бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ каст — раст тӕрхон, хорзӕх ӕмӕ уырнындзинадмӕ,— уый та сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд (Матф. 22:23, 24; 23:23, 24). Йесо та Хуыцауы Ныхас амонгӕйӕ фӕзмыдта йӕ Фыды миниуджытӕ. Уый ӕцӕгадыл йӕ уд хъардта, фӕлӕ йӕ кӕмӕн амыдта, уыцы адӕм дӕр ын къаддӕр зынаргъ нӕ уыдысты. Ӕмӕ мах дӕр хъӕуы Йесойы бафӕзмын (Матф. 11:28).

Фӕлӕ куыд базонӕн ис, стихтӕ раст ӕмбарын кӕнӕм ӕви нӕ? Библи нӕ кӕсын хъӕуы алы бон дӕр. Хъуамӕ зӕрдӕйӕ аргъ кӕнӕм, Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн «хӕринаг» кӕй руаджы дӕтты, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн»— сӕрст чырыстӕтты къордӕн (Матф. 24:45). Библи дӕхӕдӕг дӕр куы ахуыр кӕнай, алы фембӕлдмӕ дӕр куы цӕуай ӕмӕ дзы куы архайай, уӕд зондзынӕ, Хуыцауы Ныхас нын ӕууӕнкджын цагъар куыд ӕмбарын кӕны, уый.

Кӕд де ’взагыл ис чиныг «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» ӕмӕ дзы пайда кӕнын зоныс, уӕд дзы ссардзынӕ, уацамынды иууыл арӕхдӕр кӕй ӕрхӕссӕм, бирӕ ахӕм стихтӕ раст бамбарын кӕнӕн куыд ис, уый. Арӕх кӕмӕй нӕ пайда кӕнӕм, ахӕм стих дӕ куы фӕнда ӕрхӕссын, уӕд бонзонгӕ у, фыццаг уал ӕй раиртас, ӕмӕ уӕд ӕцӕгады дзырд раст амондзынӕ (Ӕмб. 11:2).

Стих цӕмӕн ӕрхастай, уый дзӕбӕх бамбарын кӕн. Кӕй ахуыр кӕныс, уыдон хъуамӕ хорз ӕмбарой, дӕ ныхас цӕуыл у ӕмӕ, Фыстадӕй цы стих ӕрхастай, уыдон кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый. Стих бакӕсыны размӕ фарст куы раттай, уӕд та хъуамӕ феной, уыцы фарстӕн стих дзуапп куыд дӕтты. Кӕд стих цыдӕр сбӕлвырд кӕнынӕн ӕрхастай, уӕд базон, стих бӕлвырдгӕнӕн цы хуызы у, уый дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй бамбӕрстой.

Стих цыфӕнды аив ма бакӕсай, уӕддӕр ӕй ӕнӕуи бакӕсын фаг нӕу. Дӕ зӕрдыл дар, адӕмӕн сӕ фылдӕр Библи кӕй нӕ зонынц ӕмӕ иу кастӕй стихы хъуыды зынтӕй кӕй бамбардзысты. Уымӕ гӕсгӕ сын стихы сӕ хъус ӕрдарын хъӕуы, дӕ ныхасмӕ дзы комкоммӕ чи хауы, уыцы хаймӕ.

Уый тыххӕй рахицӕн кӕнын фӕхъӕуы, дӕ ныхасӕн дзы сӕйраг цы дзырдтӕ сты, уыдон. Иууыл ӕнцондӕр у уыцы дзырдтӕ ногӕй зӕгъын. Иу адӕймагимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд ӕм ахӕм фарст ис раттӕн, стихы сӕйраг кӕцы дзырдтӕ сты, уый йӕхӕдӕг куыд сбӕрӕг кӕна. Адӕмы раз ныхасгӕнджытӕй та бирӕтӕ фӕзӕгъынц уыцы дзырдтӕн се ’мнысанон дзырдтӕ кӕнӕ ӕнӕуи уыцы хъуыды хи ныхӕстӕй сфӕлхат кӕнынц. Фӕлӕ ацы мадзалӕй куы пайда кӕнай, уӕд дӕ хъус дар, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ ныхасмӕхъусджытӕ нал хатынц, стихӕй цы дзырдтӕ ӕрхастай, уыдон дӕ ныхасы сӕримӕ куыд баст сты, уый.

Иугӕр хъӕугӕ дзырдтӕ рахицӕн кодтай, уӕд уый у, хӕдзарӕн бындур куыд ӕрӕвӕрай, уый хуызӕн. Фӕлӕ уый фаг нӕу, дарддӕр хъӕуы аразын. Уыцы стих дӕ цӕмӕн фӕнды ӕрхӕссын, уый бамбарын кодтай? Кӕд о, уӕд ныр та бамбарын кӕн, цы дзырдтӕ дзы рахицӕн кодтай, уыдонӕн, стих бакӕсыны размӕ цы загътай, уыимӕ иумӕйагӕй цы ис. Уыцы бастдзинад ирдӕй хъуамӕ зына. Кӕд стих бакӕсыны размӕ бӕлвырд-бӕрӕгӕй ницы загътай, уӕддӕр ӕй уый фӕстӕ ӕнӕмӕнг дзӕбӕх бамбарын кӕн.

Иухатт фарисейтӕ Йесомӕ радтой, тынг зын кӕй ӕнхъӕлдтой, ахӕм фарст. Бафарстой йӕ: «Алцы аххосы тыххӕй дӕр бар ис адӕймагӕн йӕ усӕй ахицӕн уӕвын?» Йесо сын дзуапп радта Уӕвынады 2:24 ныхӕстӕй. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Йесо йӕ хъус ӕрдардта ӕрмӕстдӕр стихы иу хаймӕ, стӕй ӕмбарын дӕр ӕрмӕстдӕр уыцы хай бакодта. Лӕг йӕ усимӕ «иу буар» кӕй свӕййы, уый сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта ӕмӕ уый фӕстӕ скодта ахӕм хатдзӕг: «Уӕдӕ, Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:3—6).

Цӕмӕй дӕ ныхасмӕхъусджытӕ, стих цӕмӕн ӕрхастай, уый бамбарой, уый тыххӕй йӕ цас бӕстон райхалын хъӕудзӕн? Кӕмӕн ӕй дзурыс, уыдон чи сты ӕмӕ, фарста цас ахсджиаг у, уымӕй аразгӕ у. Уӕвгӕ, цас хуымӕтӕгдӕр ӕмӕ бӕлвырддӕр уа дӕ ныхас, уыйас хуыздӕр.

Дӕ ныхас Фыстадыл араз. Апостол Павел Фессалоникӕйы куыд хъусын кодта, уый тыххӕй Куыстыты 17:2, 3 кӕсӕм, зӕгъгӕ, уый адӕмимӕ «ныхас кодта Фыстытӕй». Уыцы хъуыддаджы фӕлтӕрын хъӕуы Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр. Зӕгъӕм, Павел радзырдта, Дзуттаг Фыстыты бирӕ раздӕр кӕй уыди загъд, Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ ам цӕргӕйӕ цы арӕзта, уый, ӕмӕ стӕй фидарӕй загъта: «Ӕмӕ уыцы Чырысти у Йесо, Кӕцыйы тыххӕй ӕз хъусын кӕнын сымахӕн».

Павел Дзуттытӕм цы фыстӕг ныффыста, уым бирӕ ныхӕстӕ ӕрхаста Дзуттаг Фыстытӕй. Цыдӕр хъуыды-иу ӕй хуыздӕр бамбарын кӕнын кӕнӕ йӕм ӕргом тынгдӕр раздахын куы фӕндыд, уӕд-иу Фыстытӕй арӕх ӕрхаста иу дзырд кӕнӕ цыбыр дзырдбаст ӕмӕ-иу стӕй, цы амоны, уый бамбарын кодта (Дзут. 12:26, 27). Дзуттытӕм ӕрвысты 3-аг сӕры Павел ӕрхаста Псалом 94:7—11. Ӕркӕс-ма, Павел лӕмбынӕг кӕй ӕвзары ӕртӕ хъуыддаджы: 1) зӕрдӕйы тыххӕй (Дзут. 3:8—12); 2) дзырд «ныр»-ы нысаниуӕг (Дзут. 3:7, 13—15; 4:6—11); 3) ныхӕстӕ «уыдон... нӕ бацӕудзысты Мӕ ӕнцойадмӕ», зӕгъгӕ, куыд ӕмбарын хъӕуы, уый (Дзут. 3:11, 18, 19; 4:1—11). Библийӕ цавӕрфӕнды стих ма ӕмбарын кӕнай, фӕзм Павелы.

Йесо йӕ ныхас Фыстытыл куыд арӕхстджынӕй арӕзта, уый тыххӕй бакӕсӕн ис Лукайы 10:25—37. Закъон хорз чи зыдта, иу ахӕм адӕймаг ӕй бафарста: «Ахуыргӕнӕг! цы кӕнын хъӕуы мӕн, цӕмӕй мыггагмӕйы цардӕй хайджын уон?» Фыццаг уал ӕй Йесо бафарста, уый тыххӕй дӕхӕдӕг цы хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын уӕд йӕ хъус ӕрдардта, Хуыцауы Ныхас куыд амоны, афтӕ цӕрын кӕй хъӕуы, уымӕ. Йесо уый куы фӕхатыд, ӕмӕ йын адӕймаг йӕ ныхӕсты сӕйраг хъуыды нӕ бамбӕрста, уӕд стихӕй райста иу дзырд, «хӕстӕг», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ бӕстон равзӕрста. Йесо уыцы дзырд ӕнӕуи нӕ бамбарын кодта, фӕлӕ радзырдта иу ӕмбисонд, ӕмӕ афтӕмӕй уыцы лӕгӕн йӕхицӕн баххуыс кодта раст хатдзӕг скӕнынӕн.

Уӕдӕ уынӕм, фарстытӕн дзуапп дӕтгӕйӕ Йесо Фыстытӕй ӕнӕуи бӕлвырд, комкоммӕ дзуапп кӕй нӕ лӕвӕрдта. Фыстыты ныхӕстӕн-иу сӕ хъуыды райхӕлдта ӕмӕ, фарстамӕ куыд хаудысты, уый-иу бамбарын кодта.

Иухатт та Йесомӕ фарст радтой саддукейтӕ. Сӕ фарстӕй уый зӕгъинаг уыдысты, ӕмӕ, мӕрдтӕ райгас уыдзысты, уый дыууӕйыл у. Йесо сын сӕ хъус ӕрдардта Рацыды 3:6 иу хаймӕ. Фӕлӕ уыцы стих куы ’рхаста, уӕд йӕ ныхас ууыл нӕ фӕци. Дарддӕр ныхас кодта семӕ ӕмӕ сын бӕлвырд бамбарын кодта, мӕрдты райгас кӕнын Хуыцауы фӕнд кӕй у (Маркы 12:24—27).

Дӕ ныхас Фыстадыл аразын куы сахуыр уай, уӕд бӕрӕг фӕхуыздӕр уыдзӕн дӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныдзинад.