18 УРОК
Библийӕн дӕтт «дзырды бар»
ИСЧИ нӕ куы бафӕрсы, цӕуыл ӕууӕндут, куыд цӕрут, дунейы цауты тыххӕй цы хъуыды кӕнут кӕнӕ цӕй ныфсӕй цӕрут, зӕгъгӕ, уӕд ын, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, дзуапп комкоммӕ Библийӕ бакӕсӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Библи Хуыцауы Ныхас у. Цы нӕ уырны, уый нӕ уымӕн уырны, ӕмӕ Библи дзуры афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ аразӕм нӕ цард дӕр. Уӕдӕ дунейы цаутӕм дӕр Библийы цӕстӕй кӕсӕм. Уым сты фыст, фидӕны ныфс нын чи дӕтты, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр (2 Тим. 3:16, 17).
Мах стӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ хорз ӕмбарӕм, нӕ ном ныл цы стыр бӕрндзинад ӕвӕры, уый (Ис. 43:12). Уымӕ гӕсгӕ нӕ исчи истӕмӕй куы бафӕрсы, уӕд ын зӕххон адӕймаджы хъуыдытӕ нӕ фӕдзурӕм — нӕ дзуаппӕн йӕ рахӕцӕн алкӕддӕр вӕййы, Иегъовӕ йӕ Ныхасы цы дзуры, уый. Уӕвгӕ, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нын цыдӕр фарстаты фӕдыл нӕхи хъуыды нӕй. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ мах фидарӕй зонӕм, Хуыцауы Ныхас ӕцӕг кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алы хъуыддагмӕ дӕр кӕсӕм Библийы цӕстӕй. Библи та нын бирӕ хъуыддӕгты дӕтты, нӕхи куыд фӕнды, афтӕ бакӕныны бар. Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн, махмӕ хуыздӕр куыд кӕсы, уый нӕ дзурӕм, фӕлӕ сын Библийы уагӕвӕрдтӕ амонӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй уыдонӕн дӕр дӕттӕм, сӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, афтӕ бакӕныны фадат. Апостол Павелау мах дӕр уый фӕнды, цӕмӕй адӕм «уырниадӕн уисӕн... кӕной» (Ром. 14:25, НФ).
Раргомады 3:14 (НФ) Йесо Чырысти хуыйны «иузӕрдыг ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн». Йесо фарстытӕн дзуапп куыд лӕвӕрдта кӕнӕ-иу цы сарӕзта? Хатт-иу ӕрхаста цӕстуынгӕ цӕвиттон, адӕм-иу сӕхӕдӕг куыд ахъуыды кодтаиккой. Уыдис-иу афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу адӕймагӕн йӕ фарстӕн фарстӕй радта дзуапп, Фыстытӕй уыцы ӕмӕ уыцы бынат дӕхӕдӕг куыд ӕмбарыс, зӕгъгӕ. Арӕхдӕр та-иу кӕнӕ Фыстытӕй скуыддзаг ӕрхаста, кӕнӕ-иу ӕй йӕхи ныхӕстӕй загъта, йе та дзы дзырд цӕуыл цыди, уый-иу сын ӕнӕуи сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта (Матф. 4:3—10; 12:1—8; Лук. 10:25—28; 17:32). Фыццаг ӕнусы Фыстыты тыхтӕттӕ ӕмбырдгӕнӕнты уыдысты. Куыд зыны, афтӕмӕй уыцы тыхтӕттӕ Йесойӕн дӕр йӕхимӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ уый хорз зыдта Фыстытӕ ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕдзухдӕр уыдонмӕ амыдта (Лук. 24:27, 44—47). Уӕдӕ афтӕ куы загъта, ӕз мӕхицӕй нӕ дзурын, зӕгъгӕ, уӕд мӕнгӕй ницы загъта. Йесо дзырдта, йӕ Фыдӕй цы фехъуыста, уый (Иоан. 8:26).
Мах дӕр фӕнды Йесойы фӕзмын. Раст у, Йесойау мах Хуыцауы дзургӕ нӕ фехъуыстам. Фӕлӕ Библи у йӕ Ныхас. Ӕмӕ дзуапп дӕтгӕйӕ «дзырды бар» Библийӕн куы дӕттӕм, уӕд адӕмы ӕргом нӕхимӕ не здахдзыстӕм. Уымӕй сын ӕвдисдзыстӕм, ӕнӕххӕст адӕймаджы хъуыдытӕ кӕй нӕ хӕссӕм рӕгъмӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн кӕй дӕттӕм, ӕцӕг ӕмӕ раст цы у, уый зӕгъыны бар (Иоан. 7:18; Ром. 3:4).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕймагӕн Библийӕ цыдӕр бакӕсӕм. Мах фӕнды, цы йын бакастыстӕм, уый бамбара, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ айса ӕмӕ йын стырдӕр ахъаз фӕуа. Адӕймаг цы зондыл хӕст у, уымӕ гӕсгӕ Библийӕ стих бакӕсыны размӕ зӕгъӕн ис: «Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау цы дзуры, уый ахсджиаг у?» кӕнӕ «Ацы фарстайы фӕдыл Библийы дзуапп кӕй ис, уый зоныс?» Библи Хуыцауы Ныхасыл нӕ, фӕлӕ ӕнӕуи чиныгыл чи нымайы, ахӕм адӕймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ та ӕндӕр цыдӕр хъӕуы зӕгъын. Зӕгъӕм: «Кӕд гӕнӕн ис, уӕд дын иу рагон пехуымпарад бакӕсон» кӕнӕ «Мӕнӕ цы фыст ис зӕххыл ӕппӕты зындгонддӕр чиныджы».
Хатт дӕм, чи зоны, растдӕр фӕкӕса Библийы стих дӕхи ныхӕстӕй радзурын. Фӕлӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, иууыл хуыздӕр уыдзӕн, Библи куы бакӕнай ӕмӕ йӕ уырдыгӕй куы бакӕсай. Кӕд адӕймагмӕ Библи ис, уӕд та йын стих равдис йӕхи Библийы. Адӕмы зӕрдӕмӕ афтӕмӕй тынгдӕр бахъары, Библи цы дзуры, уый (Дзут. 4:12, НФ).
Иууыл тынгдӕр та чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты хъӕуы дзуапп дӕтгӕйӕ Библийӕн «дзырды бар» дӕттын. Цӕмӕй ӕфсымӕрӕн йӕ бон хистӕр нӕлгоймаджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын уа, уый тыххӕй иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ хъуамӕ «ӕцӕгады дзырдыл хӕца» (Тит. 1:9). Ӕмбырды ӕфсымӕр кӕнӕ хо царды ахсджиаг уынаффӕ, гӕнӕн ис, рахӕсса, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йын цы зонд бацамонынц, уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ йын цы бауынаффӕ кӕной, уымӕн йӕ рахӕцӕн ӕнӕмӕнг дӕр Фыстады хъуамӕ уа! Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыцы хъуыддаджы фӕзминаг куы уой, уӕд уый тынг фӕзындзӕн, ӕмбырды иннӕтӕ куыд амондзысты, ууыл.