Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 УРОК

Дзургӕ-дзурын кӕм ӕмӕ цас фӕлӕууын хъӕуы

Дзургӕ-дзурын кӕм ӕмӕ цас фӕлӕууын хъӕуы

НЫХАСЫ рацӕугӕйӕ уа ӕви ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ,— кӕм хъӕуы, уым фӕлӕууын тынг ахсджиаг у. Уый куы нӕ уа, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ бӕлвырдӕй ницы бамбардзысты, афтӕ сӕм кӕсдзӕн, цыма цыдӕртӕ дыгъал-дыгъул кӕныс. Кӕм хъӕуы, уым-иу куы фӕлӕууай, уӕд та дӕ ныхас уыдзӕн бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн. Афтӕ ма уый фӕрцы адӕм хуыздӕр бахъуыды кӕндзысты сӕйраг хъуыдытӕ.

Фӕлӕ фӕлӕууын кӕм хъӕуы, уый куыд ис базонӕн? Стӕй кӕм цас хъӕуы фӕлӕууын?

Фӕлӕууын хъӕуы ӕрхӕцӕн нысӕнттыл. Фыст ӕвзаджы ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй бирӕ аразгӕ у. Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй базонӕн вӕййы, хъуыдыйад кӕй фӕци кӕнӕ фарстон кӕй у. Иуӕй-иу ӕвзӕгты ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй хицӕн кӕнынц комкоммӕ ныхас. Уымӕй уӕлдай, ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ амонынц, хъуыдыйады иу хай иннӕимӕ куыд баст у, уый. Адӕймаг йӕхинымӕр куы фӕкӕсы, уӕд ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ уынгӕ фӕкӕны. Фӕлӕ иннӕтӕн хъӕрӕй куы кӕса, уӕд, кӕсинаг ӕрмӕджы ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ цы амонынц, уый йӕ равдисын хъӕудзӕн хъӕлӕсы уагӕй (уый тыххӕй бӕстондӕр дзырдӕуы 1-аг урочы, «Раст кӕс»). Кӕсӕг ӕрхӕцӕн нысӕнттӕм йӕ хъус куы нӕ дара, уӕд цы кӕсы, уый иннӕтӕ зынӕй ӕмбардзысты, йе та, гӕнӕн ис, ӕмӕ йын йӕ хъуыды раст ма бамбарой.

Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй дарддӕр ма ӕрлӕууын фӕхъӕуы, хъуыдыйады мидӕг хъуыдытӕ куыд баст сты, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Иу зындгонд музыкант афтӕ загъта: «Пианинойыл иннӕтӕ цы цӕгъдынц, ӕз дӕр уый цӕгъдын. Ӕрмӕст ме ’нтысты сусӕгдзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ иу зӕлӕй иннӕ зӕлы ’хсӕн кӕй фӕлӕууын». Афтӕ у адӕймаджы ныхас дӕр. Цыфӕнды хорз цӕттӕ раныхас дӕр бирӕ рӕсугъддӕр ӕмӕ ахадгӕдӕр уыдзӕн, кӕм хъӕуы, уым-иу куы фӕлӕууай, уӕд.

Иннӕтӕн кӕсынмӕ куы цӕттӕ кӕнай дӕхи, уӕд кӕсинаг ӕрмӕджы дӕхицӕн ӕххуысӕн скӕн нысӕнттӕ. Гыццыл дӕ кӕм хъӕуа фӕлӕууын, уым гыццыл хахх ӕркӕн, фылдӕр кӕм хъӕуа, уым та — дыууӕ хаххы. Кӕд кӕцыдӕр дзырдбӕстытӕ раст нӕ кӕсыс ӕмӕ арӕх, кӕм нӕ хъӕуы, уым ӕрлӕууыс, уӕд гӕххӕттыл кърандасӕй баиу кӕн, иумӕ бакӕсын кӕй хъӕуы, уыцы дзырдтӕ иууылдӕр. Уый фӕстӕ дзырдбаст ӕнӕрхӕцгӕйӕ бакӕс. Афтӕ кӕнынц ныхасы дӕснытӕй бирӕтӕ.

Ӕнӕуи ныхасы нӕ иу гыццыл дӕр ӕрлӕууын кӕм фӕхъӕуы, уым, хъуыды дӕр нӕ акӕнӕм, афтӕмӕй фӕлӕууӕм, уымӕн ӕмӕ цы зӕгъинаг стӕм, уый фӕзонӕм. Фӕлӕ адӕймаг хъӕуа-нӕхъӕуа алы цалдӕр минуты фӕстӕ фӕлӕууын ахуыр куы вӕййы, уӕд йӕ ныхас зын ӕмбарӕн вӕййы ӕмӕ дзы тых нӕ вӕййы. Уыцы ахуырӕй куыд фервӕзӕн ис, ууыл дзырд цӕуы 4-ӕм урочы, «Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас», зӕгъгӕ.

Ӕрлӕууын — ног хъуыдымӕ хизгӕйӕ. Дӕ ныхасы сӕйраг хъуыдытӕй иу куы райхалай ӕмӕ дӕ иннӕмӕ ахизын куы фӕнда, уӕд-иу гыццыл ӕрлӕуу. Уый фӕрцы дӕ ныхасмӕхъусджытӕ ахъуыды кӕндзысты, цы фехъуыстой, ууыл, фӕхатдзысты, дӕ ныхас гыццыл ӕндӕрырдӕм кӕй фӕзилдзӕн, ӕмӕ хуыздӕр бамбардзысты, дарддӕр цы дзурдзынӕ, уый. Шофыры тигъыл фӕзилгӕйӕ сындӕгдӕр цӕуын куыд хъӕуы, афтӕ хъӕуы дӕу дӕр иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ хизгӕйӕ гыццыл ӕнӕдзургӕйӕ алӕууын.

Хатт ныхасгӕнджытӕм ӕрмӕг ӕгӕр бирӕ кӕй вӕййы, уымӕ гӕсгӕ афтӕ тынг фӕтагъд кӕнынц, ӕмӕ иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ хизгӕйӕ нӕ фӕлӕууынц. Иуӕй-иутӕн та сӕ бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ ӕнӕуи дӕр тагъд-тагъд фӕдзурынц. Чи зоны, кӕм цӕрынц, уым адӕм иууылдӕр тагъд дзураг сты, фӕлӕ афтӕмӕй искӕмӕн исты бацамонын зын уыдзӕн. Кӕд ахсджиаг хъуыды зӕгъинаг дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ йӕ ӕнӕмӕнг бахъуыды кӕной, уӕд йӕ бамбарын кӕнынӕн фаг рӕстӕг рахицӕн кӕн. Уый зон, ӕмӕ дзургӕ-дзурын иу уысм фӕлӕууын куы нӕ зонай, уӕд дын адӕм дӕ хъуыдытӕ дзӕбӕх нӕ бамбардзысты.

Кӕд дӕ пъланмӕ гӕсгӕ хъӕуы ныхас кӕнын, уӕд ӕрмӕг афтӕ равӕр, иу сӕйраг хъуыды кӕм фӕци ӕмӕ иннӕ кӕм райдыдта, уый бӕрӕг куыд уа. Кӕд дын, ӕнӕхъӕнӕй дӕр фыст чи у, ахӕм раныхас бахӕс кӕной, уӕд та, иу сӕйраг хъуыды иннӕмӕ кӕм хизы, уыцы бынӕттӕ фӕнысан кӕн.

Кӕд ӕрхӕцӕн нысӕнттыл гыццыл йедтӕмӕ нӕ фӕлӕууӕм, уӕд ног хъуыдымӕ хизгӕйӕ та — фылдӕр. Ӕцӕг афтӕ бирӕ нӕ, ӕмӕ дӕ ныхас тыххӕй дзурӕгау рауайа. Кӕннод дӕ ныхасмӕхъусджытӕм афтӕ фӕкӕсдзӕн, цыма цӕттӕ нӕ дӕ ӕмӕ ӕппынӕдзух, цы зӕгъай, ууыл хъуыды кӕныс.

Ӕрлӕууын — хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн. Адӕймаг арӕх фӕлӕууы, тӕккӕ ахсджиагдӕр хъуыды зӕгъын кӕнӕ йӕ фарст раттын куы фӕфӕнды, уӕд: кӕнӕ йӕ хӕдразмӕ, кӕнӕ та йӕ хӕдфӕстӕ. Кӕд ахсджиаг хъуыды зӕгъыны размӕ ӕрлӕууа, уӕд уымӕй йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕты цырен кӕны цымыдис — уӕдӕ дарддӕр цы зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ; кӕд уыцы хъуыды зӕгъыны фӕстӕ фӕлӕууа, уӕд та сын фадат дӕтты, цы фехъуыстой, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Куыд уынӕм, афтӕмӕй дзы алы ӕрлӕудӕн дӕр йӕхи нысан ис. Уӕдӕ ахъуыды кӕн, дӕуӕн дзы хуыздӕр кӕцы уыдзӕн. Ӕцӕг дӕ зӕрдыл дар,— хъуыды фӕтыхджындӕр кӕнынӕн фӕлӕууын хъӕуы ӕрмӕстдӕр тӕккӕ ахсджиагдӕр хъуыдытыл, науӕд сӕ тых нӕ уыдзӕн.

Йесо Назареты ӕмбырдгӕнӕны Фыстытӕй адӕмы раз хъӕрӕй куы касти, уӕд тынг хорз равдыста, ӕрлӕууын кӕм ӕмӕ куыд хъӕуы, уый. Фыццаг уал Исайы пехуымпарады тыхтонӕй бакаст, зӕхмӕ йе ’рцыды сӕр цы уыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст, уый цалынмӕ бамбарын кодта, уӕдмӕ уал тыхтон фӕстӕмӕ батыхта, лӕггадгӕнӕгмӕ йӕ радта ӕмӕ ӕрбадт. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ, ӕмбырдгӕнӕны адӕм иууылдӕр уымӕ куы ныккастысты, уӕд загъта: «Ныр сӕххӕст ацы фыст, кӕй фехъуыстат сымах» (Лук. 4:16—21).

Ӕрлӕууын ӕнӕнхъӕлӕджы куы бахъӕуа. Хатт нӕ нӕ ныхас фескъуынын бахъӕуы, цыдӕр нӕ кӕй фӕхъыгдары, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, уацамынды адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ нӕ бахъыгдары машинӕты хъӕр кӕнӕ сывӕллоны кӕуын, ӕмӕ нӕ ӕрлӕууын бахъӕуы. Ӕмбырды залы куы уа цыдӕр хъӕлӕба, уӕд та дӕ хъӕлӕсы уаг фӕбӕрзонддӕр кӕн ӕмӕ дарддӕр дзур. Фӕлӕ хъӕлӕба ӕгӕр куы стынг уа, уӕд хуыздӕр уыдзӕн ӕрлӕууын (ныхасмӕхъусджытӕ дӕм уӕддӕр нӕ хъусынц). Уӕдӕ, кӕм хъӕуа, уым фӕлӕууын куы зонай, уӕд дӕ цы хорз хъуыдытӕ зӕгъын фӕнды, уыдонӕй ныхасмӕхъусджытӕ ницы ауадздзысты.

Ӕрлӕууын — ныхасмӕхъусджытӕн ахъуыды кӕнын ӕмӕ сӕ хъуыды зӕгъыны фадат раттынӕн. Кӕд дӕ ныхас афтӕ арӕзт нӕу, ӕмӕ дзы дӕ ныхасмӕхъусджытӕ сӕ хъуыдытӕ дзурой, уӕддӕр-иу сӕ бауадз сӕхимидӕг дзуапп раттын. Цӕвиттон, ахъуыды кӕнын сӕ кӕуыл хъӕуы, ахӕм фарст сӕм куы раттай, фӕлӕ цалдӕр уысмы ӕнӕдзургӕйӕ куы нӕ алӕууай, уӕд уыцы фарст йӕ нысаныл нӕ сӕмбӕлдзӕн.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлӕууын канд сценӕйӕ дзургӕйӕ нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ уацамынды дӕр. Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ бынтондӕр ӕнӕрлӕугӕйӕ дзурынц. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд уыцы хъуыддаджы дӕхиуыл бакус. Уый фӕрцы дын адӕмимӕ ныхас кӕнын дӕр хуыздӕр уайдзӕн ӕмӕ хъусын кӕнын дӕр. Ныхасы ӕнӕдзургӕйӕ алӕууынӕн куыд стыр нысаниуӕг ис, уый тыххӕй иу чидӕр хорз загъта, зӕгъгӕ, уый ӕргом ӕгасӕй дӕр здахы сӕйраг хъуыдымӕ ӕмӕ йӕ тыхджындӕр кӕны, хъусты та улӕфын бауадзы.

Ныхас у хъуыдытӕн дыууӕрдӕм фӕндаг. Искӕй ныхасмӕ ды куыд ӕхсызгонӕй байхъусай, уый дӕр дӕм афтӕ хъусдзӕн. Ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг йӕ хъуыды зӕгъа, уый тыххӕй та дӕу хъӕуы цалдӕр уысмы ӕнӕдзургӕйӕ алӕууын.

Уацамынды ныхас хуыздӕр рауайы, канд нӕхӕдӕг куы нӕ фӕдзурӕм, уӕд. Бирӕтӕ фӕхатыдысты, адӕймагимӕ хорз уӕд кӕй аныхас кӕнынц, салам раттыны фӕстӕ уайтагъд хъуыддагмӕ куы рахизынц ӕмӕ йӕ стӕй куы бафӕрсынц, ды та куыд хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ адӕймагӕн йӕ хъуыды зӕгъыны фадат раттынц, ӕмӕ цы загъта, уый тыххӕй йын раарфӕ кӕнынц. Ӕмӕ дарддӕр дӕр ныхас иууыл сӕхимӕ нӕ исынц. Уыдон ӕмбарынц, адӕймаг хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый куы зоной, уӕд ын сӕ бон хуыздӕр кӕй уыдзӕн баххуыс кӕнын (Ӕмб. 20:5).

Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ нӕ фарстытӕн дзуапп дӕттын алкӕй нӕ фӕнддзӕн. Афтӕ уыди Йесойы хабар дӕр, фӕлӕ-иу уӕддӕр уый йӕ ныхмӕлӕуджытӕн дӕр фаг рӕстӕг радта сӕ хъуыды зӕгъынӕн (Маркы 3:1—5). Адӕймаджы дзурын куы бауадзӕм, уӕд ӕй разӕнгард кӕнӕм хъуыды кӕнынмӕ ӕмӕ нын афтӕмӕй, гӕнӕн ис, раргом кӕна, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ нӕ хӕстӕй иу растдӕр уый у: царды ахсджиаг фарстаты тыххӕй Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый бамбарынӕн сын баххуыс кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ уый фӕдыл алкӕйдӕр хъӕуы хатдзӕгтӕ скӕнын (Дзут. 4:12).

Уӕдӕ, уацамынды искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ фӕлӕууын кӕм хъӕуы, уый зонын стыр дӕсныдзинад у. Адӕймаг уымӕ хорз куы арӕхса, уӕд йӕ бон уыдзӕн цыфӕнды хъуыды дӕр бӕлвырдӕй радӕттын ӕмӕ йӕм чи хъуса, уыдонӕн йӕ бахъуыды кӕнынӕн баххуыс кӕнын.