Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

32 УРОК

Дзур фидарӕй

Дзур фидарӕй

АДӔЙМАГ фидарӕй куы фӕдзуры, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, цы дзуры, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны. Афтӕ фидарӕй хъусын кодта апостол Павел. Фессалоникӕйы уырнджытӕ чи сси, уыдонмӕ мӕнӕ цы фыста: «Нӕ хорз уацхъуыд хъусын кӕнын, сымахмӕ уыд ӕрмӕст дзырды нӕ, фӕлӕ... бирӕ бӕлвырдгӕнӕнимӕ [«фидар уырнындзинады», НД]» (1 Фес. 1:5). Уыцы фидар уырнындзинад бӕрӕг уыди йӕ ныхасы уагӕй дӕр ӕмӕ, куыд царди, уымӕй дӕр. Мах дӕр иннӕтӕн, Библийы цы фыст ис, уый куы фӕдзурӕм, уӕд хъуамӕ бӕрӕг уа, нӕхӕдӕг ыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм.

Фидарӕй дзурын афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ тыхныхас, цӕхгӕрныхас кӕнӕ схъӕлныхас кӕнӕм. Адӕймаг, Хуыцауы Ныхасы цы ис, уый куы дзура, уӕд хъуамӕ дзура фидарӕй — хъуамӕ йӕ ныхасы уагӕй бӕрӕг уа, цы дзуры, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕнды (Дзут. 11:1).

Кӕд хъӕуы фидарӕй дзурын. Уый сӕр нӕ тынг хъӕуы уацамынды. Арӕх адӕмы зӕрдӕтӕ, цы хабар хъусын кӕнӕм, ӕрмӕст уый нӕ бацагайы, фӕлӕ йӕ куыд дзурӕм, уый дӕр. Цы зӕрдӕйӕ йӕ дзурӕм, уый уайтагъд фӕхатынц. Уӕдӕ хорз хабар алкӕйдӕр ӕхсызгонӕй кӕй хъӕуы, уый адӕмӕн тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн дӕ ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ куыд фидарӕй дзурыс, уымӕй.

Фидарӕй дзурын хъӕуы, дӕ ныхас де ’муырнджытӕм куы уа, уӕд дӕр. Хуыцауы удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ, апостол Петр йӕ фыццаг фыстӕг уый тыххӕй ныффыста, «цӕмӕй сӕ бауырнын кодтаид, рӕвдаугӕйӕ ӕмӕ ӕвдисӕн лӕугӕйӕ, уый кӕй у ӕцӕг Хуыцауы хорз лӕвар». Дарддӕр Петр йе ’фсымӕртӕн ныффӕдзӕхста: «Фидар лӕуут» (НД) (1 Пет. 5:12). Фидар уырнындзинад ирдӕй зынди, апостол Павел Ромы ӕмбырдмӕ цы фыстӕг ныффыста, уым дӕр, ӕмӕ уый тынг фӕзынд уыцы ӕмбырды ӕфсымӕртыл. Уый фыста: «Мӕн уырны, нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр Зӕдтӕ, нӕдӕр Райдайӕн, нӕдӕр Тыхтӕ, нӕдӕр ныры рӕстӕг, нӕдӕр ӕрцӕуинаг афон, нӕдӕр бӕрзонд, нӕдӕр арфад, нӕдӕр исты сконд кӕй нӕ ахицӕн кӕндзӕн мах Хуыцауы уарзондзинадӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы мидӕг» (Ром. 8:38, 39). Афтӕ ма сын Павел зӕрдиагӕй фӕдзӕхста иннӕтӕн хъусын кӕнын дӕр. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг тынг ахсджиагыл кӕй нымадта, уый та уымӕй бӕрӕг уыди, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕхӕдӕг йӕ удӕй арт цагъта (Ап. к. 20:18—21; Ром. 10:9, 13—15). Абон дӕр чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы Ныхас куы фӕамонынц, уӕд хъуамӕ бӕрӕг уа, цы дзурынц, уый сӕхи дӕр фидарӕй кӕй уырны.

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы фӕныхас кӕнынц,— Библи ахуыр кӕной семӕ ӕви ӕнӕуи ныхас кӕной,— уӕд цы дзурынц, уый хъуамӕ зӕрдӕбынӕй дзурой. Ӕмӕ уый та афтӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, ныййарджытӕ Хуыцауы куы уарзой, йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ сӕ зӕрдӕйы куы уой. Уӕд сӕ сывӕллӕттимӕ куыд ныхас кӕнынц, уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн сӕ зӕрдӕйы уырнындзинад, «уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дзагӕй дзуры дзых» (Лук. 6:45; Дык. з. 6:5—7). Хуыцауы ӕцӕгад ныййарджытӕн сӕ зӕрдӕйы куы уа, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн сӕ «ӕнӕцӕстмӕ уырнындзинадӕй» фӕзминаг уыдзысты (2 Тим. 1:5).

Нӕ фидардзинад уӕлдай бӕрӕг та уӕд хъуамӕ уа, нӕ уырнындзинадӕй нӕ куы фӕрсой. Чи зоны, дӕ ахуырӕмбӕлттӕм, дӕ ахуыргӕнӕгмӕ кӕнӕ де ’мкусджытӕм диссаг фӕкӕса, цавӕрдӕр бӕрӕгбонмӕ кӕй нӕ цӕуыс, уый. Йӕ ныхмӕ зӕгъӕн кӕмӕн ницыуал уа, ахӕм фидар дзуапп куы раттай, уӕд аргъ кӕндзысты, Библимӕ гӕсгӕ цы зондыл хӕст дӕ, уымӕн. Исчи дӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл куы ардауа, зӕгъӕм сайын, наркотиктӕ аразын кӕнӕ хӕтыныл, уӕд та? Комкоммӕ сын зӕгъ, дӕ фӕнд конд кӕй у, ӕмӕ цыфӕнды ма дзурой, цыфӕнды ма кӕной, уӕддӕр сӕ зондыл кӕй нӕ ацӕудзынӕ. Ахӕм уавӕрты «нӕ» зӕгъын фидарӕй хъӕуы, дӕ ныхасы дон кӕй нӕ атӕдздзӕн, уый бӕрӕг куыд уа. Иосиф Потифары усы чъизи фӕндыл куы нӕ сразы, уӕд фидарӕй загъта: «Куыд хъуамӕ саразон ӕз ахӕм стыр фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ ракӕнон?» Фӕлӕ уӕддӕр ус йӕ кӕнон кодта, ӕмӕ уӕд Иосифӕн ӕндӕр амал нал уыди: сыстад ӕмӕ алыгъд (Уӕв. 39:9, 12).

Фидар уырнындзинад цӕмӕй бӕрӕг вӕййы. Фидар уырнындзинад бӕрӕг у, зӕгъӕм, цавӕр дзырдтӕй пайда кӕныс, уымӕй. Йесо-иу цыдӕр ахсджиаг хъуыды зӕгъинаг куы уыди, уӕд-иу йӕ ныхас арӕх райдыдта афтӕ: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн» (Иоан. 3:3, 5, 11; 5:19, 24, 25). Павелы фидар уырнындзинад та бӕрӕг уыди ахӕм ныхӕстӕй, «мӕн уырны», «ӕз зонын ӕмӕ мӕ уырны Хицау Йесойы мидӕг» кӕнӕ «ӕцӕг дзурын... нӕ сайын», зӕгъгӕ (Ром. 8:38; 14:14; 1 Тим. 2:7). Иегъовӕ, йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый равдисынӕн йӕ пехуымпарты дзыхӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ загъта фидар ныхӕстӕ, зӕгъӕм, «ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн» (Ав. 2:3). Искӕмӕн Библийы пехуымпарӕдтӕ куы фембарын кӕныс, уӕд ды дӕр дзур ахӕм ныхӕстӕ. Дӕхицӕй ныфсджын куы нӕ уай, фӕлӕ дӕ ныфс Иегъовӕйыл куы дарай ӕмӕ адӕмимӕ уӕздан ныхас куы кӕнай, уӕд ахӕм тыхджын ныхӕстӕ амондзысты, цы дзурыс, уый дӕ фидарӕй кӕй уырны.

Адӕймаджы фидар уырнындзинад ма бӕрӕг вӕййы, кӕм ӕмбӕлы, уым йӕхи уӕззаузондӕй куы равдисы. Уымӕн ахъаз сты дӕ цӕстӕнгас, дӕ къухты змӕлд ӕмӕ де уӕнгты алы фезмӕлд дӕр, ӕцӕг уый алкӕмӕндӕр йӕхирдыгонау уайы. Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ кӕнӕ дын лӕмӕгъ хъӕлӕс ис, уӕддӕр дӕ фидарӕй куы уырна, цы дзурыс, уый раст кӕй у ӕмӕ йӕ иннӕтӕм фӕхӕццӕ кӕнын кӕй хъӕуы, уӕд уый дӕ ныхасмӕхъусджытӕн бӕрӕг уыдзӕн.

Ӕрмӕст, фидарӕй куы дзурӕм, уӕд уыцы фидардзинад хъуамӕ зӕрдӕйӕ цӕуа — цӕстмӕ ми хъуамӕ ма уа. Адӕм уый куы фӕхатой, ӕмӕ зӕрдӕйӕ нӕ дзурӕм, фӕлӕ аразгӕ ныхас кӕнӕм, уӕд нӕ ныхасӕн сӕ цӕсты аргъ нӕ уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ уыдӕттӕй дӕхи хиз: цы дӕ, уый у. Бирӕ адӕмы раз куы ныхас кӕнай, уӕд дӕ хъӕудзӕн хъӕрдӕр ӕмӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй дзурын. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ ныхас уӕд ӕнӕхин ӕмӕ хуымӕтӕг.

Кӕд дзурдзынӕ фидарӕй. Адӕймаг фидарӕй уӕд дзурдзӕн, цы дзуры, уый йӕхи зӕрдӕмӕ арф куы бахъара, ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы хорз цӕттӕ кӕнын. Чиныг кӕнӕ журналӕй цыдӕр райсын ӕмӕ йӕ рафӕлхат кӕнын фаг нӕу. Дӕу хъӕуы ӕрмӕг хорз бамбарын ӕмӕ йӕ хи ныхӕстӕй радзурын. Хъуамӕ фидарӕй зонай, цы дзурыс, уый раст кӕй у ӕмӕ дӕ ныхасмӕхъусджыты ӕхсызгонӕй кӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ рагацау ахъуыды кӕнын хъӕуы: дӕ ныхасмӕ чи хъусдзӕн, уыдон цы уавӕрты цӕрынц; цӕуыл дзурдзынӕ, уый тыххӕй цы зонынц ӕмӕ цы хъуыды кӕнынц.

Цы дзурыс, уый дӕ фидарӕй кӕй уырны, уый иннӕтӕ ӕнцондӕрӕй фӕхатдзысты, дӕ ныхас ӕнӕрхӕцгӕ куы уа, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ хорз ӕрмӕг куы ссарай, уӕд ма, дӕ раныхас куыд дзурдзынӕ, ууыл дӕр хорз бакус. Дӕ хъус тынгдӕр ӕрдар, дӕ раныхасы ахсджиагдӕр хъуыдытӕ куыд зӕгъдзынӕ, уымӕ — дӕ фыстытӕм дӕ арӕх кӕсын куыд нӕ хъӕуа. Ма-иу дӕ ферох уӕд Иегъовӕмӕ скувын дӕр, цӕмӕй дын дӕ зӕрдиаг куысты ӕххуысгӕнӕг уа. Уӕд «Хуыцауӕй ныфсхаст фӕуыдзынӕ», ӕмӕ дӕ ныхасы уагӕй бӕрӕг уыдзӕн, цы дзурыс, уый раст ӕмӕ ахсджиаг кӕй у, ууыл мур дӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕныс (1 Фес. 2:2, НФ).