Дзырдарӕхстдзинад ӕмӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныдзинад фӕхуыздӕр кӕныны программӕ
ӔРЫГОН дӕ ӕви ацӕргӕ, нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг,— ацы программӕ дын стыр ахъаз фӕуыдзӕн дӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзурынӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхас хуыздӕр амонынӕн.
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы фыст чи уа, уыдонӕн хӕслӕвӕрдтӕ дӕтдзӕн Скъолайы цӕстдарӕг. Иннӕ ӕртӕ фарсыл ис, цы уроктыл дӕ хъӕудзӕн кусын, уыдоны номхыгъд. Алы хицӕн хайы размӕ дӕр дзы цы нымӕц ис, уый у урочы номыр. Уыцы уроктӕ бӕстон ӕмбарын кӕнынц, дзырдарӕхстдзинад ӕмӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныдзинады алыхуызон фӕзилӕнты куыд ис сфӕлтӕрӕн ӕмӕ дзы алкӕцыдӕр цӕмӕн хъӕуы, уый. Афтӕ ма дзы дзырд цӕуы, цы уынаффӕтӕ дзы лӕвӕрдӕуы, уыдонӕй куыд спайдагӕнӕн ис, ууыл дӕр.
Урокты номхыгъд кӕм ис, уым алы хуыз дӕр амоны, хӕслӕвӕрд цӕттӕгӕнгӕйӕ дӕ цӕуыл хъӕуы бакусын, уый: 1) иннӕты раз кӕсын, 2) дыууӕ кӕнӕ фылдӕр адӕймаджы ныхас кӕнӕ 3) ӕмбырды раз раныхас. Цӕуыл дӕ хъӕудзӕн кусын, уый дын бацамондзӕн Скъолайы цӕстдарӕг. Иууыл хуыздӕр у алы хатт дӕр иу цӕуылдӕр кусын. Стыр ахъаз ма дын фӕуыдзысты, алы урочы кӕрон дӕр цы фӕлтӕрӕнтӕ ис, уыдон. Дӕ урочы цы уынаффӕтӕ ис, уыдоныл хорз куы бакусай, уӕд дын, уынаффӕтӕ чи дӕтты, уый бахӕс кӕндзӕн ӕндӕр урок.
Кӕд ӕмӕ дӕ хӕслӕвӕрд дыууӕ адӕймаджы ныхас у, уӕд дӕ ахъуыды кӕнын хъӕудзӕн, цы уавӕры ныхас кӕндзынӕ, ууыл. Адӕймаджы ныхас кӕнын цы уавӕрты бахъӕуы, уыдоны номхыгъд ис 82-ӕм фарсыл, фӕлӕ дӕ бон у ӕндӕр уавӕртӕ дӕр равзарын. Цӕмӕй сфӕлтӕрай, уый тыххӕй дын уынаффӕдӕттӕг ӕфсымӕр, чи зоны, йӕхӕдӕг бацамона, ныхас кӕнын дӕ цы уавӕры хъӕудзӕн, уый, йе та дын ӕй дӕхи бар бакӕна.
Скъолайы дын хӕслӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд дӕр ацы чиныг куы кӕсай ӕмӕ дзы цы фӕлтӕрӕнтӕ ис, уыдон куы аразай, уӕд дын уый уыдзӕн стыр ӕххуыс. Хорз уаид, зӕгъӕм, алы къуыри дӕр дзы иу урокыл куы кусис.
Кӕд ацы Скъолайы рагӕй ахуыр кӕныс ӕмӕ хорз хабар рагӕй хъусын кӕныс, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ цӕуыл кусай, цы фӕхуыздӕр кӕнай, ахӕмӕй ницыуал баззад. Уӕдӕ, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола хорзӕй цы дӕтты, уымӕй мацы ауадз.