Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 УРОК

Дзырдтӕ сыгъдӕг дзур

Дзырдтӕ сыгъдӕг дзур

ЧИ ДӔМ хъусы, уыдон дын цӕмӕй дӕ хъуыдытӕ бамбарой, уый тыххӕй дӕ хъӕуы алы дзырд дӕр сыгъдӕг дзурын. Дӕ зӕгъинаг цыфӕнды цымыдисаг, цыфӕнды ахсджиаг ма уа,— дӕ ныхӕстӕ дын дзӕбӕх куы нӕ ӕмбарой, уӕд сын ницы ахъаз фӕуыдзӕн.

Адӕймаг, цы йын дзурынц, уый дзӕбӕх куы нӕ ӕмбара, уӕд ын йӕ зӕрдӕ никуы бацагайдзӕн. Нӕргӕ, зӕлланггӕнаг хъӕлӕс кӕмӕн ис, уый дӕр дзырдтӕ раст куы нӕ дзура, уӕд йӕ ныхас никӕй зӕрдӕйыл сӕмбӕлдзӕн. Ахӕм ныхас адӕймагӕн хатиаг ӕвзагӕй хъауджыдӕр нӕу (Иер. 5:15). Уымӕн нын фӕдзӕхсы Библи: «Труба... ӕбӕрӕг уаст куы кӕна, уӕд дын тохмӕ йӕхи чи цӕттӕ кӕны? Афтӕ сымах дӕр ӕвзагӕй ӕнӕмбаргӕ ныхӕстӕ куы кӕнат, уӕд цымӕ куыд бамбардзысты, цытӕ фӕдзырдтат, уый. Дымгӕмӕ дзурдзыстут» (1 Кор. 14:8, 9, НФ).

Адӕймаджы дзыхыныхас зынӕмбарӕн цӕмӕн вӕййы? Чи зоны, йӕ дзых, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ байгом кӕны, уый тыххӕй. Адӕймаг йе ’фсӕры нуӕрттӕ куы ныхъхъӕбӕр кӕны ӕмӕ йӕ былтӕ тыхызмӕлд куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр, цы фӕдзуры, уый бӕрӕг нӕ вӕййы.

Ныхас ма зынӕмбарӕн вӕййы, адӕймаг ӕгӕр тагъд кӕй фӕдзуры, уый тыххӕй дӕр. Уый абарӕн ис, магнитофоны кассетӕ, куыд ӕмбӕлы, уымӕй тагъддӕр куы зила ӕмӕ фыст ныхас ӕгӕр тагъдӕй куы хъуыса, уыимӕ. Дзырдтӕ иууылдӕр сты, фӕлӕ дзы ӕмбаргӕ ницы кӕныс.

Адӕймаг цы дзуры, уый ма зын рахатӕн вӕййы, ныхас кӕй фӕрцы рӕзы, уыцы уӕнгтӕй искӕцы хъыгдард куы вӕййы, уӕд дӕр. Фӕлӕ ахӕм адӕймаг дӕр, ацы сӕры цы уынаффӕтӕ ис, уыдоныл дзӕбӕх куы бакуса, уӕд йӕ дзыхыныхас бирӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн.

Фӕлӕ фылдӕр хатт ныхас зынӕмбарӕн уымӕн вӕййы, ӕмӕ дзырдтӕ кӕрӕдзийыл «ныккӕлынц». Бӕллӕх уый мидӕг ис, ӕмӕ адӕймаг дзырдӕн кӕм йӕ райдиан «аныхъуыры», кӕм — йӕ астӕу, кӕм та — йӕ кӕрон. Ӕмӕ дзырдтӕ кӕрӕдзийыл калд куы вӕййынц, уӕд дзы ныхасмӕхъусӕг, кӕмдӕр иугай ныхӕстӕ кӕнӕ ӕрдӕг дзырдтӕ цы ацахса, ӕндӕр, цӕй кой цӕуы, уый хъуамӕ исты хуызты йӕхӕдӕг рахата. Уӕдӕ бӕрӕг у: адӕймаг дзырдтӕ сыгъдӕг куы нӕ дзура, уӕд йӕ ныхас ахадгӕ нӕ уыдзӕн.

Дзырдтӕ сыгъдӕг дзурынӕн цы хъӕуы. Цӕмӕй сыгъдӕг дзурай, уый тыххӕй зонын хъӕуы, де ’взаджы дзырдтӕ куыд арӕзт цӕуынц, уый. Дунейы цы ӕвзӕгтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕры дзырдтӕ арӕзт вӕййынц уӕнгтӕй. Уӕнг у, дзырдӕй иу раулӕфтӕн цы хай фӕзӕгъӕм, уый, ӕмӕ арӕзт вӕййы иу кӕнӕ цалдӕр мырӕй. Ахӕм ӕвзӕгты дзургӕ-дзурын дзырды уӕнгтӕй алкӕцыдӕр фӕхъуысы, кӕд дзы цавд алкӕцы уӕнгыл нӕ фӕхауы, уӕддӕр. Кӕд дӕ ныхасыхъӕд фӕхуыздӕр кӕныныл кусыс, уӕд дзур сындӕгдӕр, алы уӕнг дӕр бӕлвырд куыд хъуыса. Райдианы, чи зоны, афтӕ зына, цыма дӕхи хъӕлӕсӕй нӕ дзурыс, фӕлӕ цас фылдӕр кусай дӕхиуыл, уыйас рӕвдздӕр уыдзӕн дӕ хъуыддаг. Цӕмӕй ныхас ӕнӕрхӕцгӕ уа, уый тыххӕй иуӕй-иу дзырдтӕ зӕгъын фӕхъӕуы иумӕ, фӕлӕ дын дзырдтӕ куы дызгъуым кӕной, уӕд сӕ фӕлтау хицӕнтӕй дзур.

Зӕрдыл бадарынӕн: рӕсугъд дзыхыныхасыл кусгӕйӕ дӕ хъӕудзӕн, адӕймаг ӕнӕуи куыд фӕдзуры ӕмӕ фӕкӕсы, уымӕй бӕлвырддӕр дзурын ӕмӕ кӕсын. Фӕлӕ дӕхи хиз, ӕнӕуи ныхасы дӕр афтӕ куыд нӕ райдайай дзурын. Кӕннод иннӕтӕм афтӕ кӕсдзӕн, цыма аразгӕ ныхас кӕныс.

Кӕд дӕ ныхас гыццыл зынӕмбарӕн вӕййы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ сӕр ӕгӕр ӕркъул кӕныс, ӕмӕ йыл уӕлдӕр хӕц. Библийӕ исты куы кӕсай, уӕд та Библийыл уӕлдӕр хӕц, ӕрмӕстдӕр дӕ дӕ цӕстытӕ куыд хъӕуа иу гыццыл бынмӕ ӕруадзын. Уый фӕрцы дын дзурын ӕнцондӕр уыдзӕн.

Афтӕ ма ахуыр кӕнын хъӕуы ууыл дӕр, цӕмӕй цӕсгомы нуӕрттӕ сӕрибарӕй змӕлой. Адӕймаг йӕ цӕсгомы нуӕрттӕ кӕнӕ йӕ улӕфӕнтӕ куы ныхъхъӕбӕр кӕны, уӕд уый тынг фӕзыны йӕ ныхасыл. Магъз, улӕфӕнтӕ ӕмӕ, ныхас кӕй фӕрцы рӕзы, уыцы уӕнгтӕ кӕрӕдзи нал фембарынц ӕмӕ иумӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал фӕкусынц.

Ӕфсӕры нуӕрттӕ хъуамӕ уой сӕрибар, уымӕн ӕмӕ сын сӕрымагъз цы базонын кӕны, ууыл ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн сӕ бон уадидӕгӕн дзуапп раттын. Сӕрибарӕй хъуамӕ змӕлой былтӕ дӕр, цӕмӕй, хурх ӕмӕ дзыхы цы ӕнӕнымӕц мыртӕ райгуыры, уыдон ӕнӕзивӕгӕй ӕмбӕлын кӕной сӕ нысаныл. Адӕймаг йе ’фсӕртӕ ӕмӕ йӕ былтӕ куы нылхъивы, уӕд дзых, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ фӕгом кӕны ӕмӕ сыф-сыфгӕнгӕ фӕдзуры. Ныхас ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ, хӕццӕ ӕмӕ зынӕмбарӕн дӕр уымӕн вӕййы. Фӕлӕ де ’фсӕртӕ ӕмӕ дӕ былтӕ ма ныхъхъӕбӕр кӕнай, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ ивазгӕ дзырд кӕнай. Хъуамӕ афтӕ дзурай, ӕмӕ алы дзырд дӕр ӕнцонӕмбарӕн уа.

Дзырдтӕ куыд дзурыс, уый базонӕн ис, исты хъӕрӕй кӕсгӕйӕ. Кӕсгӕ-кӕсын дӕ хъус дар, кӕй фӕрцы дзурыс, уыцы уӕнгты змӕлдмӕ. Цӕмӕй мыртӕ хорз хъуысой, уый тыххӕй дӕ дзых, куыд ӕмбӕлы, афтӕ гом кӕныс? Дӕ зӕрдыл дар, кӕд дзурыны хъуыддаджы ӕвзагӕн стыр ахадындзинад ис, уӕддӕр ӕрмӕст уый фӕрцы кӕй нӕ дзурӕм. Стыр куыст кӕнынц бинаг ӕфсӕр, былтӕ, цӕсгомы нуӕрттӕ, бӕрзӕй ӕмӕ хурхуадындзтӕ дӕр. Куы фӕдзурыс, уӕд дӕ цӕсгомы нуӕрттӕ хорз фезмӕлынц? Кӕд нӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ ныхас вӕййы зынӕмбарӕн.

Кӕд дын фадат ис, уӕд дӕ хъӕлӕс магнитофоны лентӕйыл ныффысс: цалдӕр минуты ӕнӕуи дзур, цыма уацамынды искӕимӕ ныхас кӕныс, афтӕ. Стӕй йӕм байхъус, ӕмӕ, сыгъдӕг цы дзырдтӕ нӕ дзурыс, уый базонай. Фӕнысан кӕн, уӕнг кӕм «аныхъуырдтай», дзӕбӕх кӕм нӕ райхъуыст, дзырд кӕм ауагътай, уыдӕттӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, афтӕ цӕмӕн рауад. Дӕ ныхасы хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн дын стыр ахъаз фӕуыдзысты, ацы сӕры цы уынаффӕтӕ ис, уыдон.

Мыййаг дын, ныхас кӕй фӕрцы рӕзы, уыцы уӕнгтӕй кӕцыдӕр хъыгдард у, ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ дзурын зын у, уӕд та? Кус дӕхиуыл, дӕ дзых тынгдӕр гом кӕн ӕмӕ дзырдтӕ бӕлвырддӕр дзур. Дӕ риуыдзаг-иу сулӕф ӕмӕ дзургӕ-дзурын тагъд ма кӕн. Ацы фӕлтӕрӕнты руаджы, сыгъдӕг дзурын зын кӕмӕн у, бирӕ ахӕм адӕймӕгтӕн фӕхуыздӕр сӕ ныхасыхъӕд. Кӕд сыф-сыфгӕнгӕ дзурыс, уӕд мыртӕ [ц] (кӕнӕ [с]) ӕмӕ [дз] (кӕнӕ [з]) дзургӕйӕ бацархай, де ’взаг дӕ раззаг дӕндӕгтыл куыд нӕ ӕндзӕва. Чи зоны, уыцы «низӕй» бынтон нӕ фервӕзай, фӕлӕ фидар лӕуу. Ӕрхъуыды-иу кӕн Моисейы. Кӕд йӕ дзурыны гӕнӕнтӕ бынтон зӕрдӕзӕгъгӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр Иегъовӕ уый равзӕрста, цӕмӕй ахсджиаг хабӕрттӕ фехъусын кодтаид канд Израилы адӕмӕн нӕ, фӕлӕ ма Египеты фараонӕн дӕр (Рац. 4:10—12). Кӕд цыфӕнды хъуыддаг бакӕнынмӕ дӕр цӕттӕ дӕ, уӕд Иегъовӕ дӕ бӕрны дӕр кӕндзӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ ӕнтыстджынӕй куыд ӕххӕст кӕнай, уымӕн дӕр дын ӕххуыс кӕндзӕн.