Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕхиуыл кус, цӕмӕй хорз ахуыргӕнӕг уай

Дӕхиуыл кус, цӕмӕй хорз ахуыргӕнӕг уай

АХУЫРГӔНӔДЖЫ хӕс дӕхимӕ райсгӕйӕ цӕмӕ тырныс? Кӕд Хуыцауы Паддзахады хабар хъусынгӕнӕг ӕрӕджы сдӕ, уӕд дӕ куыннӕ фӕнддзӕн, искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уый зонын, уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ (Матф. 28:19, 20). Кӕд ацы хъуыддаджы рагӕй лӕуд дӕ, уӕд та, чи зоны, хъуыды кӕныс, кӕмӕн ӕххуыс кӕныс, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр куыд бацагайай. Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд дӕ куыннӕ фӕнды, ӕмӕ сын ахӕм ахуыргӕнӕг куы уаис, сӕ зӕрдӕты сын сӕ цард Хуыцауӕн снывонд кӕныны бӕллиц чи ссудза (3 Иоан. 4). Кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ (кӕнӕ уыцы бӕрн дӕхимӕ райсай, уымӕ тырныс), уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнддзӕн, ахӕм дзырдарӕхст куы уаис, цӕмӕй дӕм чи хъуса, уыдон Иегъовӕйы тынгдӕр уарзой ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтӕн тынгдӕр аргъ кӕной. Фӕлӕ цӕмӕ тырныс, уый дӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн?

Дӕхицӕн зондӕн райс, Номдзыд Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти куыд ахуыр кодта адӕмы, уый (Лук. 6:40). Йӕ ныхас хохы фахсыл бадӕг къорд адӕммӕ уыдаид ӕви фӕндагыл цӕугӕйӕ цалдӕр адӕймагимӕ ныхас кодтаид, цы дзырдта ӕмӕ куыд дзырдта, уый арф фӕд уагъта адӕмы зӕрдӕты. Уый йӕ ныхасмӕхъусджыты ӕфтыдта хъуыдытыл ӕмӕ сын агайдта сӕ зӕрдӕтӕ; йӕ ныхӕсты фӕстӕ уыдон бӕлвырдӕй зыдтой, цы кӕнын сӕ хъуыди, уый. Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕу иннӕты афтӕ ахуыр кӕнын?

Дӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл дар

Йесо ахӕм дӕсны Ахуыргӕнӕг уымӕн уыди, ӕмӕ тынг ӕввахс уыди йӕ уӕларвон Фыдимӕ; афтӕ ма Йесо хайджын уыди Хуыцауы сыгъдӕг удӕй. Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ды дӕр зӕрдиагӕй фӕкувыс Иегъовӕмӕ, мӕ бон ын ӕцӕгӕй баххуыс кӕнын куыд уа, уыцы зонд мын ратт, зӕгъгӕ? Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд ӕм фӕкувыс, цӕмӕй сӕ раст фӕндагыл куыд ӕвӕрай, уый дын амона? Ныхасы рацӕуын кӕнӕ дӕ фембӕлд уадзын куы фӕхъӕуы, уӕд ӕй куыд хуыздӕр бакӕнай, уый тыххӕй фӕкувыс? Иегъовӕмӕ куы кувай ӕмӕ йыл дӕ зӕрдӕ куы дарай, уӕд ды суыдзынӕ ноджы хуыздӕр ахуыргӕнӕг.

Иегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ кӕй дарыс, уый бӕрӕг уыдзӕн, йӕ Ныхас Библийы цы фыст ис, ууыл кӕй ӕууӕндыс, уымӕй дӕр. Йесо, ӕххӕст адӕймаг, йӕ царды фӕстаг ӕхсӕв йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ афтӕ загъта: «Ӕз загътон уыдонӕн Дӕу дзырд» (Иоан. 17:14). Кӕд Йесо бирӕ фенӕг ӕмӕ бирӕ зонӕг уыди, уӕддӕр йӕхи хъуыдытӕ никуы хаста рӕгъмӕ. Йесо алкӕддӕр дзырдта, йӕ Фыд ӕй цӕуыл сахуыр кодта, уый, ӕмӕ уымӕй фӕзминаг у махӕн (Иоан. 12:49, 50). Хуыцауы дзырды (Библийы фыстӕй нӕм ӕнусты сӕрты чи ӕрхӕццӕ) ахӕм уӕз ис, ӕмӕ тынг ахады адӕмы цардыл — сӕ хъуыддӕгтыл, сӕ мидхъуыдытыл ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы уагыл (Дзут. 4:12). Уӕдӕ, цас фылдӕр цыдӕртӕ зонай Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ, дӕхӕдӕг цы базоныс, уый адӕмӕн дӕр цас хуыздӕр амонай, уыйас сын тынгдӕр ӕххуыс кӕндзынӕ Хуыцауы бауарзынӕн (2 Тим. 3:16, 17).

Иегъовӕйы кадджын кӕн

Чырыстийы хуызӕн ахуыргӕнӕг цӕмӕй уай, уымӕн, зӕрдӕйыл чи ӕмбӕлы, ахӕм раныхӕстӕ дзурай, уый фаг нӕу. Раст у, адӕм Йесойы «хорз... ныхӕстыл» дис кодтой (Лук. 4:22, НФ). Фӕлӕ цӕмӕн дзырдта Йесо афтӕ дзӕбӕх, йӕ нысан цы уыди? Йесо уымӕ никуы тырныдта, цӕмӕй дзы адӕм ӕппӕлыдаиккой, уый кадджын кодта Иегъовӕйы (Иоан. 7:16—18). Ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр уый фӕдзӕхста: «Афтӕ ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз, цӕмӕй уыдон уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ кадджын кӕной уӕ Уӕларвон Фыды» (Матф. 5:16, НФ). Ацы ныхӕстӕ мах дӕр хъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ айсын. Хъуамӕ нӕ алчидӕр йӕхи хиза, Хуыцауы кадджын кӕнынӕн нын къуылымпыйы хос цы уыдзӕн, уымӕй. Уӕдӕ, цы зӕгъай ӕмӕ йӕ куыд зӕгъай, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, дӕ зӕрдыл дар ахӕм фарст: чи мӕм хъуса, уыдон ацы ныхӕстӕй Иегъовӕйӕ тынгдӕр бузныг уыдзысты ӕви афтӕ зӕгъдзысты, мӕнӕ куыд дӕсны у дзурынмӕ, зӕгъгӕ?

Дзырдӕн зӕгъӕм, цӕмӕй, адӕймагӕн цы амоныс, уый йӕ зӕрдӕмӕ бахъара, уый тыххӕй ӕрхӕссӕн ис цӕстуынгӕ цӕвиттон кӕнӕ исты ӕцӕг хабар. Фӕлӕ цӕвиттон ӕгӕр даргъ куы уа кӕнӕ цавӕрдӕр цау ӕгӕр бӕстонӕй куы дзурай, уӕд ӕй цӕмӕн ӕрхастай, уый, гӕнӕн ис, ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна. Раст афтӕ, цыдӕр хабӕрттӕ дӕр ӕнӕуи адӕймаджы бахъӕлдзӕг кӕнынӕн куы дзурай, уӕд хъуыддагӕн хъыгдарыны хос цы уой, уый йедтӕмӕ пайда ницы ӕрхӕсдзысты. Уӕд уый афтӕ уайы, ӕмӕ ахуыргӕнӕг адӕмӕн се ’ргом, Хуыцауы организаци цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕ не здахы, фӕлӕ йӕхи стауы, мӕнӕ цы мӕлгъӕвзаг дӕн, зӕгъгӕ.

«Хицӕн кӕнын зон»

Адӕймаг Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинаг уӕд суыдзӕн, цы йын амонынц, уый хорз куы бамбара. Хъуамӕ базона ӕцӕгад ӕмӕ ӕмбара, ӕндӕр динты ахуырӕдтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый. Ӕмӕ йын уый тыххӕй та ӕрхӕссын хъӕуы бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

Иегъовӕ йӕ адӕмы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый «хицӕн кӕнын зыдтаиккой» (Лев. 10:9—11). Хуыцау загъта, йӕ монон кувӕндоны йын чи лӕггад кӕндзӕн, уыдон адӕмы кӕй ахуыр кӕндзысты, «табуйаг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын» (Иез. 44:23). Ӕмбисӕндты чиныджы та сӕрӕй-кӕронмӕ ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕрд цӕуынц раст ӕмӕ зылын, зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ цыдӕр хъуыддӕгтӕ сӕ мидисмӕ гӕсгӕ ныхмӕвӕрд не сты, фӕлӕ уӕддӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Ромӕгтӕм 5:7 апостол Павел ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрдта рӕстгӕнӕджы ӕмӕ хӕрзгӕнӕджы. Дзуттытӕм ӕрвысты та дзуры, Хистӕр сауджын Чырысти кӕй у, уый, адӕмӕн Аарон цы балӕггад кодта, уымӕй бирӕ стырдӕр пайда кӕй хӕссы, уый тыххӕй. Уӕвгӕ, куыд раст загъта XVII ӕнусы цӕрӕг ахуыргӕнӕг Ян Амос Коменский: «Искӕй ахуыр кӕнын нысан кӕны, иу цыдӕр, цыхуызӕн у, цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ куыд фӕзынд, уымӕй ӕндӕр цӕмӕйдӕр куыд хицӕн кӕны, уый ӕвдисын... Уӕдӕ хорз ахуыргӕнӕг уый у, дыууӕ хъуыддаджы цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый бамбарын кӕнын йӕ бон кӕмӕн у».

Зӕгъӕм, адӕймагӕн дзурыс Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Уыцы Паддзахад цы у, уый куы не ’мбара, уӕд ын ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕр, адӕм цы дзурынц (Паддзахад, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый у, зӕгъгӕ) ӕмӕ Библи цы дзуры, уый. Кӕнӕ йын бамбарын кӕн, цӕмӕй хицӕн кӕны уыцы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй. Кӕд ӕмӕ адӕм, Хуыцауы Паддзахад цы у, уый иумӕйагӕй зонынц, уӕд та сын ӕй бӕстондӕр бамбарын кӕн. Зӕгъӕм, равдис, цы хъауджыдӕр ис Мессиайы Паддзахадӕй ӕмӕ Иегъовӕйы дун-дунеон паддзахдзинадӕй (йӕ кой цӕуы Псалмы 102:19), кӕнӕ «Хуыцауы уарзон Фырты Паддзахадӕй» (Колоссӕгтӕм 1:13) ӕмӕ Хуыцау «хъуыддӕгтӕ йӕхимӕ [кӕй] райсдзӕн», уымӕй (уый тыххӕй та дзырд цӕуы Ефесӕгтӕм 1:10). Афтӕ аразгӕйӕ кӕй ахуыр кӕнай, уыдонӕн баххуыс кӕндзынӕ Библийӕ уыцы ахсджиаг фарста дзӕбӕх бамбарынӕн.

Цал ӕмӕ цал хатты спайда кодта ацы мадзалӕй Йесо. Зӕгъӕм, ныхӕй-ныхмӕ ӕвӕрдта, Моисейы Закъон адӕм куыд ӕмбӕрстой ӕмӕ йӕ ӕцӕг куыд хъуыди ӕмбарын, уый (Матф. 5:21—48). Равдыста сын, ӕцӕг Хуыцауы ӕфсарм ӕмӕ, фарисейтӕ цы цӕстмӕмитӕ кодтой, уыдон иу кӕй не сты (Матф. 6:1—18). Ӕмбарын кодта, адӕмыл «ӕлдариуӕг чи кӕны», уыдонӕй хъауджыдӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иннӕты хорздзинадыл сӕ уд кӕй хъуамӕ хъарой (Матф. 20:25—28). Иухатт та, Матфейы 21:28—32 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сӕхӕдӕг бамбӕрстаиккой, цӕмӕй хицӕн кӕнынц, йӕхиуыл къӕм абадын чи нӕ уадзы, уыдон ӕмӕ, йӕ рӕдыдыл ӕцӕг чи фӕсмон кӕны, уыдон. Ӕмӕ ам мах рахиздзыстӕм, дӕсны ахуыргӕнӕг ма ноджыдӕр кӕмӕй фӕпайда кӕны, ӕндӕр ахӕм мадзалмӕ.

Ахуыр сӕ кӕн хъуыды кӕнын

Матфейы 21:28 кӕсӕм, цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссыны размӕ Йесо ахӕм фарст кӕй радта: «Куыд уӕм кӕсы?» Дӕсны ахуыргӕнӕг алцы йӕхӕдӕг не ’мбарын кӕндзӕн, уый афтӕ ӕмӕ афтӕ у, зӕгъгӕ, кӕнӕ фарстытӕн цӕттӕ дзуаппытӕ нӕ дӕтдзӕн. Фӕлӕ кӕй ахуыр кӕны, уыдонӕн сӕхи ахуыр кӕндзӕн хъуыды кӕнын (Ӕмб. 3:21; Ром. 12:1). Ӕмӕ уымӕн та стыр ахъаз сты фарстытӕ. Матфейы 17:25 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йесо бафарста: «Куыд дӕм кӕсы, Симон? зӕххон паддзӕхтӕ кӕмӕй исынц фиддон, кӕнӕ хъалон? сӕ фырттӕй, ӕви ӕцӕгӕлонтӕй?» Ацы фарстытӕ Петры хъуыдытыл бафтыдтой, ӕмӕ уый фӕрцы раст хатдзӕгмӕ ӕрцыд, кувӕндоны хъалон чи хъуамӕ фида, уый тыххӕй. Йесойы иу лӕг куы бафарста: «Мӕ хӕстӕг та чи у?» — уӕд уымӕн дӕр ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрдта, сауджын ӕмӕ левит куыд бакодтой ӕмӕ самариаг лӕг цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ йӕ стӕй бафарста: «Чи уыд уыцы ӕртӕйӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, абырджытӕм бахауӕджы хӕстӕг?» (Лук. 10:29—36). Ӕмӕ та ам дӕр Йесо уыцы адӕймаджы бӕсты нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ йын йӕхицӕн баххуыс кодта йӕ фарстӕн дзуапп ссарын (Лук. 7:41—43).

Сӕ зӕрдӕтӕм сын фӕндаг ар

Хуыцауы Ныхас арф чи ӕмбары, ахӕм ахуыргӕнӕг зоны: цӕмӕй адӕймаг Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кува, уый тыххӕй фаг нӕу цавӕрдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ хабӕрттӕ бахъуыды кӕнын ӕмӕ бӕрӕг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын. Адӕймаг Хуыцауӕн хъуамӕ суа йӕ хӕлар ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ уарза. Уый тыххӕй йын хъуамӕ лӕггад кӕна, ӕмӕ йӕм йӕ зӕрдӕ афтӕ кӕй дзуры (Дык. з. 10:12, 13; Лук. 10:25—27). Дзырд «зӕрдӕ» Фыстады арӕхдӕр амоны, алкӕмӕндӕр нӕ йӕ мидӕг цы адӕймаг ис, уымӕ — цы йӕ фӕнды, цӕмӕ бӕллы, зынаргъ ын цы у, цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, йӕ мидхъӕлӕс ӕм цы дзуры, уыдӕттӕ иууылдӕр.

Йесо зыдта, адӕм конд ӕмӕ уындмӕ кӕй кӕсынц, Хуыцау та уыны, зӕрдӕйы цы ис, уый (1 Пад. 16:7). Хуыцауӕн уымӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм; уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕ исчи афтӕ зӕгъа, куыд тынг уырнӕг у, зӕгъгӕ (Матф. 6:5—8). Фарисейтӕ та цы арӕзтой, уый арӕзтой иннӕты цӕстмӕ. Сӕйрагдӕр сын уыдысты, Закъонмӕ гӕсгӕ цы лыстӕг хъуыддӕгтӕ хъуыди кӕнын, уыдон, стӕй сӕхи ӕрӕмысгӕ ӕгъдӕуттӕ. Хуыцауӕн кувӕг адӕм кӕй уыдысты, уый цы миниуджытӕй уыдаид бӕрӕг, ууыл та хъуыды дӕр нӕ кодтой (Матф. 9:13; Лук. 11:42). Йесо та амыдта, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусын хъӕуы, уӕддӕр уыцы коммӕгӕсдзинадӕн аргъ ис ӕви нӕ, уый, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй аразгӕ у (Матф. 15:7—9; Маркы 7:20—23; Иоан. 3:36). Адӕмы иууыл хуыздӕр уӕд ахуыр кӕндзыстӕм, Йесойы куы фӕзмӕм. Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕ, бӕгуыдӕр, хъӕуы зонын. Фӕлӕ сын уымӕй ахсджиагдӕр та у, Иегъовӕ ӕбӕрӕг тых нӕ, фӕлӕ зӕрдӕ кӕмӕн ис, ахӕм гоймаг кӕй у, уый базонын ӕмӕ йӕ фыдау бауарзын. Уӕд сӕ алы къахдзӕфӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕг Хуыцауы хӕлардзинадӕн куыд аргъ кӕнынц, уый.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг цы базыдта, уый йын дзӕгъӕлы уӕд нӕ фӕуыдзӕн, ӕмӕ ӕнӕхин куы уа. Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта сӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынӕн, цӕмӕй-иу ахъуыды кодтаиккой, цы сын дзуры, чердӕм сӕ здахы. Куы-иу ӕй фӕндыд, цӕмӕй, раст кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, уый бамбӕрстаиккой, уӕд та-иу сӕ бафарста, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс, афтӕ цӕмӕн зӕгъыс, йе та афтӕ цӕмӕн аразыс, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сӕ дарддӕр цы кӕнын хъуыди, уый цӕмӕй зыдтаиккой, уый тыххӕй-иу сын кӕм цыдӕр бӕлвырдгӕнӕн ӕрхаста, кӕм — цӕвиттон, кӕм та-иу сын ӕй хъуыддагӕй равдыста (Маркы 2:8; 4:40; 8:17; Лук. 6:41, 46). Уӕдӕ, кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕн мах дӕр ӕххуыс кӕнӕм сӕхимӕ ахӕм фарстытӕ дӕттынӕн: афтӕ цӕмӕн кӕнын? Ацы уавӕры мӕхи афтӕ цӕмӕн дарын? Уый фӕстӕ та-иу сын баххуыс кӕнӕм хъуыддагмӕ Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсынӕн.

Цы базыдтой, уый сӕм куыд хауы

Хорз ахуыргӕнӕг ӕмбары уый, ӕмӕ «сӕйрагдӕр у зонд» (Ӕмб. 4:7). Адӕймаг зондджын уӕд у, ӕмӕ цы зоны, уымӕй йӕ бон куы уа зын уавӕры арӕхстджынӕй спайда кӕнын, йӕхи фыдбылызӕй бахизын, йӕ разы цы нысан сӕвӕрдта, уый сӕххӕст кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн баххуыс кӕнын. Уӕдӕ ахуыргӕнӕгӕн йӕ хӕс у, кӕй ахуыр кӕны, уымӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ бӕсты ма лыг кӕна, фӕлӕ йын йӕхицӕн ӕххуыс кӕна зондӕй архайынӕн. Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй искӕцы куы ӕвзарат, уӕд ын баххуыс кӕн, афтӕ цӕмӕн у, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Ӕрхӕсс ын, царды арӕх чи ӕрцӕуы, иу ахӕм цау ӕмӕ йӕ стӕй бафӕрс, зӕгъгӕ, зӕгъӕм ахӕм уавӕры бахаудтӕ, уӕд дын, Библийӕ мӕнӕ ныртӕккӕ цы хъуыды базыдтай, уый куыд фӕахъаз уаид (Дзут. 5:14, НФ).

Апостол Петр н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон йӕ раныхасы адӕмӕн бамбарын кодта, цы фехъуыстой, уый комкоммӕ дӕр уыдонмӕ кӕй хауы, ӕмӕ сын афтӕмӕй ссыгъта сӕ зӕрдӕты зынг (Ап. к. 2:14—36). Адӕм цы Фыстытыл ӕууӕндыдысты, уырдыгӕй сын Петр ӕртӕ скъуыддзаджы ӕрхаста, уый фӕстӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕрӕджы сӕхи цӕстыты раз цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон ӕмӕ сын бамбарын кодта, уыцы ныхӕстӕ уыдонмӕ дӕр кӕй хауынц. Йӕ ныхасмӕ хъусгӕйӕ адӕммӕ бахъардта, дарддӕр афтӕ цӕрӕн кӕй нал ис, цыдӕр сӕ кӕй хъӕуы бакӕнын. Ды кӕй ахуыр кӕныс, уыдоны зӕрдӕтыл дӕр дӕ ныхӕстӕ афтӕ сӕмбӕлынц? Ӕрмӕстдӕр бӕлвырдгӕнӕнтыл нӕ ахицӕн вӕййы дӕ ныхас? Цавӕрдӕр хъуыддаг афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарынӕн сын баххуыс кӕныс? Цы базыдтой, уый сӕ цардыл куыд хъуамӕ фӕзына, ууыл хъуыды кӕнынмӕ сӕ разӕнгард кӕныс? Чи зоны, уыдон, Фӕндзайӕм боны адӕм ӕмхъӕлӕсӕй куыд загътой, афтӕ ма зӕгъой: «Цы нӕ хъӕуы бакӕнын?» Фӕлӕ Библийы стих уыдонмӕ куыд хауы, уый сын дзӕбӕх куы бамбарын кӕнай, уӕд уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сӕ цыдӕр кӕй хъӕуы саразын, ууыл ма ахъуыды кӕной (Ап. к. 2:37, НФ).

Библи дӕ сывӕллӕттимӕ куы кӕсай, уӕд сӕ ахуыр кӕн, цы базыдтой, уый сӕ царды кӕм бахъӕудзӕн, ууыл хъуыды кӕнын (Еф. 6:4). Зӕгъӕм, къуырийы мидӕг Библийӕ цы скъуыддзаг бакӕсын хъӕуы, уырдыгӕй цалдӕр стихы равзар, сӕ хъуыды сын райхал ӕмӕ сӕм уӕд ратт ахӕм фарстытӕ: «Ацы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты? Куыд нын баххуыс кӕндзысты уацамынды? Цы нын дзурынц, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ куыд архайы, уый фӕдыл, ӕмӕ йын уый тыххӕй ноджы тынгдӕр куыд хъуамӕ кад кӕнӕм?» Дӕ бинонты баразӕнгард кӕн, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕ зӕгъой, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы Библийӕ ахсджиаг хъуыдытӕ ӕвзӕрст куы цӕуой, уӕд. Сӕ хъуыдытӕ цы стихы тыххӕй зӕгъой, уый хуыздӕр бахъуыды кӕндзысты.

Фӕзминаг у

Кӕй ахуыр кӕныс, уыдон, цы дзурыс, ӕрмӕст уымӕ нӕ кӕсынц, фӕлӕ ма цы аразыс, уымӕ дӕр. Цӕуыл сӕ ахуыр кӕныс, уый царды куыд ис сӕххӕст кӕнӕн, уый хъуамӕ уыной дӕ хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, сывӕллӕттӕ афтӕ фӕахуыр кӕнынц. Сывӕллон фӕкӕсы йӕ ныййарджытӕм, ӕмӕ уыдон куыд кӕнынц, уый дӕр афтӕ фӕкӕны (йӕ ныййарджыты хуызӕн уа, уый йӕ фӕфӕнды). Сӕ ныййарджытӕ цы аразынц, уыдоны дӕр уый фӕфӕнды бафӕлварын. Уӕдӕ кӕй ахуыр кӕныс, уыдон дӕр дӕу куы «фӕзмой, ды Чырыстийы куыд фӕзмыс, афтӕ», ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндагыл куы цӕуой, уӕд хайджын уыдзысты йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй (1 Кор. 11:1, НФ). Ӕмӕ уӕд сӕхицӕй зондзысты, Хуыцау куыд ӕххуыс кӕны, уый.

Иугӕр афтӕ у, уӕд нӕ алкӕйдӕр ахъуыды кӕнын хъӕуы, цымӕ алцӕмӕй дӕр иннӕтӕн фӕзминаг дӕн, зӕгъгӕ. «Сыгъдӕг цард» куы кӕнӕм ӕмӕ нӕм «Хуыцауы ӕфсарм» куы уа, уӕд махмӕ кӕсгӕйӕ нӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уындзысты, Библийы уагӕвӕрдтӕ царды куыд ахадынц, уый (2 Пет. 3:11, НФ). Уӕдӕ дӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕса, уӕд уыцы хъуыддаг дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ ӕхсызгонӕй кӕнай. Кӕд ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕ, Библи куыд дзуры, афтӕ кӕной, уӕд хъуамӕ уыной, дӕхӕдӕг алцӕмӕй дӕр Хуыцауы фӕндыл кӕй цӕуыс. Кӕд ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм сидыс, цӕмӕй уацамынды сӕ удӕй арт цӕгъдой, уӕд хъуамӕ уыцы хъуыддаг дӕхицӕн дӕр афтӕ ахсджиаг уа. Дзургӕ куыд кӕныс, аразгӕ дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ ныхас иннӕты зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъардзӕн (Ром. 2:21—23).

Кӕд дӕ, хуыздӕр ахуыргӕнӕг уай, уый фӕнды, уӕд дӕхи бафӕрс: иннӕты афтӕ ахуыр кӕнын, ӕмӕ сӕ зондахаст, сӕ ныхасы уаг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтыл фӕзыны? Ӕрмӕг хуыздӕр бамбарынӕн сын ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрын дыууӕ хицӕн хъуыдыйы кӕнӕ дыууӕ алыхуызон хъуыддаджы? Цы аразын, цӕмӕй Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын кӕнӕ мӕм ӕмбырды чи хъусы, уыдон, стӕй мӕ сывӕллӕттӕ дӕр мӕ ныхӕстӕ бахъуыды кӕной? Цы базонынц, уымӕй царды куыд ис спайдагӕнӕн, уый сын хорз бамбарын кӕнын? Уыцы хъуыддаджы сын мӕхӕдӕг фӕзминаг дӕн? Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтой, уый сӕ зӕрдӕмӕ куыд айсой, Иегъовӕмӕ дӕр афтӕ ӕввахс кӕй уыдзысты, уый ӕмбарынц? (Ӕмб. 9:10). Дӕ ахуыргӕнӕджы дӕсныдзинад фӕхуыздӕр кӕныныл кусгӕйӕ дӕ ацы хъуыддӕгтӕ макуы рох кӕнӕнт. «Ӕппынӕдзух кӕс дӕхимӕ ӕмӕ куыд амоныс, уымӕ. Уыцы хъуыддаджы лӕуд у, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тим. 4:16, НД).