Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 УРОК

Дӕ конд ӕмӕ дӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕнт

Дӕ конд ӕмӕ дӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ уӕнт

АДӔЙМАГӔН йӕ бакастӕй бирӕ цыдӕртӕ зӕгъӕн вӕййы, цавӕр адӕймаг у, уый тыххӕй. Кӕд Иегъовӕ зӕрдӕ уыны, уӕд адӕм та кӕрӕдзийӕн фылдӕр, «цӕст цы уыны», уымӕ гӕсгӕ аргъ кӕнынц (1 Пад. 16:7). Дӕ уӕлӕдарӕс сыгъдӕг куы уа, дӕ конд та — аив, уӕд ахӕм хатдзӕг скӕндзысты, зӕгъгӕ, ацы адӕймаг йӕхицӕн аргъ кӕнын зоны, ӕмӕ дӕм хъусгӕ дӕр хуыздӕр бакӕндзысты. Дӕ конд зӕрдӕмӕдзӕугӕ куы уа, уӕд уый хорзырдӕм фӕзындзӕн, цы организацийы номӕй дзурыс, ууыл, ӕмӕ ма кӕмӕн кувыс, уыцы Хуыцауы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, ууыл дӕр.

Цы хъӕуы зӕрдыл дарын. Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд цыхуызӕн хъуамӕ уой, уый тыххӕй Библийы алцы комкоммӕ нӕй фыст. Фӕлӕ нын цыхуызӕнӕй ис цӕуӕн ӕмӕ цыхуызӕнӕй — нӕй, уый базонынӕн дзы ис хорз уагӕвӕрдтӕ. Иуыл иумӕ сӕ куы райсӕм, уӕд та сӕ рахӕцӕн ис мӕнӕ ацы ныхӕсты — «алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн» (1 Кор. 10:31). Уӕдӕ дзырд нӕ конд ӕмӕ нӕ уындыл куы цӕуа, уӕд нӕ цы хъӕуы зӕрдыл дарын?

Фыццаг: Библи нын фӕдзӕхсы, нӕ буар дӕр ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс дӕр кӕй хъуамӕ уой сыгъдӕг. Иегъовӕ рагон Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уым уыди бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ сыгъдӕгдзинады тыххӕй. Зӕгъӕм, сауджынтӕ-иу кувӕндоны сӕ хӕстӕ куы ӕххӕст кодтой, уӕд уал-иу сӕхи дӕр хъуамӕ ныннадтаиккой ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕс дӕр ныхсадтаиккой (Лев. 16:4, 24, 26, 28). Чырыстӕтты Моисейы Закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ уыцы закъон цы бындурон уагӕвӕрдтыл ӕнцад, уыдон абон дӕр сӕ тыхы сты (Иоан. 13:10; Рарг. 19:8). Уӕлдайдӕр Хуыцауӕн кувӕн бынатмӕ куы цӕуӕм кӕнӕ уацамынды куы уӕм, уӕд нӕ буар ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс хъуамӕ уой сыгъдӕг, нӕ дзыхӕй ӕвзӕр тӕф хъуамӕ ма цӕуа, науӕд нӕ адӕм дардмӕ лидздзысты. Ацы хъуыддаджы хъуамӕ фӕзминаг уой, ӕмбырды раз ныхасы чи рацӕуы кӕнӕ, уацамынды адӕмимӕ ныхасгӕнӕн куыд ис, уый равдисын кӕмӕн бахӕс кӕнынц, уыдон. Нӕхимӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы зилӕм, уӕд уымӕй хорз ном кӕндзыстӕм Иегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн.

Дыккаг: Библи нын куыд дзуры, афтӕмӕй хъуамӕ уӕм хӕдӕфсарм ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст. Апостол Павел чырыстон сылгоймӕгтӕм сидти, цӕмӕй «сӕхи фидауц арӕзт ма кӕной — дзыккубийынӕй, нӕдӕр зӕринӕй, нӕдӕр фӕрдгуытӕй, нӕдӕр иуылзынаргъ дарӕсӕй, фӕлӕ... ӕфсӕрмыгӕнгӕйӕ ӕмӕ зондджынӕй [«хӕдӕфсармӕй ӕмӕ уӕззау зондӕй», НД], хорз митӕй, ӕмбӕлгӕ дӕр иу куыд кӕны, сӕхи Хуыцауы куыстӕн чи снывонд кодта, ахӕм устытӕн» (1 Тим. 2:9, 10, НФ). Нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ конд ӕмӕ сӕ уындӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст кӕй сты, уый.

Хӕдӕфсарм адӕймаг йӕхи хизы искӕй зӕрдӕхудты бацӕуынӕй ӕмӕ адӕмы йӕхимӕ дӕр не ’ркӕсын кӕны. Уӕззау зонды хицау кӕй у, уый бӕрӕг у йӕ раст, йӕ зондджын хъуыдытӕй. Ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ уа, уый царды алцыдӕр бардзӕн Хуыцауы барӕнтӕй, ӕмӕ уый фӕрцы уыдзӕн ӕмбаргӕ. Ӕцӕг, адӕймаг хӕдӕфсарм ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст уа, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕ бон рӕсугъд дарӕс скӕнын нӕу. Дзырд ууыл цӕуы, ӕмӕ-иу нӕ уӕлӕ исты скӕныны размӕ ахъуыды кӕнӕм, цымӕ мӕ конд ӕмӕ мӕ уынд ӕнахуыр нӕу (1 Иоан. 2:16). Ацы хъуыдытӕ нӕ нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы кӕмфӕнды дӕр,— Хуыцауӕн кувӕн бынаты уӕм, уацамынды ӕви ӕндӕр искуы. Ӕрмӕст нӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй нӕ, фӕлӕ ма нӕ ӕрвылбоны дарӕсӕй дӕр хъуамӕ уа бӕрӕг, хӕдӕфсарм ӕмӕ, уӕззау зонды хицау кӕй стӕм, уый. Скъолайы кӕнӕ нын куысты арӕх фӕзыны иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй радзурыны фадат. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресстӕм куыд арӕзтӕй фӕцӕуӕм, алкӕд афтӕ нӕ цӕудзыстӕм, фӕлӕ уӕддӕр нӕ дарӕс кӕддӕриддӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ аив.

Адӕмӕн сӕ конд иухуызон никуы вӕййы. Ӕмӕ не ’ппӕт дӕр уыцы иу дарӕсы цӕуӕм, уый хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны. Иуӕн йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый, гӕнӕн ис, иннӕйы зӕрдӕмӕ ма цӕуа, ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Ӕрмӕст нын алкӕддӕр зӕрдыл даринаг у, Библи цы дзуры, уый.

Апостол Петр ӕмбарын кӕны, адӕймагӕн йӕ фӕлыстӕй бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у, «адӕймаджы зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уыцы ӕнӕруайгӕ рӕсугъддзинад» (1 Пет. 3:3, 4, НФ). Нӕ зӕрдӕйӕ уарзондзинад, цин, фарн, хорздзинад ӕмӕ фидар уырнындзинад куы цӕуа, уӕд уый уыдзӕн, ӕцӕгӕй нӕ чи рӕсугъд кӕны ӕмӕ Хуыцауы номӕн кад чи хӕссы, уыцы «фӕлыст».

Ӕртыккаг: Библи нӕм сиды, цӕмӕй нӕ конд зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа. 1 Тимофеймӕ 2:9 цӕуы «аив дарӕсы» кой. Уыцы стихы Павел сылгоймӕгты кой кӕны, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ хауынц нӕлгоймӕгтӕм дӕр. Нӕ конд аив уӕд уыдзӕн, нӕхимӕ куы зилӕм, нӕ уӕлӕдарӕс нывыл куы уа. Чидӕр нӕ мӕгуырдӕр цӕры ӕви хъӕздыгдӕр — алкӕмӕндӕр нӕ йӕ бон у аив ӕмӕ сыгъдӕг дарӕсы цӕуын.

Адӕм фыццаджыдӕр цӕмӕ фӕкӕсынц, уыдонӕй иу — нӕ сӕрыхъуынтӕ. Сӕрыхъуынтӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг, стӕй аив фаст. Адӕймаг йӕ сӕрыхъуынтӕ куыд дардзӕн, уый иуӕй, цы адӕмы ’хсӕн цӕры, уыдоны ӕгъдӕуттыл баст у, иннӕмӕй та — ӕрдзӕй йын цавӕр сӕрыхъуынтӕ лӕвӕрд ис, ууыл. Ӕмӕ ацы дыууӕ хъуыддагмӕ дӕр ахӕссӕн ис, апостол Павел 1 Коринфӕгтӕм 11:14, 15 сӕрыхъуынты тыххӕй цы хорз уынаффӕ радта, уый. Фӕлӕ нӕлгоймаг даргъ сӕрыхъуынтӕ куы рауадза, сылгоймаг та йӕ сӕр лӕгау хӕрзцыбыр ӕлвыд куы скӕна, уӕд уый у Библийы ныхмӕ (Дык. з. 22:5).

Нӕлгоймагӕн йӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ ноджыдӕр уӕд уыдзӕн, хӕрздаст куы уа. Кӕд, кӕм цӕрыс, уым рихитӕ дарын аив у ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, уӕд та сӕм хъӕуы зилын, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу сӕ бадзӕбӕхтӕ кӕн.

Цыппӕрӕм: нӕ уынд ууыл дзурӕг хъуамӕ ма уа, ӕмӕ ацы дуне ӕмӕ йын йӕ митӕ уарзӕм. Апостол Иоанн нӕ фӕдзӕхста: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый» (1 Иоан. 2:15—17). Дуне ӕвзӕрдзинадӕй, худинаг ӕмӕ цъаммар мийӕ цы ракӕна, ууыл у. Иоанн куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы дунейы адӕм цӕуынц сӕ тӕригъӕдджын буар ӕмӕ сӕ цӕстыты фӕндоныл, сӕ хъӕздыгдзинадӕй сты хъал. Библи ма нын дзуры, адӕм кӕй никӕй ницӕуыл нымайынц, алцӕй ӕмӕ алкӕй ныхмӕ кӕй цӕуынц (Ӕмб. 17:11; Еф. 2:2). Ӕмӕ ахӕм зондыл хӕст кӕй сты, ахӕм фӕндӕттӕ сӕм кӕй ис, уый та арӕх бӕрӕг вӕййы сӕ дарӕс ӕмӕ сӕ уындӕй. Сӕ конд ӕнӕфсарм, ӕнӕуаг, цӕуынц ронбӕгъдӕй, ӕгӕр ирд, хъулон-мулон дарӕсы. Мах, Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм, хъуамӕ нӕхи хизӕм ахӕм зондахаст ӕмӕ уындӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы худинаг кӕнынц.

Уӕвгӕ, цас хуыздӕр у, чырыстон ӕмбырды цы фӕлтӕрд ӕмӕ уӕззаузонд нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ ис, уыдонмӕ кӕсын ӕмӕ бакастӕй дӕр уыдоны фӕзмын, дунейы нӕ, фӕлӕ! Ӕрыгон ӕфсымӕртӕй ууыл чи хъуыды кӕны, иу бон ӕз дӕр ныхасы рацӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уыдонӕн ис, сӕхи кӕуыл барой, уый — ныридӕгӕн раныхӕстӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕ. Ӕниу, Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыцы ӕнувыд чырыстӕттӕм кӕсгӕйӕ нӕ алчидӕр зондӕн цыдӕр райсдзӕн (1 Тим. 4:12; 1 Пет. 5:2, 3).

Фӕндзӕм: аив цы уыдзӕн ӕмӕ цы нӕ уыдзӕн, уый ӕвзаргӕйӕ нӕ нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ «Чырысти дӕр йӕхи удыдзӕбӕхӕн... нӕ царди» (Ром. 15:3, НФ). Йесойӕн йӕ хъуыдытӕ сӕйраджыдӕр уыдысты Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Адӕмӕн ӕххуыс кӕнын дӕр ын йӕхи уды мӕтӕй ӕхсызгондӕр хъуыддаг уыди. Уӕдӕ нӕ цы дзаумӕттӕ фӕнды дарын, уыдон, Хуыцауӕн кӕм лӕггад кӕнӕм, кӕм хъусын кӕнӕм, уымы адӕмы зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуой, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Йесойау сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд, раст куыд уыдзӕн, афтӕ сараздзыстӕм. Апостол Павел ахӕм хорз хъуыды загъта: «Мах никӕмӕн ницы къуылымпыдзинад ӕвӕрӕм» (2 Кор. 6:3). Уымӕ гӕсгӕ нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд хъуамӕ ахӕм ма уа, ӕмӕ, цы адӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдон нӕм уый тыххӕй ма байхъусой.

Куыд фӕлӕууӕм. Иугӕр конд ӕмӕ уындыл дзурӕм, уӕд зӕгъын хъӕуы, куыд фӕлӕууӕм, уый тыххӕй дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алчидӕр нӕ йӕхирдыгонау фӕлӕууы, ӕмӕ ууыл нӕ архайӕм, не ’ппӕт дӕр ӕмхуызон, иу джиппы уагъдау куыд лӕууӕм. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй адӕймагӕн йӕ гуыр раст куы уа, сӕры бӕрзондгомау куы хасса, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕхицӕн аргъ кӕнын зоны ӕмӕ сомбон цыдӕр хорзмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Лев. 26:13; Лук. 21:28). Ӕцӕг, кӕд не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй чидӕртӕ бирӕ азты дӕргъы гуыбырӕй фӕкуыстой йе та сыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой кӕнӕ сыл низ стых, уӕд раст лӕууын сӕ бон ай-гъай нӕ уыдзӕн. Хатт сӕ цӕуылдӕр банцой кӕнын дӕр фӕхъӕуы. Фӕлӕ хорз уаид, йӕ бон кӕмӕн у, уыдон искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ раст куы лӕууиккой, науӕд адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсдзӕн, цыма зӕрдӕйӕ нӕ дзурӕм кӕнӕ йӕм кӕй ӕрбацыдыстӕм, уый тыххӕй дзы ӕфсӕрмы кӕнӕм. Уӕдӕ ныхасы рацӕуӕг хатгай йӕ къухтӕ быцӕуӕвӕрӕныл кӕй ӕрӕвӕры, уым дӕр ӕвзӕрӕй ницы ис, фӕлӕ йын йӕ ныхасмӕхъусджыты цӕсты стырдӕр кад уыдзӕн, ӕнцой йыл куы нӕ кӕна, уӕд.

Дӕ «кусӕнгӕрзтӕ» хъуамӕ уой сыгъдӕг. Канд нӕхӕдӕг хъуамӕ ма уӕм сыгъдӕг, канд нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд хъуамӕ ма уа зӕрдӕмӕдзӕугӕ, фӕлӕ ма уацамынды немӕ цытӕ фӕхӕссӕм, уыдон дӕр.

Цы зӕгъӕн ис дӕ Библийӕ? Алкӕй бон нӕу ног Библи балхӕнын. Фӕлӕ нӕ Библийӕ цасфӕнды бирӕ ма архайӕм, цыфӕнды рагӕй нӕм ма уа,— хъуамӕ бӕрӕг уа, сыгъдӕг ӕй кӕй дарӕм.

Хъусын кӕнынмӕ нӕхи куы фӕрӕвдз кӕнӕм, уӕд нӕ йӕ хызын алчи йӕхирдыгонау ӕрцӕттӕ кӕны, фӕлӕ нӕ алкӕмӕндӕр ӕдде-мидӕгӕй хъуамӕ уа сыгъдӕг, алцыдӕр дзы — нывыл. Хатт афтӕ нӕ феныс, ӕмӕ уацамынды хъусынгӕнӕджы фӕнды адӕймагӕн стих бакӕсын (йе та ӕфсымӕр ӕмбырды раз ныхасы рацыд), ӕмӕ йӕ Библи куыд бакодта, афтӕ дзы гӕххӕттытӕ ратахтысты ӕмӕ алырдӕмты ныппырхытӕ сты? Дӕхӕдӕг зӕгъ, дӕ хъуыдытӕ нӕ адзӕгъӕл сты? Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хуыздӕр уыдзӕн, дӕ гӕххӕттытӕ ӕндӕр ран куы дарис. Ноджыдӕр ма дӕ иу хъуыддаг рох ма уӕд: ис ахӕм адӕмтӕ, ӕмӕ сӕм Библи кӕнӕ ӕндӕр сыгъдӕг, динон чингуытӕ пъолыл ӕрӕвӕрын фыдракӕндӕй хъауджыдӕр нӕу.

Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд кӕддӕриддӕр хъуамӕ уа зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Нӕхимӕ куыд зилӕм, ууыл баст дӕр у, иннӕтӕ нӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уый. Фӕлӕ нын нӕ конд ӕмӕ нӕ уындмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн фыццаджы-фыццаг уымӕн нӕй, ӕмӕ мах фӕнды, цӕмӕй «Хуыцауы, нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, амындӕн йӕ фидауц уӕм» (Тит. 2:10, НФ).