Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 УРОК

Дӕ ныхасмӕхъусджыты разӕнгард кӕн Библи гом кӕнынмӕ

Дӕ ныхасмӕхъусджыты разӕнгард кӕн Библи гом кӕнынмӕ

МАХ уый фӕнды, ӕмӕ алы адӕймаг дӕр йӕхи цӕстӕй фена, Хуыцауы Ныхас Библи цы дзуры, уый. Цы хабар хъусын кӕнӕм, уый ацы сыгъдӕг чиныджы фыст ис, ӕмӕ мах дӕр уымӕ тырнӕм, цӕмӕй адӕм зоной, цы сын дзурӕм, уый нӕхицӕй кӕй нӕ дзурӕм — Хуыцауы ныхӕстӕ сын хъусын кӕнӕм. Адӕмы хъӕуы Библийыл баууӕндын.

Уацамынды. Хъусын кӕнынмӕ куы фӕцӕттӕ кӕныс, уӕд-иу алы хатт дӕр равзар, чи дӕм хъуса, уыдонӕн кӕй бакӕсдзынӕ, дыууӕ-ӕртӕ ахӕм стихы. Журнал кӕнӕ чиныг раттыны размӕ дӕ ӕрмӕстдӕр дыууӕ ныхасы зӕгъын куы фӕнда, уӕддӕр хорз уыдзӕн Библийӕ иу стих бакӕсын. Сабыр адӕмы зӕрдӕтӕм Библийы ныхӕстӕ куыд бахъарой, афтӕ сӕм нӕ ныхӕстӕ нӕ бахъардзысты. Комкоммӕ дын Библийӕ бакӕсынӕн куы ницы амал уа, уӕд ӕй дӕхи ныхӕстӕй зӕгъ. Фыццаг ӕнусы Фыстыты тыхтӕттӕ алкӕмӕ нӕ уыди. Фӕлӕ уӕддӕр Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ адӕмӕн арӕх дзырдтой Фыстытӕй скъуыддзӕгтӕ. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ архайӕм, Библийы кӕм цавӕр стих ис ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый бахъуыды кӕныныл, ӕмӕ нын уацамынды, гӕнӕн кӕм уа, уым-иу сӕ адӕймагӕн бакӕсӕм, кӕм нӕ уа, уым та-иу сӕ нӕхи ныхӕстӕй зӕгъӕм.

Уацамынды дын Библийӕ исты бакӕсыны фадат куы фӕзына, уӕд-иу ыл афтӕ хӕц, ӕмӕ йӕ кӕмӕн кӕсыс, уымӕ дӕр куыд зына. Цы йын кӕсай, уымӕ йӕхи Библийы куы кӕса, ноджы тынгдӕр та йӕм уӕд бахъардзӕн.

Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ Хуыцауы Ныхасы цыдӕртӕ, сӕхимӕ хуыздӕр куыд каст, афтӕ кӕй фӕивтытӕ кодтой. Ӕмӕ уыйадыл сӕ тӕлмацтӕ, Библи иууыл фыццаг цыхуызӕн уыди, бынтон ахӕм не сты. Кӕцыдӕр нырыккон тӕлмацты айстой Хуыцауы ном, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый базонӕн дӕр дзы нал ис, кӕд Библийы иуыл райдианӕй уый бӕлвырд фыст уыди, уӕддӕр. Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ зӕхх цы бауыдзӕн, уымӕн дӕр дзы ницы бамбардзынӕ. Уӕдӕ, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый адӕймагӕн бамбарын кӕнынӕн дӕ бахъӕудзӕн стихтӕ Библийы цалдӕр тӕлмацмӕ гӕсгӕ абарын кӕнӕ рагондӕр тӕлмацтӕм ӕркӕсын. Уацамынды арӕхдӕр цы стихтӕ фӕкӕсӕм, уыдон алыхуызон тӕлмацты куыд сты, уый фенӕн ис чиныджы «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» (англ.). Ӕцӕгад зынаргъ кӕмӕн у, ахӕм адӕймаг уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕй уыдзӕн бузныг.

Ӕмбырды фембӕлдты. Ӕмбырды фембӕлдты алкӕйдӕр разӕнгард кӕн сӕ Библитӕ гом кӕнынмӕ. Уымӕн йӕ пайда тынг стыр у. Иу уый, ӕмӕ афтӕмӕй ӕнцондӕр у, дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ хъусын. Иннӕмӕй та, ныхасы рацӕуӕг цы амоны, уый хъусгӕ цы кӕнынц, уымӕй дарддӕр ма йӕ уынгӕ дӕр кӕнынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр хъары. Библи ӕрӕджы чи райдыдта ахуыр кӕнын, уый та йӕхи цӕстӕй уыны, цӕуыл ӕууӕндӕм, уымӕн йӕ рахӕцӕн Библи кӕй у.

Библийӕ цы кӕсай, уымӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕ сӕ Библиты кӕсдзысты ӕви нӕ, уый дӕуӕй аразгӕ дӕр у. Иуыл хуыздӕр сӕ куыд ис уымӕ баразӕнгард кӕнӕн? Комкоммӕ сын зӕгъ, уӕ Библитӕ-ма бакӕнут ӕмӕ уым ӕмӕ уым бакӕсут, зӕгъгӕ.

Дӕ ныхасмӕхъусджытимӕ дӕ цавӕр стихтӕ фӕнды бакӕсын ӕмӕ сӕм афтӕмӕй се ’ргом раздахын, уый дӕхи хъуыддаг у. Хуыздӕр уыдзысты, сӕйраг хъуыдытӕ райхалынӕн дын чи фӕахъаз уа, уыцы стихтӕ. Кӕд дӕ рӕстӕг амоны, уӕд ма дӕ хъуыдытӕ фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн бакӕсӕн ис ӕндӕр стихтӕ дӕр.

Уӕвгӕ, афтӕ зӕгъай, ахӕм ӕмӕ ахӕм стих бакӕнут, зӕгъгӕ, уый фаг нӕу. Иу стих куы бакӕсай, стӕй иннӕмӕ куы рахизай, афтӕмӕй дӕ ныхасмӕхъусджытӕ та фыццаг дӕр куы нӕма ссарой, уӕд сӕм стихтӕ сӕ Библиты агурыны зӕрдӕ нал уыдзӕн. Дӕ хъус сӕм дар. Сӕ фылдӕр куы ссарой стих, ӕрмӕстдӕр-иу ӕй уӕд райдай кӕсын.

Хъуыды кӕн, дарддӕр цы дзурдзынӕ, ууыл: цы стих дӕ фӕнды бакӕсын, уый-иу рагацау зӕгъ, ӕмӕ уӕд дӕ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы нӕ сафдзынӕ. Раст у, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ стихтӕ сӕ Библиты куы агурой ӕмӕ сӕм уым куы кӕсой, уӕд къаддӕр ӕрмӕг уыдзӕн дӕ бон райхалын, фӕлӕ сын цас ахъаз фӕуыдзӕн, уый кӕуылты у!