Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 УРОК

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕм кӕс

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕм кӕс

ЦӔСТЫТӔ сты адӕймаджы зӕрдӕйы айдӕн. Цӕстыты фызыны дис ӕмӕ тас. Цӕстыты ферттивы уарзты зынг, цӕстӕнгасӕй бӕрӕг вӕййы, адӕймаджы зын кӕй ӕмбарыс, уый дӕр. Хатт цӕстыты фаст вӕййы зӕрдӕйы сагъӕс, дудгӕ маст ӕмӕ гуырысхойы фӕд. Иу ацӕргӕ лӕг йӕхи ӕмӕ йе ’мбӕстаг цардӕфхӕрд адӕмы тыххӕй афтӕ загъта: «Мах дзурӕм цӕстытӕй».

Адӕм нын нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нӕ ныхӕстӕн дӕр куыд аргъ кӕндзысты, уый аразгӕ у, дзургӕ-дзурын кӕдӕм фӕкӕсӕм, уымӕй дӕр. Адӕм тынгдӕр баууӕндынц, йӕ цӕстӕнгас сӕ чи нӕ ӕмбӕхсы, фӕлӕ сӕм хӕлар цӕстӕй комкоммӕ чи фӕкӕсы, уыдоныл. Адӕймаг йӕ ныхасӕмбалмӕ нӕ, фӕлӕ зӕхмӕ куы кӕса кӕнӕ йӕ цӕстытӕ алырдӕмты куы радав-бадав кӕна, уӕд афтӕ фенхъӕлдзӕн, ӕмӕ йӕ сайгӕ кӕны йе та, цы хъуыддагыл дзуры, уымӕн ницы ӕмбары. Фӕлӕ алы адӕмӕ аив нӕу искӕмӕ ӕдзынӕг кӕсын. Уый афтӕ ӕмбарынц, ӕмӕ адӕймаг у ӕнӕфсарм, къӕйных, кӕнӕ хылмондаг. Нӕлгоймаг сылгоймагмӕ (йе та сылгоймаг нӕлгоймагмӕ) ӕдзынӕг куы кӕса, уӕд дзы зӕгъдзысты, ӕнӕфсарм кӕстытӕ кӕны, зӕгъгӕ. Бирӕ адӕмтӕм рӕсугъд нӕу, кӕстӕр хистӕрӕн комкоммӕ йӕ цӕстытӕм куы кӕса, уый дӕр.

Фӕлӕ адӕймагмӕ комкоммӕ кӕсын ӕвзӕрыл кӕм нӕ нымайынц, уым цӕстӕнгасӕй фӕтыхджындӕр кӕнӕн ис, цы ахсджиаг хабӕрттӕ дзурыс, уыдон. Стӕй, ныхасгӕнӕг адӕймагӕн йӕ цӕстытӕм кӕй кӕсы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фидарӕй зоны, йӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты. Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуапп куыд радта, тыхстхуызӕй йӕ куы бафарстой: «Чи ма фервӕздзӕни уӕдӕ?» Библийы кӕсӕм: «Йесо бакасти уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: адӕмӕн ай ӕнӕбафӕразон у, фӕлӕ Хуыцау ӕппӕт дӕр фӕразы» (Матф. 19:25, 26, НФ). Фыстад ма нын ӕвдисы, апостол Павел-иу, кӕимӕ ныхас кодта, уыцы адӕмыл йӕ цӕст кӕй ахаста, куыд мӕ ӕмбарынц, зӕгъгӕ. Иухатт Павелы ныхасмӕхъусджыты ’хсӕн уыди гуырдзӕй къуылых адӕймаг. Ӕмӕ Куыстыты 14:9, 10 кӕсӕм: «Уый хъуыста Павелы ныхасмӕ, кӕцы йӕм бакаст ӕмӕ федта, кӕй йӕм ис уырнындзинад, ӕнӕниздзинад райсынмӕ, [ӕмӕ йын] загъта хъӕрӕй: ...слӕуу дӕ къӕхтыл раст».

Уацамынды. Хъусын кӕнгӕйӕ цы адӕмимӕ фӕныхас кӕныс, уыдонмӕ дын уӕд хӕлары ахаст ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдӕйы хъармӕй тав. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ-иу дӕ ныхас райдай, уӕ дыууӕйы дӕр чи цымыдис кӕны ӕмӕ хъуыды кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, ахӕм фарстӕй. Уыимӕ бацархай, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ кӕсат (кӕд уый гӕнӕн нӕй, уӕд ӕм дӕхӕдӕг уӕддӕр кӕс уӕздан ӕмӕ зӕрдӕхӕларӕй). Дӕ цӕстыты цины цӕхӕр куы судза ӕмӕ дӕ мидбылты фӕлмӕн куы худай, уӕд уый адӕймагӕн тынг ӕхсызгон уыдзӕн, дӕу тыххӕй йын бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыдзӕн демӕ ныхас кӕнын.

Дӕ ныхасӕмбалӕн йӕ цӕстытӕм куы кӕсай, уӕд уайтагъд бамбардзынӕ, дарддӕр дӕ куыд бакӕнын хъӕуы, уый: кӕд, мыййаг, мӕсты у кӕнӕ йын цы дзурыс, уый йӕ не ’ндавы. Зӕгъгӕ дын дӕ ныхас не ’мбары кӕнӕ йӕ демӕ ныхас кӕнын нал фӕнды, уӕд уый дӕр бӕрӕг уыдзӕн йӕ цӕсгомыл. Цы йын дзурыс, уый йӕ ӕцӕг куы цымыдис кӕна, уӕд дын уый дӕр йӕ цӕстытӕ зӕгъдзысты. Йӕ цӕстӕнгасӕй бамбардзынӕ, сындӕгдӕр дӕ хъӕуы дзурын ӕви гыццыл рӕвдздӕр, кӕнӕ йын ахӕмӕй исты зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ йӕ йӕ хъуыды зӕгъын бафӕнда, йе та дӕ ныхас балхынцъ кӕнын. Кӕнӕ та йын, чи зоны, Библи куыд ис ахуыр кӕнӕн, уый хъӕуы равдисын.

Уацамынды уай ӕви искӕимӕ Библи ахуыр кӕнай,— адӕймагмӕ комкоммӕ кӕс (бынӕттон ӕгъдау дӕ цас амоны, уыйас). Ӕрмӕст ӕм джихкаст ма кӕн, кӕннод фӕкъӕмдзӕстыг уыдзӕн (4 Пад. 8:11). Фӕлтау-иу ӕм арӕх бакӕс-бакӕс кӕн, дӕ хорз зонгӕимӕ куыд фӕныхас кӕныс, афтӕ. Бирӕ бӕстӕты адӕймаг ахӕм цӕстӕнгасӕй бамбары, йемӕ чи ныхас кӕны, уый йыл зӕрдӕйӕ кӕй у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийӕ кӕнӕ ӕндӕр искӕцӕй куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытӕ гӕххӕтмӕ арӕзт уыдзысты. Фӕлӕ дӕ цавӕрдӕр хъуыдымӕ адӕймаджы ӕргом раздахын куы фӕнда, уӕд-иу ӕм бакӕс. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ афтӕ куы кӕнай, уӕд фендзынӕ, цы кӕсыс, уый йӕм хъары ӕви нӕ.

Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ, уӕд дын райдианты адӕймагмӕ комкоммӕ кӕсын ӕнцон нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ дӕхиуыл куы кусай, уӕд сахуыр уыдзынӕ адӕймагӕн йӕ цӕстытӕм кӕсын, ӕмӕ дын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн ныхас кӕнын.

Ныхасы рацӕугӕйӕ. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йесо йӕ Уӕлхох уацамынд уымӕй райдыдта, ӕмӕ уал фыццаг «Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бакасти» (Лук. 6:20, НФ). Афтӕ кӕн ды дӕр. Цалынмӕ дӕ ныхас нӕ райдайыс, уӕдмӕ уал-иу адӕмыл дӕ цӕст ахӕсс ӕмӕ-иу гыццыл ӕнӕдзургӕйӕ алӕуу. Уыцы рӕстӕг дӕ ныхасмӕхъусджытӕй кӕимӕдӕрты цӕстӕнгасӕй сӕмбӕлдзынӕ (кӕд уый ӕмбӕлы, уӕд), ӕмӕ дарддӕр афтӕ тынг нал тыхсдзынӕ. Ӕнӕдзургӕйӕ куы алӕууай, уӕд уый пайда уыдзӕн ныхасмӕхъусджытӕн дӕр: дӕ цӕсгомыл бакӕсдзысты, сӕ разы цы зӕрдӕимӕ ӕрлӕууыдтӕ, уый, сӕхи ӕрцӕттӕ кӕндзысты ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты, цы дзурдзынӕ, уымӕ.

Дӕ ныхасӕн йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ кӕс, чи дӕм хъусы, уыдонмӕ. Фӕлӕ сӕм иугуыр ӕмбырдмӕ кӕсӕгау ма кӕс — кӕс хицӕн адӕймӕгтӕм. Стӕмтӕй фӕстӕмӕ алы адӕммӕ дӕр афтӕ у, ӕмӕ ныхасы рацӕуӕг хъуамӕ кӕса, чи йӕм хъусы, уыдонмӕ.

Фӕлӕ адӕммӕ кӕсын уый нӕу, ӕмӕ дӕ цӕстытӕ ӕнӕуи иуӕй иннӕмӕ радав-бадав кӕнай. Фыццаг уал дӕ цӕстӕнгас сараз иу искӕмӕ, ӕмӕ кӕд аив уыдзӕн, уӕд ӕм кӕс, цалынмӕ иу хъуыды кӕронмӕ нӕ зӕгъай. Уый фӕстӕ цӕстӕй ацагур ӕндӕр искӕй, ӕмӕ та уымӕ кӕсгӕйӕ дӕр зӕгъ иу-дыууӕ хъуыдыйады. Ӕрмӕст иу кӕмӕдӕр бирӕ ма кӕс, куыд нӕ фефсӕрмы уа. Хорз нӕ уыдзӕн, дӕ ныхасы рӕстӕджы ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймагмӕ куы кӕсай, уый дӕр. Дӕ цӕст-иу ахӕсс се ’ппӕтыл дӕр, фӕлӕ иу адӕймагмӕ куы дзурай, уӕд ӕцӕгдӕр дзур уымӕ ӕмӕ йын цалынмӕ йӕ ахаст нӕ фӕхатай, уӕдмӕ уымӕ кӕс.

Дӕ фыстытӕ дар быцӕуӕвӕрӕныл, дӕ къухы кӕнӕ та дӕ Библийы, гӕххӕтмӕ ӕркӕсын дӕ куы фӕнда, уӕд дӕ дӕ цӕстытӕ бынмӕ ӕруадзын йедтӕмӕ куыд ницы хъӕуа. Дӕ сӕр ӕдзух ӕркъул-ӕркъул куы кӕнай, уӕд та-иу дӕ уый фӕстӕ ногӕй аразын хъӕудзӕн, дӕ ныхасмӕхъусджытимӕ цӕстӕй-цӕстмӕ цы «хид» сарӕзтай, уый. Фыстытӕм кӕд ӕмӕ куыд арӕх кӕсдзынӕ, ууыл дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын. Дзырдӕн зӕгъӕм, дӕ раныхасы «рындзмӕ» куы схӕццӕ уай, ӕмӕ раст уӕд куы атонай ныхасмӕхъусджытӕй дӕ цӕстӕнгас, уӕд иуӕй, куыд дӕ бамбӕрстой, уый нӕ фендзынӕ, иннӕмӕй та — дӕ раныхас йӕ тых фесафдзӕн. Ӕппынӕдзух дӕ фыстытӕм ӕркӕс-ӕркӕс куы кӕнай, уӕд та дӕ ныхасмӕхъусджытӕм ӕппындӕр нӕ кӕсдзынӕ.

Адӕймаг хъазгӕ-хъазын искӕмӕ пурти куы баппары, уӕд йӕ фӕдыл фӕкӕсы, ӕрцахста йӕ ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ раныхасы алы хъуыды зӕгъын дӕр у, пурти куыд фехсай, уый хуызӕн. Кӕд ӕмӕ сӕ сӕртӕ батилынц кӕнӕ сӕ мидбылты бахудынц, йе та дӕм ӕнӕуи ӕдзынӕг кӕсынц, уӕд дын дӕ хъуыды «ӕрцахстой». Уӕдӕ ныхасмӕхъусджытӕм куы кӕсай, уӕд уындзынӕ, дӕ хъуыдытӕ дын «ахсынц» ӕви нӕ.

Ӕмбырды дын куы бахӕс кӕной цыдӕр хъӕрӕй бакӕсын, уӕд дӕр хъӕуы, чи дӕм хъусы, уыдонмӕ кӕсын? Кӕд уыдон дӕр сӕ Библитӕм кӕсынц, уӕд сӕ фылдӕр хатгӕ дӕр нӕ фӕкӕндзысты, кӕсыс сӕм ӕви нӕ. Фӕлӕ-иу сыл дӕ цӕст куы ахӕссай, уӕд кӕсдзынӕ зӕрдиагдӕрӕй, уымӕн ӕмӕ уындзынӕ, цы кӕсыс, уый сын сӕ зӕрдӕтӕ кӕй агайы. Алырдӕмты чи ракӕс-бакӕс кӕна, уый та, кӕй йӕм кӕсыс, уый куы фена, уӕд, чи зоны, уый дӕр Библимӕ йӕ хъус ӕрдара. Ӕцӕг, залы чи бады, уыдонмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕг ма кӕс, кӕннод, кӕм кӕсыс, уый дын схӕццӕ уыдзӕн. Гъе ӕмӕ уый тыххӕй та дӕ Библи дӕ къухы дар,— уӕд дӕ ӕгӕр тынг нӕ хъӕудзӕн дӕ сӕр къул кӕнын.

Конгрессты ныхасы цы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ рацӕуынц, уыдонӕн хатт бахӕс кӕнынц ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхас. Цӕмӕй ахӕм раныхас рӕстмӕ рауайа, уый тыххӕй ӕфсымӕр хъуамӕ уа фӕлтӕрд, бӕстон ӕй бацӕттӕ кӕна ӕмӕ йӕ бирӕ хӕттыты бакӕса. Ахӕм ныхасимӕ рацӕугӕйӕ адӕммӕ кӕсыны фадат, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ ныхасы рацӕуӕг хорз цӕттӕ куы уа, уӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕ бон уыдзӕн йӕ ныхасмӕхъусджытыл йӕ цӕст ахӕссын, ӕмӕ йын уыимӕ, кӕм каст, уый дӕр нӕ фесӕфдзӕн. Уый фӕрцы адӕм ӕнӕзивӕгдӕрӕй хъусдзысты, ӕмӕ сын, ӕфсымӕр Хуыцауы Ныхасӕй цы ахсджиаг уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон дӕр тынгдӕр фӕахъаз уыдзысты.