Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

42 УРОК

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн мидисджын раныхас

Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн мидисджын раныхас

АХСДЖИАГ хъуыддагыл кӕй у дӕ ныхас, уый ууыл дзурӕг нӕма у, ӕмӕ дзы ныхасмӕ хъусӕг адӕм сӕхицӕн цыдӕр зондӕн райсдзысты. Ахъуыды кӕн: ацы хъуыддаг ацы адӕмы цӕмӕн хъӕуы зонын? Афтӕ сын ӕй куыд райхалон, ӕмӕ сӕхицӕн зӕгъой, ацы хъуыдытӕ мӕ бахъӕудзысты, зӕгъгӕ?

Зӕгъгӕ дын Скъолайы, хъусын кӕнӕн куыд ис, уый равдисын бахӕс кодтой, уӕд дӕ ныхасмӕхъусӕг уыдзӕн, кӕимӕ дзурай, уый. Ӕндӕр уавӕрты та дӕ ныхас уыдзӕн ӕгас ӕмбырдмӕ.

Дӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕм цы зонынц. Дӕхи бафӕрс: цӕуыл дзурдзынӕн, уый тыххӕй мӕ ныхасмӕхъусджытӕ цы зонынц? Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕудзӕн дӕ ныхас снывӕндын. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ бирӕ кӕм ис, ахӕм ӕмбырды дын куы уа раныхас, уӕд ӕцӕгады райдиантӕ ӕнӕуи ма фӕлхат кӕн — сӕ фылдӕр сӕ афтӕ дӕр зонынц. Уыцы сӕйраг ахуырӕдтӕ дын рахӕцӕн уӕнт. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ног ӕрбацӕуджытӕ дзы бирӕ куы уа, уӕд дӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнын хъӕудзӕн иутыл дӕр ӕмӕ иннӕтыл дӕр.

Цас тагъд дзурын дӕ хъӕудзӕн, уый дӕр, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ цы зонынц, уымӕй аразгӕ у. Сӕ фылдӕрӕн зонгӕ чи у, ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ куы уа дӕ раныхасы, уӕд сӕ дзур тагъддӕр. Бирӕтӕ фыццаг хатт кӕй хъусынц, ахӕм хъуыдытӕ та дзур сындӕгдӕр, дзӕбӕх сӕ куыд бамбарой.

Дӕ ныхас ӕцӕг мидисджын кӕд уыдзӕн. Ныхас ӕцӕг мидисджын цӕмӕй уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ дзы цыдӕр ног хъуыдытӕ уа. Ныхасы чи рацӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, алкӕмӕндӕр хорз зонгӕ цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдон дӕр афтӕ хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнынц, ӕмӕ сӕ адӕмӕй бирӕтӕ дзӕбӕх ӕрмӕстдӕр уӕд бамбарынц.

Уацамынды дӕ адӕймагӕн, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый равдисын куы фӕнда, уӕд ын ӕнӕуи исты ног хабары кой ракӕнын фаг нӕ уыдзӕн. Уыцы хабар цӕуыл дзурӕг у, уый йын Библийӕ равдис. Уӕд дӕ ныхасӕй йӕхицӕн ӕцӕгдӕр цыдӕр райсдзӕн зондӕн. Афтӕ йын ӕрдзы закъӕттӕ, зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты цардӕй истӕмӕ йӕ хъус куы ӕрдарай, уӕд дӕр дӕ нысан уый хъуамӕ ма уа, ӕмӕ йӕ фӕстаг зонадон бӕлвырдгӕнӕнтимӕ базонгӕ кӕнай. Дӕу ууыл хъӕуы бацархайын, ӕрдзы мидӕг йӕхӕдӕг цы уыны, уый йын Библийы ныхӕстимӕ куыд абарай ӕмӕ йын афтӕмӕй равдисай, Сфӕлдисӕг кӕй ис ӕмӕ нӕ кӕй уарзы. Уый фӕрцы адӕймаг, уӕдмӕ цы зыдта, уымӕ дӕр ӕркӕсдзӕн ӕндӕр цӕстӕй.

Адӕмӕн, бирӕ хӕттыты цы фехъуыстой, ахӕм цӕйдӕр тыххӕй дзурай, уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ ахӕм уавӕрты дзургӕйӕ дӕ ныхасӕй адӕмы зӕрдӕ бацагайын куы нӕ арӕхсай, уӕд дӕсны ахуыргӕнӕг не суыдзынӕ. Цы дын фӕахъаз уыдзӕн?

Баххуыс дын кӕндзӕн уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг. Дӕ сӕрмӕ фыццаг цы ’рцӕуа, уый ма рахӕсс адӕмы рӕгъмӕ, фӕлӕ ацы чиныджы 33—38-ӕм фӕрстыл цы кусӕнгӕрзты кой цӕуы, уыдоны агур уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг. Дӕ зӕрдыл дар, ӕрмӕг агургӕйӕ дӕ дӕ разы цы нысӕнттӕ хъӕуы ӕвӕрын, уый тыххӕй дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон. Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг агургӕйӕ, гӕнӕн ис, фӕхӕст уай, дӕ ныхасы хорз чи сфидаудзӕн ӕмӕ уыимӕ тынг зындгонд чи нӕу, ахӕм цауыл, йе та дӕ цы хъуыды фӕнды райхалын, уый ӕцӕгдзинад ӕвдисӕг ног хабарыл.

Ӕрмӕг агургӕйӕ дӕ зонд цырен кӕн, дӕхимӕ ахӕм фарстытӕ дӕтгӕйӕ: цы? цӕмӕн? кӕд? кӕм? чи? ӕмӕ куыд? Зӕгъӕм, мӕнӕ ай афтӕ цӕмӕн у? Куыд ӕй ис сбӕлвырдгӕнӕн? Библи ацы фарстайы фӕдыл цы дзуры, уый иуӕй-иутӕ цӕуылнӕ ӕмбарынц, цавӕр арӕхӕмбӕлгӕ уырнынӕдтӕ сӕ хъыгдарынц? Ацы хъуыды ахсджиаг хъуыды цӕмӕн у? Куыд хъуамӕ фӕзына адӕймаджы цардыл? Афтӕ бакӕнын адӕймагӕн йӕхицӕн хорз кӕй у, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис равдисӕн? Библи афтӕ кӕй дзуры, уымӕй Иегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? Дзырд цӕуыл цӕуа, уымӕ гӕсгӕ ма раттӕн уыдзӕн ахӕм фарстытӕ дӕр: ацы хабар кӕд ӕрцыд? Абон махмӕ куыд хауы? Ахӕм фарстытӕй иу цалдӕр комкоммӕ дӕ раныхасы куы раттай ӕмӕ сӕ стӕй куы бамбарын кӕнай, уӕд дын дӕ ныхасы уд бауадздзысты.

Чи зоны дӕ дӕ раныхасы Библийӕ ӕрхӕссын хъӕуа хорз зындгонд стихтӕ. Цы ис саразӕн, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ дзы сӕхицӕн зондӕн исты куыд райсой? Ӕнӕуи сӕ ма бакӕс, фӕлӕ сӕ дзӕбӕх райхал, бамбарын сӕ кӕн.

Цӕмӕй зонгӕ стихыл дзургӕйӕ дӕ ныхас хус ма рауайа, уый тыххӕй йӕ ӕнӕхъӕнӕй ма равзар, фӕлӕ уал дзы нырма равзар иу кӕцыдӕр хай, стӕй та иннӕ, ӕмӕ афтӕмӕй ныхасмӕхъусджыты ӕргом раздах, дӕ ныхасы сӕримӕ дзы комкоммӕ цы ныхӕстӕ сты баст, уыдонмӕ. Цӕвиттонӕн райсӕм Колоссӕгтӕм 3:12. Куыд ӕмбарын хъӕуы «фӕлмӕн зӕрдӕ»? Кӕй цӕсты хъуамӕ уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ? Цавӕр цӕвиттоныл ис равдисӕн, цы нысан кӕны «фӕлмӕн зӕрдӕйы сфӕлындут», зӕгъгӕ? Науӕд «сфӕлындут... бирӕ фӕразондзинады»? Цы у сабыр зонд та? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цавӕр ӕрмӕгӕй спайда кӕндзынӕ, уый дӕ ныхасы сӕр, йӕ нысан цы у, кӕмӕн ӕй дзурдзынӕ ӕмӕ дын цас рӕстӕг ис, уыдӕттыл баст у.

Арӕх стыр ӕххуыс вӕййы дзырдты нысаниуӕг бамбарын кӕнын дӕр. Матфейы 6:10 дзырд «Паддзахад» цӕмӕ хауы, уый базонгӕйӕ бирӕтӕн сӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы. Дзырдты нысаниуӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын пайда вӕййы, чырыстон фӕндагыл раджы чи слӕууыд, уыдонӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ хуыздӕр бамбарынц, стихы ӕцӕгӕй цӕуыл дзырдӕуы, уый. Афтӕ кӕй у, уый фенӕн ис, 2 Петры 1:5—8 (НФ) куы бакӕсӕм ӕмӕ уый фӕстӕ куы бамбарын кӕнӕм, цы миниуджыты кой дзы цӕуы, уыдон: уырниад, хорз уаг, ӕрхъуыдыдзинад, хиуылхӕцын, фӕразондзинад, Хуыцауы ӕфсарм, ӕфсымӕрты уарзын, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы уарзын. Зӕгъгӕ, иу скъуыддзаджы, сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ хӕстӕг чи у, цалдӕр ахӕм дзырды ӕмбӕлы, уӕд дзы алкӕцыдӕр цы амоны, уый бамбарын кӕн, ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзынӕ, кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц. Цӕвиттон, ахӕм дзырдтӕ ӕмбӕлы Псалом 118:1—7: «закъон», «бардзырдтӕ», «уагӕвӕрдтӕ», «фӕдзӕхстытӕ», «тӕрхӕттӕ».

Стихыл ӕнӕуи куы ӕрныхас кӕнай, уӕд дӕр дзы ныхасмӕхъусджытӕ сӕхицӕн хорзӕй цыдӕр базондзысты. Зӕгъӕм, бирӕтӕ дисы бахауынц, 1 Коринфӕгтӕм 15:45 (НФ) афтӕ кӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Адам уыди цӕргӕ уд, ӕмӕ Куыстыты 3:23 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй та уд кӕны мӕлгӕ. Иухатт Йесо саддукейты дисы бафтыдта, цы Фыстытыл ӕууӕндыдысты, уырдыгӕй сын Рацыды 3:6 ныхӕстӕ куы ӕрхаста ӕмӕ сын уыцы ныхӕстӕй, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый куы сбӕлвырд кодта, уӕд (Лук. 20:37, 38).

Хатт стихы хъуыды хуыздӕр райхалӕн вӕййы, кӕцӕй ист у, цы уавӕрты фыст ӕрцыд, кӕй ныхӕстӕ дзы ис кӕнӕ кӕмӕ фыст у, уыдӕтты тыххӕй зӕгъгӕйӕ. Фарисейтӕ хорз зыдтой 109-ӕм псалом. Фӕлӕ сын Йесо сӕ хъус ӕрдардта, фыццаг стихы цы ахсджиаг хъуыды ис, уымӕ. Бафарста сӕ: «Цы хъуыды кӕнут сымах Чырыстийы тыххӕй? кӕй фырт у Уый? Зӕгъынц Уымӕн: Давиды. Зӕгъы уыдонӕн: уӕдӕ, Давид уд цырынӕй Уый куыд хоны Хицау, куы дзуры: „Загъта Хицау [«Иегъовӕ», НД] мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахизварс, цалынмӕ Де знӕгты ӕрӕвӕрон Дӕ къӕхты бын“? Уӕдӕ, кӕд Давид Уый Хицау хоны, уӕд куыд у Уый Уымӕн фырт?» (Матф. 22:41—45). Йесойау ды дӕр адӕмимӕ иумӕ Фыстадыл куы хъуыды кӕнай, уӕд сӕ разӕнгард кӕндзынӕ Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕгдӕр кӕсынмӕ.

Библийӕ кӕцыдӕр чиныг кӕд ныффыстӕуыд кӕнӕ цавӕрдӕр цау кӕд ӕрцыди, уый кой кӕнгӕйӕ зӕгъын хъӕуы, уыцы хабар цы уавӕрты ӕрцыди, уый тыххӕй дӕр. Уӕд ныхасмӕхъусджытӕ хуыздӕр бамбардзысты уыцы чиныг кӕнӕ уыцы цауы ахадындзинад.

Раныхас адӕмӕн зонды хос фӕвӕййы абарстыты руаджы дӕр. Зӕгъӕм, ныхӕй-ныхмӕ ӕрӕвӕрӕн ис, уыцы иу фарстайы фӕдыл адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ Библи цы дзуры, уый. Йе та кӕрӕдзиимӕ абарӕн ис, Библийы уыцы иу хабарыл кӕм дзырдӕуы, дыууӕ ахӕм бынаты. Цы хъауджыдӕр сӕ ис? Цӕмӕн афтӕ у? Нӕхицӕн дзы зондӕн цы хъуамӕ райсӕм? Ахӕм мадзӕлтты фӕрцы ныхасмӕхъусджытӕн баххуыс кӕндзынӕ фарстамӕ ӕндӕр цӕстӕй ӕркӕсынӕн.

Кӕд ӕмӕ дӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕй бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй хъӕуы радзурын, уӕд дӕ ныхас хъӕздыгдӕр уыдзӕн, райдианы иумӕйаг афӕлгӕст куы скӕнай. Радзур, цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕн ӕй хъӕуы саразын ӕмӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты раз цы стыр хӕстӕ ис, уыдонимӕ куыд баст у. Уый фӕстӕ бамбарын кӕн, уыцы хъуыддаг бӕлвырдӕй кӕд, кӕм ӕмӕ куыд бакӕнын хъӕуы.

Дӕ раныхасы дӕ «Хуыцауы арф хъуыдытыл» куы хъӕуа ӕрныхас кӕнын, уӕд та? (1 Кор. 2:10, НД). Дзырд бӕлвырдӕй цӕуыл цӕудзӕн, уый райдианы куы зӕгъай ӕмӕ йӕ иумӕйагӕй куы бамбарын кӕнай, уӕд сын стӕй лыстӕг фӕзилӕнтӕ дӕр ӕнцондӕр ӕмбарӕн уыдзысты. Ӕмӕ ма кӕронбӕттӕны ӕрмӕг цыбыртӕй куы сфӕлхат кӕнай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ райгондӕй баззайдзысты, хорз цыдӕр базыдтам, зӕгъгӕ.

Чырыстонӕн йӕ цардмӕ чи хауы, ахӕм уынаффӕтӕ. Дӕ ныхас адӕмӕн ноджы стырдӕр пайда уӕд ӕрхӕсдзӕн, сӕ цардмӕ куыд хауы, уый сын куы бамбарын кӕнай. Дӕ раныхасӕн лӕвӕрд ӕрмӕджы цы стихтӕ ис, уыдоныл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕхи бафӕрс: ацы ныхӕстӕ Хуыцау Фыстады абоны онг цӕмӕн бахъахъхъӕдта? (Ром. 15:4; 1 Кор. 10:11). Ахъуыды кӕн, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ цы уавӕрты вӕййынц, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Уый фӕстӕ сӕм ӕркӕс Библийы цӕстӕй: цавӕр уынаффӕтӕ ӕмӕ дзы уагӕвӕрдтӕ ис. Ныхасы рацӕугӕйӕ адӕмимӕ иумӕ Фыстадыл куы хъуыды кӕнай, уӕд фендзысты, уыцы уавӕрты сӕ сӕхи куыд дарын хъӕуы, уый бамбарынӕн сын Библи куыд ӕххуыс кӕны. Иумӕйаг, хус ныхӕстӕ ма кӕн. Дзур бӕлвырд зондахастыл ӕмӕ бӕлвырд хъуыддӕгтыл.

Райдианты уал, раныхас куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ацы урочы уынаффӕтӕй иу-дыууӕйӕ спайда кӕн. Уыдоны куы сфӕлтӕрай, уӕд бафӕлвар иннӕтӕ дӕр. Ӕмӕ йӕ цасдӕры фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр фӕхатдзынӕ, ныхасмӕхъусджытӕ дӕ раныхӕстӕм куыд ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты, уый, уымӕн ӕмӕ зондзысты, цы фехъусой, уый сын цыдӕр ахъаз кӕй фӕуыдзӕн.