Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

36 УРОК

Дӕ ныхасы сӕр райхал

Дӕ ныхасы сӕр райхал

ДӔСНЫ ныхасгӕнджытӕ зонынц, ныхасӕн сӕр ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Сӕ раныхасӕн сӕр кӕй ис, уый фӕрцы цӕттӕ кӕнгӕйӕ бӕлвырдӕй фӕзонынц, цы агурын сӕ хъӕуы, уый, ӕмӕ йыл сӕ бон вӕййы арфдӕр ныхъхъуыды кӕнын. Уыйадыл уӕлӕнгӕйтты, амыты-умыты алцӕуыл нӕ фӕдзурынц, фӕлӕ сӕ ныхас афтӕ саразынц, ныхасмӕхъусджытӕн стырдӕр ахъаз куыд фӕуа. Сӕйраг хъуыдытӕй алкӕцыдӕр раныхасы сӕримӕ комкоммӕ баст куы уа ӕмӕ йӕ райхалынӕн ахъаз куы уа, уӕд уыцы хъуыдытӕ сӕ зӕрдыл дӕр хуыздӕр бадардзысты, ӕмӕ сын сӕ ахадындзинад дӕр арфдӕр бамбардзысты.

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ ныхасы сӕр, цӕуыл дзурдзынӕ, уый у. Фӕлӕ йӕ дӕхӕдӕг фӕхатдзынӕ, дӕ раныхӕстӕ бирӕ хуыздӕр кӕй уайдзысты, дӕ ныхас цӕуыл уа, уымӕ-иу иумӕйагӕй нӕ, фӕлӕ иу кӕцырдыгӕй дӕр куы ӕркӕсай ӕмӕ-иу ӕй афтӕмӕй куы райхалай. Паддзахад, Библи кӕнӕ мӕрдты райгасы хабар — уыдон сты иумӕйаг фарстатӕ. Ацы фарстатӕй алкӕцымӕдӕр алырдыгӕйты ис ӕркӕсӕн. Зӕгъӕм: «Хуыцауы Паддзахад — ӕцӕг хицауад», «Хуыцауы Паддзахад зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт», «Библи у Хуыцауы Ныхас», «Библи — раст фӕндагамонӕг нӕ рӕстӕджы», «Мӕрдты райгасы хабар — стыр ныфс, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн», «Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый ныфс нӕ фидар кӕны фыдӕвзарӕнты». Ацы фарстатӕй дыууӕ ӕмхуызон райхалӕн нӕй.

Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ Йесо Чырыстийы ныхасы сӕр ирдӕй зыны мӕнӕ ацы ныхӕсты: «Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕги», ӕмӕ Библийы сӕйраг ныхасаг дӕр уый у (Матф. 4:17, НФ). Куыд райхӕлдта Йесо, йӕ ныхасы сӕр цы уыди, уый? Цыппар Евангелийы уыцы Паддзахады кой ӕмбӕлы 110 хаттӕй фылдӕр. Фӕлӕ Йесо дзырд «паддзахад» ӕнӕуи нӕ фӕлхат кодта. Адӕмӕн цы амыдта ӕмӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уымӕй бӕлвырд-бӕрӕгӕй равдыста, уый (сӕхи цӕстӕй кӕй уыдтой, уыцы адӕймаг) кӕй уыд Хуыцауы Фырт, Мессиа — Иегъовӕ Паддзахад кӕй къухмӕ ратдзӕн, уый. Ноджыдӕр ма бамбарын кодта, йӕ фӕрцы ӕндӕртӕн дӕр кӕй гом кӕны фӕндаг уыцы Паддзахадмӕ бацӕуынӕн. Йесо равдыста, уыцы кадджын бар кӕмӕн цӕуы лӕвӕрд, уыдонмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый. Адӕмы цӕуыл ахуыр кодта ӕмӕ цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны руаджы ирдӕй равдыста, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы стыр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый. Хуыцауы хъаруйӕ хӕйрӕджыты кӕй сырдта, уый та ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдонмӕ кӕй «ӕрбаввахси Хуыцауы Паддзахад» (Лук. 11:20, НФ). Раст уыцы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ныффӕдзӕхста Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр (Матф. 10:7; 24:14).

Дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕуӕй уый ничи домы, ӕмӕ Библийы куыд у, ныхасы сӕр ды дӕр афтӕ бӕстон халай. Фӕлӕ уӕддӕр, дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, уый раст сбӕлвырд кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы.

Дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, уый кӕд дӕхи хъӕуы сбӕлвырд кӕнын, уӕд уал фыццаджыдӕр ахъуыды кӕн: цавӕр нысан ӕвӕрыс дӕ разы. Уый фӕстӕ сбӕрӕг кӕн сӕйраг хъуыдытӕ, ома пълан цӕуыл лӕудзӕн, уыцы «цӕджындзтӕ» ӕмӕ ахъуыды кӕн, дӕ ныхасы сӕримӕ кӕрӕдзийыл бадынц ӕви нӕ.

Кӕд дӕ ныхасы сӕр амынд у, уӕд та лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, ӕрмӕг куыд райхалын хъӕуы, уый ууыл куыд баст у. Цы арф хъуыды дзы ис ӕвӕрд ӕмӕ дзы цы ис зӕгъӕн, уый хорз бамбарынӕн хъӕуы рӕстӕг. Цы ныхасы сӕр райхалын дын бахӕс кодтой, уымӕн ӕрмӕг ссарын кӕд дӕхи хъӕуы, уӕд ахӕм ӕрмӕг бацагур, дӕ ныхасы сӕр цы у, уый дзы бӕрӕг куыд уа. Кӕд дын ӕрмӕг дӕр лӕвӕрд у, уӕд та йыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн, дӕ ныхасы сӕр цы у, уый дзы куыд хуыздӕр райхалай. Ахъуыды кӕнын хъӕуы, уыцы ӕрмӕг, кӕмӕн ӕй дзурдзынӕ, уыдоны цӕмӕн хъӕуы, ӕмӕ дын уый дӕ разы цавӕр хӕс ӕвӕры, ууыл дӕр. Уӕд хорз зондзынӕ, дӕ раныхасы тынгдӕр цӕмӕ хъӕуы хъус ӕрдарын.

Дӕ ныхасы сӕр цы у, уый хъуамӕ раныхасы бӕрӕг уа. Цӕмӕй ныхасы сӕр бӕрӕг уа, уый тыххӕй хъуыды кӕн рагацау: ӕрмӕг куы агурай ӕмӕ йӕ фӕд-фӕдыл куы ӕвӕрай, уӕд. Дӕ ныхасы сӕр цы у, уыимӕ комкоммӕ баст чи у, ӕрмӕстдӕр дзы ахӕм хъуыдытӕ куы ӕрхӕссай ӕмӕ дӕ ныхасӕн дзӕбӕх пълан куы скӕнай, уӕд ӕргом йӕхигъӕдӕй здӕхт цӕудзӕн, дӕ ныхасы сӕр цы у, уымӕ.

Дӕ ныхасы сӕр фӕбӕлвырддӕр кӕнӕн ис фӕлхаты руаджы дӕр. Цӕвиттонӕн райсӕм уарзондзинады зарӕг. Зарӕгӕн йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ зарӕггӕнӕг ӕвдисы, йӕ зарды сӕр цы у, уый: йӕ зӕрдӕйы чи ныххауд, уыцы адӕймагмӕ йе стыр уарзт. Алыхуызӕтты фӕлхат кӕны, йӕ зард йӕ уарзтыл кӕй у, уый. Пайда кӕны дзырд «уарзты» алыхуызон хуызтӕй, стӕй йе ’мнысан ӕндӕр дзырдтӕй, абарстытӕй, поэзийы ӕвзагӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй. Фӕлӕ цавӕрфӕнды дзырдтӕй ма пайда кӕна, зарӕг у иу цӕуылдӕр. Афтӕ хъуамӕ бӕрӕг уа раныхасы сӕр дӕр. Зарӕджы кӕрӕй-кӕронмӕ уарзты кой куыд хъуысы, афтӕ дӕ раныхасы дӕр хъуысӕнт дӕ ныхасы сӕры сӕйраг дзырдтӕ. Цӕмӕй алы хатт уыцы иу дзырдтӕ ма фӕлхат кӕнай, уый тыххӕй сӕйраг дзырдтӕ кӕм се ’мнысан ӕндӕр дзырдтӕй баив, кӕм та ныхасы сӕр ӕндӕр хуызы зӕгъ. Ахӕм мадзӕлтты руаджы дӕ ныхасы сӕр суыдзӕн, дӕ ныхасы бӕрӕг чи дардзӕн ӕмӕ адӕм кӕй бахъуыды кӕндзысты, уыцы ахсджиаг хъуыды.

Ацы уынаффӕтӕй айдагъ раныхӕсты нӕй спайда кӕнӕн: хорз сты, уацамынды адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд дӕр. Цыбыр ныхас дӕр адӕймаг хуыздӕр бахъуыды кӕндзӕн, цӕуыл у, уый бӕрӕг куы уа, уӕд. Адӕймагимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд ӕй зондӕн райсын цы хъӕуы, уый хуыздӕр бахъуыды кӕндзӕн, ныхасы сӕр бӕрӕг куы уа. Ныхасы сӕр раст сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ райхалыныл цы бафыдӕбон кӕнай, уый фӕрцы дӕ раныхӕстӕ дӕр бирӕ хуыздӕр уайдзысты ӕмӕ Хуыцауы Ныхас амонынмӕ дӕр хуыздӕр арӕхсдзынӕ.