Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 УРОК

Дӕ ныхас араз лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ

Дӕ ныхас араз лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ

БИБЛИ чырыстон ӕмбырд абарста адӕймаджы буаримӕ. Буары уӕнгтӕй, чи нӕ хъӕуы, ахӕм иу дӕр нӕй, кӕд сӕ «алчидӕр уыцы иу куыст нӕ кӕны», уӕддӕр. Афтӕ мах дӕр: цыфӕнды нын ма бахӕс кӕной, хъуамӕ йӕ зӕрдиагӕй кӕнӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ ӕмбарӕм, ӕмбырды нын цавӕрфӕнды хӕслӕвӕрд ма раттой,— дзӕбӕх ӕм кӕй хъӕуы бацӕттӕ кӕнын. Хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ацы хъуыддаг йӕ дзурыны аккаг дӕр нӕу, мӕнӕ мын ахӕм ӕмӕ ахӕм фарстайыл дзурын куы бахӕс кодтаиккой, уый ӕндӕр хъуыддаг у, зӕгъгӕ (Ром. 12:4—8, НФ). Хуыцау йӕ адӕмӕн монон хӕринаг «афоныл... дӕттын» бахӕс кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» (Матф. 24:45). Куыд нын бацамонынц, нӕ ныхас растдӕр афтӕ саразыныл нӕхи куы хъарӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыцы цагъары кӕй нымайӕм ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд ӕгас ӕмбырд дӕр архайдзӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй.

Цы ис раныхасмӕ бахӕссӕн. Скъолайы дын хӕслӕвӕрд ратгӕйӕ цы фарста райхалын бахӕс кӕной, уый-иу райхал, ӕндӕр цыдӕр нӕ, фӕлӕ. Фылдӕр хатт хӕслӕвӕрды амынд вӕййы, ӕрмӕг кӕцӕй райсын хъӕуы, уый дӕр. Кӕд ӕрмӕг амынд нӕ уа, уӕд та йӕ райс, дӕхи кӕцӕй фӕнды, уырдыгӕй. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, цы фарста дын бахӕс кодтой райхалын, дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр уый алыварс амад кӕй хъуамӕ уа. Дӕ ныхасмӕ цы бахӕссай, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ма рох кӕн, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уый дӕр.

Ӕрмӕгмӕ лӕмбынӕг ӕркӕс, дзӕбӕх ахъуыды кӕн, Библийӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдоныл. Уый фӕстӕ дӕ хъус ӕрдар, ӕрмӕг дӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕмӕн стырдӕр пайда цӕмӕй ӕрхӕсса, уый тыххӕй йӕ куыд бамбарын кӕндзынӕ. Мыхуыргонд ӕрмӕгӕй равзар дыууӕ-ӕртӕ хъуыдыйы, ӕмӕ уыдон уӕнт дӕ раныхасы сӕйраг рахӕцӕнтӕ. Равзар дзы, бакӕсын ӕмӕ дӕ райхалын кӕй фӕнды, ахӕм стихтӕ дӕр.

Цас ӕрмӕг хъуамӕ бахӕссай дӕ ныхасмӕ? Дӕ бон бӕстон райхалын цас бауыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уыйбӕрц. Бирӕ цыдӕртӕ зӕгъай, фӕлӕ дзы рӕстмӕ мацы бамбарын кӕнай, уый раст нӕ уыдзӕн. Дӕ ныхас йӕ нысаныл сӕмбӕлын кӕнынӕн ахъаз цы хъуыды нӕ уа, уый дӕ нӕ хъӕуы. Нысангонд ӕрмӕгӕй равзар, дӕ ныхасмӕхъусджытӕн дзы стырдӕр пайда цы ӕрхӕсдзӕн, уый. Ацы урокӕн йӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ, цас ӕрмӕг бауыдзӕн дӕ бон райхалын, уый базонай — дӕу бакусын хъӕуы дӕ ныхас лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ аразыныл.

Ныхасимӕ рацӕугӕйӕ дӕ хӕс уый нӕу, ӕмӕ лӕвӕрд ӕрмӕг ӕнӕуи цыбыртӕй радзурай. Кӕцыдӕр хъуыдытӕ дзы хъӕуы бамбарын кӕнын, бӕстондӕр сӕ райхалын, сӕ хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕссын, ӕмӕ сӕ царды куыд ис спайда кӕнӕн, уый равдисын. Уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ, лӕвӕрд ӕрмӕджы цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдоны бӕсты хъуамӕ ма уой, фӕлӕ хъуамӕ сӕ райхалынӕн ӕххуыс кӕной.

Иннӕты ахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ чи вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнынц Хъусын кӕныны фембӕлды, бӕлвырд хъуыддаг куыд бакӕнын хъӕуы, уый иннӕтӕн бацамонын. Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбарынц, ӕндӕр хъуыдытӕ нӕ, фӕлӕ лӕвӕрд ӕрмӕг кӕй хъӕуы дзӕбӕх райхалын. Ӕргом раныхас кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕрты дӕр сӕ ныхас аразын фӕхъӕуы лӕвӕрд пъланмӕ гӕсгӕ. Уыцы пълан афтӕ арӕзт у, ӕмӕ дзы ӕфсымӕрӕн йӕ бон у цыдӕртӕ айсын, цавӕрдӕр хъуыдытӕ та дзы бӕстондӕр райхалын. Фӕлӕ дзы бӕрӕг-бӕлвырдӕй амынд сты, раныхас кӕуыл хъуамӕ лӕууа, уыцы сӕйраг хъуыдытӕ, бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ стихтӕ Библийӕ. Лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ амонын куы сахуыр уай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, сценӕйӕ дӕ ӕндӕр ахсджиаг цыдӕртӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд дӕр.

Ацы хъуыддаджы хорз куы сфӕлтӕрай, уӕд Библи искӕимӕ ахуыр кӕнынмӕ дӕр бирӕ хуыздӕр арӕхсдзынӕ. Сахуыр уыдзынӕ лӕвӕрд ӕрмӕг лӕмбынӕг иртасын ӕмӕ ӕнӕуи цымыдисаг, фӕлӕ хъуыддагмӕ чи ницы бар дары, ахӕм хъуыдытыл нӕ дзӕгъӕлтӕ кӕндзынӕ. Кӕд ацы урочы хъуыды раст бамбӕрстай, уӕд афтӕ дӕр нӕ зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ, фыст цы ис, уымӕй дарддӕр ныхасмӕ ӕппындӕр ницавӕр хъуыды ис бафтауӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый куы хъӕуа, уӕддӕр.