Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

34 УРОК

Дӕ ныхас зӕрдӕйы хос уӕд

Дӕ ныхас зӕрдӕйы хос уӕд

ХУЫЦАУ нын цы хабар бахӕс кодта хъусын кӕнын, уый у хорз хабар. Йесо загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕн раздӕр хъуамӕ хъуыстгонд уа Евангелийы уацхъуыд [«хорз хабар», НД]» (Маркы 13:10). Йесо йӕхӕдӕг дӕр хъусын кодта «Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд», ӕмӕ нын афтӕмӕй равдыста, мах дӕр афтӕ кӕй хъуамӕ кӕнӕм (Лук. 4:43, НФ). Уӕдӕ апостолтӕ дӕр хъусын кодтой «Хуыцауы хорз уацхъуыд» ӕмӕ «Чырыстийы тыххӕй хорз уацхъуыд» (1 Фес. 2:2; 2 Кор. 2:12). Уыцы хабар у ӕцӕг хорз хабар, адӕмӕн ныфс хӕссӕг.

«Арвы астӕуты чи тӕхы» ӕмӕ «ӕнусон Евангели» чи хъусын кӕны, уыцы зӕдау мах дӕр адӕммӕ сидӕм: «Тӕрсут Хуыцауӕй! Ӕмӕ Йӕ цытджын кӕнут!» (Рарг. 14:6, 7, НФ). Кӕмфӕнды ма уӕм, адӕмӕн дзурӕм ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ номы тыххӕй, йӕ ӕвӕджиауы миниуджытӕ, йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, йӕ рӕсугъд фӕндты тыххӕй, йӕ разы дзуапп кӕй дӕттӕм ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕтты тыххӕй. Иегъовӕ Хуыцауӕн йӕ ном чи худинаг кӕны ӕмӕ иннӕты цард чи ӕнад кӕны, уыцы фыдадӕмы кӕй фесафдзӕн, уый дӕр хорз хабар у. Фӕлӕ махӕн уый бар нӕй, ӕмӕ кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоныл тӕрхон кӕнӕм. Мах тынг фӕнды, фылдӕр адӕм куы айсиккой сӕ зӕрдӕтӕм, Библи цы дзуры, уый — уӕд сын уыцы хабар бӕгуыдӕр суыдзӕн хорз хабар (Ӕмб. 2:20—22; Иоан. 5:22).

Адӕймаджы онг цы мары, уыдӕттыл къаддӕр дзур. Ацы царды мӕстаг, бӕллӕхы хабӕрттӕ ай-гъай дӕр ис. Ӕмӕ мах дӕр нӕхи афтӕ нӕ дарӕм, цыма нӕ алыварс цытӕ цӕуы, уый нӕ уынӕм. Уӕвгӕ, хъусын кӕнгӕйӕ нӕ ныхасы райдианы цыбыртӕй ӕрдзурӕн ис, адӕм цӕуыл тыхсынц, ахӕм исты зындзинадыл. Фӕлӕ йӕ бынтон ныддиссаг кӕнӕм ӕмӕ йыл дзурӕм ӕмӕ дзурӕм, уый ницы пайда у. Ӕнӕуи дӕр ахӕм бон нӕй, ӕмӕ адӕм мацы ӕвзӕр хабар фехъусой, ӕмӕ ма сӕм мах дӕр куы бацӕуӕм ӕмӕ сын бӕллӕхты кой куы кӕнӕм, уӕд кӕнӕ сӕ дуар сӕхгӕндзысты, кӕнӕ сӕ хъустӕ. Иууыл райдианӕй дӕр адӕймагӕн йӕ хъус ӕрдар, Хуыцауы Ныхасы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ (Рарг. 22:17). Кӕд ӕй дарддӕр ныхас кӕнын нӕ бафӕнда, уӕддӕр ын цыдӕр хорз хъуыды загътай, ӕмӕ йыл, чи зоны, уый фӕстӕ дӕр хъуыды кӕна. Стӕй дӕм, чи зоны, уый фӕрцы иннӕ хатт хуыздӕр байхъуса.

Афтӕ ныхасы рацӕугӕйӕ дӕр: иугӕр бирӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ хъусӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ адӕмӕн ӕрмӕстдӕр уыцы хабӕртты кой кӕнӕм. Зӕххон хицӕуттӕ куыд ницӕмӕн бӕззынц, тыхми ӕмӕ фыддзинад куыд сарӕх ӕмӕ адӕм куыд фехӕлдысты — ӕппӕт уыдӕттыл ныхасгӕнӕг бирӕ куы дзура, уӕд ныхасмӕхъусджытӕн се онг амӕлдзӕн. Ныхасы ӕвзӕр хабӕрттӕ уӕд ис ракӕнӕн, ӕмӕ уый исты пайда куы ӕрхӕсса. Зӕгъӕм, цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уый тыххӕй дыууӕ ныхасы зӕгъгӕйӕ равдисдзынӕ, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый адӕмы тынг кӕй хъӕуы. Уымӕй ма равдисӕн ис, хъуыддаг афтӕ цӕмӕн рауад, уымӕн йӕ сӕйраг аххосӕгтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы та бамбарын кӕнӕн ис, хъуыддаг алыг кӕнынӕн Библи цы дзуры, уый раст цӕмӕн у. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ дӕ ныхас уӕд бӕлвырд, фӕлӕ зындзинӕдты кой ӕгӕр бирӕ ма кӕн.

Дӕ раныхасы, адӕм цы мӕстытӕ ӕвзарынц, уыдоны кой ӕппындӕр ма кӕнай, уый гӕнӕн, уӕвгӕ, нӕй ӕмӕ хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны. Дӕу хъӕуы дӕ раныхасы хорзы кой ӕмӕ ӕвзӕры кой иумӕ афтӕ сбӕттын, ӕмӕ ныхасмӕхъусджытыл хорзырдӕм куыд фӕзына. Уый тыххӕй ахъуыды кӕнын хъӕуы, дӕ раныхасмӕ цавӕр хъуыдытӕ бахӕссай, цы дзы айсай, стӕй дзы стырдӕр тых цавӕр хъуыдыты бавӕрай. Уӕлхох уацамынды Йесо адӕмӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтау уӕхи уды дзӕбӕхӕн ма цӕрут, ӕмӕ йӕ цы зӕгъын фӕндыд, уый бамбарын кӕнынӕн ӕрхаста цалдӕр цӕвиттоны (Матф. 6:1, 2, 5, 16). Ӕрмӕст Йесо уыцы дины разамонджыты хъӕндзинӕдтыл бирӕ нӕ дзырдта. Уый бӕсты адӕмӕн сӕ хъус ӕрдардта, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕцӕгӕй куыд ӕмбарын хъӕуы ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй хъӕуы, уымӕ (Матф. 6:3, 4, 6—15, 17—34). Уый фӕрцы йӕ ныхас адӕмӕн се онг нӕ амардта, фӕлӕ сын феххуыс — ныфс сӕ бауагъта.

Дӕ ныхасӕй зӕрдӕ рухс кӕнӕд. Кӕд дӕ ӕмбырды чырыстон царды фӕзилӕнтӕй иу цӕуылдӕр хъӕуы ӕрныхас кӕнын, уӕд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты ӕфхӕргӕ ма кӕн, фӕлӕ сӕм хорзӕй цы ис, ууыл дзур. Дӕ зӕрдыл дар, уыдонмӕ цӕмӕ сидыс, уый дӕхӕдӕг дӕр кӕй хъуамӕ аразай (Ром. 2:21, 22; Дзут. 13:7). Цы дзурыс, уый дзур мӕстыйӕ нӕ, фӕлӕ дӕ алы дзырд дӕр гуырӕд дӕ зӕрдӕйы ӕцӕг уарзтӕй (2 Кор. 2:4). Де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хоты Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый дӕ кӕд уырны, уӕд уыцы фидар уырнындзинад бӕрӕг уыдзӕн дӕ ныхасы уагӕй, ӕмӕ сын уыдзӕн ныфсы хос. Дӕ хъус ма ӕрдар, апостол Павел йе ’фсымӕртыл кӕй ӕууӕндыд, уый йӕ ныхӕсты куыд зыны 1 Фессалоникӕгтӕм 4:1—12; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:4, 5 ӕмӕ Филимонмӕ 4, 8—14, 21.

Хатт хистӕр нӕлгоймӕгты бахъӕуы ӕмбырды уӕнгты рӕузонд уагахастӕй бафӕдзӕхсын. Фӕлӕ уыцы ӕфсымӕртӕ сӕрныллӕг куы уой, уӕд сӕ ныхас уыдзӕн фӕлмӕн (Гал. 6:1). Сӕ ныхасы уагӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, ӕмбырды чи ис, уыдоны кӕй нымайынц (1 Пет. 5:2, 3). Тынгдӕр ӕрыгон ӕфсымӕртӕн фӕдзӕхсы Библи уый сӕ зӕрдыл дарын (1 Тим. 4:12; 5:1, 2; 1 Пет. 5:5). Адӕймагӕн уайдзӕф бакӕнын, зонд бацамонын, йӕ рӕдыд зӕгъын куы хъӕуа, уӕд уый бакӕнын хъӕуы, Библи цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (2 Тим. 3:16). Ныхасгӕнӕг Библийӕ хъуамӕ афтӕ макуы пайда кӕна, ӕмӕ йӕ тынг цы хъуыды зӕгъын фӕнды, уый дзы куы нӕ уа, уӕддӕр ӕй бавӕра. Ӕмӕ йӕ цыдӕр хъуыддаджы зонд бацамонын куы хъӕуа, уӕддӕр йӕ ныхас ӕмбырды уӕнгтӕн уыдзӕн зӕрдӕрухсы хос, кӕд ӕмӕ сын сӕ хъус сӕйраджыдӕр ӕрдара, цы саразӕн ис, уымӕ: куыд ис ӕвзӕрдзинадӕй хи бахизӕн, зын хъуыддаг куыд ис алыггӕнӕн, зындзинӕдтӕн куыд ис быхсӕн, куыд ис рӕдыд сраст кӕнӕн ӕмӕ Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ нӕ хъахъхъӕнӕг куыд сты (Пс. 118:1, 9—16).

Раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ биноныг ахъуыды кӕн, куыд балхынцъ кӕндзынӕ сӕйраг хъуыдытӕй алкӕцыдӕр, стӕй дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Адӕймаг фӕстагмӕ цы фӕзӕгъы, ныхасмӕхъусджытӕ тынгдӕр уый бахъуыды кӕнынц. Уӕдӕ дӕ ныхас цӕмӕй фӕуыдзынӕ, уымӕй сӕ зӕрдӕ барухс уыдзӕн?

Чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ ныхас кӕнгӕйӕ. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ тынг аргъ кӕнынц, се ’мчырыстӕттимӕ ӕмбӕлыны фадат сын кӕй ис, уымӕн. Уыцы фембӕлдтӕ сын сты ныфсы ӕмӕ цины хос. Библи дӕр нын уый фӕдзӕхсы, цӕмӕй, Хуыцауӕн иумӕ кӕм кувӕм, уырдӕм ӕрбацӕугӕйӕ «кӕрӕдзийы ныфсхаст кӕнӕм» (Дзут. 10:25, НФ). Ӕмӕ уый та айдагъ раныхӕстӕ ӕмӕ дзуаппытӕй нӕй аразӕн, фӕлӕ ма-иу фембӕлдты размӕ ӕмӕ сӕ фӕстӕ искӕимӕ куы аныхӕстӕ кӕнӕм, уымӕй дӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, куыдтӕ стӕм, цытӕ куыстам, уыдӕттыл ныхас кӕнын ӕвзӕр нӕу, фӕлӕ нӕ ныхӕстӕ стырдӕр ныфсы хос уыдзысты, Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы дзурӕм, уӕд. Цӕвиттон, хорз уаид, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕхицӕй амондджындӕр кӕй фӕрцы никӕйуал фенхъӕлӕм, ахӕм цаутӕ радзурын. Адӕймаджы хионау куы ӕрхъуыды кӕнай ӕмӕ йӕ ӕнӕхинӕй куы афӕрстытӕ кӕнай, уый дӕр ын стыр тых ратдзӕн.

Хъуамӕ ӕппынӕдзух дӕр нӕхимӕ кӕсӕм, ацы дунейы зонд ныл куыд нӕ фӕзына. Павел Ефесы чырыстӕттӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Мӕнгдзинад иуварс авӕргӕйӕ, дзурут ӕцӕгдзинад алчи йӕхионӕн» (Еф. 4:25). Мӕнгдзинад нӕ, фӕлӕ алы хатт дӕр ӕцӕгдзинад дзурӕм, зӕгъгӕ, зӕгъӕн уыдзӕн, ацы дунейы адӕмӕн сӕ хуыцӕуттӕ чи ӕмӕ цытӕ сты, уыдонӕн куы нӕ кад кӕнӕм, уӕд дӕр. Афтӕ ма Йесо фӕдзӕхста, цӕмӕй нӕ «хъӕздыгдзинад» йӕ фӕдыл ма асайа (Матф. 13:22, НФ). Уымӕ гӕсгӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ уыдӕттыл хъуамӕ ма дзурӕм, зӕгъгӕ, зоныс, ахӕм ӕмӕ ахӕм дзаума цы тынг у, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ма цыбӕл кӕнӕм (1 Тим. 6:9, 10).

Кӕрӕдзийӕн зӕрдӕрухсы хос кӕй хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй дзургӕйӕ нӕм Павел сиды, зӕгъгӕ, «уырнындзинады лӕмӕгъ» чи у кӕнӕ, чырыстон сӕрибардзинад цы у, уый дзӕбӕх чи не ’мбары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕмӕйдӕр йӕхиуыл чи хӕцы, уыцы ӕфсымӕрыл ма худут кӕнӕ йӕ дӕлджиныг ма кӕнут. Адӕймагӕн нӕ ныхас ныфсы хос уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ, цавӕр адӕймаг у ӕмӕ чырыстон фӕндагыл размӕ кӕйонгты ацыд, уый нӕ зӕрдыл дарӕм. Уымӕй ӕвзӕрдӕр цы хъуамӕ уа, ӕмӕ «ӕфсымӕрӕн [йе та хойӕн] цӕлхдур кӕнӕ рӕдийыны хос уӕм»! (Ром. 14:1—4, 13, 19).

Дзӕбӕх ныхас, ныфсы ныхас тынг хъӕуы, ацы царды зын кӕмӕн у, зӕгъӕм, уӕззау низимӕ чи тох кӕны, уыдоны. Ахӕм адӕймӕгтӕн ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуын у стыр фыдӕбон. Ӕмӕ сын сӕ уавӕр чи зоны, уыдон сӕ арӕх афӕрсынц: «Дӕхи куыд хатыс?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг бузныг вӕййы се ’рхъуыдыйӕ. Фӕлӕ йӕ, чи зоны, йе ’нӕниздзинады кой кӕнын нӕ фӕнды. Уый бӕсты дзы раппӕл, зӕгъ ын, куыд зынаргъ дын у, ӕмӕ йын уымӕй тынгдӕр батавдзынӕ йӕ зӕрдӕ. Иегъовӕйы куыд уарзы ӕмӕ зындзинӕдты куыд фидар лӕууы, уый уыныс? Фембӕлдты цы дзуаппытӕ фӕдӕтты, уыдон дын дӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц? Йӕ лӕмӕгъдзинӕдты бӕсты, фидар цӕмӕй у ӕмӕ ӕгас ӕмбырдӕн дӕр ныфсы хос куыд у, уый тыххӕй йын куы зӕгъай, уӕд ын уый тынгдӕр нӕ фӕрог кӕндзӕн йӕ зын? (1 Фес. 5:11, НФ).

Цӕмӕй нӕ ныхас ныфсы хос уа, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, цӕй кой кӕнӕм, уымӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы. Рагзаманы израилӕгтӕй Иегъовӕйы минӕвӕртты ныхмӕ чи дзырдта ӕмӕ сын уӕларвӕй цы хӕринаг лӕвӕрдта (маннӕ, зӕгъгӕ), ууыл былысчъилтӕ чи кодта, уыдоны йӕ фыдӕх баййӕфта (Нымӕц. 12:1—15; 21:5, 6). Уыцы рагон хабӕрттӕ нын зонды хос кӕй фесты, уый та уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕд ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты нымайӕм ӕмӕ нын ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы монон хӕринаг дӕтты, уымӕй райгонд уӕм (1 Тим. 5:17, НФ).

Нӕ чырыстон ӕфсымӕртимӕ хорзӕй цӕуыл аныхас кӕнӕм, уый ссарын зын нӕ вӕййы. Фӕлӕ исчи фауӕн, ӕфхӕрӕн ныхас куы кӕна, уӕд дӕхимӕ уыцы лӕгдзинад ссар, ӕмӕ ныхас хорзырдӕм фӕзил.

Уӕдӕ, уацамынды уӕм, сценӕйӕ дзурӕм ӕви не ’мчырыстӕттимӕ ныхас кӕнӕм, алкӕддӕр уӕм арфуынӕг, ӕмӕ уӕд нӕ зӕрдӕйӕ цӕудзӕн «ӕрмӕст хорз ныхас фӕдзӕхсынӕн уырнындзинады, цӕмӕй уый хӕсса фарн хъусджытӕн» (Еф. 4:29).