Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

41 УРОК

Дӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн уӕд

Дӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн уӕд

НЫХАСЫ мидӕг ӕнӕуи цыдӕртӕ радзурын фаг нӕу. Чи дӕм хъусы, уыдон дын дӕ ныхас куыд ӕмбарой, ууыл архай. Ӕмӕ уӕд,— ӕмбырды дзурай ӕви, Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонимӕ,— дӕ ныхас йӕ нысаныл тынгдӕр ӕмбӕлдзӕн.

Ныхас ӕнцонӕмбарӕн бирӕ цӕйдӕрты фӕрцы вӕййы. Уыцы фӕзилӕнтӕй иуӕй-иутыл ӕрныхас кодтам 26-ӕм урочы, «Ӕрмӕг фӕд-фӕдыл раст равӕр», зӕгъгӕ. Цӕуылдӕрты дзы дзырдӕуы 30-ӕм урочы дӕр — «Адӕмыл хъуыды кӕн». Ацы урочы ӕркӕсдзыстӕм ноджыдӕр цалдӕр хъуыдымӕ.

Ӕнцонӕмбарӕн дзырдтӕ, хуымӕтӕг дзыхыныхас. Ӕнцонӕмбарӕн дзырдтӕ ӕмӕ цыбыр хъуыдыйӕдтӕ стыр тых дӕттынц адӕймаджы ныхасӕн. Уымӕн ирд бӕлвырдгӕнӕн — Йесойы Уӕлхох уацамынд: ӕмбарынц ӕй алы адӕм дӕр, чифӕнды ма уӕнт ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕнт. Цы арф хъуыдытӕ дзы ис, уыдон сын, чи зоны, ӕнӕзонгӕ сты, фӕлӕ сӕ ӕмбаргӕ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Йесо дзырдта, царды мидӕг не ’ппӕтӕн дӕр ӕнцой цы фарстатӕ нӕ дӕттынц, уыдӕттыл: цӕй мидӕг ис амонд, адӕмимӕ цӕрын куыд хъӕуы, мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй куыд фервӕзӕн ис ӕмӕ куыд базонӕн ис, цӕмӕ цӕры адӕймаг. Стӕй Йесо дзырдта хӕрз хуымӕтӕг ӕвзагӕй (Матф., 5—7 сӕртӕ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы алыхуызон хъуыдыйӕдтӕ ӕмбӕлы — сӕ арӕзтӕй дӕр ӕмӕ сӕ дӕргъмӕ гӕсгӕ дӕр. Дӕ нысан та сӕйраджыдӕр уый у, ӕмӕ цы дзурыс, уый уа бӕлвырд ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн.

Цыфӕнды вазыгджын ӕрмӕг дӕр хуымӕтӕгӕй куы радзурай, уӕд ӕй ныхасмӕхъусджытӕ хуыздӕр бамбардзысты. Фӕлӕ цӕмӕй дӕ ныхас хуымӕтӕг уа, уый тыххӕй цы хъӕуы? Дӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕмы алы ӕнӕхъӕугӕ лыстӕг хабӕртты бын ма фӕкӕн. Ӕппӕт ӕрмӕг дӕр фӕд-фӕдыл афтӕ равӕр, сӕйраг хъуыдытӕ дзы бӕлвырд-бӕрӕг куыд уой. Дӕ ныхасы сӕйраг стихтӕ цавӕртӕ уыдзысты, ууыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Иу стихӕй иннӕмӕ ахизыныл тагъд ма кӕн, алкӕцыдӕр дзы бакӕс ӕмӕ йӕ дзӕбӕх бамбарын кӕн. Бирӕ дзырдтӕй цыфӕнды хорз хъуыдыйӕн дӕр йӕ тых сӕтты, дӕхи уымӕй дӕр хиз.

Ацы хъуыдытӕ дӕ зӕрдыл дар, Библи искӕимӕ ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр. Алцы лыстӕггай нӕ хъӕуы ӕмбарын кӕнын. Адӕймагӕн баххуыс кӕн сӕйраг хъуыдытӕ бамбарынӕн. Дарддӕр та Библи йӕхӕдӕг ахуыр кӕндзӕн, цӕудзӕн ӕмбырдтӕм, ӕмӕ арфдӕр ӕмбардзӕн ӕцӕгад.

Цӕмӕй ӕрмӕг хуымӕтӕгӕй райхалай, уый тыххӕй хъӕуы хорз цӕттӕ кӕнын. Дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый дӕхӕдӕг хорз куы ӕмбарай, ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд уыдзӕн дӕ бон иннӕтӕн хорз бамбарын кӕнын. Адӕймаг цавӕрдӕр фарста ӕцӕгӕй куы ӕмбара, уӕд ын зын нӕ уыдзӕн, афтӕ цӕмӕн у, уый йӕхи ныхӕстӕй бамбарын кӕнын.

Ӕмбарын кӕн ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ. Ӕрмӕг хорз бамбарын кӕнынӕн хатт фӕхъӕуы ӕнӕзонгӕ дзырдты нысаниуӕг бацамонын. Ныхасмӕхъусджытӕй уый ӕнхъӕл ма у, ӕмӕ алцыдӕр зонынц, фӕлӕ афтӕ дӕр ма хъуыды кӕн, ӕмӕ бынтон ницы ӕмбарынц. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы дзырдтӕ базыдтай, уыдонӕй иуӕй-иутӕ адӕм никуы фехъуыстой. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ӕввахс зонгӕ чи нӕу, уыдонӕн ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъӕм: «баззайӕггаг», «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», «ӕндӕр фыстӕ» ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» куы нӕ бамбарын кӕнай, уӕд сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр не ’рцӕудзӕн, бӕлвырд адӕмы къордтӕм кӕй хауынц, уый (Ром. 11:5; Матф. 24:45; Иоан. 10:16; Рарг. 7:9). Афтӕ ма, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты организациимӕ зонгӕ чи нӕу, уыдон нӕ бамбардзысты, цы у «хъусынгӕнӕг», «пионер», «цӕуӕг цӕстдарӕг» кӕнӕ «Ӕрымысӕн изӕр».

Фӕлӕ ма хатт бамбарын кӕнын фӕхъӕуы, иннӕ адӕм дӕр арӕх кӕй фӕдзурынц, ахӕм ныхӕстӕ Библийӕ. Бирӕтӕ дзырд «Армагеддон» афтӕ ӕмбарынц, зӕгъгӕ, ядерон хӕст райдайдзӕн ӕмӕ бӕстысӕфт ӕрцӕудзӕн. «Хуыцауы Паддзахад» та сын хицауад нӕу, фӕлӕ йӕ афтӕ ӕнхъӕлынц, ӕмӕ уый у уӕларвон цард (ома мӕлӕты фӕстӕ кӕдӕм цӕуынц, уый) кӕнӕ та — адӕймагӕн йӕ мидзӕрдӕйы уавӕр. Дзырд «уд» бирӕтӕ афтӕ ӕмбарынц, зӕгъгӕ, уый у, адӕймагӕй йӕ мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕйӕ чи баззайы, ахӕм ӕнӕуынгӕ цыдӕр. Милуангай адӕмты та афтӕ сахуыр кодтой, ома «сыгъдӕг уд» у гоймаг — Ӕртӕиууоны хай. Бирӕтӕ ӕгъдаумӕ Библийы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсынц, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй, гӕнӕн ис, ма бамбарой, Библи афтӕ цӕмӕн дзуры, зӕгъгӕ, «лидзут хӕтындзинадӕй» (1 Кор. 6:18).

Библи арӕх чи нӕ кӕсы, уымӕн ӕнӕуи афтӕ куы зӕгъай, зӕгъгӕ, «Павел ныффыста...» кӕнӕ «Петр афтӕ загъта», уӕд кӕй кой кӕныс, уый раст нӕ бамбардзӕн. Чи зоны, йе ’рдхорд кӕнӕ йӕ сыхаг афтӕ хуыйны. Уымӕ гӕсгӕ дӕ дӕ ныхасмӕ бафтауын хъӕудзӕн: «Чырыстийы апостол» кӕнӕ, «Библи чи фыста, уыдонӕй сӕ иу».

Арӕх адӕм нӕ фембарынц, рагон бӕрцбарӕнтӕ кӕнӕ ӕгъдӕутты кой кӕм цӕуы, уыцы скъуыддзӕгтӕ. Цӕвиттон, афтӕ куы зӕгъай, зӕгъгӕ, Нойы ковчегӕн йӕ дӕргъ уыди 300 ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — 50 ӕлмӕрины ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд та — 30 ӕлмӕрины, уӕд сын уый ницӕуыл дзурӕг уыдзӕн (Уӕв. 6:15). Фӕлӕ сын ковчег, кӕй зонынц, уыцы стыр бӕстыхайимӕ куы абарай, уӕд уайтагъд сӕ цӕстытыл ауайдзӕн, ковчег цӕйас уыди, уый.

Цы ма фӕхъӕуы ӕмбарын кӕнын. Хатт фарста райхалынӕн фаг нӕ вӕййы айдагъ хицӕн дзырдтӕ бамбарын кӕнын. Ездрӕйы рӕстӕджы Иерусалимы адӕмӕн Закъон кӕсгӕ дӕр кодтой ӕмӕ йӕ ӕмбарын дӕр кодтой. Цӕмӕй адӕм Закъоны мидис ӕмбӕрстаиккой, уый тыххӕй йын левиттӕ йӕ хъуыды хӕлдтой ӕмӕ ма, адӕмы уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ цы бакӕнын хъуыди, уый дӕр амыдтой (Неем. 8:8, 12). Уӕдӕ-иу ды дӕр рӕстӕг ссар, цы стихтӕ бакӕсыс, уыдонӕн сӕ хъуыды райхалынӕн ӕмӕ сӕ царды куыд спайда кӕнын хъӕуы, уый бамбарын кӕнынӕн.

Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, цы ӕрцыд, уымӕй Фыстытӕ кӕй сӕххӕст сты. Афтӕ ма сын сӕ хъус ӕрдардта, ӕппӕт уыцы цаутӕ сӕхи цӕстӕй кӕм федтой, уым хӕсджын кӕй сты иннӕтӕн дӕр сӕ фехъусын кӕнын (Лук. 24:44—48). Дӕ ныхӕстӕ адӕмӕн сӕ цардыл куыд хъуамӕ фӕзыной, уый фенынӕн сын куы баххуыс кӕнай, уӕд сӕм хуыздӕр бахъардзысты.

Цы аразгӕ у зӕрдӕйӕ. Дӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн куы уа, уӕддӕр ӕй адӕймаг бамбардзӕн ӕви нӕ, уый ма бирӕ ӕндӕр цӕуылдӕрты дӕр у баст. Йӕ зӕрдӕйы дуар ӕхгӕд куы уа, уӕд ӕм дӕ ныхӕстӕ нӕ бахъардзысты (Матф. 13:13—15). Царды алцӕмӕдӕр зӕххон адӕймаджы цӕстӕй чи кӕсы, уымӕ Хуыцауы тыххӕй цыфӕнды ныхас дӕр ӕнӕзонддзинад кӕсы (1 Кор. 2:14). Зӕгъгӕ, фӕхатыдтӕ, адӕймаг ахӕм зондыл хӕст у, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, куы ницыуал ын зӕгъай — ныртӕккӕ йын цасфӕнды ма дзур, ницы пайда уыдзӕн.

Фӕлӕ хатт адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ныддур вӕййы йӕ уӕззау, йӕ тыхст ӕмӕ зын цардӕй. Ӕмӕ ахӕм адӕймаг цасдӕр рӕстӕг куы хъуса ӕцӕгады тыххӕй, уӕд сындӕггай йӕ зӕрдӕ, гӕнӕн ис, ӕрфӕлмӕн уа. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы дзырдта, ехсӕй мӕ нӕмдзысты ӕмӕ мӕ стӕй амардзысты, зӕгъгӕ, уӕд ӕй нӕ бамбӕрстой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыди, стӕй сӕ фӕндгӕ дӕр нӕ кодта! (Лук. 18:31—34). Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ апостолтӕй иуӕндӕс бамбӕрстой уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ йӕ кӕй бамбӕрстой, уый бӕрӕг уыди сӕ хъуыддӕгтӕй — Йесо сын куыд амыдта, афтӕ кодтой.

Цы тых ис, нӕхи куыд дарӕм, уымӕн. Адӕмӕн цы дзурӕм, уый канд нӕ ныхӕсты фӕрцы нӕ бамбарынц, фӕлӕ махмӕ кӕсгӕйӕ дӕр. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ фыццаг хатт чи ӕрбацӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, тынгдӕр бахъуыды кодтам, цы дзы дзырдтой, уый нӕ, фӕлӕ дзы цы уарзондзинад федтам, уый. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ дӕр бирӕтӕ Библийы ӕцӕгад райстой, афтӕ амондджын ӕмӕ зӕрдӕрухс кӕй стӕм, уый фӕрцы. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин раст дин кӕй у, уый кӕйдӕр та бауырныдта, кӕрӕдзи куыд ӕнувыдӕй уарзӕм ӕмӕ бахъуаджы сахат иннӕ адӕмы фарсмӕ кӕй балӕууӕм, уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ адӕмӕн ӕцӕгад бамбарынӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ дӕ хъус дар, куыд ӕй амоныс ӕмӕ дӕхи куыд дарыс, уымӕ.