Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 УРОК

Зӕрдиагӕй дзур

Зӕрдиагӕй дзур

АДӔЙМАГ зӕрдиагӕй куы фӕдзуры, уӕд йӕ ныхас вӕййы цардӕгас. Раст у, раныхас мидисджын хъуамӕ уа, фӕлӕ, чи дзуры, уый кӕд йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын фӕнды, уӕд йӕ ныхас хъуамӕ цӕуа зӕрдӕйӕ. Кӕмфӕнды ма схъомыл уӕм ӕмӕ цавӕрфӕнды удыхъӕды хицау ма уӕм,— алкӕмӕндӕр нӕ йӕ бон у, нӕ ныхас зӕрдӕйӕ цӕуа, ууыл кусын.

Дӕ ныхӕстӕ зӕрдӕйӕ цӕуӕнт. Йесо самариаг сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын афтӕ загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн чи кувы, уыдон ын хъуамӕ кувой «удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй» (Иоан. 4:24). О, уымӕн ын хъуамӕ кувӕм, бузныг дзы кӕй стӕм, стӕй йын хъуамӕ кувӕм, йӕ Ныхас нын куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ. Адӕймагӕн Хуыцау цы стыр хӕрзтӕ ракодта, уыдонӕн кӕд ӕцӕгӕй аргъ кӕны, уӕд уый йӕ ныхасӕй бӕрӕг уыдзӕн. Уый иннӕтӕн зӕрдиагӕй дзурдзӕн Иегъовӕйы хорздзинӕдты тыххӕй. Ӕмӕ дзы куыд бузныг у, уый та зындзӕн йӕ хъӕлӕсы уагӕй, йӕ къухамындтӕй, йӕ цӕсгом ӕмӕ йӕ уӕнгты змӕлдӕй дӕр.

О, фӕлӕ уӕд афтӕ цӕмӕн вӕййы, ӕмӕ адӕймаг Иегъовӕйы уарзы, цы дзуры, уый йӕ фидарӕй уырны, фӕлӕ йӕ ныхасы царды уддзӕф нӕ вӕййы? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ цы дзурдзӕн, ӕрмӕст ууыл ахъуыды кӕнын фаг нӕу. Йӕ ныхас цӕуыл у, уый хъуамӕ йӕхӕдӕг арф банкъара, йӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ йын банкъуысын кӕна. Дзырдӕн зӕгъӕм, ӕфсымӕрӕн бахӕс кодтой раныхас, Йесо Чырысти нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕдыл. Уӕд йӕ ныхасы рӕстӕджы ӕрмӕст лыстӕг хабӕрттыл хъуамӕ ма хъуыды кӕна — кӕд, куыд ӕмӕ кӕм ӕрцыд, зӕгъгӕ, фӕлӕ Йесо йӕ цард нывондӕн ратгӕйӕ, ныхасгӕнӕгӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдонӕн дӕр хорзӕй цы сарӕзта, ууыл. Хъуамӕ йӕ зӕрдӕйы сног уой кӕддӕры рӕсугъед ӕнкъарӕнтӕ: Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти уыцы удуӕлдай хъуыддаг кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй у. Хъуамӕ хъуыды кӕна, уый фӕрцы адӕмӕн цы диссаджы фадат фӕзынд, ууыл: зӕхх фӕстӕмӕ дзӕнӕт суыдзӕн ӕмӕ йыл уыдзӕн ӕнустӕм ӕнӕмастӕй ӕмӕ ӕнӕнизӕй цӕрӕн! Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй зӕрдӕйӕ бирӕ аразгӕ у.

Израилы адӕмы ахуыргӕнӕг ӕмӕ чиныджыдӕсны Ездрӕйы тыххӕй Библи афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, «йӕ зӕрдӕ сарӕзта Иегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, стӕй ма [йӕ] Израилы адӕмӕн... амонынмӕ дӕр» (Езд. 7:10). Мах дӕр афтӕ куы кӕнӕм, ома, цы дзурдзыстӕм, ӕрмӕст ууыл куы нӕ хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ ма-иу ӕм нӕ зӕрдӕ дӕр куы саразӕм, уӕд нӕ ныхас цӕудзӕн зӕрдӕйӕ. Ӕмӕ ӕцӕгад зӕрдӕйӕ куы дзурӕм, уӕд нӕм хъуса, уыдон дӕр ӕй бауарздзысты.

Хъуыды кӕн дӕ ныхасмӕхъусджытыл. Дӕ ныхас зӕрдӕйӕ цӕуа, уымӕн ма ис ноджыдӕр иу хос: хъуамӕ фидарӕй зонай, цы дзурдзынӕ, уый дӕ ныхасмӕхъусджыты ӕхсызгонӕй кӕй хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ раныхасмӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ, хорз ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕнын фаг нӕу. Кув Иегъовӕмӕ, ӕмӕ дын баххуыс кӕна дӕ раныхас афтӕ радзурын, чи дӕм хъуса, уыдон дзы сӕхицӕн зондӕн исты куыд райсой (Пс. 31:8; Матф. 7:7, 8). Дзӕбӕх ахъуыды кӕн, уыцы хъуыдытӕ сӕ цӕмӕн хъӕуынц, цы ахъаз сын фӕуыдзысты ӕмӕ сӕ куыд радзурын хъӕуы, цӕмӕй сӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсой.

Дӕ раныхасы ӕрмӕгыл кус уӕдмӕ, цалынмӕ дын дӕ зӕрдӕйы зынг чи ссудза, ахӕм хъуыдытӕ дзы не ссарай (чи зоны, ног хъуыдытӕ нӕ уой, фӕлӕ цы зыдтай, уым дӕхицӕн ног цыдӕр фенай). Дӕ раныхасы ахӕм хъуыдытӕ куы уа, ныхасмӕхъусджыты Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр чи фӕкӕндзӕн, йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕн ын тынгдӕр цӕй фӕрцы аргъ кӕндзысты, ацы зӕронд дунейы зындзинӕдтӕн быхсынӕн сын чи баххуыс кӕндзӕн кӕнӕ сын сӕ уацамынды хъӕд фӕхуыздӕр кӕнынӕн чи фӕахъаз уыдзӕн, уӕд мисхал дӕр дызӕрдыг ма кӕн — дзур зӕрдиагӕй.

Хъӕрӕй кӕсын дын куы бахӕс кӕной, уӕд та куыд? Ӕрмӕг зӕрдиагӕй бакӕсынӕн фаг нӕу, хъуыдыйады мидӕг дзырдтӕ иу хъуыды куыд аразынц, уый ӕмбарын ӕмӕ алы дзырд дӕр сыгъдӕг зӕгъын. Биноныг бакус кӕсинаг ӕрмӕгыл. Кӕд дӕ Библийӕ хъӕуы скъуыддзаг бакӕсын, уӕд уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг бацагур. Хъуамӕ йын хорз ӕмбарай йӕ сӕйраг хъуыды. Ахъуыды кӕн, дӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ кӕмӕн кӕсдзынӕ, уыдонӕн дӕр ахъаз цӕмӕй у. Стӕй йӕ афтӕ бакӕс, ӕмӕ дзы хорзӕй цы ис, уый уыдон дӕр куыд феной.

Уацамындмӕ дӕхи куы цӕттӕ кӕнай, уӕд та? Адӕймагимӕ цӕуыл ныхас кӕндзынӕ, ууыл ахъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ цы стихтӕ ӕрхӕссын фӕнды, уыдонмӕ ӕркӕс. Ахъуыды кӕн, адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ цӕуыл сты. Ӕрӕджы цы хабар ӕрцыд? Цӕмӕй тыхсынц? Куы йӕ зонай, ӕмӕ сын дӕ бон у Хуыцауы Ныхасӕй равдисын, ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕн дӕр кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый, уӕд сӕм цӕудзынӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ дӕ ныхӕстӕ сӕхигъӕдӕй цӕудзысты зӕрдӕйӕ.

Зӕрдиагӕй кӕй дзурыс, уый бӕрӕг уыдзӕн, дӕ ныхас цардӕгас куы уа, уымӕй. Дӕ ныхӕстӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц, зӕгъгӕ, уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ дӕ ныхас цардӕгас куы уа. Ӕмӕ уый та бӕрӕг уыдзӕн дӕ цӕсгомыл. Дзур фидарӕй ӕмӕ ныфсджынӕй, фӕлӕ фӕлмӕн.

Ам хъӕуы ӕмбаргӕдзинад. Иуӕй-иутӕ афтӕ сты, ӕмӕ цыфӕнды ма феной, цыфӕнды ма фехъусой, сӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы. Ахӕмтӕн хъӕуы бамбарын кӕнын, адӕймаг ӕдзухдӕр уыцы дисхуызӕй куы дзура кӕнӕ дзургӕ-дзурын йӕ зӕрдӕ йӕ риуӕй сгӕпп ӕввонг куы уа, уӕд ын адӕм йӕ ныхӕстыл нӕ, фӕлӕ йӕхиуыл кӕй хъуыды кӕндзысты. Иннӕрдыгӕй та, адӕймаг ӕнӕныфсхаст, ӕгӕр ӕфсӕрмыгӕнаг куы уа, уӕд ӕй баразӕнгард кӕнын хъӕуы, цӕмӕй йӕхи сӕрибардӕр хата.

Зӕрдӕйы зынг ӕнӕуи артӕй хъауджыдӕр нӕу. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕм куы кӕсай ӕмӕ зӕрдиагӕй куы дзурай, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ зӕрдӕйы зынг ссудздзынӕ. Аполлосӕн йӕ ныхас алкӕддӕр уыди зӕрдӕйӕ ӕмӕ йӕ нымадтой дзырды дӕсныйыл. Ды дӕр дӕ удӕй арт куы цӕгъдай, уӕд дӕм чи хъуса, уыдоны бафӕнддзӕн, цӕмӕ сӕ разӕнгард кӕныс, уый аразын (Ап. к. 18:24, 25; Ром. 12:11).

Дӕ ныхас цӕуыл у, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй дзур. Дзургӕ-дзурын дӕ хъус дар, ӕнӕхъӕн раныхас уыцы иу зӕрдӕйы уаг ӕй куыд нӕ дзурай, науӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ бафӕллайдзысты. Ӕмӕ сӕм цыфӕнды ӕхсызгон хъуыддагмӕ ма сидай, сӕ хъусты иувӕрсты йӕ ауадздзысты. Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм ӕрмӕг равзарын хъӕуы, дӕ раныхасы рӕстӕджы дӕ бон дӕ хъӕлӕсы уаг ивын куыд уа. Ныхасы рацӕугӕйӕ дын афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ иугъӕдон хъӕлӕсӕй дзурын райдайай. Дӕ раныхасӕн хорз ӕрмӕг куы ссарай, уӕд дӕхицӕн дӕр тынг цымыдисаг уыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр ныхасы мидӕг кӕцыдӕр хъуыдытӕ зӕгъын фӕхъӕуы зӕрдиагдӕрӕй, кӕцыдӕртӕ — уӕзбындӕрӕй. Дӕ хӕс у уыцы хъуыдытӕ иумӕ рӕсугъд снывӕндын.

Алы раныхасы дӕр уӕлдай зӕрдиагӕй зӕгъын фӕхъӕуы сӕйраг хъуыдытӕ. Дӕ раныхасы хъуамӕ уа, ӕппӕт хъуыдытӕ дӕр кӕмӕ кӕнынц, ахӕм ахсджиаг хатдзӕгтӕ. Уыцы сӕйраг хъуыдытӕ дӕ ныхасмӕхъусджыты хъуамӕ хъуыддагмӕ баразӕнгард кӕной. Иугӕр дӕ ныхӕстыл сразы сты, уӕд сын бамбарын кӕн, дзырд цӕуыл цыд, уымӕ гӕсгӕ куы архайой, уӕд сын уый цы ахъаз фӕуыдзӕн, ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ зӕрдӕты зынг ссудз. Дӕ зӕрдӕбын ныхас бацагайдзӕн, чи дӕм хъусы, уыдоны зӕрдӕтӕ. Фӕлӕ зӕрдӕбын ныхас уый нӕу, ӕмӕ аразгӕ ныхас кӕнай. Зӕрдиагӕй кӕй дзурыс, уымӕн хъуамӕ уа рахӕцӕн, ӕмӕ уыцы рахӕцӕн та у дӕ раныхасы ӕрмӕг.