Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 УРОК

Зӕрдӕйыл чи ӕмбӕлы, ахӕм разныхас

Зӕрдӕйыл чи ӕмбӕлы, ахӕм разныхас

РАЗНЫХАСӔЙ бирӕ аразгӕ у. Дӕ ныхасмӕхъусджыты иууыл райдианӕй дӕ бон куы суа бацымыдис кӕнын, уӕд дӕм дарддӕр дӕр хуыздӕр хъусдзысты. Уацамынды дӕ фыццаг ныхӕстӕ адӕймаджы зӕрдӕйыл куы нӕ сӕмбӕлой, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ дарддӕр ӕппындӕр мауал байхъуса. Ӕмбырды сценӕмӕ рацӕугӕйӕ куы нӕ фӕрӕстмӕ уа дӕ разныхас, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ сыстдзысты ӕмӕ залӕй нӕ ацӕудзысты, фӕлӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ хъуыдыты «ацӕуой» ӕндӕр кӕдӕмдӕр.

Разныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар цалдӕр хӕсы: 1) ныхасмӕхъусджыты (кӕнӕ адӕймаджы) ӕргом раздахын, 2) дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый бӕлвырд бацамонын ӕмӕ 3) сӕ уыцы фарста зонын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы, уый бамбарын кӕнын. Хатт ӕртӕ хӕсы дӕр сӕххӕст кӕнӕн вӕййы уыцы иу рӕстӕджы. Фӕлӕ дзы хаттӕй-хатт алкӕцымӕ дӕр ӕркӕсын фӕхъӕуы хицӕнӕй, стӕй сӕ уӕлдӕр куыд ранымадтам, ӕнӕмӕнг уыцы радыл нӕ.

Ныхасмӕхъусджыты ӕргом куыд ис раздахӕн. Адӕм раныхасмӕ байхъусынмӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, уый ууыл дзурӕг нӕма у, ӕмӕ лӕмбынӕг хъусынмӕ цӕттӕ сты. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сын царды ис бирӕ мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ. Чидӕр тыхсы йӕ бинонтыл, хӕдзары хъуыддӕгтыл кӕнӕ ӕндӕр цӕуылдӕрты. Уӕдӕ ныхасы рацӕугӕйӕ дӕ разы ис зын хӕс: хъуамӕ адӕмӕн ахӕм исты зӕгъай, сӕ хъуыдытӕй сӕ цы фӕиппӕрд кӕна ӕмӕ, цалынмӕ дӕ ныхас нӕ фӕуай, уӕдмӕ сын уыцы хъуыдытӕм аздӕхыны фадат цы мауал ратта. Уый бакӕнынӕн дзӕвгар мадзӕлттӕ ис.

Уӕлхох уацамынды хуызӕн зындгонд раныхӕстӕ стӕм ис. Куыд райдыдта Йесо йӕ ныхас? Лукайы Евангелийы мах кӕсӕм: «Тӕхудиаг стут удӕй мӕгуыртӕ... Тӕхудиаг стут ныр стонджытӕ... Тӕхудиаг стут ныр кӕуджытӕ... Тӕхудиаг стут сымах, адӕм уӕм куы фӕфыдзӕрдӕ уой...» (Лук. 6:20—22, НФ). Цӕмӕн сӕмбӕлдысты уыцы ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕтыл? Нымадӕй цалдӕр ныхасы — ӕмӕ адӕмӕн сӕ цӕстыты раз сыстадысты сӕ зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ Йесо уыдӕттыл бӕстон дзурыны бӕсты равдыста, ахӕм зындзинӕдтимӕ дӕр сӕ бон кӕй у, ӕмӕ амондджын уой. Ӕвдисгӕ та йӕ афтӕ ракодта, ӕмӕ йӕм дарддӕр хъусыныл фесты.

Адӕмы ӕргом раздахынӕн хорз сты фарстытӕ, фӕлӕ уыцы фарстытӕ хъуамӕ фатау нысаныл ӕмбӕлой. Фарстытӕ адӕмӕн ууыл дзурӕг куы уой, ӕмӕ дӕ ныхасӕй ногӕй ницы базондзысты, уӕд сӕ цымыдис уайтагъд ӕрбайсӕфдзӕн. Хорз не сты ахӕм фарстытӕ дӕр, ныхасмӕхъусджытӕ кӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг уой кӕнӕ сӕхимӕ ӕгад кӕмӕй ӕркӕсой. Уый бӕсты дӕ фарстытӕ афтӕ ӕвӕр, ӕмӕ сӕ хъуыдытыл куыд ӕфтауой. Алы фарсты фӕстӕ дӕр-иу гыццыл ӕрлӕуу, сӕхимидӕг ын дзуапп куыд раттой. Сӕхи афтӕ куы хатой, цыма демӕ ныхас кӕнынц, уӕд ӕй зон — се ’ргом сын раздӕхтай.

Ныхасмӕхъусджыты цымыдисы бафтауынӕн хорз у исты ӕцӕг хабар радзурын дӕр. Фӕлӕ уыцы хабар фехъусгӕйӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕй исчи куы фефсӕрмы уа, уӕд дӕ разныхас нӕ фӕрӕстмӕ. Афтӕ зӕгъӕн ис, цы хабар радзырдтай, уый куы бахъуыды кӕной, фӕлӕ йӕ цӕмӕн радзырдтай, уый сӕ куы ферох уа, уӕд дӕр. Разныхасы цы цау радзурай, уый хъуамӕ адӕмы бацӕттӕ кӕна, дӕ ныхасы сӕйраг хайы цы ахсджиаг хъуыды райхалдзынӕ, уымӕ. Цӕмӕй уыцы цау сӕ цӕстыты раз цардӕгасау сыста, уый тыххӕй дзы зӕгъын хъӕуы лыстӕг хабӕрттӕ, фӕлӕ йӕ ӕгӕр ныддаргъ кӕнын дӕр хорз нӕу.

Хатт ныхасгӕнджытӕ сӕ ныхас райдайынц цавӕрдӕр ног хабарӕй, ӕрхӕссынц газетӕй скъуыддзаг кӕнӕ зындгонд ӕхсӕнадон архайджытӕй искӕй ныхӕстӕ. Ӕмӕ уый дӕр ахадгӕ мадзал у, ӕрмӕст уыцы ныхӕстӕ, цӕй кой кӕны, уым хъуамӕ ӕцӕгдӕр фидауой, стӕй сӕ ныхасмӕхъусджытӕ хъуамӕ ӕмбарой.

Кӕд дӕ раныхас, конгрессы иу фарсты фӕдыл цы цалдӕр раныхасы вӕййы, уыдонӕй иу у кӕнӕ Хъусын кӕныны фембӕлды иу хай, уӕд хуыздӕр уыдзӕн цыбыр ӕмӕ рӕстдзӕвин разныхас. Кӕд ӕмӕ адӕмы раз ӕргом раныхасимӕ рацыдтӕ, уӕд разныхасӕн цы рӕстӕг лӕвӕрд ис, уымӕй ма ахиз. Дӕ раныхасы ахсджиагдӕр хъуыдытӕ нырма фӕстейӕ сты — ныхасӕн йӕ сӕйраг хайы.

Хатт нӕ ныхас кӕнын бахъӕуы, алцӕуылдӕр зынтӕй чи ӕууӕнды, йе та ныхмӕ тынг чи цӕуы, ахӕм адӕмимӕ. Цы саразӕн ис ахӕм уавӕры та, се ’ргом сын куыд ис раздахӕн? Стефаны — «сыгъдӕг удӕй ӕмӕ зондӕй ӕххӕст» чи уыди, уыцы рагон чырыстӕттӕй сӕ иуы — ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Синедрионмӕ ӕрбакодтой. Уым Стефан иттӕг дзырдарӕхстӕй дзырдта чырыстон дины сӕрыл. Фӕлӕ цӕмӕй райдыдта? Уӕзданӕй сӕм бадзырдта ӕмӕ сын уый фӕстӕ сӕ хъус ӕрдардта, се ’ппӕт дӕр хорз кӕй зыдтой, уыцы хабармӕ. Стефан загъта: «О, хорз адӕм, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ, ӕрбайхъусут ма! Стырады Хуыцау фӕзынд нӕ фыдӕл Авраамы раз» (Ап. к. 6:3; 7:2, НФ). Апостол Павел Афины сахары Ареопагыл ныхасы куы рацыд, уӕд уымӕн та ӕндӕр адӕм уыди йӕ разы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхас дӕр ӕндӕр хуызы райдыдта: «Афинӕгтӕ! Ӕппӕтӕй дӕр уынын ӕз, сымах кӕй стут тынг дингӕнджытӕ» (Ап. к. 17:22). Ацы разныхӕстӕ дыууӕтӕ дӕр сӕ нысаныл сӕмбӕлдысты: куыд Стефаны, афтӕ Павелы ныхасмӕ дӕр хорз байхъуыстой.

Уацамынды дӕр фӕхъӕуы адӕмы ӕргом нӕ ныхасмӕ раздахын. Адӕймагмӕ кӕй ӕрбацӕудзынӕ, ууыл ныхасгонд куы нӕ уат, уӕд дӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’нхъӕлмӕ кӕсдзӕн, йӕ хӕдзары куыстытӕ кӕндзӕн. Кӕмдӕрты ӕгъдау афтӕ домы, ӕмӕ искӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы бацӕуай, уӕд хъуамӕ ӕнӕуӕлдай ракӕ-бакӕйӕ зӕгъай, де ’рбацыды сӕр цы у, уый. Ӕндӕр адӕмтӕм та, цалынмӕ хъуыддагмӕ рахизай, уӕдмӕ уал адӕймагӕн фӕхъӕуы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ салам раттын, арфӕ ракӕнын (Лук. 10:5).

Куыдфӕнды ма уа, дӕ зӕрдӕхӕлар ахаст уынгӕйӕ адӕймаджы, гӕнӕн ис, ӕмӕ демӕ аныхас кӕнын бафӕнда. Арӕх хорз вӕййы, адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ уыцы тӕккӕ цӕуыл сты, ныхас уымӕй райдайын. Фӕлӕ уый куыд базонӕн ис? Цы кусгӕ йӕ баййӕфтай? Мыййаг, цӕхӕрадоны куыста, йе кӕрт ӕфснайдта, йе йӕ машинӕимӕ цыдӕртӕ архайдта, йе хӕринаг кодта, йе ӕхсгӕ кодта кӕнӕ сывӕллӕттӕм каст? Ӕви кӕд газет касти кӕнӕ, уынджы цытӕ цӕуы, уымӕ йӕ хъус дардта? Кӕсаг ахсын, музыкӕ, спорт, балцы цӕуын, компьютертӕ кӕнӕ ма ӕндӕр ахӕм исты кӕй уарзы, уый ницӕмӕй бӕрӕг у? Арӕх адӕмы мӕты бафтауы, ӕрӕджы радиойӕ кӕнӕ телевизоры цы хабар фехъуыстой, уый. Ӕмӕ йӕм ахӕм истӕй тыххӕй фарст куы раттай кӕнӕ дыууӕ ныхасы куы зӕгъай, уӕд уе ’хсӕн, гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕрдӕбын ныхас рауайа.

Адӕймагимӕ хорз хабарыл ныхас куыд ис райдайӕн, уымӕн диссаджы дӕнцӕг у, Йесо Сихармӕ хӕстӕг цъайы цур самариаг сылгоймагимӕ куы ныхас кодта, уыцы цау (Иоан. 4:5—26).

Уе ’мбырд арӕх кӕм фӕхъусын кӕны, уым дӕ уӕлдайдӕр хъӕуы, дӕ ныхас куыд райдайдзынӕ, ууыл бӕстон ахъуыды кӕнын. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй ӕппындӕр ницы зӕгъын бафӕраздзынӕ.

Зӕгъ, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн. Чырыстон фембӕлд чи байгом кӕна кӕнӕ сценӕйыл дӕ размӕ чи уа, уыцы ӕфсымӕр зӕгъдзӕн дӕ раныхасы ном ӕмӕ дӕу дӕр бацамондзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр ӕвзӕр нӕ уаид, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый адӕмӕн иууыл райдианӕй сӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕнис. Дӕ бон у (ӕцӕг ӕнӕмӕнг нӕу), ӕмӕ дӕ раныхас куыд хуыйны, уый ногӕй зӕгъай. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ ныхасы сӕр, куыд дарддӕр, афтӕ тынгдӕр хӕлд цӕудзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый дӕ райдианы искуыд хъӕуы бацамонын.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнынмӕ куы ӕрвыста, уӕд сын бӕлвырд бамбарын кодта, цавӕр хабар дзурдзысты, уый. Загъта сын: «Цӕугӕйӕ та хъусын кӕнут, кӕй ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад» (Матф. 10:7). Абон мах цы хъуамӕ хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй та Йесо загъта: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели» (Матф. 24:14). Библи нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй «хъусын кӕнӕм дзырд», бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та — уацамынды цы дзурӕм, уый дзурӕм Фыстадӕй (2 Тим. 4:2). Фӕлӕ арӕх, цалынмӕ Библи бакӕнай ӕмӕ дзы Паддзахады тыххӕй цыдӕр хъуыды бакӕсай, уӕдмӕ зӕгъын фӕхъӕуы, адӕмы мӕты цы ӕфтауы, ахӕм цӕйдӕр тыххӕй. Дыууӕ ныхасы зӕгъӕн ис, рӕстдзинад кӕй нал ис, адӕм ӕгуыст кӕй сты, фӕсивӕдмӕ фӕкӕсын кӕй хъӕуы, фыдракӕндтӕ, хӕстытӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕты фӕдыл. Фӕлӕ уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ ма дзур — дӕ ныхӕстӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ хъуамӕ рухс бауадзой. Уымӕ гӕсгӕ йын йӕ хъус ӕрдар Хуыцауы Ныхасмӕ ӕмӕ нын Паддзахад цы ныфс дӕтты, уымӕ.

Бамбарын кӕн, цӕуыл дзурдзынӕ, уый сӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Кӕд дын ӕмбырды уыдзӕн раныхас, уӕд иумӕйагӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕуыл дзурдзынӕ, уый дӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕмӕн цымыдисаг уыдзӕн. Фӕлӕ, адӕймаджы тынг ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уымӕ куыд фӕхъусы, афтӕ дӕм хъусдзысты? Цыма улӕфгӕ дӕр нал кӕнынц, афтӕ дӕм хъусдзысты, уымӕн ӕмӕ дӕ ныхӕсты сӕ царды нывтӕ, сӕ уды сагъӕстӕ уындзысты, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕты зынг ссудздзынӕ, исты саразын сӕ куыд бафӕнда? Уый афтӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, ӕмӕ дӕ раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ дӕ ныхасмӕхъусджытыл бирӕ куы фӕхъуыды кӕнай: чи сты, цы уавӕрты цӕрынц, цӕуыл мӕт кӕнынц, цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц,— ӕмӕ сыл кӕй хъуыды кодтай, уый дӕ разныхасы исты хуызы куы равдисай.

Сценӕйӕ дзурай ӕви уацамынды искӕимӕ ныхас кӕнай, дӕ ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕйыл тынгдӕр уӕд сӕмбӕлдзысты, ӕмӕ куы феной, цӕуыл дзурдзынӕ, уый уыдонмӕ кӕй хауы. Бамбарын сын кӕн, дӕ ныхас куыд у баст, цы сӕ хъӕуы, цӕуыл тыхсынц, ӕнцой сын цы фарстытӕ нӕ дӕттынц, уыдонимӕ. Хъуыддагыл уӕлӕнгӕйтты кӕй нӕ дзурдзынӕ, фӕлӕ бӕлвырд фарстатӕм биноныгӕй кӕй ӕркӕсдзынӕ, уый сын куы бамбарын кӕнай, уӕд дӕм хуыздӕр хъусдзысты. Фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы хорз бацӕттӕ кӕнын.

Куыд ӕй зӕгъдзынӕ. Разныхасы сӕйраг у, цы зӕгъдзынӕ, уый. Фӕлӕ адӕймаджы зӕрдӕйыл сӕмбӕлдзӕн ӕви нӕ, уый, куыд ӕй зӕгъдзынӕ, уымӕй кӕнгӕ дӕр у. Цы зӕгъдзынӕ, канд уый нӕ хъӕуы бацӕттӕ кӕнын — дзӕбӕх ахъуыды кӕнын хъӕуы, куыд ӕй зӕгъдзынӕ, ууыл дӕр.

Цӕмӕй дӕ разныхас йӕ нысаныл сӕмбӕла, уый тыххӕй дзы хъуамӕ алы дзырд дӕр уа йӕ бынаты. Уымӕ гӕсгӕ дӕ бӕстон бакусын хъӕуы фыццаг дыууӕ-ӕртӕ хъуыдыйадыл. Хуыздӕр уыдзӕн цыбыр ӕмӕ хуымӕтӕг хъуыдыйӕдтӕ. Ӕмбырды дӕ куы хъӕуа ныхасы рацӕуын, уӕд разныхас ис ныффыссӕн кӕнӕ йӕ сахуыр кӕнӕн, дӕ фыццаг ныхӕстӕ нысаныл куыд сӕмбӕлой. Тагъд ма кӕн, афтӕмӕй сӕ зӕгъ — уӕд тынг нӕ тыхсдзынӕ ӕмӕ дын дарддӕр дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн дзурын.

Кӕд цӕттӕгӕнгӕ у разныхас. Ацы фарстайы фӕдыл алыхуызон хъуыдытӕ ис. Фӕлтӕрд ныхасгӕнджытӕй иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ разныхас бацӕттӕ кӕнын хъӕуы ӕппӕты фыццаг. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, раныхас йӕхӕдӕг цӕттӕ куы уа, разныхасыл уӕд хъӕуы хъуыды кӕнын.

Цалынмӕ дӕ разныхасы лыстӕг фӕзилӕнтыл нӕ райдайай кусын, уӕдмӕ уал дӕ хорз бамбарын хъӕуы, цӕуыл дзурдзынӕ ӕмӕ дӕ раныхасы сӕйраг хъуыдытӕ цавӕртӕ сты, уый. Дӕ раныхас мыхуыргонд пъланмӕ гӕсгӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд та? Пълан куы бакӕсай, уӕд дӕм, чи зоны, исты хъуыды ӕрцӕуа разныхасы фӕдыл, ӕмӕ йӕ куы ныффыссай, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ цӕмӕй дӕ разныхас фӕрӕстмӕ уа, уый тыххӕй зӕрдыл дарын хъӕуы куыд пъланы ӕрмӕг, афтӕ дӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕм чи сты, уый дӕр.