Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 УРОК

Зӕрдӕйы хъарм ӕмӕ иннӕ ӕнкъарӕнтӕ

Зӕрдӕйы хъарм ӕмӕ иннӕ ӕнкъарӕнтӕ

ӔНӔ ӕнкъарӕнтӕй адӕймаг адӕймаг дӕр нӕ уаид. Адӕймаг йе ’нкъарӕнтӕ куы раргом кӕны, уӕд рабӕрӕг вӕййы, йӕ зӕрдӕйы цы ис, цавӕр удыхъӕды хицау у, цы цӕстӕй кӕсы, йӕ алыварс чи ис ӕмӕ цы ис, уыдонмӕ. Бирӕтӕ царды ӕфхӕрд ӕмӕ схуыст йедтӕмӕ кӕй ницы уынынц, йе та, цы адӕмы ’хсӕн цӕрынц, уыдоны ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕ гӕсгӕ се ’нкъарӕнтыл дарынц ӕхгӕд гуыдыр. Фӕлӕ мах Иегъовӕ уымӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм хорз миниуджытӕ ӕмӕ сӕ ма ӕфсӕрмы кӕнӕм (Ром. 12:10; 1 Фес. 2:7, 8).

Дзырдты руаджы равдисӕн ис нӕ зӕрдӕйы уаг. Фӕлӕ ӕцӕгӕй цы ӕнкъарӕм, уый нӕ хъӕлӕсӕй, нӕ цӕсгомӕй бӕрӕг куы нӕ уа, уӕд ныл нӕ ныхасмӕхъусджытӕ нӕ баууӕнддзысты. Зӕрдиагӕй куы дзурӕм, уӕд та нӕ ныхас уыдзӕн рӕсугъд ӕмӕ нуарджын, агайдзӕн, чи нӕм хъусы, уыдоны зӕрдӕтӕ.

Зӕрдӕйы хъарм. Нӕ зӕрдӕйы ӕхсызгон уылӕнтӕ анхъӕвзы, нӕ удӕн адджын чи у, уыцы адӕймӕгтыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд. Раст афтӕ, Иегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ ӕмӕ йӕ хорздзинӕдты кой куы фӕкӕнӕм, уӕд нӕ хъӕлӕсы уагӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, куыд бузныг дзы стӕм, куыд ӕй уарзӕм, нӕ зӕрдӕйӕн куыд адджын у, уый (Ис. 63:7—9). Адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд дӕр сӕ хъуамӕ тавӕм нӕ зӕрдӕйы хъармӕй.

Иухатт Йесомӕ бацыд хъотырӕй рынчын адӕймаг ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, сдзӕбӕх мӕ кӕн, зӕгъгӕ. Йесо йын загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ахъуыды ма кӕн, цыхуызӕн хъӕлӕсы уагӕй загътаид Йесо уыцы ныхӕстӕ? (Маркы 1:40, 41). Науӕд ма дӕ цӕстытыл ауайӕд: дыууадӕс азы дӕргъы тугцыдӕй чи удхар кодта, ахӕм сылгоймаг ӕм фӕстӕты сусӕгӕй бацыд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджийы хаутыл бандзӕвыд. Фӕлӕ йын уыцы хъуыддаг кӕй нӕ басусӕг, уый куы бамбӕрста, уӕд тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Йесомӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз радзырдта, йӕ дарӕсыл ын цӕмӕн бандзӕвыд ӕмӕ куыд сдзӕбӕх, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ахъуыды ма кӕн, куыд фӕлмӕн, куыд рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй загътаид Йесо ацы ныхӕстӕ: «Чызгай! дӕ уырнындзинад фервӕзын кодта дӕу; цу фарнимӕ» (Лук. 8:42ӕ—48). Йесо уыцы адӕймӕгты йӕ зӕрдӕйы хъармӕй куыд батавта, уый ма абон мах зӕрдӕтӕ дӕр агайы.

Йесойау мах дӕр адӕмы рис нӕ зӕрдӕмӕ куы исӕм ӕмӕ нӕ ӕцӕгдӕр куы фӕнда сӕ зын фӕрогдӕр кӕнын, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн, семӕ куыд ныхас кӕнӕм, уымӕй. Ахӕм ныхас цӕудзӕн зӕрдӕйӕ, аразгӕ нӕ уыдзӕн. Адӕймаджы нӕ зӕрдӕйы хъармӕй куы батавӕм, уӕд нӕм йӕ ахаст, гӕнӕн ис, ӕмӕ бынтондӕр фӕива. Уацамынды цӕуыл фӕдзурӕм, уый хъуамӕ дзурӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ зӕрдӕхӕларӕй, уӕлдайдӕр та, адӕймагӕн цыдӕр куы ӕмбарын кӕнӕм, ныфсытӕ йын куы ӕвӕрӕм, цӕмӕдӕр ӕй куы разӕнгард кӕнӕм, кӕнӕ йӕ кӕй ӕмбарӕм, уый равдисын нӕ куы фӕнда.

Кӕд адӕмы уарзӕм, уӕд уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ цӕсгомӕй. Кӕимӕ ныхас кӕныс, уыдон дӕ зӕрдӕйы хъарм куы хатой, уӕд дӕм сӕхи ласдзысты, уазал ӕхсӕв дӕхи арты цурмӕ куыд ласай, афтӕ. Фӕлӕ сӕм уазал цӕстӕй куы кӕсай, уӕд сӕ куыд хъуамӕ бауырна, ӕмӕ дӕ сӕ хорз фӕнды. Зӕрдӕйы хъарм кӕнгӕ цӕсгом нӕу — дӕ уӕлӕ йӕ ӕркӕнай, стӕй та йӕ сисай, уый гӕнӕн нӕй. Уый цӕуы зӕрдӕйӕ.

Зӕрдӕйы хъарм хъуамӕ бӕрӕг уа хъӕлӕсы уагӕй дӕр. Адӕймагӕн ӕрдзӕй бӕзджын, дӕрзӕггомау хъӕлӕс куы уа, уӕд фӕлмӕн ныхас кӕнын афтӕ ӕнцон нӕу. Фӕлӕ ахӕм адӕймаг дӕр ӕппынӕдзух йӕхиуыл куы куса, уӕд цадӕггай йӕ хъӕлӕс фӕлмӕндӕр кӕндзӕн. Иу хъуыддаг дӕ зӕрдыл дар: иугай, цыбыр зӕлтӕй ныхас дӕрзӕг кӕны. Хъӕлӕсон мыртӕ гыццыл ивазгӕйӕ дзур — афтӕмӕй дзыхыныхас фӕлмӕндӕр вӕййы.

Фӕлӕ иууыл сӕйраг у, дӕ хъуыдытӕ цӕуыл сты, уый. Кӕд, кӕимӕ ныхас кӕныс, уыдоныл хъуыды кӕныс ӕмӕ дӕ фӕнды хорзӕй сын цыдӕр зӕгъын, уӕд уый ӕнӕмӕнг бӕрӕг уыдзӕн дӕ ныхасы уагӕй.

Рӕстдзӕвин, хъаруджын ныхас адӕмыл ныфсы базыртӕ садзы. Фӕлӕ ма уыимӕ хъӕуы зӕрдӕйы хъарм дӕр. Адӕймагӕн алцы йӕ зондмӕ нӕ вӕййы ныдздзурӕн — зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ дӕр хъӕуы ныхас кӕнын.

Иннӕ ӕнкъарӕнтӕ. Зын сахат адӕймагыл ӕртыхсы сагъӕссаг ӕнкъарӕнтӕ: мӕт, тас, ныфссаст ӕмӕ ӕрхӕндӕг. Циндзинад — уый та ахӕм ӕнкъарӕн у, ӕмӕ нӕ царды уымӕй фылдӕр хъуамӕ мацы уа; нӕ цинӕй хъуамӕ рухс кӕной, кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдоны зӕрдӕтӕ. Фӕлӕ ис, чырыстон адӕймагыл чи нӕ фидауы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ дӕр, ӕмӕ уыдонӕн хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы бынат ма дӕттӕм (Еф. 4:31, 32; Фил. 4:4). Нӕ зӕрдӕйы уаг бӕрӕг вӕййы нӕ хъӕлӕсӕй, цы дзырдтӕй пайда кӕнӕм ӕмӕ куыд рӕвдз, куыд тыхджын хъӕлӕсӕй дзурӕм, уыдӕттӕй, нӕ цӕсгом ӕмӕ не уӕнгты змӕлдӕй.

Адӕймаджы зӕрдӕйы цы бирӕ алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ райгуыры, уыдонӕй Библи кӕй кой нӕ кӕны, ахӕм нӕй. Кӕмдӕрты дзы ӕнкъарӕнтӕн вӕййы ӕрмӕстдӕр сӕ кой, кӕмдӕрты та раргом вӕййынц цауты мидӕг кӕнӕ, адӕм цы дзурынц, уымӕй. Библийӕ ахӕм скъуыддзӕгтӕ хъӕрӕй куы фӕкӕсыс, уӕд-иу дӕ хъӕлӕсы уагӕй равдис, цы ӕнкъарӕнтӕ дзы ис, уыдон, ӕмӕ уӕд дӕхи зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдоны зӕрдӕмӕ дӕр тынгдӕр бахъардзысты. Уый та дӕ къухы бафтдзӕн, цы адӕмы тыххӕй кӕсай, уыдоны бынаты-иу дӕхи куы сӕвӕрай. Ӕрмӕст хи хизын хъӕуы иу хъуыддагӕй: раныхасӕй спектакль хъуамӕ ма рауайа. Дӕ хӕс у, Библийы цы цауты кой цӕуы, уыдон дӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ цӕстыты раз сыстын кӕнын.

Де ’нкъарӕнтӕ уӕнт, дӕ ныхас цӕуыл у, уымӕ гӕсгӕ. Раздӕр ма дзырдтам, кӕм куыд зӕрдиагӕй дзурын хъӕуы, уый, ныхас цӕуыл у, уымӕй аразгӕ кӕй у. Ӕмӕ раст уымӕй аразгӕ у, зӕрдӕйы хъарм ӕмӕ иннӕ ӕнкъарӕнтӕ кӕм куыд ӕргом кӕндзынӕ, уый дӕр.

Бакӕн ма Матфейы 11:28—30 ӕмӕ ӕркӕс, цӕуыл дзы цӕуы дзырд. Ныр та Матфейы чиныджы 23-ӕм сӕры бакӕс, Йесо чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейты карзӕй куыд ӕфхӕры, уый. Зын зӕгъӕн у, ӕмӕ уыцы карз ныхӕстӕ Йесо лӕмӕгъ, куыдфӕндыйы хъӕлӕсӕй загътаид.

Куыд хъуыды кӕныс, цавӕр ӕнкъарӕнтимӕ бакӕсын хъӕуы Апостӕлты хъуыддӕгтӕ 14:11—18 (НФ), Павел ӕмӕ Варнавӕ, хуыцӕуттӕ сӕ куы схуыдтой, уӕд цы сарӕзтой, уый? Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ис 14-ӕм стихы ӕмӕ 18-ӕм стихӕй та куыд зыны, Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ адӕм цы сарӕзтой?

Уӕдӕ, кӕсгӕ кӕнӕм ӕви дзургӕ,— нӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕ уӕд агайдзыстӕм, цы дзурӕм ӕмӕ куыд дзурӕм, айдагъ ууыл куы нӕ хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, нӕ ныхӕсты мидӕг цы ӕнкъарӕнтӕ ис, уыдон дӕр куы ’вдисӕм.