Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

52 УРОК

Зӕрдӕмӕхъаргӕ фӕдзӕхсӕн ныхас

Зӕрдӕмӕхъаргӕ фӕдзӕхсӕн ныхас

ЧЫРЫСТОН ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хъуамӕ сӕ бон уа «раст ахуырады руаджы фӕдзӕхсын» (Тит. 1:9, НД). Хатт сӕ уый аразын фӕхъӕуы тынг уӕззау уавӕрты. Ӕмӕ цы фӕдзӕхсой, уый хъуамӕ цӕуа Сыгъдӕг Фыстадӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕппынӕдзух дӕр хъӕуы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты «фӕдзӕхсын» (1 Тим. 4:13). Ам цӕуыл дзурдзыстӕм, уый сӕйраджыдӕр хауы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕмӕ, уыцы бӕрндзинадмӕ чи тырны, уыдонмӕ. Фӕлӕ ныййарджыты дӕр фӕхъӕуы сӕ сывӕллӕттӕн зонд бацамонын, цыдӕр сын бафӕдзӕхсын. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр бахъӕуы фӕдзӕхсӕн ныхӕстӕ зӕгъын. Ӕмӕ ацы урочы цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй спайда кӕнӕн ис ахӕм уавӕрты дӕр.

Кӕд фӕхъӕуы фӕдзӕхсын. Фӕдзӕхсӕн ныхасы сӕр кӕд фӕхъӕуы, уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр скъуыддзагмӕ. Апостол Петр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, Хуыцауы дзуджы фыййӕуттӕн, фӕдзӕхста сӕ хӕстӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын (1 Пет. 5:1, 2). Павел Титӕн амыдта, зӕгъгӕ, фӕсивӕдӕн фӕдзӕхс, «ӕфсармӕй дзаг куыд уой» (Тит. 2:6, НФ). Афтӕ ма Павел фӕдзӕхста йе ’мчырыстӕттӕн, зӕгъгӕ, уе ’ппӕт дӕр «дзурут уыцы-иу уагыл» ӕмӕ уӕхи хъахъхъӕнут, ӕфсымӕрты ’хсӕн хӕрам чи тауы, уыдонӕй (1 Кор. 1:10, НФ; Ром. 16:17; Фил. 4:2). Фессалоникӕйы ӕмбырдӕй та сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракодта, фӕлӕ ма сын уыимӕ ныффӕдзӕхста, цы базыдтой, уый ноджы хуыздӕр куыд ӕххӕст кодтаиккой (1 Фес. 4:1, 10). Петр йе ’мчырыстӕтӕн лӕгъстӕгӕнӕгау дзырдта: «Уӕхи... буары цыбӕлтӕй хизут» (1 Пет. 2:11, НФ). Хӕлд, ӕнӕхуыцау адӕмы тӕфаг куыд тыхджын у, уый зонгӕйӕ Иудӕ дӕр йе ’фсымӕртӕн фӕдзӕхста: «Тох-иу кӕнут... уырниады сӕрыл» (Иуд. 3, 4, НФ). Уӕвгӕ, Библи чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр сиды, зӕгъгӕ, «кӕрӕдзийы хорзыл аразут», тӕригъӕд сӕ йӕ фӕдыл куыд никӕй асайа ӕмӕ сӕ куыд никӕй зӕрдӕ сдӕрзӕг уа (Дзут. 3:13, НФ). Фыццаг ӕнусы иудейтӕй Чырыстийыл чи нӕма баууӕндыд, уыдонӕн Петр фӕдзӕхста: «Уӕхи ирвӕзын кӕнут ацы хӕлд мыггагӕй» (Ап. к. 2:40).

Цӕмӕй ахӕм уавӕрты адӕймагӕн йӕ фӕдзӕхсӕн ныхасы тых уа, зӕрдӕмӕ хъара, уый тыххӕй йӕ цавӕр миниуджытӕ хъӕуы? Цы саразӕн ис, чи дӕм хъуса, уыдонӕн дӕ фӕдзӕхсӕн ныхас сӕ зӕрдӕ дӕр куыд бацагайа ӕмӕ сын карды рӕхуыстау дӕр куыд нӕ уа, сӕхицӕн ӕй ӕфхӕрдыл дӕр куыд нӕ банымайой?

Фӕдзӕхс «уарзгӕйӕ». Дӕ фӕдзӕхсӕн ныхас «уарзгӕйӕ» куы нӕ уа, уӕд иннӕтӕм ӕгӕр карз фӕкӕсдзӕн (Филим. 9, НФ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕвӕстиатӕй архайын куы хъӕуа, уӕд уый дӕ ныхасӕй хъуамӕ бӕрӕг уа. Ахӕм уавӕры фӕлмӕн, сабыр ныхас не сфидаудзӕн; цыма уыцы хъуыддагыл кӕй дзурыс, уый тыххӕй сӕ хатыр курыс, афтӕ йӕ бамбардзысты. Уыимӕ иумӕ хъуамӕ бӕрӕг уа, цӕй кой кӕныс, уый гыццыл хъуыддаг кӕй нӕу ӕмӕ дӕ ныхас зӕрдӕйӕ кӕй цӕуы. Дӕ фӕдзӕхсӕн ныхасы уарзондзинады зынг куы уа, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр бацагайдзӕн. Ӕркӕс ма, Фессалоникӕйы чырыстӕттӕн Павел йӕхи ӕмӕ йе ’мкусджыты тыххӕй куыд загъта: «Зонут ӕй, ӕвӕдза, куыд ӕгъдауӕй уӕ алкӕй, цыма фыд йӕ хъӕбулты, мах куырдтам ӕмӕ алкӕмӕн фӕдзӕхстам» (1 Фес. 2:11, 12, НФ). Павел ӕмӕ иннӕ чырыстон цӕстдарджытӕ се ’фсымӕрты кӕй уарзтой, уымӕ гӕсгӕ сын лӕгъстӕ кодтой. Уӕдӕ дӕуӕн дӕр дӕ алы ныхасӕй дӕр бӕрӕг уӕд, дӕ ныхасмӕхъусджыты кӕй уарзыс ӕмӕ дӕ сӕ хорз кӕй фӕнды.

Ӕрхъуыдыджын у. Хъуыддагмӕ баразӕнгард кӕнын дӕ кӕй фӕнды, уыдоны дӕ ныхмӕ ма кӕн. Иннӕмӕй та-иу дӕ ныхасмӕхъусджытӕн «Хуыцауы фӕндон ӕгасӕй дӕр базонын кӕныны» фадат ма ауадз (Ап. к. 20:27, НФ). Хорздзинад чи ӕмбары, уый дӕм нӕ фӕхӕрам уыдзӕн ӕмӕ дӕ къаддӕр нӕ уарздзӕн, дӕ хорззӕрдӕйӕ йын, раст цы у, уый кӕй загътай (Пс. 140:5).

Арӕх хуыздӕр вӕййы ныхас хорзы койӕ райдайын — ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ хорзӕй цы аразынц, уымӕй сӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ раппӕлын. Ахъуыды кӕн, хорзӕй цы аразынц, Иегъовӕйы зӕрдӕ цӕмӕй рухс кӕнынц, ууыл: сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй кӕй ӕвдисынц, уарзондзинад сӕ удуӕлдай лӕггадмӕ кӕй разӕнгард кӕны ӕмӕ зындзинӕдты фидар кӕй лӕууынц (1 Фес. 1:2—8; 2 Фес. 1:3—5). Уӕд ӕй хатдзысты, кӕй сын аргъ кӕнынц, кӕй сӕ ӕмбарынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр айсдзысты, дарддӕр сын цы бафӕдзӕхсай, уый дӕр.

«Бирӕ фӕразондзинадимӕ». Цыфӕнды фӕдзӕхсӕн ныхас дӕр зӕгъын ӕмбӕлы «бирӕ фӕразондзинадимӕ» (2 Тим. 4:2). Куыд ӕмбарын хъӕуы уый? Бирӕфӕразон адӕймаг рӕстӕй ӕфхӕрд куы ӕййафа, уӕддӕр быхсы ӕмӕ масты фӕдыл нӕ цӕуы. Кӕддӕриддӕр ӕй ис ныфс, йӕ ныхасмӕхъусджыты цӕмӕ разӕнгард кӕна, уый кӕй сараздзысты. Ӕмӕ ахӕм зӕрдӕйӕ кӕй фӕдзӕхса, уыдонӕй афтӕ ничи зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ нӕ ӕвзӕр хъуыды кӕны. Уӕдӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уый куы уыной, ӕмӕ, Иегъовӕйӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕныс, уӕд сӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, раст цы у, уый кӕнын (Дзут. 6:9).

«Раст ахуырады руаджы». Куыд у сӕ бон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн «раст ахуырады руаджы» фӕдзӕхсын та? Уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ хъуамӕ фидар хӕцой «ӕцӕгады дзырдыл» (Тит. 1:9). Дӕхӕдӕг цы хъуыды кӕныс, дӕумӕ раст куыд кӕсы, уый ма дзур, уадз ӕмӕ дӕ фӕдзӕхсӕн ныхӕстӕн сӕ тых уӕд Хуыцауы Ныхас. Библи дын уӕд зондамонӕг, цы зӕгъын хъӕуы, уыцы хъуыддаджы. Лӕмбынӕг ӕркӕс ӕмӕ сбар, цавӕрдӕр уавӕры, Библи куыд дзуры, афтӕ бакӕнын хуыздӕр цӕмӕн уыдзӕн. Дӕ хъуыдыйы дар, Хуыцауы Ныхасы сӕрты ахизын ныртӕккӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркӕны ӕмӕ фидӕны цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый; зӕгъ уыдӕттӕ дӕ ныхасмӕхъусджытӕн, цӕмӕй бамбарой, цы сын фӕдзӕхсыс, уый ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы бакӕнын.

Куыд ӕмӕ цы бакӕнын хъӕуы, уый сын бӕлвырд-бӕрӕгӕй бамбарын кӕн. Равдис сын, Сыгъдӕг Фыстады бындурыл кӕй кӕныс ахӕм хатдзӕгтӕ. Кӕд Библи комкоммӕ нӕ дзуры, мӕнӕ афтӕ хъуамӕ уа, ӕмӕ ӕндӕр никуыд, зӕгъгӕ, уӕд та бамбарын кӕн, кӕд нӕ бар нӕхи у, уӕддӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, уый. Кӕронбӕттӕны сӕм зӕрдиагӕй ӕрсид, хъуыддагмӕ сӕ куыд баразӕнгард кӕнай, сӕ зӕрдӕты зынг сын куыд ссудзай.

«Стыр уӕндондзинадимӕ». Адӕймагӕн йӕ ныхасы уӕз уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ йӕм уа «стыр уӕндондзинад уырнындзинады» (1 Тим. 3:13). Кӕд уыдзӕн йӕ бон ныфсджынӕй дзурын? Йе ’фсымӕртӕн цы фӕдзӕхсы, уый йӕхӕдӕг куы араза, йӕ «хорз хъуыддӕгтӕй» сын «фӕзминаг» куы уа (Тит. 2:6, 7, НФ; 1 Пет. 5:3). Уӕд, зонд кӕмӕн амоны, уыдонмӕ ахӕм хъуыды нӕ фӕзындзӕн, ай йӕхӕдӕг цы нӕ аразы, уый кӕнын махӕн цы фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ. Сӕхи цӕстӕй уындзысты, йӕ уырнындзинад сын фӕзминаг кӕй у, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг алы хъуыддаджы дӕр, йӕ бон куыд у, афтӕ архайы Чырыстийы дӕнцӕгмӕ гӕсгӕ (1 Кор. 11:1; Фил. 3:17).

Уӕдӕ фӕдзӕхсӕн ныхасӕн йӕ рахӕцӕн Хуыцауы Ныхасы куы уа ӕмӕ уарзондзинадӕй куы гуыра, уӕд йӕ бон бирӕ у. Иннӕтӕн уынаффӕ бакӕнын ӕмӕ сын зонд бацамоныны хӕс кӕуыл ис, уыдон хъуамӕ сӕ уд хъарой, сӕ хӕс куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕныныл (Ром. 12:8, НФ).