Иртасын куыд хъӕуы
ПАДДЗАХ СОЛОМОН «арф... хъуыды кодта ӕмӕ алцыдӕр лӕмбынӕг... раиртӕста, цӕмӕй бирӕ ӕмбисӕндтӕ бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ равӕрдтаид». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд «ӕцӕгады дзырдтӕ раст ныффыссын» (Еккл. 12:9, 10). Лука та «ӕппӕт дӕр райдианӕй, бӕлвырд сбӕрӕг кӕнгӕйӕ кӕрӕдзийы фӕдыл ныффыста» Чырыстийы царды хабӕрттӕ (Лук. 1:3). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы уыцы дыууӕ лӕггадгӕнӕджы иртӕстой цавӕрдӕр фарстатӕ.
Цы у иртасын? Зӕгъӕм, цыдӕр фарста дӕм фӕзындис, уӕд уый фӕдыл ӕрмӕг агурын. Уый тыххӕй дӕ бахъӕудзӕн цавӕрдӕр ӕрмӕг кӕсын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыддаг бирӕ цӕмӕйдӕрты у цыдӕр ахуыр кӕныны хуызӕн. Афтӕ ма исты раиртасынӕн бахъӕуы адӕмимӕ аныхас кӕнын дӕр.
Кӕд фӕхъӕуы уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг бацагурын? Мӕнӕ цалдӕр цӕвиттоны. Зӕгъӕм, Библи кӕсыс кӕнӕ ахуыр кӕныс, ӕмӕ дӕм цыдӕр ахсджиаг фарстатӕ сӕвзӕрд. Кӕнӕ дӕ хъусын кӕнгӕйӕ адӕймаг цӕмӕйдӕр бафарста, ӕмӕ йын иумӕйаг ныхӕстӕй дарддӕр дӕ бон бӕлвырд-бӕрӕгӕй ницы у зӕгъын. Йе та дын ӕмбырды раныхас бахӕс кодтой.
Ӕркӕсӕм фӕстаг цӕвиттонмӕ: бахӕс дын кодтой раныхас. Дӕ раныхасӕн йӕ бындуры цы ӕрмӕг ис, уый дӕм фаг нӕ кӕсы, цы хъуыдытӕ дзы ис, уыдон ӕгӕр иумӕйаг сты. Цыдӕр хъӕуы саразын, цӕмӕй дзы дӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ бон уа царды спайда кӕнын. Фӕлӕ цы? Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг куы бацагурай, уӕд дӕ раныхас уыдзӕн бирӕ ахадгӕдӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ кӕцыдӕр хъуыды адӕм зонынц, уӕд ӕй фӕтыхджындӕр кӕн цалдӕр бӕлвырдгӕнӕнӕй, цардӕй ист, ӕмбӕлон цӕвиттонӕй, хорз зонгӕ цы у, ахӕм цауӕй, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ бацагайдзӕн. Цы ӕрмӕг ссардтай, уый фыст ӕрцыд, ӕгас дунейы дӕр ӕй чи кӕса, уыдонӕн. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы фӕбӕлвырддӕр кӕнын, цӕвиттонты руаджы йӕ бамбарын кӕнын ӕмӕ йӕ бӕлвырд ӕмбырдмӕ кӕнӕ адӕймагмӕ ахӕссын. Куыд ис уый саразӕн?
Цалынмӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ӕмбырд кӕнынмӕ ӕрӕвналай, уӕдмӕ уал ахъуыды кӕн, кӕмӕн ӕй дзурдзынӕ, уыдоныл. Цӕуыл дзурдзынӕ, уый тыххӕй цы зонынц? Цы сӕ хъӕуы базонын? Уый фӕстӕ сбӕрӕг кӕн, цы у дӕ ныхасӕн йӕ нысан. Цыдӕр сын бамбарын кӕнын? цӕуылдӕр сӕ баууӕндын кӕнын? цыдӕр раст кӕй нӕу, уый сын равдисын? цӕмӕдӕр сӕ баразӕнгард кӕнын? Исты бамбарын кӕнынӕн хъӕуы уӕлӕмхасӕн
хъуыдытӕ ӕрхӕссын. Дзырд цӕуыл цӕуы, уый сӕ фылдӕр куы зоной, уӕддӕр бамбарын кӕнын хъӕуы, цы сын дзурыс, уый сӕ кӕд ӕмӕ куыд аразын хъӕуы. Истӕуыл баууӕндын кӕнынӕн та хъӕуы, афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарын кӕнын ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын. Цӕмӕй, цыдӕр раст кӕй нӕу, уый равдисай, уый тыххӕй та хъуамӕ хорз зонай, раст цӕмӕ у ӕмӕ цӕуылнӕ у, афтӕ ма хъуамӕ лӕмбынӕг ӕркӕсай, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕст ууыл хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ йын ӕрхӕсдзыстӕм, фӕлӕ ма сӕ куыд зӕгъдзыстӕм, ууыл дӕр, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕй макӕй зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм. Цӕмӕй адӕймаджы цӕмӕдӕр баразӕнгард кӕнай, уый тыххӕй та йын хъӕуы йӕ зӕрдӕ бацагайын. Ӕмӕ уый та дӕ къухы уӕд бафтдзӕн, дӕ ныхасы ахӕм уӕз куы уа, ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдонӕн сӕ зӕрдӕты зынг куыд ссудза ӕмӕ цы фехъуыстой, уымӕ гӕсгӕ бакӕнын сӕ куыд бафӕнда. Уый тыххӕй тынг хорз уаид, цыфӕнды зын уавӕрты дӕр Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ чи архайдта, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй радзурын.Уӕдӕ ныр ис райдайӕн? Ма тагъд кӕн. Цас ӕрмӕг дӕ бахъӕудзӕн, ууыл дӕр ахъуыды кӕн. Ӕппӕт аразӕг дӕр рӕстӕг у. Раныхасӕн дын цас рӕстӕг ис? Фондз минуты? Цыппор фондз минуты? Ӕмбырды раз дӕ хъӕуы ныхасы рацӕуын, ӕмӕ цас хъуамӕ дзурай, уый бӕрӕг у? Ӕви Библи искӕимӕ ахуыр кӕндзынӕ, йе та хистӕр нӕлгоймаг дӕ ӕмӕ хъусынгӕнджытӕй кӕйдӕр бӕрӕг кӕндзынӕ ӕмӕ, цас рӕстӕг ныхас кӕндзынӕ, уый дӕхи бар у?
Ӕппынфӕстаг, цавӕр кусӕнгӕрзтӕ ис дӕ къухы? Хӕдзары дӕм цы ис, уымӕй дарддӕр Паддзахады залы чиныгдоны цы ис ссарӕн? Йе та, Иегъовӕйы фӕндагыл рагӕй чи цӕуы, уыдон дын бар нӕ раттиккой сӕ кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнынӕн? Науӕд дӕ бон нӕу хӕстӕгдӕр ӕхсӕнадон чиныгдонмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы цы бӕрӕгуӕттӕ ӕмӕ дзырдуӕттӕ ис, уыдонӕй спайда кӕнын?
Нӕ сӕйраг кусӕнгарз — Библи
Кӕд дӕ Библийӕ кӕцыдӕр стих хъӕуы раиртасын, уӕд фыццаджыдӕр ӕркӕс, Библи йӕхӕдӕг цы дзуры, уымӕ.
Лӕмбынӕг ӕркӕс, стих Библийӕ кӕцӕй ист у, уыцы скъуыддзагмӕ ӕнӕхъӕнӕй. Ахъуыды кӕн: ацы ныхӕстӕ кӕмӕн уыдысты загъд? Ацы ныхӕстӕ фыст цӕмӕн ӕрцыдысты ӕмӕ дзы кӕй кой цӕуы, уыдон цавӕр зондыл хӕст уыдысты, уый тыххӕй йӕ разӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕ фыст стихтӕй цы базонӕн ис? Ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ арӕх стыр ахъаз фӕвӕййынц стихы хъуыды бамбарынӕн, ӕмӕ стӕй уыцы стихтӕ дӕ раныхасы куы ӕмбарын кӕнай, уӕд иннӕтӕн дӕр цымыдисаг уыдзӕн.
Зӕгъӕм, Хуыцауы Ныхас афтӕ тыхджын у, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы ахизы ӕмӕ йын йӕ цард фӕивы. Уый равдисынӕн арӕх ӕрхӕссӕм Дзуттытӕм 4:12. Афтӕ цӕмӕн у, уый нын арфдӕр бамбарынӕн ӕххуыс кӕнынц, йӕ разӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы стихтӕ ис, уыдон. Павел дзуры, Иегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ бацӕуыны размӕ израилӕгтыл 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цытӕ ӕрцыди, уый тыххӕй (Дзут. 3:7—4:13). «Хуыцауы дзырд» — Авраамимӕ бадзырды бындурыл сын афтӕ кӕй загъта, ӕнцой кӕм ссарат, уыцы бынатмӕ бацӕудзыстут, зӕгъгӕ — уыд йӕ тыхы. Уыцы дзырд уыди ӕгас ӕмӕ ӕххӕст кодта. Израилӕгтӕ йыл ма ӕууӕндыдаиккой, уымӕн сын ницы ӕфсон уыди. Фӕлӕ йыл уӕддӕр цал ӕмӕ цал хатты фӕгуырысхо сты, цалынмӕ сӕ Египетӕй Синайы хохмӕ, уырдыгӕй та Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кодта, уӕдмӕ. Уӕдӕ, Хуыцау йӕ дзырд куыд ӕххӕст кодта, уымӕ цы цӕстӕй кастысты, уый ӕргом ӕвдыста, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгӕй цы уыди, уый. Раст афтӕ у абон дӕр: Хуыцауы дзырд, ома йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ, ӕргом кӕнынц, адӕмӕн сӕ зӕрдӕты цы ис, уый.
Ӕркӕс уӕлӕмхасӕн стихтӕм. Бирӕ Библиты алы фарсыл дӕр амынд фӕцӕуы уӕлӕмхасӕн стихтӕ. Кӕд ахӕм стихтӕ ис дӕ Библийы дӕр, уӕд дын стыр ӕххуыс уыдзысты. Бирӕ ахӕм стихтӕ ис «Сыгъдӕг Фыстады Ног дунейы тӕлмацы», ӕмӕ уыцы тӕлмац йе ’взагыл кӕмӕн нӕй, уыдонӕй дӕр дзы бирӕтӕн сӕ бон у пайда кӕнын. Уӕлӕмхасӕн стихтӕ ис ирон ӕвзагыл уагъд «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ы дӕр (1994). Цӕвиттонӕн райсӕм 1 Петры 3:6. Уым дзырд цӕуы, чырыстон устытӕн фӕзминаг кӕй у Саррӕ. Ацы стих нын амоны, уыцы хъуыды кӕм бӕлвырд кӕны, ӕндӕр ахӕм стихмӕ — Уӕвынады 18:12. Уым кӕсӕм, Саррӕ Авраамы «йӕ хинымӕр» афтӕ кӕй хуыдта, мӕ сӕрыхицау, зӕгъгӕ. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ лӕджы фӕндыл зӕрдӕйӕ кӕй уыд. Уӕлӕмхасӕн стихтӕй ма базонӕн вӕййы, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕд ӕмӕ куыд сӕххӕст сты кӕнӕ, дзырд цӕуыл цӕуы, уый бирӕ раздӕр Закъоны бадзырды ӕвдыст куыд ӕрцыд, уый. Фӕлӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, уӕлӕмхасӕн стихтӕй алыхатт ахӕм цыдӕртӕ кӕй нӕ вӕййы базонӕн. Арӕх дзы ӕнӕуи фӕлхат фӕцӕуы стихы хъуыды кӕнӕ та дзы фыст вӕййы, архайджытӕ чи сты кӕнӕ архайд кӕм цӕуы, уыдӕтты тыххӕй.
Агур Библийы симфонийы фӕрцы. Библийы симфони у, Библийы дзырдтӕ алфавитмӕ гӕсгӕ амынд кӕм цӕуынц, ахӕм чиныг. Уым ӕнцон ссарӕн сты стихтӕ, бӕлвырдӕй цы фарста иртасыс, уый фӕдыл. Уыцы стихтӕм лӕмбынӕг куы ӕркӕсай, куы сыл ахъуыды кӕнай, уӕд базондзынӕ бирӕ хъӕугӕ хабӕрттӕ. Ды фендзынӕ, Хуыцауы Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уый «хуызӕг» (2 Тим. 1:13). «Ног дунейы тӕлмац»-ы (уыр.) фӕстейӕ ис «Библийы дзырдтӕ амонӕн» (алы дзырд дзы нӕй). Бирӕ фылдӕр дзырдтӕ ис стыр симфониты. Кӕд ахӕм симфони, кӕй ӕмбарыс, ахӕм ӕвзагыл ис, уӕд дын Библи иртасынӕн стыр ӕххуыс уыдзӕн.
Куыд ис ӕндӕр кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнӕн
«Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын иртасынӕн ноджыдӕр цы хорз кусӕнгӕрзтӕ радта, уый фенӕн ис 33-аг фарсыл фӕлгӕты (Матф. 24:45—47). Уыцы чингуытӕй бирӕты ис сӕргӕндтӕ ӕмӕ фӕстейӕ дзырдтӕ амонӕнтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы ссарӕн ис ӕрмӕг, цы фарста иртасыс, уый фӕдыл. Алы аз дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы фӕстаг номырты вӕййы, ӕгас афӕдзы дӕргъы дзы цы статьятӕ ӕрцыд мыхуыр, уыдоны амонӕн.
a та базонӕн ис, кӕм цы ’рцыди, адӕмы цы тыхсын кӕны, уыдӕтты тыххӕй; дин, зонад ӕмӕ алы бӕстӕты цӕрӕг адӕмты тыххӕй. Чиныджы, «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг», зӕгъгӕ, бӕстон дзырдӕуы Йесо Чырыстийы царды хабӕрттыл (кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цыдысты, афтӕмӕй). Библийы хицӕн чингуытӕ та стих стихы фӕдыл ӕвзӕрст цӕуынц ахӕм чингуыты: «Раргомад — йӕ диссаджы сӕххӕст хӕстӕг у!», «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!» ӕмӕ дыууӕ томӕй уагъд «Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн» b. «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» c, зӕгъгӕ, уым та ссардзынӕ хорз дзуаппытӕ, хъусын кӕнгӕйӕ нӕм адӕм Библийӕ цы бирӕ фарстытӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн. Иннӕ динтӕ куыд равзӕрдысты, цӕуыл ахуыр кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис ахӕм чиныгӕй, «Адӕм агурынц Хуыцауы» d, зӕгъгӕ. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй та цыдӕртӕ базонӕн ис брошюрӕйӕ «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауы фӕндон иумӕйагӕй ӕххӕст кӕнынц ӕппӕт зӕххыл». Хъусын кӕныны хъуыддаг ӕгас дунейы куыд цӕуы, уый тыххӕй бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ вӕййы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 1 январы номыры. «Фыстады ӕмбарынад» e та у Библийы энциклопеди, ис дзы бирӕ картӕтӕ. Библийы цы адӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ, цаутӕ, бӕстӕтӕ ӕмӕ алыхуызон дзауматы кой цӕуы, уыдон тыххӕй дӕ исты куы фӕнда базонын, уӕд дын стыр ӕххуыс уыдзӕн ацы энциклопеди.
Библи ӕмбарынгӕнӕн чингуытӕй кӕм цӕуыл цӕуы дзырд, уый иумӕйагӕй уӕддӕр куы зонай, уӕд дӕ цы хъӕуы, уый бирӕ тагъддӕр ссардзынӕ. Цӕвиттон, фӕнды дӕ хуыздӕр бамбарын Библийы пехуымпарад кӕнӕ фылдӕр базонын, Библи Хуыцауы тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕны, цы дзуры чырыстон уагахасты тыххӕй, йе та куыд ис йӕ уагӕвӕрдтӕй царды пайда кӕнӕн. Ахӕм фарстатӕ агурын хъӕуы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы. «Райхъал ут!»-ӕй«Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕн». Ахӕм «Амонӕн» цӕуы 20 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Йӕ нысан уый у, цӕмӕй нын ӕнцондӕр уа, нӕ Ӕхсӕнады уагъд литературӕйы нӕ цы бахъӕуа, уый ссарын. Ис дзы, кӕм цавӕр фарстайыл цӕуы дзырд, уый амонӕн, стӕй Библийы стихтӕ амонӕн дӕр. Цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл ӕрмӕг агурын хъӕуы сӕйраг дзырдмӕ гӕсгӕ. Цы стих дӕ цымыдис кӕны, уый та ссарӕн ис Библийы стихтӕ амонӕны. Кӕд, кӕй ӕмбарыс, ахӕм ӕвзагыл «Амонӕн» ис ӕмӕ цы азтӕн у, уыцы азты де ’взагыл мыхуыргонд литературӕйы уыцы фарста кӕнӕ стих ӕвзӕрст цӕуы, уӕд ӕй дӕ бон уыдзӕн ссарын. «Амонӕн»-ы фыццаг фарсыл вӕййы, литературӕ цыбыргондӕй куыд амынд цӕуы, уый. (Зӕгъӕм, w99 3.1. 15 амоны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 1999 аз 1 мартъи, 15 фарс.) Кӕд дӕ дӕ раныхасмӕ исты зӕрдӕмӕхъаргӕ хъуыдытӕ фӕнды бахӕссын, уӕд та кӕс ахӕм сӕргӕндтӕ: «Цаутӕ уацамындӕй» ӕмӕ «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты царды хабӕрттӕ».
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг агургӕйӕ адӕймаг бирӕ хорз хъуыдытыл кӕй фӕхӕст вӕййы, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, цы агуырдтай, уый дӕ ферох уа. Цӕмӕй афтӕ
ма рауайа, уый тыххӕй «Амонӕн»-ы хъӕугӕ чиныг кӕнӕ журнал куы ссарай, уӕд уайтагъд бакӕн, кӕцы фарс дӕ хъӕуы, уый; стӕй кӕс дӕлсӕргӕндтӕм ӕмӕ абзацты фыццаг хъуыдыйӕдтӕм ӕмӕ афтӕмӕй ссар, цы дӕ хъуыди, уый. Цавӕрдӕр стих нӕ литературӕ куыд ӕмбарын кӕны, уый базонын дӕ куы фӕнда, уӕд «Амонӕн» кӕдӕм амоны, уыцы фарсыл уал ссар стихӕн йӕхи, уый фӕстӕ та — цы хъуыдытӕ йӕм ис, уыдон.«Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕ» компакт-дискыл. Кӕд дын компьютеримӕ архайыны фадат ис, уӕд ма дӕ бон у пайда кӕнын «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕ»-йӕ компакт-дискыл дӕр (нӕ литературӕйӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ ис). Хӕрзӕнцонӕй дзы ис ссарӕн дзырд, дзырдбаст кӕнӕ стих нӕ литературӕйӕ кӕмфӕнды дӕр. Ахӕм компакт-дисктӕ ис, зӕххыл ӕппӕты фылдӕр цы ӕвзӕгтыл дзурынц, уыдоныл. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд де ’взагыл нӕй, фӕлӕ уыцы ӕвзӕгтӕй искӕцы зоныс, уӕд дзы дӕ бон у пайда кӕнын.
Ӕндӕр ӕххуысчингуытӕ
Павел, сыгъдӕг удӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, Тимофеймӕ йӕ дыккаг фыстӕджы фыста, зӕгъгӕ мын Роммӕ демӕ ӕрхӕсс «чингуытӕ, уӕлдайдӕр цӕрмынтӕ» (2 Тим. 4:13). Павелӕн фыстыты тыхтонтӕй кӕцыдӕртӕ уыдысты тынг зынаргъ, йӕхимӕ сӕ дардта. Ды дӕр афтӕ кӕн. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», «Райхъал ут!» ӕмӕ «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг» куы бакӕсыс ӕмӕ сӕ ӕмбырды фембӕлдты куы равзарӕм, уый фӕстӕ сӕ дӕхимӕ бафснайыс? Кӕд о, уӕд дын уыдон дӕр, ӕмӕ ма дӕм нӕ Ӕхсӕнады уагъд литературӕйӕ цы ис, уыдон дӕр уыдзысты замманайы кусӕнгӕрзтӕ. Ӕвӕццӕгӕн, иу стӕмӕй фӕстӕмӕ алы ӕмбырдӕн дӕр Паддзахады залы ис йӕхи чиныгдон. Уыцы чиныгдон у ӕгас ӕмбырдӕн, Паддзахады залмӕ куы ӕрбацӕуынц, уӕд.
Дӕхӕдӕг дӕр ӕмбырд кӕн ӕрмӕг
Дӕ раныхасӕн кӕнӕ дӕ адӕмимӕ ныхасы чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыдытӕм дӕ хъус дар. Зӕгъгӕ, газет кӕнӕ журналы, чи дӕ бахъӕудзӕн, ахӕм ног хабар, цӕвиттон ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтыл фӕхӕст дӕ, уӕд-иу уыцы ӕрмӕг ралыг кӕн кӕнӕ та-иу дзы дӕхицӕн ксерокъопи скӕн. Ӕрмӕст-иу дӕ ма ферох уӕд, кӕцӕй, кӕцы номырӕй ист у, чи йӕ ныффыста кӕнӕ кӕй уагъд у, уый фӕнысан кӕнын. Ӕмбырды фембӕлдты дӕхимӕ фысс, адӕмӕн ӕцӕгад ӕмбарын кӕнынӕн чи бабӕздзӕн, ахӕм хъуыдытӕ, цӕвиттонтӕ ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Афтӕ дын никуы уыди, ӕмӕ дӕ сӕрмӕ цыдӕр хорз цӕвиттон ӕрцыд, фӕлӕ дзы уыцы тӕккӕ спайда кӕнай, уый фадат дын нӕ разынд? Афысс ӕй ӕмӕ йӕ дӕхимӕ сӕвӕр. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыр кӕнгӕйӕ-иу дын дӕтдзысты хӕслӕвӕрдтӕ. Уыцы фыстытӕ дӕр-иу ма аппар, фӕлӕ сӕ иу ран ӕвӕр. Цы хорз хъуыдытӕ ссардтай, уыдон ма дӕ искуы бахъӕудзысты.
Ныхас кӕн адӕмимӕ
Бирӕ хорз цыдӕртӕ базонӕн ис адӕмӕй дӕр. Лука йӕ Евангели куы фыста, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базыдта, хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдонимӕ Лук. 1:1—4). Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ ӕмчырыстӕттимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дзуапп ссарӕм, тынг нӕ чи цымыдис кодта, ахӕм фарстайӕн. Ефесӕгтӕм 4:8, 11—16 (НД) куыд кӕсӕм, афтӕмӕй нын «Хуыцауы Фырты базонынӕн» Чырысти радта «лӕварӕн адӕймӕгты». Уӕдӕ Хуыцауӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ ныхас кӕнгӕйӕ фехъусдзынӕ бирӕ хорз ӕмӕ хъӕугӕ хъуыдытӕ. Афтӕ ма хуыздӕр ӕмбардзынӕ адӕмы, сӕ миддуне, ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн, стырдӕр ахъаз сын чи уа, ахӕм раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнын.
ныхас кӕнгӕйӕ (Цы ӕрӕмбырд кодтай?
Мӕнӕу куы ӕркӕрдынц, уӕд ӕй уый фӕстӕ та най фӕкӕнынц, ома мӕнӕу йӕ цъарӕй фӕхицӕн кӕнынц. Афтӕ кӕнын хъӕуы, ӕрмӕг агургӕйӕ цы «тыллӕг» ӕрӕмбырд кодтай, уымӕн дӕр. Цалынмӕ дзы спайда кӕнай, уӕдмӕ уал дзы уӕлдай цы у, уый ахицӕн кӕн.
Кӕд раныхас цӕттӕ кӕныс, уӕд дӕхи бафӕрс: ацы хъуыды мӕ ныхасы мидис райхалынӕн исты ахъаз фӕуыдзӕн? Ӕви, кӕд цыфӕнды цымыдисаг у, уӕддӕр мын мӕ хъуыдытӕ ныссуйтӕ кӕндзӕн? Зонад ӕмӕ медицинӕ ӕдзухдӕр цӕуынц размӕ, ӕмӕ дӕ уыцы фадгуытӕй куы фӕнда цыдӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕрхӕссын, уӕд ӕнӕмӕнг базон, ног кӕй сты. Дӕ зӕрдыл дар, нӕ Ӕхсӕнад иуӕй-иу фарстатӕ бирӕ азты размӕ куыд ӕмбарын кодта, ныр сӕ афтӕ кӕй нал ӕмбарын кӕны. Уымӕ гӕсгӕ дӕ фарстӕн ӕрмӕг агур фӕстаг азты уагъд литературӕйы.
Уӕлдай лӕмбынӕг хъуыды кӕнын хъӕуы, нӕ Ӕхсӕнады уагъд чи нӕу, ахӕм чингуытӕ ӕмӕ бӕрӕгуӕттӕй дӕ куы фӕнда цыдӕр хъуыды райсын, уӕд. Макуы дӕ ферох уӕд — ӕцӕгад Хуыцауы Ныхасы ис (Иоан. 17:17). Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы сӕйраг ахадындзинад Йесойӕн ис. Уымӕ гӕсгӕ Колоссӕгтӕм 2:3 (НФ) кӕсӕм: «Чырыстийы мидӕг сты ӕмбӕхст тарф хъуыдыйы ӕмӕ зонды алы хӕзнатӕ!» Уӕдӕ ацы хъуыды дӕ зӕрдыл даргӕйӕ ӕркӕс, цы ӕрмӕг ссардтай, уымӕ. Ӕнӕуи чингуытӕй цы ӕрмӕг райстай, уый тыххӕй та ахъуыды кӕн: адӕймаг дзы йӕхицӕй ницы бафтыдта, ӕцӕг цы у, уый нӕ, фӕлӕ дзы, йӕхимӕ раст цы кӕсы, уыдӕттӕ нӕ дзуры, йе та дзы цыбырзонд адӕймаджы хъуыдытӕ нӕй? Чи йӕ фыста, уый йӕ кадмондаг зӕрдӕ кӕнӕ ӕхца нӕ баразӕнгард кодта йӕ ныффыссынмӕ? Уыцы хъуыдытимӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ахуыргӕндтӕ разы сты? Ӕмӕ иууыл сӕйрагдӕр та — Библи цы дзуры, уый ныхмӕ нӕу?
Ӕмбисӕндтӕ 2:1—5 нӕм уымӕ сиды, цӕмӕй «ӕвзист» ӕмӕ «ӕмбӕхст хӕзнатау» агурӕм зонындзинӕдтӕ, ӕмбарынад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад. Ӕмӕ кӕд уый ӕнцон нӕу, уӕддӕр адӕймагӕн кӕуылты ӕххуыс у! Ӕрмӕг ссарын, цыдӕр раиртасын, бӕгуыдӕр, стыр фыдӕбон у, фӕлӕ ма ахъуыды кӕн: ды базондзынӕ, уыцы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый. Фендзынӕ, раст кӕм нӕ хъуыды кодтай, уый ӕмӕ ӕцӕгад хуыздӕр ӕмбардзынӕ. Уый фӕрцы дӕ ныхас алкӕддӕр уыдзӕн арфхъуыдыджын ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ; зӕрдӕрухсы хос уыдзӕн дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдонӕн дӕр.
a Ис уырыссаг ӕвзагыл.
b Ис уырыссаг ӕвзагыл.
c Ис англисаг ӕвзагыл.
d Ис англисаг ӕвзагыл.
e Ис англисаг ӕвзагыл.