Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд фӕхъусыс

Куыд фӕхъусыс

АХУЫРЫ хъуыддаджы, адӕймаг хъусын зоны ӕви нӕ, уымӕй бирӕ кӕнгӕ у. Ууыл баст у адӕймагӕн йӕ цард дӕр. Иегъовӕ йӕ адӕмы Египетӕй ракӕнынвӕнд куы скодта, уӕд Моисейӕн (уый та хистӕр лӕгтӕн) бацамыдта, цы бакӕнын хъуыди, цӕмӕй мӕлӕтхӕссӕг зӕд израилӕгты фыццаггуырдтӕм ма бавнӕлдтаид, уый тыххӕй (Рац. 12:21—23). Хистӕр лӕгтӕ та хабар бамбарын кодтой Израилы алы хӕдзарвӕндагӕн дӕр. Уыцы амындтӕ фыст нӕ уыдысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕмы лӕмбынӕг хъусын хъуыди. Ӕмӕ сӕм куыд байхъуыстой? Библийы кӕсӕм: «Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр. О, растдӕр афтӕ бакодтой» (Рац. 12:28, 50, 51). Ӕмӕ уый фӕрцы Израилы адӕм, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдысты, афтӕ фервӕзтысты.

Абон та нӕ Иегъовӕ цӕттӕ кӕны ноджы диссагдӕр ирвӕзындзинады бонмӕ. Уӕдӕ нын цы амоны, уый, ай-гъай дӕр, хъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ арф исын. Амонгӕ та нын кӕны ӕмбырды фембӕлдты. Уыцы фембӕлдтӕ нын цы дӕттынц, уымӕй ницы ауадзыс? Куыд фӕхъусыс, уымӕй бирӕ аразгӕ у.

Фембӕлдты цы ахсджиаг хъуыдытӕ фехъусыс, уыдон бахъуыды кӕныс? Цы фехъусыс, уымӕ гӕсгӕ алы къуыри дӕр архайыс ӕмӕ йыл иннӕтимӕ фӕныхас кӕныс?

Сараз дӕ зӕрдӕ

Цӕмӕй чырыстон фембӕлдтӕм нӕ цыд дзӕгъӕлы ма уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, цы амындтӕ дзы лӕвӕрд цӕуы, уыдон бамбарынмӕ нӕ зӕрдӕ саразын. Уыцы хъуыддаг куыд ахсджиаг у, уый бӕрӕг у, рагон Иудӕйы паддзах Иосафаты хицаудзинады рӕстӕджы цы ’рцыди, уымӕй. Иосафат йӕ уд хъардта адӕмы ӕцӕг Хуыцаумӕ раздахыныл. Уый «Иудӕйы зӕххыл бӕрзонд бынӕттӕ ӕмӕ сыгъдӕг цӕджындзтӕ ныппырх кодта». Кънйӕзтӕ, левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕн та бабар кодта Иудӕйы ӕппӕт сахарты дӕр адӕмӕн Иегъовӕйы Закъон амонын. Фӕлӕ «ма уӕддӕр бӕрзонд бынӕттӕ баззад» (2 Пар. 17:6—9; 20:33). Адӕм сӕ зӕрдӕ мӕнг хуыцӕуттӕн радтой, стӕй Иегъовӕйӕн дӕр куывтой, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ, ома муртаттаг бӕрзонд бынӕтты, ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ раст фӕндагмӕ раздахын ӕнцон нӕ уыд.

Иосафатӕн адӕмы раст зондыл сӕвӕрын кӕронмӕ йӕ къухы цӕуылнӕ бафтыд? «Адӕм сӕ зӕрдӕ нӕма сарӕзтой сӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ»,— кӕсӕм дарддӕр Фыстады. Цы сын дзырдтой, уый хъусгӕ бӕргӕ кодтой, фӕлӕ аразгӕ ницы кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, сӕхи уымӕй сайдтой, зӕгъгӕ, Иерусалимы кувӕндон дард у ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынмӕ уырдӕм цӕуын кӕй бон у. Ӕниу се ’фсон цыфӕнды ма уыдаид, бӕрӕг у иу хъуыддаг: сӕ зӕрдӕты уырнындзинад нӕ уыд.

Цӕмӕй абон мах дӕр Сайтаны дунемӕ ма аздӕхӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр саразын хъӕуы, Иегъовӕ нын цы амоны, уымӕ. Уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы? Сӕйраджыдӕр хъӕуы Иегъовӕмӕ кувын, ахӕм зӕрдӕ нын куыд ратта, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕн аргъ кӕнӕм (Пс. 26:4; 94:2). Ахӕм зӕрдӕйы уаг нын куы уа, уӕд аргъ кӕндзыстӕм, не ’фсымӕртӕ цы аразынц, уымӕн дӕр: кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр Иегъовӕйӕн афтӕ нӕ зӕгъынц, дӕ адӕмы ахуыр кӕнын нӕ бон нӕу, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ бон цыдӕриддӕр у, уымӕй сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц. Стӕй ногӕй цы базонӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй бузныг нӕ уыдзыстӕм Иегъовӕйӕ, фӕлӕ рагӕй цы зонӕм, уымӕн дӕр тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Нӕ царды алы къахдзӕф дӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ уа, уый нӕ фӕнды, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кувӕм: «Сӕвӕр мӕн, Хицау, Дӕ фӕндагыл... сфидар кӕн мӕ зӕрдӕ Дӕ номы тасы» (Пс. 85:11).

Ӕндӕр мацӕуыл хъуыды кӕн

Лӕмбынӕг хъусын нӕ бирӕ цыдӕртӕ фӕхъыгдары. Хатт нӕ сӕры фӕзилдух кӕнынц сагъӕссаг хъуыдытӕ. Йе та, залы кӕнӕ ӕддейӕ гыццыл хъӕлӕба дӕр — ӕмӕ нӕ бон хъусын нал вӕййы. Ӕнцон нӕу хъусын, исты дӕ куы рисса, уӕд дӕр. Уӕдӕ гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр ӕнцон кӕм у хъусын, ӕппынӕдзух сӕм кӕсын хъӕуы. Фӕлӕ нын уӕддӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, фембӕлдты дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уымӕй дарддӕр мацӕуыл хъуыды кӕнӕм?

Адӕймаг кӕсгӕ цӕмӕ фӕкӕны, хъуыды дӕр ууыл фӕкӕны. Уымӕ гӕсгӕ кӕс, чи дзуры, уымӕ, ӕмӕ дын уӕд бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн лӕмбынӕг хъусын. Библийӕ, дӕ фондз ӕнгуылдзау кӕй зоныс, ахӕм стих куы кӕса, уӕддӕр-иу ӕй бакӕн ӕмӕ-иу ӕй ды дӕр дӕхимидӕг кӕс. Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, исты уынӕр куы фехъусай кӕнӕ исчи куы базмӕла, науӕд цыдӕр куы араза, уӕддӕр, чи дзуры, уымӕ кӕй кӕсдзынӕ. Дзӕгъӕл ракӕс-бакӕс куы кӕнай, уӕд, ныхасы рацӕуӕг цы ахсджиаг хъуыдытӕ дзуры, уыдонӕй бирӕ цыдӕртӕ ауадздзынӕ.

Дӕ «зӕрдӕйы хъыгдзинӕдты» аххосӕй дын хъусын зын куы уа, уӕд кув Иегъовӕмӕ, цӕмӕй дын удӕнцой радта, ӕмӕ дӕ бон хъусын уа (Пс. 93:19; Фил. 4:6, 7). Кӕд дын иу хаттӕй нӕ фенцондӕр уа, уӕд ноджыдӕр кув (Матф. 7:7, 8). Ӕмбырды фембӕлдтӕм нӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг хоны. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд ӕй фӕнды, цӕмӕй нын уыцы фембӕлдтӕ стыр ахъаз уой (1 Иоан. 5:14, 15).

Куыд хъусын хъӕуы раныхӕстӕм

Раныхӕсты цы хорз хъуыдытӕ фехъуыстай, уыдонӕй цыдӕртӕ куыннӕ бахъуыды кӕндзынӕ. Фӕлӕ раныхасмӕ хъусын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ цымыдисаг хъуыдытӕ фиппайай. Раныхас у балцы хуызӕн. Фӕндагыл цӕст бирӕ рӕсугъд цӕуылдӕрты ӕрхӕцы, фӕлӕ сӕйраг у бынатыл сӕмбӕлын. Раст афтӕ, ныхасы чи рацыд, уымӕн дӕр йӕ разы ис цыдӕр нысан: чи йӕм хъусы, уыдонӕн ӕй фӕнды цыдӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбарынӕн баххуыс кӕнын кӕнӕ сӕ цӕмӕдӕр сразӕнгард кӕнын.

Ӕркӕсӕм, Навины фырт Йесо Израилы адӕмы раз цы ныхас загъта, уымӕ. Фыст ис Йесо Навины 24:1—15. Йесойы фӕндыд израилӕгтӕн бамбарын кӕнын, ӕвӕстиатӕй сӕ кӕй хъуыд, сӕ алыварс адӕмтӕ цы мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой, уыдон ныууадзын ӕмӕ Иегъовӕйы фарс фидарӕй слӕууын. Цӕмӕн сӕ хъуыди афтӕ бакӕнын? Уымӕн ӕмӕ мӕнг диныл бафтгӕйӕ адӕм сӕхимӕ фыдӕх кодтой Иегъовӕйы. Йесойы ныхӕстӕ бахъардтой адӕммӕ, ӕмӕ загътой: «Нӕ, Иегъовӕйы ныууадзӕм ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнӕм, уымӕн уӕвӕн нӕй! [...] Иегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм». Ӕмӕ сӕ ныхасӕн хицау дӕр разындысты! (Йес. Н. 24:16, 18, 31).

Уӕдӕ, раныхасмӕ куы хъусай, уӕд архай, сӕйрагдӕр дзы цы у, уый раиртасыныл. Лӕмбынӕг дӕ хъус дар, ӕфсымӕр ӕй цадӕггай куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ. Хъуыды кӕн, цы фехъуыстай, уый дӕуыл цы хӕс ӕвӕры, ууыл.

Хъус фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр, чиныгахуыр ӕмӕ ма Хъусын кӕныны фембӕлды кӕцыдӕр хӕйтты библион ӕрмӕг ӕвзӕрст фӕцӕуы фарстытӕ ӕмӕ дзуаппыты руаджы.

Фарстытӕ ӕмӕ дзуаппытӕм хъусын, искӕимӕ куыд ныхас кӕнай, уымӕй уӕлдай нӕу. Цӕмӕй дзы мацы ауадзай, уый тыххӕй хъуамӕ лӕмбынӕг хъусай. Дӕ хъус дар, чи цы дзуры ӕмӕ разамонӕг сӕйраг хъуыдытӕ куыд халы, уымӕ. Йӕ фарстытӕн ын дӕхинымӕр дзуапп дӕтт. Иннӕтӕ ӕрмӕг куыд ӕмбарын кӕнынц ӕмӕ дзы куыд спайдагӕнӕн ис, уый тыххӕй цы дзурынц, уымӕ хъус. Сӕ хъуыдытӕм хъусгӕйӕ, арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ хорз цы зонӕм, уый дӕр арфдӕр бамбарӕм. Дӕхӕдӕг дӕр ӕвгъау ма кӕн иннӕтӕн дӕ хъуыдытӕ,— уымӕй бӕрӕг уыдзӕн дӕ уырнындзинад (Ром. 1:12).

Фембӕлды ӕвзӕрст цы цӕудзӕн, уый рагацау куы цӕттӕ кӕнай, уӕд фембӕлды рӕстӕджы дӕхӕдӕг дӕр ӕхсызгонӕй дӕтдзынӕ дзуаппытӕ ӕмӕ, иннӕтӕ цы дзурой, уымӕ хъусын дӕр дын ӕнцондӕр уыдзӕн. Ӕрмӕгмӕ дын лӕмбынӕг ӕркӕсын ӕмӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕныны фадат куы нӕ уа, уӕддӕр ӕмбырды размӕ иу цалдӕр минуты ссар, цӕмӕй йыл дӕ цӕст ахӕссай. Афтӕмӕй дын стырдӕр ӕххуыс фӕуыдзӕн, фарстытӕ ӕмӕ дзуаппыты руаджы цы ӕрмӕг ӕвзӕрст цӕуа, уый.

Куыд хъусын хъӕуы конгрессты

Ӕмбырды фембӕлдтӕй конгрессты та ноджы зындӕр вӕййы хъусын, уымӕн ӕмӕ дзы адӕймаджы хъуыдытӕ тынгдӕр дзӕгъӕлтӕ кӕнынц. Цы бачындӕуа ам та?

Иу уый, ӕмӕ хъӕуы изӕры афойнадыл схуыссын ӕмӕ хорз баулӕфын. Уымӕй уӕлдай ма алы райсом дӕр программӕ цалынмӕ нӕ райдайа, уӕдмӕ ӕркӕс, уыцы бон дзырд цавӕр фарстайыл цӕудзӕн, уымӕ ӕмӕ йӕ дӕ зӕрдыл дар. Ӕркӕс алы раныхасы сӕргондмӕ дӕр ӕмӕ ахъуыды кӕн, цымӕ дзы дзырд цӕуыл цӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ма рох кӕн Библимӕ ӕркӕсын дӕр. Бирӕтӕн ма ӕххуыс кӕны, сӕйраг хъуыдытӕ цыбыртӕй куы фӕфыссынц, уый дӕр. Фысс, дӕхи цы бахъӕудзӕн кӕнӕ дӕ хъусын кӕнгӕйӕ цы хъуыдытӕй спайда кӕнын фӕнды, уыдон. Конгрессмӕ цӕугӕйӕ ӕмӕ-иу фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ алы бон дӕр искӕимӕ аныхас кӕн, дӕ зӕрдӕмӕ цы хъуыдытӕ фӕцыд, уыдоныл. Афтӕмӕй, цы базонай, уый хуыздӕр бахъуыды кӕндзынӕ.

Дӕ сывӕллӕтты хъусын ахуыр кӕн

Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты суанг ма бынтон чысылты дӕр ӕмбырды фембӕлдтӕм ӕмӕ конгресстӕм куы кӕной, уӕд сын ӕххуыс кӕндзысты «ирвӕзындзинадӕн зонд райсынӕн» (2 Тим. 3:15). Сывӕллӕттӕ ӕмхуызон не сты, иу цас фӕразы ӕнцад бадын ӕмӕ хъусын, иннӕмӕн уыйбӕрц йӕ бон нӕу. Ӕмӕ уый хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой ныййарджытӕ. Алы сывӕллоны дӕр хъусын сахуыр кӕнӕн куыд ис, уымӕн уын, чи зоны, феххуыс уой мӕнӕ ацы уынаффӕтӕ.

Хӕдзары-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сывӕллӕттӕн дзур, цӕмӕй иу гыццыл ӕнцад абадой, библион чингуытӕ акӕсой кӕнӕ нывтӕм ӕркӕсой. Ӕмбырды та хуыздӕр уыдзӕн, хъазӕнтыл сӕ куы нӕ ирхӕфсай. Кӕддӕр Израилы куыд уыди, афтӕ абон дӕр сывӕллӕттӕ ӕмбырдтӕм уымӕн цӕуынц, «цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной» (Дык. з. 31:12). Гӕнӕн кӕм ис, уым бирӕ ныййарджытӕ, сӕ сывӕллӕттӕй бынтон гыццыл чи у, уыдонӕн дӕр радтынц сӕхи чиныг кӕнӕ сӕхи журнал. Сывӕллӕттӕ куыд рӕзынц, афтӕ сӕ цӕттӕ кӕн, ӕрмӕг фарстытӕ ӕмӕ дзуаппыты руаджы ӕвзӕрст куы фӕцӕуы, уӕд сӕ хъуыды зӕгъынмӕ.

Иегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ куыд хъусӕм, йӕ коммӕ дӕр афтӕ кӕсдзыстӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг у Сыгъдӕг Фыстадӕй. Цӕвиттон, Моисей израилӕгтӕн загъта: «Мӕнӕ уӕ разы цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард... уарзут уӕ Хуыцау Иегъовӕйы, хъусут ын йӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йыл уӕхи бӕттут» (Дык. з. 30:19, 20). Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъусын ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы абон дӕр. Уымӕй кӕнгӕ у, Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзыстӕм ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзыстӕм ӕви нӕ. Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «уӕ цӕст дарут, куыд хъусут», афтӕ ахсджиаг дӕр уымӕн сты (Лук. 8:18).