Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы Скъолайы хӕслӕвӕрдтӕ

Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы Скъолайы хӕслӕвӕрдтӕ

СКЪОЛАЙЫ алы хӕслӕвӕрд дӕр адӕймагӕн уый фадат дӕтты, ӕмӕ цӕуылдӕр сахуыр уа. Уӕдӕ дӕ хъарутыл куы нӕ ауӕрдай, уӕд цадӕггай арӕхстджынӕй-арӕхстджындӕр кӕндзынӕ, ӕмӕ уый канд дӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ иннӕтӕ дӕр уындзысты (1 Тим. 4:15). Скъола дын, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм стыр ахъаз фӕуыдзӕн дӕ курдиӕттӕ райхалынӕн.

Ӕмбырды раз дӕ ныхас кӕнын кӕй хъӕудзӕн, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕ фӕтыхсыс? Уым диссагӕй ницы ис, кӕд Скъолайы рагӕй фыст дӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ цӕмӕй афтӕ тынг ма тыхсай, уый тыххӕй цыдӕр ис саразӕн. Дӕхи сахуыр кӕн хӕдзары арӕх исты хъӕрӕй кӕсын. Ӕмбырды фембӕлдты дӕтт дзуапп, ӕмӕ кӕд хъусынгӕнӕг дӕ, уӕд арӕх цу уацамынды. Афтӕмӕй сахуыр уыдзынӕ инӕтты раз дзурын. Уӕдӕ дын Скъолайы хӕслӕвӕрд куы уа, уӕд-иу ӕй рагацау бацӕттӕ кӕн ӕмӕ-иу ыл кус, дӕхицӕн-иу ӕй хъӕрӕй дзур. Дӕ зӕрдыл дар, кӕмӕн ӕй дзурдзынӕ, уыдон дӕ тӕрхонгӕнджытӕ кӕй не сты, фӕлӕ дӕ хӕлӕрттӕ. Алыхатт дӕр-иу дӕ хӕслӕвӕрд радзурыны размӕ Иегъовӕмӕ скув. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ сыгъдӕг уд не ’вгъау кӕны, кувӕнт ӕм, ӕндӕр (Лук. 11:13; Фил. 4:6, 7).

Стӕй дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом, у «бонзонгӕ». Иу бонмӕ дзырдарӕхст ӕмӕ дӕсны ахуыргӕнӕг ничи фесты, уымӕн рӕстӕг хъӕуы (Мих. 6:8). Кӕд Скъолайы дӕхи нырма ӕрӕджы ныффысстай, уӕд афтӕ ӕнхъӕл ма у, ӕмӕ фыццаг хатт дӕ ныхас, бынтондӕр кӕмӕ ницы фау ӕрхӕссӕн ис, ахӕм рауайдзӕн. Хуыздӕр уыдзӕн, алы хатт дӕр иу цӕуылдӕр куы кусай. Ацы чиныджы ууыл кӕцы сӕры дзырдӕуы, уый дзӕбӕх сахуыр кӕн. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, скӕн, цы фӕлтӕрӕн дзы ис, уый. Афтӕмӕй дын цалынмӕ ӕмбырды хӕслӕвӕрд нӕ радтой, уӕдмӕ дӕр бирӕ цӕмӕдӕрты арӕхсдзынӕ. Цӕуыл кусай, уый та дӕ къухы ӕнӕмӕнг бафтдзӕн.

Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы хъӕрӕй кӕсынмӕ

Иннӕты раз хорз кӕсынӕн ӕрмӕст уый фаг нӕу, ӕмӕ дын цы скъуыддзаг бахӕс кодтой, уым алы дзырд дӕр куыд кӕсгӕ у, уый зонай. Цы кӕсдзынӕ, уый хъуамӕ хорз ӕмбарай. Уӕдӕ дын исты кӕсын куы бахӕс кӕной, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй бакӕс, цӕмӕй йын йӕ мидис бамбарай. Бацархай алы хъуыдыйады, алы абзацы хъуыды дӕр раиртасыныл. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн дӕ бон ӕрмӕг афтӕ бакӕсын, чи дӕм хъуса, уыдон раст куыд бамбарой, цы хъуыды, цы тых дзы ис, уый. Кӕд гӕнӕн ис, уӕд, ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ куыд кӕсын хъӕуы, уый фен дзырдуӕтты, йе та бафӕрс, ӕвзаг хорз чи зоны, ахӕм искӕй. Архай ӕрмӕг хорз бамбарыныл. Ацы хъуыддаджы сывӕллӕтты бахъӕудзӕн сӕ ныййарджыты ӕххуыс.

Библийӕ цавӕрдӕр скъуыддзаг кӕнӕ дын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй статья кӕсын бахӕс кӕнынц? Хорз уаид, кӕсынмӕ дӕсны чи у, ахӕм исчи дын ӕй хъӕрӕй куы бакӕсид, цӕмӕй, дзырдтӕ куыд кӕсын хъӕуы, гыццыл ӕрлӕууын кӕм хъӕуы, тыхджындӕрӕй цавӕр дзырд кӕнӕ хъуыды зӕгъын хъӕуы ӕмӕ кӕм цавӕр хъӕлӕсы уагӕй кӕсын хъӕуы, уымӕ байхъусай. Уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр архай афтӕ кӕсыныл.

Хӕслӕвӕрд цӕттӕгӕнгӕйӕ уал фыццаджыдӕр дзӕбӕх сахуыр кӕн, цы урокыл кусын дӕ хъӕуы, уый. Кӕсинаг ӕрмӕг цалдӕр хатты хъӕрӕй куы бакӕсай, уӕд та, урочы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ногӕй дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Дӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ ратт, цӕмӕй урочы ӕппӕт уынаффӕтӕй дӕр спайда кӕнай.

Афтӕ бӕстон куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дын уый стыр ахъаз уыдзӕн уацамынды, уымӕн ӕмӕ нӕ хъусын кӕнгӕйӕ арӕх фӕхъӕуы иннӕтӕн цыдӕр бакӕсын. Хуыцауы Ныхас адӕмы цард кӕй ивы, уымӕ гӕсгӕ йӕ дзӕбӕх кӕсын хъӕуы (Дзут. 4:12). Раст нӕу афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, мӕнӕ иу-дыууӕ хӕслӕвӕрды бацӕттӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ кӕсынмӕ мӕнӕй дӕсныдӕр нал уыдзӕн. Апостол Павел ма фӕлтӕрд чырыстон хистӕр нӕлгоймагӕн дӕр уый фӕдзӕхста, «архай [«иннӕтӕн», НД] кӕсыныл», зӕгъгӕ (1 Тим. 4:13).

Цӕуыл дзурдзынӕ ӕмӕ цавӕр уавӕры

Зӕгъгӕ дын Скъолайы ахӕм хӕслӕвӕрд радтой, ӕмӕ дӕ хъӕуа равдисын, цавӕрдӕр уавӕры куыд дзурдзынӕ, уый. Уӕд куыд кӕнгӕ у?

Лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ӕртӕ сӕйраг хъуыддагыл: 1) цӕуыл уыдзӕн дӕ ныхас, 2) цавӕр уавӕры дзурдзынӕ ӕмӕ чи уыдзӕн дӕ ныхасӕмбал, 3) цавӕр урокыл кусдзынӕ.

Хӕслӕвӕрд бацӕттӕ кӕнынӕн хъӕуы ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕнын. Фӕлӕ уал раздӕр хорз ахъуыды кӕн, цавӕр уавӕры дзурдзынӕ ӕмӕ дӕ ныхасӕмбал чи уыдзӕн. Цы дзурдзынӕ ӕмӕ йӕ куыд дзурдзынӕ, уый уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн. Цавӕр уавӕр равзардзынӕ? Хорз хабар зонгӕ адӕймагӕн куыд хъусын кӕндзынӕ, уый дӕ фӕнды равдисын? Ӕви, адӕймагыл фыццаг хатт куы фембӕлай, уӕд ын цы зӕгъӕн ис, уый? Уыцы адӕймаг дӕуӕй хистӕр у ӕви кӕстӕр? Йемӕ дӕ цӕуыл аныхас кӕнын фӕнды, уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн? Дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый фӕдыл исты зоны? Цавӕр нысан ӕвӕрыс дӕ разы? Ацы фарстытӕн цавӕр дзуапп раттай, уымӕй аразгӕ уыдзӕн, бӕлвырдӕй дӕ цы хъӕуы бацагурын, уый.

Кӕм ссарӕн ис ӕрмӕг? Уый тыххӕй дзырд цӕуы ацы чиныджы 33—38-ӕм фӕрстыл, сӕргонд «Иртасын куыд хъӕуы», зӕгъгӕ. Бакӕс ӕй ӕмӕ дӕм иртасӕн «кусӕнгӕрзтӕй» цы ис, уыдонӕй спайда кӕн. Арӕх, цы ӕрмӕг ссарӕм, уый фагӕй фылдӕр вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ бакӕс, дӕ хӕслӕвӕрд куыд саразӕн ис, уый бамбарынӕн дӕ цас хъӕуа, уыйбӕрц. Фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг дӕ зӕрдыл дар, цы уавӕры дзурдзынӕ, стӕй дӕ ныхасӕмбал чи у, уый дӕр. Чи дӕ бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыдытыл куы фӕхӕст уай, уӕд-иу сӕ фӕнысан кӕн.

Цалынмӕ дӕ хӕслӕвӕрд кӕронмӕ бацӕттӕ кӕнай ӕмӕ ма йӕ фӕстаг хатт барӕстытӕ кӕнай, уӕдмӕ уал рӕстӕг ссар, ӕмӕ дын цы урок бахӕс кодтой, уый бакӕс. Уыцы хӕслӕвӕрдыл кусгӕйӕ дӕ сӕйрагдӕр нысӕнттӕй иу уый у, ӕмӕ, уыцы урок куыд амоны, афтӕ кӕнын сахуыр уай.

Дӕ ныхас афоныл, ома цалынмӕ дзӕнгӕрӕг нӕ райхъуыса, уӕдмӕ куы фӕуай, уӕд дын тынг ӕхсызгон уыдзӕн, дӕ ныхас дӕ ӕрдӕгыл аскъуынын кӕй нӕ бахъуыд, уый. Фӕлӕ уацамынды алыхатт рӕстӕг сӕйраг нӕ вӕййы. Уӕдӕ кӕд хӕслӕвӕрд цӕттӕгӕнгӕйӕ рӕстӕгмӕ хъус дарын хъӕуы, уӕддӕр сӕйраджыдӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, адӕймагӕн цавӕрдӕр фарста хорз куыд бамбарын кӕнӕм, ууыл.

Цалдӕр ныхасы, цы уавӕр равзарай, уый фӕдыл. Чиныджы 82-ӕм фарсыл лӕвӕрд цӕуы алыхуызон уавӕрты номхыгъд. Лӕмбынӕг сӕм ӕркӕс ӕмӕ дзы равзар, кӕм хъусын кӕныс, уым ӕцӕгдӕр чи фӕзыны ӕмӕ дын дӕ ныхас, царды куыд вӕййы, афтӕ скӕныны фадат чи ратдзӕн, ахӕм уавӕр. Кӕд Скъолайы рагӕй дӕ фыст, уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, алы ног хӕслӕвӕрд дӕр дын кӕй дӕтты фадат дзырдарӕхстдзинады алыхуызон фӕзилӕнты ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы хуыздӕр сфӕлтӕрынӕн.

Цы уавӕры дӕ хъӕудзӕн дзурын, уый дын Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕстдарӕг йӕхӕдӕг куы бацамона, уӕд дӕр-иу ма фӕтӕрс, бакус-иу ыл. Уавӕртӕн сӕ фылдӕр хауынц хъусын кӕнынмӕ. Кӕд ахӕм уавӕры дӕхӕдӕг никуы уыдтӕ, уӕд афӕрс, ахӕм уавӕры чи хъусын кодта, уыцы хъусынгӕнджыты. Гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, дӕ хӕслӕвӕрды цы фарст ӕвзардзынӕ, ууыл уацамынды искӕимӕ аныхас кӕн, ӕмбырды дӕ цы уавӕры хъӕудзӕн дзурын, ахӕм уавӕры. Уый фӕрцы дӕ къухы бафтдзӕн дӕ ахуыры ахсджиаг нысан.

Раныхас

Ӕфсымӕртӕн арӕх бахӕс кӕнынц ӕмбырды раз цыбыр раныхӕстӕ. Ахӕм раныхас дӕр (кӕмӕн ӕмӕ йӕ куыд дзурдзынӕ, уымӕй фӕстӕмӕ) цӕттӕ кӕнын хъӕуы, ныхасӕмбалимӕ хӕслӕвӕрд куыд цӕттӕгӕнгӕ у, афтӕ.

Иууыл хуыздӕр уаид, дӕ раныхас афтӕ саразын, чи дӕм хъуса, уыдонӕй алкӕмӕндӕр цыдӕр ахъаз куыд фӕуа. Кӕй раз ныхас кӕндзынӕ, уыдон, стӕмтӕй фӕстӕмӕ, зонынц, Библи сӕйраджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕны, уый. Чи зоны, ды цӕуыл дзуринаг дӕ, уый дӕр фыццаг хатт нӕ хъусынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕн, дӕ ныхас цӕуыл у, уый тыххӕй цы зонынц ӕмӕ дӕ раныхас афтӕ саразӕн куыд ис, цӕмӕй сын исты ӕххуыс фӕуа. Дӕхимӕ ратт ахӕм фарстытӕ: цы саразӕн ис, цӕмӕй мӕ раныхас мӕхицӕн дӕр ӕмӕ мӕм чи хъусы, уыдонӕн дӕр баххуыс кӕна, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый хуыздӕр бамбарынӕн? Мӕ раныхасы ахӕмӕй исты ис, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый бамбарынӕн? Куыд нын баххуыс кӕндзӕн ацы ӕрмӕг, буары монцты цагъайраг чи у, ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ зондӕй архайынӕн? (Еф. 2:3). Цӕмӕй ацы фарстытӕн хорз дзуапп радтай, уый тыххӕй хъӕуы уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг бацагурын. Библийӕ дӕ цы стихтӕ ӕрхӕссын фӕнды, уыдон ӕнӕуи ма кӕс, фӕлӕ алы стихӕн дӕр йӕ хъуыды райхал ӕмӕ дзы цавӕр хатдзӕгтӕ ис скӕнӕн, уый бамбарын кӕн (Ап. к. 17:2, 3). Ӕрмӕгӕн йӕ бирӕ дӕр хорз нӕу. Раныхас афтӕ хъӕуы саразын, ӕмӕ йӕ ӕнцонӕй куыд бахъуыды кӕной.

Раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ ма бакусын хъӕуы, куыд ӕй дзурдзынӕ, ууыл дӕр. Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ йын ӕнӕ уымӕй дӕр ницы уыдзӕн. Кус дӕ раныхасыл, дӕхицӕн ӕй хъӕрӕй дзур. Дзырдарӕхстдзинады тыххӕй алыхуызон уынаффӕтӕ цас хуыздӕр сахуыр кӕнай ӕмӕ сыл цас фылдӕр бакусай, уыйас дзурынмӕ дӕсныдӕр уыдзынӕ. Хӕрз ӕрӕджы райдыдтай раныхӕстӕ цӕттӕ кӕнын ӕви рагӕй, биноныг цӕттӕ кӕн алы хӕслӕвӕрд дӕр. Ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы уыдзӕн дӕ ныхас ахадгӕ, ӕрмӕстдӕр уӕд дзурдзынӕ, дӕ ныхасы мидисыл чи фидауы, ахӕм зӕрдӕйы уагимӕ. Скъолайы дын цавӕрфӕнды хӕслӕвӕрд ма уа, алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, уымӕн ӕй кӕй цӕттӕ кӕныс, цӕмӕй Иегъовӕйы кадджын кӕнай, цы дзурыны курдиат дын радта, уымӕй (Пс. 150:6).