Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы раныхӕстӕ ӕмбырдӕн

Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы раныхӕстӕ ӕмбырдӕн

ХУЫЦАУЫ НЫХАС хъусынгӕнджыты скъолайы программӕ афтӕ арӕзт у, ӕгас ӕмбырдӕн дӕр ахъаз куыд уа. Ӕхсызгонӕй нӕ цы хъӕуы зонын, уыдӕттыл дзырд фӕцӕуы ӕмбырды иннӕ фембӕлдты, стӕй ма конгрессты дӕр. Кӕд дын уыцы фембӕлдты программӕйы цыдӕр бацӕттӕ кӕнын бахӕс кодтой, уӕд дыл стыр хӕс ис. Апостол Павел чырыстон цӕстдарӕг Тимофейӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, ӕппынӕдзух дӕр кӕс, иннӕты куыд ахуыр кӕныс, уымӕ (1 Тим. 4:16). Чырыстон фембӕлдты чи вӕййы, уыдонӕн кӕд рӕстӕг бирӕ нӕ вӕййы, уӕддӕр ӕй ссарынц (иуӕй-иутӕ та дзы ратона кӕнынц), цӕмӕй, Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр куыд уой, уый тыххӕй исты фехъусой, исты базоной. Уӕдӕ, ӕмбырдмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн Хуыцауы Ныхас амонын, ай-гъай дӕр, стыр кад у! Цы саразӕн ис, цӕмӕй уыцы хӕс хуыздӕр ӕххӕст кӕнай?

Ахсджиаг хъуыдытӕ Библийӕ

Скъолайы ацы хайӕн йӕ астӕуцӕджындз у, къуырийы дӕргъы Библийӕ цы сӕртӕ фӕхъӕуы кӕсын, уый. Ацы хӕслӕвӕрдӕн йӕ нысан сӕйраджыдӕр у, цы бакастыстӕм, уый абон махмӕ куыд хауы, уый равдисын. Неемийы 8:8 куыд уынӕм, афтӕмӕй Ездрӕ ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон адӕмӕн кастысты Хуыцауы Ныхас, цы кастысты, уый ӕмбарын кодтой ӕмӕ «йын йӕ нысаниуӕг амыдтой». Уӕдӕ дын Библийӕ ахсджиаг хъуыдытыл ӕрныхас кӕнын куы бахӕс кӕной, уӕд уый фадат ис дӕуӕн дӕр.

Куыд цӕттӕгӕнгӕ у ацы хӕслӕвӕрд? Кӕд гӕнӕн ис, уӕд Библийы скъуыддзаг бакӕс къуыри раздӕр (уымӕй раздӕр куы уа, уӕд та ноджы хуыздӕр). Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн де ’мбырдыл ӕмӕ дзы цы фарстатӕм хъӕуы ӕркӕсын, ууыл. Кув Иегъовӕмӕ. Хуыцауы Ныхасӕй цы бакастӕ, уырдыгӕй цавӕр хъуыды кӕнӕ уынаффӕ, йе та кӕй дӕнцӕг фӕахъаз уыдзӕн уыцы фарстатӕ алыг кӕнынӕн?

Ӕнӕмӕнг дӕ бахъӕудзӕн уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг бацагурын. «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕ» компакт-дискыл кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы уагъд литературӕйы амонӕн», кӕй ӕмбарыс, ахӕм ӕвзагыл ис? Кӕд о, уӕд уыдонӕй спайда кӕн. Цы стихтӕ дӕ фӕнды равзарын, уыдон нӕ литературӕйы руаджы иртасгӕйӕ базондзынӕ, уыцы ныхӕстӕ цы уавӕрты фыст ӕрцыдысты, пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, Иегъовӕйы тыххӕй цы дзурынц ӕмӕ йӕ Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон дзы куыд ӕвзӕрст цӕуынц, уыдӕттӕ. Ӕгӕр бирӕ хъуыдытӕ райхалыныл ма архай. Уый бӕсты дӕ хъус ӕрдар дыууӕ-ӕртӕ стихмӕ. Иууыл хуыздӕр уыдзӕн, стихтӕ бирӕ куы нӕ уой, фӕлӕ сӕ хорз куы бамбарын кӕнай.

Чи зоны дӕ бахъӕуа ныхасмӕхъусджыты бафӕрсын, уыцы къуыри Библийӕ цы кастысты, уым сӕхицӕн пайдайагӕй цы федтой. Куыд сын фӕахъаз уыдзӕн, Библи иунӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕгас бинонтӕй дӕр куы ахуыр кӕной, уӕд, стӕй уацамынды, йе та ӕнӕуи царды дӕр? Иегъовӕ иугай адӕймӕгтимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмтимӕ дӕр йӕхи цы хуызӕнӕй равдыста, уый йӕ цавӕр миниуджытыл дзурӕг у? Ахӕм исты дзы базыдтой, сӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы фӕтыхджындӕр ис ӕмӕ Иегъовӕйӕн тынгдӕр аргъ кӕнын цӕй фӕрцы райдыдтой? Кӕд, куыд ӕмӕ цы ӕрцыд, уыдӕттӕ сӕйраг не сты. Сӕйрагдӕр у, цы хъуыдытӕ равзӕрстай, уыдонӕн сӕ мидис ӕмӕ сӕ царды куыд спайдагӕнӕн ис, уый.

Зондамонӕн раныхас

Ацы раныхас аразын хъӕуы, кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», кӕнӕ та «Райхъал ут!»-ӕй ист статьямӕ гӕсгӕ, йе та искӕцы чиныгӕй скъуыддзагмӕ гӕсгӕ. Фылдӕр хатт, ацы раныхасӕн цас рӕстӕг ис, уымӕй ӕрмӕг вӕййы бирӕ фылдӕр. Уӕдӕ цы кӕнгӕ у? Ды дӕ ахуыргӕнӕг, зондамонӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй, цы бакастӕ, уый дӕхи ныхӕстӕй радзурай. Хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ арӕхса «зонд амонынмӕ» (1 Тим. 3:2).

Фыццаджы-фыццагдӕр уал лӕмбынӕг ӕркӕс, раныхасӕн дын цы ӕрмӕг ис, уымӕ. Алы стих дӕр дзы бакӕс. Ӕрмӕгыл дзӕбӕх ахъуыды кӕн. Уыдӕттӕ бакӕнын хорз уаид, дӕ раныхасмӕ ма рӕстӕг фаг куы уа, уӕд. Дӕ зӕрдыл дар, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты дӕр уымӕ кӕй разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй, раныхас цы ӕрмӕджы бындурыл уыдзӕн, уый бакӕсой. Уӕдӕ дӕ хӕс уый нӕу, ӕмӕ йӕ ӕнӕуи радзурай кӕнӕ сӕйраг хъуыдытӕ цыбыртӕй зӕгъай. Ды сын хъуамӕ равдисай, ӕрмӕг уыдонмӕ куыд хауы, уый. Цы хъуыдытӕ дзы равзӕрстай, уыдон афтӕ бамбарын кӕн, ӕмӕ ӕмбырдӕн ӕцӕгдӕр ахъаз куыд фӕуой.

Дыууӕ ӕмхуызон сывӕллоны куыд нӕй, афтӕ нӕй дыууӕ ӕмхуызон ӕмбырды дӕр. Хорз хъомылгӕнӕг, фыд кӕнӕ мад, йӕ сывӕллонӕн ӕдзух, «хъуамӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ кӕнай», зӕгъгӕ, нӕ фӕдзуры. Уый йемӕ фӕкӕны ӕмбаргӕ ныхас. Уымӕй дарддӕр ахӕм ныййарӕг зоны, йӕ сывӕллон цавӕр удыхъӕды хицау у, стӕй йын зын цы у, уый дӕр. Раст афтӕ ӕмбырды мидӕг иннӕтӕн зонд чи амоны, уыдон дӕр архайынц, ӕмбырды уӕнгты цы тыхсын кӕны, уый фенын ӕмӕ йӕм сӕ ныхасы сӕ хъус ӕрдарын. Фӕлӕ ӕмбаргӕ ахуыргӕнӕг ахӕм цӕвиттон никуы ӕрхӕсдзӕн, искӕмӕ хъыг чи фӕкӕса. Уый бӕсты йӕ ныхас уыдзӕн, Иегъовӕйы фӕндагыл цӕугӕйӕ ныридӕгӕн цы бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын сты ӕмӕ, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдон аиуварс кӕнынӕн Фыстад цы хорз уынаффӕтӕ дӕтты, ууыл.

Хорз ахуыргӕнӕг уый у, ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдоны зӕрдӕ бацагайын йӕ бон кӕмӕн у. Ӕмӕ уый тыххӕй та фаг нӕу цыдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын: цӕмӕн сӕ ӕрхаста, уый дӕр хъӕуы бамбарын кӕнын. Цӕмӕй уый ахуыргӕнӕгӕн йӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнувыд уа, зонд кӕмӕн амоны, уыдоныл. Ӕмбырды «фыййӕуттӕ» хъуамӕ хорз зоной дзуджы. Кӕд ӕмӕ, «фыстӕй» чи цӕмӕй тыхсы, уый сӕ зӕрдыл дарынц, уӕд сӕ хъӕлӕсы уагӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ ӕмбарынц, сӕ зӕрдӕ сыл кӕй риссы, баххуыс сын кӕной, уый сӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ ныхас уыдзӕн ныфсы хос.

Хорз ахуыргӕнӕг зоны, алы раныхасӕн дӕр бӕлвырд-бӕрӕг нысан кӕй хъуамӕ уа. Уӕдӕ ӕрмӕг афтӕ радзурын хъӕуы, цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг уой ӕмӕ сӕры баззайой. Ныхасмӕхъусджытӕ хъуамӕ бахъуыды кӕной, сӕ цард сын ӕцӕгдӕр чи фӕивдзӕн, ахӕм хъуыдытӕ.

Хъусын кӕныны фембӕлд

«Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг»-ӕй ист статьямӕ гӕсгӕ дӕ куы хъӕуа раныхас бацӕттӕ кӕнын, уӕд гыццыл ӕндӕрхуызон хӕс ис дӕ разы. Ам дӕ бон нӕу, ӕмбырдӕн дзы ахсджиагдӕр цы хъуыдытӕ сты, уыдон ныууадзын, иннӕтӕ айсын, райхалын дзы хъӕуы алкӕцы хъуыды дӕр. Ныхасмӕхъусджытӕн баххуыс кӕн, алы уынаффӕ дӕр дзы цы стихыл ӕнцайы, ууыл ӕрныхас кӕнынӕн (Тит. 1:9). Раныхасӕн бӕлвырд рӕстӕг кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ фылдӕр хатт, статьяйы цы ис, уымӕй уӕлдай ӕндӕр хъуыдытӕ ӕрхӕссӕн нӕ вӕййы.

Гӕнӕн ис, бахӕс дын кӕной, «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» сыфтыл ӕрмӕг кӕмӕн нӕй, ахӕм раныхас дӕр. Ахӕм раныхас, чи зоны, саразын хъӕуа «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй цавӕрдӕр статьямӕ гӕсгӕ, йе та дын цыбыртӕй бацамоной, цӕй фӕдыл ӕмӕ дӕ цы зӕгъын хъӕуы, уый. Ӕмӕ уӕд, ахуыргӕнӕг уӕвгӕйӕ, дӕу уыцы ӕрмӕджы бындурыл ӕркӕсын хъӕуы, ӕмбырды цы зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъуагдзинӕдтӕ ис, уыдонмӕ. Чи зоны дӕ бахъӕуа цыбыр, фӕлӕ ахадгӕ цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссын кӕнӕ цыдӕр цау радзурын. Дӕ зӕрдыл дар, дӕ нысан уый кӕй нӕу, цӕмӕй дын цы бахӕс кодтой, уый ӕнӕуи радзурай, фӕлӕ цӕмӕй ӕмбырдӕн баххуыс кӕнай, Хуыцау нын нӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый зӕрдӕрухсӕй кӕнынӕн (Ап. к. 20:20, 21).

Дӕ хӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕнгӕйӕ хъуыды кӕн, ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй йӕ царды уавӕртӕ кӕмӕн куыд сты, ууыл. Цы аразынц, уый тыххӕй сӕ раппӕл. Равдис сын, ӕрмӕджы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй куы спайда кӕной, уӕд Хуыцауы хъуыддаджы ӕнтыстджындӕр ӕмӕ зӕрдӕрухсдӕр куыд уыдзысты, уый.

Дӕ хӕслӕвӕрды, цыдӕр куыд саразӕн ис, уый равдисын, йе та иу кӕнӕ цалдӕр адӕймагӕй интервью райсын куы хъӕуа, уӕд та куыд? Уый спълан кӕнын хъӕуы рагацау. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕм ахӕм хъуыды фӕзына, цӕй ӕндӕр искӕй бар ӕй бакӕнон, зӕгъгӕ, фӕлӕ афтӕ бакӕнгӕйӕ, хъуыддаг алыхатт бынтон хорз нӕ рауайы. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, бон раздӕр фембӕл, равдысты чи архайдзӕн, кӕнӕ интервью кӕмӕй исдзынӕ, уыдонимӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дӕр куыд уыдзӕн, уый бафӕлварут. Дӕ хӕслӕвӕрды ацы хай афтӕ равдис, ӕмбырдӕн дӕ цы зӕгъын фӕнды, уый сӕ зӕрдӕтӕм куыд бахъара.

Конгресстӕ

Чырыстон миниуджыты хорз чи сфӕлтӕрдта, дӕсны раныхасгӕнӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕг чи сси, уыдонӕн бахӕс кӕнынц конгрессы программӕйӕ кӕцыдӕр хай бацӕттӕ кӕнын. Хуыцауы Ныхас амонынӕн конгрессты уӕлдай диссаджы фадат вӕййы. Зӕгъӕм, ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнынц ӕнӕхъӕнӕй фыст кӕнӕ пъланмӕ гӕсгӕ кӕй хъӕуы радзурын, ахӕм раныхас, йе та, абон нӕ цардмӕ кӕй ис ахӕссӕн, ахӕм библион драмӕйы тыххӕй бӕлвырд разамынд кӕнӕ цалдӕр уынаффӕйы гӕххӕттыл фыстӕй. Кӕд дӕм ахӕм стыр кад ӕрхауд, уӕд дын цы ӕрмӕг радтой, уый дзӕбӕх сахуыр кӕн. Кус ыл, цалынмӕ, куыд ахсджиаг у, уый дзӕбӕх нӕ бамбарай, уӕдмӕ.

Ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхас кӕмӕн бахӕс кӕнынц, уый йӕ хъуамӕ бакӕса, фыст куыддӕриддӕр у, афтӕ. Ахӕм раныхасы хъуыдытӕ сӕ бынӕттӕй фӕивӕн кӕнӕ сӕ хи ныхӕстӕй зӕгъӕн нӕй. Ӕрмӕг хъӕуы хорз сахуыр кӕнын, цӕмӕй дзы сӕйраг хъуыдытӕ кӕцытӕ сты ӕмӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый хорз ӕмбарай. Хӕдзары йӕ хъӕрӕй кӕсын хъӕуы уыйбӕрц, цалынмӕ дзы тыхджындӕрӕй цавӕр дзырд кӕнӕ хъуыды зӕгъын хъӕуы, уый нӕ рахатай, зӕрдӕбынӕй йӕ нӕ дзурай, цалынмӕ бӕрӕг нӕ уа, куыд дзурыс, дӕхӕдӕг дӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕныс, цалынмӕ зӕрдӕ нӕ агайа ӕмӕ дзы алы ныхасы дӕр уӕз нӕ уа, цалынмӕ йӕ, бирӕ адӕмы раз ныхасгӕнгӕйӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ ма дзурай, тыхджын хъӕлӕсӕй ӕмӕ хъӕрӕй.

Кӕд ӕмӕ дын раныхасӕн ӕрмӕстдӕр пълан радтой, уӕд та йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр бацӕттӕ кӕнын хъӕуы уыцы пъланмӕ гӕсгӕ. Ӕцӕг уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕ комкоммӕ пъланӕй кӕсай, кӕнӕ дзы алы ныхас дӕр фысгӕ ныккӕнай, ӕмӕ йӕ стӕй гӕххӕттӕй бакӕсай. Радзурын ӕй хъӕуы хи ныхӕстӕй, зӕрдӕйӕ. Цӕмӕй сӕйраг хъуыдытӕ дзӕбӕх райхалай, уый тыххӕй кӕсын хъӕуы, алы сӕйраг хъуыдыйӕн дӕр пъланы цас рӕстӕг лӕвӕрд цӕуы, уымӕ. Райхалын хъӕуы, сӕйраг хъуыдытӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ стихтӕ. Ныхасы рацӕуӕгӕн уый бар нӕй, ӕмӕ пъланы цы хъуыдытӕ ис, уыдоны бӕсты ӕндӕр цыдӕртӕ дзура. Алы уынаффӕйӕн дӕр йӕ рахӕцӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы Ныхас хъуамӕ уа. Чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс уый у, цӕмӕй «хъусын кӕной дзырд» (2 Тим. 4:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ ныхасгӕнӕджы уӕлдай тынгдӕр ӕргом аздахын хъӕуы, пъланы Фыстадӕй цы бынӕттӕ амынд цӕуы, уыдонмӕ: хъӕуы сыл ӕрныхас кӕнын ӕмӕ сӕ царды мидӕг куыд спайдагӕнӕн ис, уый бамбарын кӕнын.

Сом-сом ма кӕн

Ныхасы рацӕуыны фадат арӕх кӕм вӕййы, ахӕм ӕмбырды лӕггад кӕныс? Цӕмӕй дӕ алы раныхас дӕр нывыл уа, уый тыххӕй цы кӕнгӕ у? Дӕ хӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕнын-иу къуырцдзӕвӕнмӕ ма ӕрхӕсс.

Цӕмӕй дӕ раныхас ӕмбырдӕн ӕцӕг ахъаз фӕуа, уый тыххӕй йыл хъӕуы рагацау дзӕбӕх ахъуыды кӕнын. Уӕдӕ дӕхи сахуыр кӕн алы хӕслӕвӕрды ӕрмӕг дӕр рагацау бакӕсын. Уымӕн ӕмӕ йыл уӕд дӕ бон уыдзӕн ӕндӕр хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ дӕр хъуыды кӕнын. Дӕ раныхасӕй цалдӕр боны йе та цалдӕр къуырийы раздӕр, чи зоны, ахӕм хъуыдытӕ фехъусай, ӕмӕ бамбарай, ӕрмӕгӕй хуыздӕр куыд ис спайдагӕнӕн, уый. Йе та ахӕм хабӕрттӕ ӕрцӕуа, ӕмӕ фенай, дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый адӕмы куыд тынг хъӕуы. Бӕгуыдӕр, дӕ хӕслӕвӕрд рагацау бакӕсын ӕмӕ йыл ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг хъӕуы, фӕлӕ уый фӕрцы цас рамбулдзынӕ, уый та?! Рагацау алцӕуылдӕр кӕй ахъуыды кодтай, уый дын куыд стыр ӕххуыс фӕци, уый бамбардзынӕ, пълан аразынмӕ куы ӕрӕвналай, уӕд. Иу уый, ӕмӕ дӕ хӕслӕвӕрдтӕ афтӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу не стыхсдзынӕ, иннӕмӕй та — дӕ раныхӕстӕ ӕмбырды адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ агайдзысты ӕмӕ-иу сын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты.

Иегъовӕ дын йӕ адӕмы ахуыр кӕныны хъуыддаджы цы диссаджы фадат дӕтты, уымӕн куы аргъ кӕнай, уӕд ын кад кӕндзынӕ йӕ номӕн ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдон та дӕ нымайдзысты Хуыцауы лӕварыл (Ис. 54:13; Ром. 12:6—8).