Кӕмӕн цы зӕгъын хъӕуы, уый зон
ИУӔЙ-ИУТӔ фӕдӕттынц дӕлгоммӕ фарстытӕ, ома фарст ратгӕйӕ адӕймаджы цы зӕгъын фӕфӕнды, уый ӕнцон бамбарӕн нӕ вӕййы. Фарст куыд фӕзӕгъынц, уый фарстӕн йӕхицӕй ахсджиагдӕр свӕййы.
Адӕймаджы дзуапп фехъусын тынг куы фӕнда, уӕддӕр йӕ зӕгъыныл тагъд ма кӕн. Дзӕбӕх уал ахъуыды кӕн, цы ис зӕгъӕн ӕмӕ цы нӕй, стӕй хъуыддагмӕ чердыгӕй ӕркӕсын хъӕуы, уыдӕттыл (Иоан. 16:12). Йесо йӕ апостолтӕн куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй хатт адӕймаджы базонын фӕфӕнды, уымӕ цы нӕ хауы ӕмӕ йӕ хъӕугӕ дӕр цы нӕ кӕны, ахӕм цыдӕртӕ (Ап. к. 1:6, 7).
Библи нын хорз зонд амоны: «Уӕд уӕ ныхас кӕддӕриддӕр фӕрнӕйдзаг, цӕххӕй хъӕстӕ, цӕмӕй-иу зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Кол. 4:6, НФ). Уӕдӕ цалынмӕ дзуапп раттӕм, уӕдмӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнын хъӕуы, цы зӕгъдзыстӕм, ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ ма йӕ куыд зӕгъдзыстӕм, ууыл дӕр.
Фарстраттӕг йӕхӕдӕг цы хъуыды кӕны
Иухатт саддукейты фӕндыд Йесойы къуыммӕ батӕрын, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фарстой, цалдӕр лӕджы кӕмӕн уыди, ахӕм сылгоймагӕй: куы райгас уа, уӕд йӕ хабар куыд уыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Йесо зыдта, мӕрдтӕ райгас уыдзысты, уый сӕ ӕцӕгӕй кӕй нӕ уырны. Ӕмӕ сын йӕ дзуаппӕй равдыста, ахӕм фарст ӕм уымӕн кӕй радтой, ӕмӕ раст нӕ хъуыды кӕнынц. Йесо сын ӕрхаста, дон дӕр кӕм нӕ атагъдаид, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ Фыстадӕй хорз зонгӕ цау. Афтӕмӕй сӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсын кодта, сӕхӕдӕг ыл хъуыды куыд никуы акодтой, ахӕм цӕстӕй — бӕлвырдӕй сын равдыста, Хуыцау мӕрдты ӕцӕгӕйдӕр кӕй ӕгас кӕндзӕн, уый. Ахӕм дзуапп фехъусгӕйӕ йӕ ныхмӕлӕуджытӕн сӕ бон ницыуал зӕгъын уыди, ӕмӕ ма йӕ дарддӕр истӕмӕй бафарстаиккой, уымӕ сӕ ныфс нал хастой (Лук. 20:27—40).
Цӕмӕй, цы зӕгъын хъӕуы, уый зонай, уый тыххӕй дӕу дӕр хъӕуы, адӕймаг йӕхӕдӕг цы хъуыды кӕны ӕмӕ йӕ цы базонын фӕнды, уый ӕмбарын. Зӕгъӕм дӕ скъолайы кӕнӕ куысты де ’мбӕлттӕй исчи фӕрсы, Ног аз цӕуылнӕ бӕрӕг кӕныс, зӕгъгӕ. Цӕмӕн дӕм дӕтты ахӕм фарст? Ӕцӕгдӕр ӕй фӕнды, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, уый базонын ӕви йӕ ӕнӕуи цымыдис кӕны, хъазтизӕртӕм цӕуӕн дын ис ӕви нӕ? Цӕмӕй уыдӕттӕ базонай, уый тыххӕй йӕ комкоммӕ бафӕрс, цӕмӕн дӕм дӕтты ахӕм фарст. Ӕмӕ дын цы зӕгъа, уымӕ гӕсгӕ йын ратт дзуапп дӕр. Стӕй дӕ иугӕр
адӕймаг йӕхӕдӕг фӕрсы, уӕд дын ис диссаджы фадат, цӕмӕй йын бамбарын кӕнай, Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы, бӕрӕгбӕтты адӕм цы ӕнӕхъуаджы маст ӕмӕ фыдӕбоны хай фӕвӕййынц, уымӕй сӕрибар кӕй стӕм.Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕм бахатой, цӕмӕй, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй радзурай. Дӕ раныхасы фӕстӕ дӕ, чи зоны, истӕмӕйты фӕрсой. Бӕлвырд, ӕнӕхин фарстытӕн иууыл хуыздӕр уыдзӕн дзуапп дӕр бӕлвырд ӕмӕ хуымӕтӕгӕй раттын. Кӕд ӕмӕ уыныс, фарст чи радта, уый Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй раст нӕ хъуыды кӕны, уӕд уал раздӕр хорз уаид, адӕмӕй бирӕтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, стӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библимӕ гӕсгӕ цӕмӕн цӕрынц, уый бамбарын кӕнын. Ӕрмӕст сӕм знаджы цӕстӕй ма кӕс, куыд мӕ фелхыскъ кӕной, уый агурынц, зӕгъгӕ (кӕд сӕ ныхасы уаг растдӕр ахӕм вӕййы, уӕддӕр). Фӕлтау афтӕ хъуыды кӕн: уымӕн мӕ фӕрсынц, ӕмӕ сӕ цыдӕр базонын фӕнды. Ахӕм цӕстӕй сӕм куы кӕсай, уӕд сын хуыздӕр баххуыс кӕндзынӕ, хъуыддаг ӕцӕгӕй куыд у, уый фенынӕн: бамбарын сын кӕндзынӕ, ӕцӕгӕй чи стӕм ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй Библи цы дзуры.
Зӕгъӕм, куыстӕй дӕ конгресмӕ нӕ уадзынц, уӕд та цы зӕгъис хицауӕн? Фыццаджыдӕр уал дӕхи йӕ бынаты сӕвӕр ӕмӕ уый цӕстӕй ӕркӕс хъуыддагмӕ. Зӕгъгӕ йын загътай, цы фӕцух кӕнон, уый ӕндӕр рӕстӕг бакусдзынӕн? Кӕнӕ йын куы бамбарын кӕнай, конгрессты цӕуыл ахуыр кӕныс, уый фӕрцы кӕй дӕ ӕнӕзӕрдӕхудт, ӕууӕнкджын кусӕг, уӕд йӕ хъуыды нӕ фӕивдзӕн? Ӕрмӕст дӕхи мӕт кӕй нӕ кӕныс, фӕлӕ ууыл дӕр кӕй хъуыды кӕныс, уый куы фена, уӕд, чи зоны, йӕхӕдӕг дӕр дӕ уавӕры бацӕуа, ӕмӕ дын царды афтӕ ахсджиаг цы у, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма ракӕса. Фӕлӕ дӕ, раст цы нӕу, ахӕм цыдӕр саразын куы дома, уӕд та куыд? Иуӕй йын комкоммӕ ис зӕгъӕн, дӕ бон кӕй нӕу уый бакӕнын, уымӕн ӕмӕ Библи афтӕ ӕмӕ афтӕ дзуры. Фӕлӕ хуыздӕр нӕ уаид, фыццаг уал ын куы зӕгъис, зӕгъгӕ, ахъуыды ма кӕн, абон дӕ бардзырдӕй чи сайы ӕмӕ дӕуӕн чи давы, уый дын райсом дӕхи нӕ асайдзӕн ӕмӕ дӕуӕй нӕ адавдзӕн?
Кӕд скъолайы ахуыр кӕныс ӕмӕ дӕ, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгты архайын нӕ фӕнды, уӕд та? Дӕ зӕрдыл дар, ахуыргӕнджытӕй алкӕй кӕй нӕ уырны, ды цӕуыл ӕууӕндыс, уый, ӕмӕ сӕ хӕс кӕй у, къласы алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл куыд уа, уымӕ кӕсын. Уӕдӕ дӕу хъӕуы: 1) йӕ мӕт цӕуыл у, уый бамбарын, 2) куыд хъуыды кӕныс, уый Пс. 36:30; Ӕмб. 15:28). Кӕд нырма гыццыл дӕ ӕмӕ цы зӕгъай, уый нӕ зоныс, уӕд дын ӕй дӕ фыд кӕнӕ дӕ мад бацамондзысты.
йын уӕзданӕй бамбарын кӕнын ӕмӕ 3) Иегъовӕйы цӕсты раст цы у, ууыл фидар лӕууын. Цӕмӕй дӕ уавӕры бацӕуа, уый тыххӕй, чи зоны, фаг нӕ уа, цӕуыл ӕууӕндыс, уый йын комкоммӕ, дыууӕ ныхасӕй зӕгъын (Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ хицӕуттӕй чидӕр нӕ ныхмӕ ӕнаххосӕй фӕдзуры, ӕмӕ дӕ уӕд хъӕудзӕн, хъуыддаг ӕцӕгӕй куыд у, уый бамбарын кӕнын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ милицӕйы кӕнӕ хицауады кусӕг, йе та тӕрхонгӕнӕг, фӕрса, ахӕм ӕмӕ ахӕм закъон ӕххӕст кӕныс, ӕхсӕнады хъуыддӕгты архайыс ӕви нӕ, кӕнӕ цы хъуыды кӕныс, райгуырӕн бӕстӕйы сӕрхъуызойтӕ кӕм фӕархайынц, уыцы бӕрӕгбӕтты тыххӕй та. Куыд дзурын хъӕуы ахӕм уавӕрты? «Фӕлмасӕй ӕмӕ уӕзданӕй». Ахӕм у Библийы уынаффӕ (1 Пет. 3:15, НФ). Ахъуыды кӕн, уыцы фарстытӕ сӕ цӕмӕн тыхсын кӕнынц, ууыл дӕр ӕмӕ сын зӕгъ, кӕй сӕ ӕмбарыс, сӕ ныхасӕн сын кӕй аргъ кӕныс. Цы кӕнгӕ у дарддӕр? Иухатт апостол Павел загъта, Ромы закъонмӕ гӕсгӕ йын бӕлвырд бартӕ кӕй уыди, уый тыххӕй, ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у, цы бартӕ дын ис, уыдон тыххӕй зӕгъын (Ап. к. 22:25—29). Чи зоны сын, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕнӕ абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дунейы ӕндӕр бӕстӕты куыд дарынц сӕхи, уый тыххӕй куы радзурай, уӕд бамбарой, иунӕг ды кӕй нӕ хъуыды кӕныс афтӕ. Кӕнӕ сын зӕгъӕн ис уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ, йӕхи Хуыцауы бар чи бакодта, уыдон адӕймаджы ӕвӕрд закъӕтты коммӕ дӕр ӕнӕзивӕгӕй кӕй кӕсынц (Хуыцауы цӕсты раст уӕнт, ӕндӕр) (Ром. 13:1—14). Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс, уый ахӕм хуызы куы бамбарын кӕнай, уӕд дын, чи зоны, дӕ цӕстӕнгасӕн дӕр стырдӕр аргъ скӕной.
Фарстраттӕг Библимӕ цы цӕстӕй кӕсы
Адӕймагӕн цавӕр дзуапп раттай, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар, Сыгъдӕг Фыстадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый дӕр. Афтӕ бакодта Йесо, саддукейтӕ йӕ мӕрдты райгасы хабарӕй куы фарстой, уӕд. Йесо зыдта, уыдон ӕрмӕстдӕр Моисейы фыст чингуытыл (Фыстады фыццаг фондз чиныгыл) кӕй ӕууӕндыдысты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ уырдыгӕй ӕрхаста иу цау. Йӕ ныхас та райдыдта афтӕ: «Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый Моисей дӕр равдыста» (Лук. 20:37). Уӕдӕ ды дӕр адӕймагӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсс, Библийӕ кӕцы хайыл ӕууӕнды ӕмӕ дзы кӕцы хайимӕ у зонгӕ, уырдыгӕй.
Дӕ ныхасӕмбал Библийыл бынтондӕр куы нӕ ӕууӕнда, уӕд та? Ӕркӕс ма, Куыстыты 17:22—31 цы фыст ис, уымӕ. Уым дзырд цӕуы, апостол Павел Ареопаджы йӕ ныхас куыд сарӕзта, ууыл. Павел адӕмӕн ӕмбарын кодта, Фыстад цы дзуры, уый, ӕрмӕст сын ӕй комкоммӕ Библийӕ нӕ дзырдта. Кӕм хъӕуа, уым ды дӕр афтӕ кӕн. Иуӕй-иу рӕтты цӕмӕй адӕймагӕн Библийӕ исты бакӕсай, уый тыххӕй уал йемӕ фӕхъӕуы цалдӕр хатты фембӕлын ӕмӕ йӕ ӕнӕуи ныхасӕй бацӕттӕ кӕнын. Стӕй йын цыдӕр комкоммӕ Библийӕ куы кӕсай, уӕд дӕр ын цӕхгӕр ма зӕгъ, ай Хуыцауы Ныхас у, зӕгъгӕ. Фӕлтау уал ын цалдӕр хъуыдыйы зӕгъ, алы адӕймаджы дӕр цӕмӕн хъӕуы Библимӕ йӕ хъус ӕрдарын, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ нысан уый у, цӕмӕй адӕймаг базона, Хуыцауы фӕнд цӕй мидӕг ис, ӕмӕ уый тыххӕй Библийы йӕхӕдӕг бакӕса. Нӕхи ныхӕстӕй цыфӕнды ма зӕгъӕм, уӕддӕр адӕймаджы зӕрдӕ Библи куыд бацагайа, афтӕ йӕ ницы бацагайдзӕн (Дзут. 4:12).
«Кӕддӕриддӕр фӕрнӕйдзаг»
Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм Библи сиды, цӕмӕй сӕ ныхас «кӕддӕриддӕр [уа] фӕрнӕйдзаг, цӕххӕй хъӕстӕ». Уӕвгӕ, уымӕн ӕндӕр хуызы уӕвӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр адӕммӕ у хӕларзӕрдӕ (Кол. 4:6, НФ; Рац. 34:6). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ ныхас хъуамӕ уа фӕлмӕн, суанг нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ адӕймагмӕ нӕ хорз ныхас нӕ хъары, уӕддӕр. Хъуамӕ нӕ ныхас алкӕддӕр хӕсса фарн, дӕрзӕг ӕмӕ нӕ ӕнӕхъола ныхас хъуамӕ макуы сирвӕза.
Бирӕтӕн сӕ цард у тыхст ӕмӕ фыдӕбойнаг, схуыст ныхас йедтӕмӕ ницы хъусынц. Ӕмӕ ахӕм адӕмыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ немӕ дӕрзӕг ныхас кӕной. Ахӕм уавӕры куыд кӕндзыстӕм? «Фӕлмӕн ныхас маст сафы»,— дзуры Библи. Сабыр ныхас арӕх ӕрфӕлмӕн кӕны, бынтон ныхмӕ чи у, ахӕм адӕймаджы зӕрдӕ дӕр (Ӕмб. 15:1; 25:15). Царды мидӕг схуыст ӕмӕ рӕхуыст ныхас йедтӕмӕ чи ницы хъусы, ахӕм адӕймӕгтӕн нӕ фӕлмӕн ныхас ӕмӕ нӕ хӕларзӕрдӕ ахаст, гӕнӕн ис, сӕ зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайа, ӕмӕ хорз хабармӕ байхъусой.
Ӕцӕгад кӕй нӕ хъӕуы, уыдонимӕ та тыхныхас нӕ кӕндзыстӕм. Мах ахӕм адӕймӕгты агурӕм, Фыстадӕй истӕуыл кӕимӕ уа аныхас кӕнӕн. Уӕдӕ цыфӕнды уавӕры бахаугӕйӕ дӕр хъуамӕ нӕхицӕн хӕсыл нымайӕм, Хуыцау нын зӕрдӕ цы диссаджы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдоныл зӕрдӕхӕларӕй ӕмӕ фидарӕй дзурын (1 Фес. 1:5).
Адӕймагӕн йӕхи лыггӕнинаг фарстатӕ
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, ахӕм адӕймаг кӕнӕ та дӕ не ’муырнджытӕй исчи куы бафӕрса, ахӕм ӕмӕ ахӕм уавӕры бахаудтӕн, ӕмӕ цы бакӕнон, зӕгъгӕ, уӕд ын цы зӕгъдзынӕ? Чи зоны, йӕ бынаты ды куыд бакӕнис, уый зоныс. Фӕлӕ алы адӕймаг дӕр, царды мидӕг цы ӕмӕ куыд аразы, уый тыххӕй дзуапп йӕхӕдӕг дӕтты (Гал. 6:5). Апостол Павелы фӕндыд, цӕмӕй, кӕм хъусын кодта, уым адӕм «уырниадӕн уисӕн кодтаиккой» (Ром. 14:25, НФ). Уӕдӕ мах дӕр Павелы бафӕзмӕм. Адӕймаг цы аразы, уый, йемӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый кӕнӕ ӕндӕр искӕй зӕрдӕ балхӕнынӕн куы араза, уӕд сӕйраджыдӕр лӕггад кӕны адӕмӕн; ахӕм адӕймаг нӕ цӕры уырнындзинадмӕ гӕсгӕ (Гал. 1:10). Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд адӕймагӕн йӕ фарстӕн комкоммӕ дзуапп ратгӕйӕ, зиан цы ракӕнай, ӕндӕр ӕххуыс нӕ бакӕндзынӕ.
Уӕдӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй Библи куыд зӕгъы, афтӕ бакӕнай? Йӕ хъус ын ӕрдар, Библийы цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дӕнцӕгтӕ ис, уыдонӕй искӕцымӕ. Йе та йын йӕхицӕн бацамон, ахӕм уагӕвӕрд кӕнӕ дӕнцӕг нӕ литературӕйы куыд ис ссарӕн, уый. Уӕ бон у, уыцы уагӕвӕрд кӕнӕ дӕнцӕгыл иумӕ дӕр аныхас кӕнат, ӕрмӕст йӕ уавӕрмӕ куыд хауы, уый тыххӕй мацы зӕгъ. Фӕлӕ йын уый фӕстӕ йӕхи бафӕрс, раст бакӕнынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн, ахӕмӕй дзы исты ссардтай, зӕгъгӕ. Зӕгъ ын, цӕмӕй ноджыдӕр ахъуыды кӕна, уыцы уагӕвӕрд кӕнӕ дӕнцӕг ын куыд фӕахъаз уыдзӕн, Иегъовӕйы цӕсты раст куыд у, афтӕ бакӕнынӕн. Афтӕмӕй уый ахуыр кӕндзӕн «хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад иртасын» (Дзут. 5:14, НФ).
Ӕмбырды фембӕлдты дзуапп дӕттын
Нӕ чырыстон фембӕлдты нын арӕх вӕййы, Хуыцау нӕ кӕй уырны, уый равдисыны фадат. Зӕгъӕм, фарстытӕн дзуапп куы фӕдӕттӕм, уӕд. Куыд хъӕуы дзуапп дӕттын? Мах хъуамӕ фӕнда Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнын, цӕй диссаджы Хуыцау у, уый тыххӕй дзурын. Афтӕ кодта псаломзарӕггӕнӕг Давид «ӕмбырдты» (Пс. 25:12). Нӕ дзуаппытӕй хъуамӕ не ’муырнджытӕн дӕр сӕ тыхыл тых ӕфтауӕм. Апостол Павел нын куыд фӕдзӕхсы, афтӕ сӕ хъуамӕ «уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» разӕнгард кӕнӕм (Дзут. 10:23—25). Ӕмӕ нын уый та хуыздӕр уайдзӕн, фембӕлдтӕм куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд.
Куы дӕ бафӕрсой, уӕд дӕ хъуыды зӕгъ дыууӕ ныхасӕй, хуымӕтӕгӕй ӕмӕ бӕлвырд. Абзацы цы хъуыдытӕ ис, уыдон се ’ппӕт нӕ хъӕуы дзурын; ӕрмӕстдӕр дзы иу цӕмӕдӕр ӕрдар дӕ хъус. Уӕд ма иннӕтӕн дӕр сӕ бон цыдӕр зӕгъын уыдзӕн. Дӕ дзуаппӕн иууыл стырдӕр аргъ та уӕд уыдзӕн, ӕмӕ, статьяйы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдонӕй искӕцы куы бамбарын кӕнай. Зӕгъгӕ, стих ӕмбарын кӕныс, уӕд дӕ хъус ӕрдар, ӕрмӕгмӕ дзы кӕцы хай хауы, уымӕ. Комкоммӕ журналӕй ма кӕс дзуапп, фӕлӕ ахуыр кӕн дӕхи ныхӕстӕй дзуапп дӕттын. Дӕ дзуапп бынтон зӕрдӕзӕгъгӕ куы нӕ рауайа, уӕд дӕр-иу ма стыхс. Иунӕг дӕуӕн нӕ рауайы афтӕ.
Уӕдӕ, кӕмӕн цы ӕмӕ куыд зӕгъын хъӕуы, уый зонын ӕмӕ фарстӕн дзуапп зонын иу не сты. Хъуамӕ кӕддӕриддӕр уай арфуынӕг. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, дӕ ныхас зӕрдӕйӕ куы цӕуа ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдоны зӕрдӕ куы агайа, уый цасы аргъ уыдзӕн! (Ӕмб. 15:23).