Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 УРОК

Кӕм цавӕр дзырд фидауы

Кӕм цавӕр дзырд фидауы

НЫХАС у кӕрӕдзийы бамбарынӕн иууыл хуыздӕр мадзал. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ ныхас йӕ нысаныл ӕмбӕла, уый тыххӕй алы дзырдӕн дӕр зонын хъӕуы йӕ бынат. Уыцы иу дзырд кӕмдӕр афтӕ сфидауы, ӕмӕ диссаг, кӕмдӕр та — ныхас ӕнадгӕнӕг. Цыргъзонд ныхас, кӕм нӕ хъӕуы, уым куы зӕгъай, уӕд дзы рауайдзӕн «рӕхуыст ныхас». Арӕх ахӕм ныхас адӕймагӕй йе ’нӕрхъуыдыйӕ сирвӕзы — кӕмӕндӕр йӕ зӕрдӕ скъахдзӕн, ууыл та хъуыды дӕр нӕ акӕны. Ӕвзаджы мидӕг ис бирӕнысанон дзырдтӕ дӕр, ӕмӕ дзы иу нысаниуӕг вӕййы кӕнӕ ӕлгъыст, кӕнӕ ӕфхӕрд (Ӕмб. 12:18; 15:1). Фӕлӕ ис «хорз ныхӕстӕ» дӕр — адӕймаджы зӕрдӕйӕн стыр цины хос чи у, базыртӕ йыл чи басадзы, ахӕмтӕ (Ӕмб. 12:25). Адӕймаг цыфӕнды зондджын, цыфӕнды ӕмбаргӕ ма уа,— кӕм цавӕр дзырд зӕгъа, ууыл ахъуыды кӕнын фӕхъӕуы алкӕйдӕр. Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Соломон хорз ӕмбӕрста, «аив дзырдтӕ» ӕмӕ «ӕцӕгады раст дзырдтӕ» агурын кӕй хъӕуы (Еккл. 12:10).

Бирӕ ӕвзӕгты хъуыддаг афтӕ у, ӕмӕ дӕ карӕн кӕнӕ дӕхицӕй кӕстӕрӕн цы зӕгъай, уый нӕй зӕгъӕн дӕхицӕй хистӕрӕн, йе та хицауӕн. Ӕмӕ адӕймаг уыдӕттыл куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд уый дзурӕг уыдзӕн йе ’нӕгъдаудзинадыл. Аив нӕу, искӕмӕн кад скӕнынӕн кӕй фӕзӕгъынц, ахӕм нӕмттӕй дӕхи куы хонай. Иннӕтӕн кад кӕныны фӕдыл Библи цы дзуры, уый бынӕттон ӕгъдау ӕмӕ закъӕттӕй дӕр уӕлдӕр у. Цӕвиттон, Библи чырыстӕттӕм сиды, зӕгъгӕ, «кад кӕнут ӕппӕтӕн дӕр» (1 Пет. 2:17). Ацы фӕдзӕхст йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕн сӕ ныхас цыфӕнды кары адӕмимӕ дӕр вӕййы уӕздан.

Цы йыл дзурӕм, ӕцӕг чырыстон чи нӕу, уыдонӕй бирӕтӕ схуыст, ӕнӕфсарм ныхас кӕнын ахуыр сты. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ фыддзых куы уой, уӕд сӕ ныхасы стырдӕр уӕз уыдзӕн. Йе та адӕймаг ахӕм ныхас фӕкӕны, йӕ дзырдты къӕбиц тынг мӕгуыр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ ахӕм адӕймаг Иегъовӕйы фӕндагыл куы слӕууы, уӕд ын йӕ раздӕры ӕвзаг ферох кӕнын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис. Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕххуысӕй цавӕрфӕнды ныхасы уаг дӕр ис фӕивӕн. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ архайа, хъуамӕ йе ’взаг хъӕздыг кӕна хорз ныхӕстӕй — ныфсдӕттӕг ӕмӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон ныхӕстӕй — ӕмӕ стӕй уыцы ныхӕстӕй пайда кӕна йӕ ныхасы (Ром. 12:12; Еф. 4:29; Кол. 3:8).

Ӕнцонӕмбарӕн ӕвзаг. Хорз ныхас фыццаджыдӕр у ӕнцонӕмбарӕн ныхас (1 Кор. 14:9). Цы дзырдтӕй пайда кӕныс, уыдон дӕ ныхасмӕхъусджытӕ ӕнцонӕй куы нӕ ӕмбарой, уӕд сӕм афтӕ кӕсдзӕн, цыма фӕсарӕйнаг ӕвзагыл дзурыс.

Ӕвзаджы мидӕг кӕцыдӕр дзырдтӕн ис сӕхи бӕлвырд нысаниуӕг ӕмӕ ӕмбӕрст вӕййынц ӕрмӕстдӕр цавӕрдӕр хъуыддаджы лӕуд адӕмӕн. Пайда сӕ кӕнынц ӕрвылбон дӕр. Фӕлӕ ахӕм дзырдтӕй, кӕм нӕ хъӕуы, уым куы спайда кӕнай, уӕд дӕ адӕм нӕ бамбардзысты. Уӕвгӕ, хӕрз хуымӕтӕг ӕвзагӕй дзургӕйӕ дӕр ӕнӕхъӕугӕ лыстӕг хъуыддӕгтӕ дӕрдтыл куы ӕмбарын кӕнай, уӕд сӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕлтӕ уыдзысты.

Адӕмыл чи хъуыды кӕны, ахӕм ныхасгӕнӕг пайда кӕндзӕн, дыууӕ къласы чи фӕци каст, уый дӕр кӕй ӕмбары, ахӕм ныхӕстӕй. Иегъовӕйау уымӕй дӕр рох нӕ уыдзӕн «хуымӕтӕг адӕймаг» (Иов 34:19). Ныхасгӕнӕджы ӕнӕзонгӕ дзырдӕй спайда кӕнын куы бахъӕуа, уӕд та йӕ хъуыды афтӕ хуымӕтӕгӕй хъуамӕ зӕгъа, ӕмӕ ӕнӕзонгӕ дзырды нысаниуӕг хъуыдыйадӕй куыд уа бӕрӕг.

Хуымӕтӕг ныхас йӕ бынаты куы уа, уӕд дзы ис стыр уӕз. Адӕймаг хуыздӕр ӕмбары цыбыр хъуыдыйӕдтӕ ӕмӕ хуымӕтӕг дзырдбӕстытӕ. Ӕцӕг, цӕмӕй ныхас гӕлиртӕ ма рауайа, уый тыххӕй хатт цыбыр хъуыдыйӕдты ’хсӕн фӕкӕнын хъӕуы даргъ хъуыдыйӕдтӕ дӕр. Фӕлӕ дӕ адӕмы зонды цы хъуыдытӕ ныффидар кӕнын фӕнда, уыдон хуыздӕр уыдзӕн хуымӕтӕг, цыбыр хъуыдыйӕдтӕй зӕгъын.

Хъӕздыг ӕвзаг ӕмӕ рӕстдзӕвин ныхас. Цас ӕмӕ цас дзӕбӕх дзырдтӕ ис ӕвзаджы мидӕг! Уӕдӕ, алыран уыцы иу ихсыд ныхӕстӕй ма пайда кӕн. Агур алы уавӕрӕн дӕр йӕхи дзырдтӕ, ӕмӕ уӕд дӕ ныхас уыдзӕн хъӕздыг ӕмӕ нуарджын. Куыд у дӕ бон дӕ ныхас фӕхъӕздыгдӕр кӕнын?

Исты куы фӕкӕсыс, уӕд-иу дзы фӕнысан кӕн, сӕ хъуыды дзӕбӕх кӕмӕн не ’мбарыс, уыцы дзырдтӕ ӕмӕ-иу сӕ стӕй фен дзырдуаты (кӕд де ’взагыл ахӕм дзырдуат ис, уӕд). Уыцы ӕнӕзонгӕ дзырдтӕй цалдӕр равзар, ӕмӕ дын куыддӕр гӕнӕн фӕуа, афтӕ сӕ спайда кӕн. Раст сӕ дзур, ӕмӕ сӕ пайда кӕн, кӕм фидауынц, ӕвзаджы мидӕг сӕ кӕм пайда кӕнынц, уым,— уӕд сӕ алчидӕр ӕмбардзӕн ӕмӕ афтӕ нӕ рауайдзӕн, адӕймаг дӕ ӕнӕуи цыдӕр ног дзырд фехъуыста, ӕндӕр ницы. Цас фылдӕр дзырдтӕ уа дӕ «къӕбицы», уыйас де ’взаг уыдзӕн хъӕздыгдӕр. Ӕрмӕст алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: адӕймаг дзырдтӕ раст куы нӕ дзура кӕнӕ сӕ кӕм нӕ хъӕуа, уым куы пайда кӕна, уӕд адӕммӕ афтӕ кӕсдзӕн, цыма цы дзуры, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбары.

Фылдӕр ног дзырдтӕ базонынмӕ уымӕн нӕ тырнӕм, ӕмӕ нӕ ныхасмӕхъусджыты дисы бафтауӕм кӕнӕ сын нӕхи бауарзын кӕнӕм, фӕлӕ цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ зӕгъын нӕ бон хуыздӕр уа. Адӕймаг зынӕмбарӕн ныхас куы фӕкӕны ӕмӕ вазыгджын дзырдтӕй куы фӕпайда кӕны, уӕд ныхасмӕхъусджыты ӕргом фездахы йӕхимӕ. Мах та фӕнды, адӕмы ӕхсызгонӕй цы хъӕуы, уый сын афтӕ радзурын, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ куыд бацагайа. Ӕрхъуыды ма кӕн, Библийы иу ӕмбисонд куыд зӕгъы: «Зондджын адӕймаг цы зоны, уымӕй архайы хорз ракӕныныл» (Ӕмб. 15:2). Зӕрдӕйӕн адджын, рӕстдзӕвин ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн дзырдтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд нӕ ныхас адӕмыл ӕрхӕндӕг не ’фтаудзӕн, фӕлӕ сын агайдзӕн сӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ ӕмӕ сын уыдзӕн ӕвдадзы хосау.

Ӕвзаджы ӕвӕрӕнтимӕ зонгӕ кӕнгӕйӕ дӕ хъус дар, кӕцы дзырд кӕм ис зӕгъӕн, уымӕ. Дыууӕ дзырдӕн, гӕнӕн ис, сӕ нысаниуӕг иу уа, фӕлӕ хицӕн кӕной, кӕм сӕ ис спайдагӕнӕн, уымӕй. Уый дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд дӕ ныхас уыдзӕн рӕстдзӕвиндӕр ӕмӕ-иу дӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕхудты дӕр нӕ бацӕудзынӕ. Дӕ хъус дар, рӕсугъд чи дзуры, уыдонмӕ. Хатт дзырдуӕтты лӕвӕрд вӕййынц дзырдӕн йӕ синонимтӕ дӕр (ома сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ хӕстӕг, фӕлӕ гыццыл ӕндӕрхуызон дзырдтӕ) ӕмӕ йӕ антонимтӕ дӕр (ома сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ ныхмӕвӕрд дзырдтӕ). Ды фендзынӕ, уыцы иу хъуыды зӕгъӕн кӕй ис ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ныхӕстӕй, ӕмӕ афтӕмӕй хъуыдыйы алыхуызон фӕзилӕнтӕ радӕттын. Уый дын стыр ӕххуыс уыдзӕн, хъуыды ирдӕй радӕттынӕн иунӕг раст дзырд куы агурай, уӕд. Дӕ ныхасы дӕ цавӕрдӕр ног дзырдӕй спайда кӕнын куы фӕнда, уӕд уал-иу раздӕр бӕлвырд базон, цы амоны, куыд дзургӕ у ӕмӕ дзы кӕм ис спайдагӕнӕн.

Иумӕйаг ныхӕсты бӕсты, бӕлвырдӕй цы ӕмӕ куыд уыди, уый куы дзурай, уӕд ӕй адӕмӕн ӕнцон уыдзӕн сӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Зӕгъӕм, ныхасы рацӕуӕг загъта: «Уӕд бирӕтӕ фӕрынчын сты». Фӕлӕ афтӕ куы зӕгъа: «Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ цалдӕр мӕйы мидӕг испайнаг гриппӕй амард 21 милуан адӕймаджы», уӕд та? Уый ӕндӕр хъуыддаг у! Фӕстаг хъуыдыйады ныхасгӕнӕг бӕлвырд бамбарын кодта, кӕд уыди уыцы «уӕд», бӕлвырдӕй цас уыдысты уыцы «бирӕтӕ» ӕмӕ кӕй «фӕрынчын сты», уый куыд ӕмбарын хъӕуы. Цӕмӕй афтӕ арӕхсай дзурынмӕ, уый тыххӕй дӕ хъӕуы, дӕ ныхас цӕуыл у, уый фӕдыл хабӕрттӕ зонын ӕмӕ алы дзырдӕй дӕр, кӕм фидауы, уым пайда кӕнын.

Рӕстдзӕвин ныхас куы кӕнай, уӕд дӕ ӕгӕр бирӕ дзырдтӕ дзурын нӕ хъӕудзӕн. Бирӕ дзырдтӕй хъуыды аууоны аззайы. Хуымӕтӕг, цыбыр ныхасӕй та ахсджиаг хъуыдытӕ вӕййынц ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ ӕнцон бахъуыдыгӕнӕн. Хуымӕтӕг ныхас у бӕлвырд ӕмӕ рӕстдзӕвин. Йесо Чырысти куыд хуымӕтӕг ныхас кодта, афтӕ ничи. Уӕдӕ Йесойы дӕнцӕг дӕхицӕн зондӕн райс. (Цӕвиттонӕн бакӕс Матфейы 5:3—12 ӕмӕ Маркы 10:17—21.) Дӕ хъуыды куыд растдӕр ӕмӕ бӕлвырддӕр равдисай, ӕппынӕдзух ууыл архай.

Ныхас нуарджын, зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ цардӕгас чи кӕны, ахӕм дзырдтӕ. Де ’взаджы ӕвӕрӕнтӕ фылдӕр кӕнгӕйӕ айдагъ ног дзырдтыл ма хъуыды кӕн — стыр тых кӕм ис, ахӕм дзырдтӕ агур. Дӕ хъус дар, тыхджын мивдисджытӕ, хуызӕвдисӕг миногонтӕ, зӕрдӕйы хъарм ӕмӕ хӕлар ахаст ӕвдисӕг дзырдтӕ ӕмӕ, ахсджиаг хъуыддагыл дзургӕйӕ зӕгъын кӕй ӕмбӕлы, уӕз кӕм ис, ахӕм дзырдтӕм.

Ахӕм нывӕфтыд ӕвзагӕй нын дзуры Библи бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй. Цӕвиттон, мӕнӕ цы зӕгъы Иегъовӕ пехуымпар Амосы дзыхӕй: «Агурут хорздзинад, ӕвзӕрдзинад нӕ, фӕлӕ... Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорздзинад та уарзут» (Амос 5:14, 15). Пехуымпар Самуил та паддзах Саулӕн загъта: «Абон Иегъовӕ дӕуӕй байста Израилыл паддзахдзинады бартӕ» (1 Пад. 15:28). Зӕрдӕйы хизынц ӕмӕ сын ферохгӕнӕн нӕй, Иегъовӕ Иезекилӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ дӕр: «Израилы хӕдзарвӕндаг иууылдӕр сты фыдзонд ӕмӕ дурзӕрдӕ» (Иез. 3:7). Ӕркӕс ма, Израилы адӕм куыд стыр тӕригъӕд ракодтой, уый равдисынӕн Иегъовӕ цы фарст дӕтты: «Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕххон лӕг Хуыцауы стигъа? Фӕлӕ мӕ сымах стигъут» (Мал. 3:8). Науӕд, Вавилоны зӕххыл Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго цы фыдӕвзарӕны бахаудтой, уый Данел цы нуарджын дзырдтӕй ӕвдисы, уый та! Паддзах Навуходоносоры арӕзт гуымирцыртӕн куы нӕ бакуывтой, уӕд сӕм «афтӕ сцырын мастӕй», ӕмӕ бардзырд радта, сбӕттут сӕ ӕмӕ сӕ «судзгӕ пиллондоны ныппарут», зӕгъгӕ. Пец куыд тӕвд уыди, уый хуыздӕр радӕттынӕн Данел фыссы, зӕгъгӕ, паддзах йӕ адӕмӕн «пиллондон, ӕнӕуи ӕгъдауӕй, авд хатты тыхджындӕр сцӕхӕр кӕнын кодта». Пец афтӕ сзынг, ӕмӕ йӕм паддзахы ӕххуырстытӕ хӕстӕг куы бацыдысты, уӕд арты амӕттаг фесты (Дан. 3:19—22). Йесо йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны раздӕр Иерусалимы цӕрджытимӕ куы ныхас кодта, уӕд уынгӕгзӕрдӕйӕ загъта: «Цал хатты Мӕ фӕндыд дӕ сывӕллӕтты ӕрӕмбырд кӕнын, куыд маргъ йӕ цъиуты ӕрӕмбырд кӕны [йӕ] базырты бын, ӕмӕ сымах нӕ бафӕндыд! Мӕнӕ ныр уагъд цӕуы сымахӕн уӕ хӕдзар афтидӕй» (Матф. 23:37, 38).

Рӕстдзӕвин ныхас фехъусгӕйӕ адӕймаджы раз сысты удӕгас нывтӕ. Адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕ чи хъал кӕны, ахӕм дзырдтӕй куы пайда кӕнай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕ, цӕуыл дзурыс, уый «цӕстӕй уындзысты» ӕмӕ йӕ «уырзӕй сгардзысты», цы хӕринӕгты кой кӕныс, уыдоны тӕф сыл «кӕлдзӕн» ӕмӕ сӕ «аходдзысты», «сӕ хъусты зӕлдзӕн» уынӕртӕ ӕмӕ, цы адӕмы кой кӕныс, уыдоны ныхӕстӕ. Ӕмӕ дӕм уӕд хъусынӕй не ’фсӕддзысты, уымӕн ӕмӕ, цы хабӕрттыл дзурыс, уыдон сӕ цӕстыты раз цардӕгасау лӕудзысты.

Зӕрдӕмӕхъаргӕ, цардӕгас дзырдтӕ адӕймаджы кӕуын дӕр фӕкӕнынц ӕмӕ худын дӕр. Ахӕм ныхас у ныфсы хос, рыст ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы зӕрдӕйы райгас кӕны цардбӕллон ӕнкъарӕнтӕ, уарзын райдайы йе Сфӕлдисӕг Хуыцауы. Библийы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон хуры тынтау рӕвдауынц адӕмы ӕгас зӕххы къорийыл дӕр, зӕгъӕм: Псалом 36:10, 11, 34; Иоанны 3:16 ӕмӕ Раргомад 21:4, 5.

Библийы ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕйы цынӕхуызон хорз дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ фендзынӕ, ахӕм нӕй (Матф. 24:45). Ма сӕ уадз мыхуыргонд сыфтыл: хорз дӕм дзы цы фӕкӕсы, уый-иу бахъуыды кӕн ӕмӕ-иу ӕй уый фӕстӕ, кӕм хъӕуа, уым дзур.

Ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ раст дзыхыныхас. Бирӕтӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр хатынц, ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕ куыд домынц, алыхатт афтӕ кӕй нӕ фӕдзурынц. Цы бачындӕуа уӕд?

Кӕд скъолайы ахуыр кӕныс, уӕд дын ис диссаджы фадат: ахуыр кӕн ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕ, кӕм цавӕр дзырд фидауы, уымӕ дӕ хъус дар. Цыдӕр уагӕвӕрд дзӕбӕх куы нӕ ӕмбарай, уӕд дӕ ахуыргӕнӕгӕн зӕгъ, ӕмӕ дын баххуыс кӕна. Ӕвзаг куыд хуыздӕр базонай, ууыл дӕхи хъар. Иннӕ скъоладзаутӕй хъауджыдӕр ма дӕуӕн ис, цӕй тыххӕй ахуыр кӕнай, уымӕн ноджы иу аххосаг: дӕу фӕнды хорз хабар арӕхстджынӕй хъусын кӕнын.

Фӕлӕ скъоламӕ цӕуыны кары чи нал ис кӕнӕ ӕцӕгӕлон ӕвзагыл кӕй хъӕуы дзурын, уый та цы кӕна? Кӕнӕ скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ йӕ мадӕлон ӕвзаг дзӕбӕх базоныны фадат кӕмӕн нӕ уыди, уый та? Дӕ къухтӕ ма ауадз. Архай, кус дӕ дзыхыныхас фӕхуыздӕр кӕныныл, ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, хорз хабары сӕраппонд кӕй фыдӕбон кӕныс. Ӕвзаджы хъуыддаджы бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм, иннӕтӕ куыд дзурынц, уымӕ хъусгӕйӕ. Уӕдӕ, сӕ дзыхыныхас раст кӕмӕн у, ахӕм ӕфсымӕртӕ куы рацӕуынц ныхасы, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг хъус. Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ кӕсгӕйӕ дӕр дӕ хъус дар, хъуыдыйӕдтӕ куыд арӕзт сты, иумӕ цавӕр дзырдтӕ фидауынц ӕмӕ цавӕр уавӕрты ӕмбӕлынц, уыдӕттӕм. Хорзӕй дзы цы фӕхатыс, уымӕ гӕсгӕ араз дӕ ныхас.

Арӕх раст дзурыны ӕгъдӕуттӕ рохуаты аззайынц зындгонд артисттӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕй, ӕмӕ адӕмӕй дӕр бирӕтӕ уыдоны фӕфӕзмынц. Сӕхи ӕвзаг ис хъылмауӕйгӕнджытӕн, фыдгӕнджытӕн, ӕнӕгъдау ӕмӕ хъахбай адӕмӕн. Арӕх уыдон хуымӕтӕг дзырдты бавӕрынц ӕндӕр, зыгъуыммӕ хъуыды. Чырыстӕттӕ ахӕм адӕмы фӕзмой, уый раст нӕ уыдзӕн. Уӕд искӕмӕ афтӕ фӕкӕсдзӕн, цыма мах дӕр уыцы адӕмӕй стӕм: уыдон куыд дзурынц, мах дӕр афтӕ дзурӕм, уыдон куыд цӕрынц, мах дӕр афтӕ цӕрӕм (Иоан. 17:16).

Уӕдӕ алы бон дӕр архай раст, аив дзурыныл. Ӕнӕуи искӕимӕ дзургӕйӕ хылы-мылы, ӕдзӕлгъӕд ныхас куы кӕнай, уӕд дӕ раст дзурын ӕнӕмӕнг кӕм хъӕуа, уым дӕр дын уый зын уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ дзыхыныхас кӕимӕфӕнды дзургӕйӕ дӕр зӕрдӕмӕдзӕугӕ куы уа, уӕд сценӕйыл дӕр ӕмӕ уацамынды дӕр хорз дзырдтӕ сӕхигъӕдӕй цӕудзысты дӕ сӕрмӕ.