Кӕсынмӕ зивӕг ма кӕн
АЦЫ тӕккӕ ды цы аразыс, цӕрӕгойтӕ уый кӕнынхъом не сты. Фӕлӕ кӕд махӕн, адӕмӕн, нӕ бон кӕсын у, уӕддӕр скъоламӕ цӕуыны фадат алкӕмӕн кӕй нӕй, уый фыдӕй зӕххыл алы ӕхсӕзӕм адӕймаг дӕр кӕсын нӕ зоны. Стӕй кӕсын чи зоны, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ искуы иу стӕм хатт райсынц чиныг сӕ къухмӕ. Афтӕмӕй та нын чиныг гом кӕны уӕрӕх фӕндаг алы ӕмӕ алы бӕстӕтӕм, зонгӕ нӕ кӕны, нӕ удыхъӕд нын чи хъӕздыг кӕны, ахӕм адӕймӕгты цардимӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, царды зындзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн нӕ цы хъӕуы, бирӕ ахӕм хорз цыдӕртӕ базонынӕн.
Адӕймаг скъолайы цы базондзӕн, уый, хорз кӕсы ӕви нӕ, уымӕй бирӕ кӕнгӕ у. Куыст куы агурай, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, кӕсын куыд зоныс, уымӕ кӕсой, ӕмӕ ууыл баст уа, дӕхи фӕдарынӕн дӕ фылдӕр кӕнӕ къаддӕр кусын хъӕудзӕн, уый. Хӕдзары ӕфсин кӕсын куы уарза, уӕд йӕ бинонтӕн сӕ хӕрд дӕр хуыздӕр уыдзӕн, стӕй сыгъдӕгдӕрӕй цӕудзысты ӕмӕ ӕнӕниздӕр уыдзысты. Афтӕ мад дӕр кӕсын ахуыр куы уа, уӕд йӕ сывӕллӕтты бирӕ цӕуылдӕртыл ахуыр кӕндзӕн, фылдӕр цыдӕртӕ ӕмбардзысты.
Фӕлӕ кӕсын зонын сӕйраджыдӕр уымӕн хъӕуы, ӕмӕ уый фӕрцы ис «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» ссарӕн (Ӕмб. 2:5). Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ кӕсын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ стӕм сты. Зӕгъӕм, ӕмбырды фембӕлдты фӕкӕсӕм Библи ӕмӕ, Библийӕ алыхуызон фарстатӕ ӕвзӕрст кӕм цӕуы, ахӕм литературӕ. Цас хуыздӕр кӕсай, уыйас дын адӕм уацамынды рӕстӕджы дӕ ныхасмӕ хуыздӕр хъусдзысты. Уӕдӕ, цӕмӕй фембӕлдтӕм ӕмӕ уацамындмӕ бацӕттӕ кӕнай, уый тыххӕй дӕр кӕсын хъӕуы. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд, дӕ удыхъӕд куыд ивдзӕн, уый дӕр, хорз кӕсыс ӕви нӕ, ууыл баст уыдзӕн.
Цы фадӕттӕ дын ис, уыдон ма уадз
Хуыцауимӕ зонгӕ кӕнын чи райдайы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр къласы фесты каст. Цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна, уый тыххӕй сӕ, чи зоны, хъӕуа кӕсын базонын. Йе та сӕ, чи зоны, хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй хуыздӕр кӕсой. Зӕгъгӕ, уый сӕр хъӕуы, уӕд ӕмбырдты кӕсын ӕмӕ фыссыны уроктӕ дӕр фӕуадзынц. Ахӕм уроктӕ стыр ахъаз фесты тынг бирӕ адӕмӕн, мингӕйттӕн. Хорз кӕсын афтӕ ахсджиаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу рӕтты кӕсыны уроктӕ бахӕссынц Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕмӕ
дӕр. Фӕлӕ ӕнӕ уымӕй дӕр дӕхӕдӕг алы бон хибарӕй хъӕрӕй куы кӕсай, Скъоламӕ ӕрвылкъуыри дӕр куы цӕуай ӕмӕ дзы уазӕджы бадт куы нӕ кӕнай, уӕд бирӕ хуыздӕр кӕсдзынӕ.Хъыгагӕн, телевизор, худӕг нывтӕй конд чингуытӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ афтӕ сарӕх сты, ӕмӕ бирӕты кӕсынмӕ нал февдӕлы. Ӕмӕ адӕймаг кӕсгӕ куы нӕ кӕна, фӕлӕ ӕппынӕдзух дӕр телевизоры раз куы бада, уӕд та никуы сахуыр уыдзӕн нӕдӕр хорз кӕсын, нӕдӕр хъуыды кӕнын, нӕдӕр йӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл бӕттын ӕмӕ сӕ аив дзурын.
Библи ӕмбарынӕн нын ӕххуыс кӕны, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы литературӕ уадзы, уый. Уым ӕвзӕрст цӕуынц, Библийӕ нӕ цы фарстатӕ цымыдис кӕны, уыдон (Матф. 24:45; 1 Кор. 2:12, 13). Афтӕ ма нӕ уыцы литературӕ зонгӕ кӕны, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, уыимӕ. Бирӕ цыдӕртӕ дзы базонӕн ис ӕрдзы диссӕгты тыххӕй. Амоны нын, зын уавӕрты куыд кӕнгӕ у, уый. Фӕлӕ нын иууыл сӕйраг та амоны, Хуыцауӕн раст кувын куыд хъӕуы ӕмӕ йӕ хорзӕх ссарӕн куыд ис, уый. Уӕдӕ ахӕм хъӕугӕ ӕрмӕг куы кӕсай, уӕд дӕ бон уыдзӕн царды алцӕмӕдӕр Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсын.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг хорз кӕсын кӕй зоны, уый нырма ницӕуыл дзурӕг у. Кӕсгӕ хъуамӕ кӕнӕм, ахъаз нын цы уыдзӕн, уый. Алцы куыд нӕ хӕрӕм, афтӕ кӕсгӕ дӕр алцы хъуамӕ ма кӕнӕм. Цӕмӕн нӕ хъӕуы, тых нын цы нӕ дӕтты, фӕлӕ ма хъӕстӕ дӕр кӕмӕй фӕуыдзыстӕм, ахӕм хӕринаг? Уӕдӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм (искуы иу стӕм хатт дӕр), нӕ зонд нын чи зыгъуыммӕ кӕны ӕмӕ нӕ чи халы, ахӕм ӕрмӕг? Кӕсын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы, уый раиртасынӕн нын ӕххуыс кӕны Библи. Уӕдӕ цалынмӕ равзарай, цы кӕсдзынӕ, уый, уӕдмӕ-иу ахъуыды кӕн Фыстадӕй ахӕм бынӕттыл: Екклесиаст 12:12, 13; Ефесӕгтӕм 4:22—24; 5:3, 4, НФ; Филиппӕгтӕм 4:8; Колоссӕгтӕм 2:8; 1 Иоанны 2:15—17 ӕмӕ 2 Иоанны 10.
Цӕмӕн кӕсыс
Адӕймаг Хуыцауы Ныхас цӕмӕн кӕсы, уымӕн куыд стыр нысаниуӕг ис, уый бӕрӕг у Евангелитӕй. Зӕгъӕм, Матфейы Евангели нын дзуры, Фыстытӕ йӕ фондз ӕнгуылдзау чи зыдта, уыцы дины разамонджытӕ Йесойы хинӕйдзаг фӕрстытӕ кӕй кодтой. Фӕлӕ сын-иу цалынмӕ Фыстадӕй дзуапп радта, уӕдмӕ уал-иу сын сӕхи бафарста: «Ӕцӕг сымах нӕ кастыстут?» кӕнӕ «Мыййаг сымах никуы кастыстут?» (Матф. 12:3, 5; 19:4; 21:16, 42; 22:31). Уый нӕ ууыл ахуыр кӕны, ӕмӕ, кӕсгӕ-кӕсын ӕрмӕст нӕхи пайдайыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд, цы кӕсӕм, уымӕй раст хатдзӕгтӕм не ’рцӕудзыстӕм, йе та дзы сӕйраг цы у, уый бынтондӕр нӕ бамбардзыстӕм. Фарисейтӕ Фыстытӕ уымӕн кастысты, ӕмӕ уый фӕрцы ӕнустӕм цӕрын ӕнхъӕл уыдысты. Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, Хуыцауы чи нӕ уарзы ӕмӕ, адӕмы фервӕзын кӕнынмӕ кӕй рарвыста, ууыл йӕхи чи тигъ кӕны, уыдон уыцы хорзӕх нӕ фендзысты (Иоан. 5:39—43). Фарисейтӕ ӕрмӕстдӕр сӕхиуыл кӕй хъуыды кодтой, уымӕ гӕсгӕ бирӕ цыдӕртӕ раст не ’мбӕрстой.
Уӕдӕ Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, сӕйраджыдӕр ын уый тыххӕй хъуамӕ кӕсӕм йӕ Ныхас. Ахӕм уарзт нӕм куы уа, уӕд нӕ фӕнддзӕн Хуыцауы фӕндон хуыздӕр базонын, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад «ӕмцин кӕны ӕцӕгадыл» (1 Кор. 13:6). Кӕд раздӕр кӕсын ӕппындӕр нӕ уарзтам, уӕддӕр нӕ ныр фӕнды Иегъовӕйы «ӕппӕт зондӕй» уарзын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныныл нӕ зонды ӕвӕрӕнтӕ не ’вгъау кӕндзыстӕм (Матф. 22:37). Адӕймаг искӕй куы фӕуарзы, уӕд ӕй фӕфӕнды уый тыххӕй фылдӕр базонын.
Ахуыр кӕн тагъд кӕсын
Цы у кӕсын? Кӕсгӕ-кӕсын адӕймаджы магъз дзырдтӕ базоны ӕмӕ сӕ чи цы нысан кӕны, уый ӕрхъуыды кӕны. Уӕдӕ дӕ магъзӕн уыцы иу рӕстӕг цас фылдӕр дзырдтӕ уа йӕ бон базонын, уыйас кӕсгӕ дӕр тагъддӕр кӕндзынӕ. Исты куы фӕкӕсыс, уӕд-иу алы хицӕн дзырдыл ма ӕрлӕуу, фӕлӕ-иу дӕ цӕст цалдӕр дзырдыл иумӕ ахӕсс. Уый дӕ къухы куы бафта, уӕд ӕй дӕхӕдӕг дӕр фӕхатдзынӕ, цы кӕсыс, уый хуыздӕр кӕй ӕмбарыс.
Фӕлӕ арф хъуыды кӕм ис, ахӕм ӕрмӕг кӕсын хъӕуы ӕндӕр хуызы. Сыгъдӕг Фыстад куыд кӕсын хъӕуы, уый тыххӕй Иегъовӕ Навины фырт Йесойӕн загъта: «Ацы закъоны чиныг алкӕддӕр де ’взагыл уӕд, ӕмӕ йӕ дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс» (Йес. Н. 1:8). Адӕймаг цӕуылдӕр куы фӕхъуыды кӕны, уӕд хатт афтӕ вӕййы, цыма йӕхӕдӕг йӕхицӕн цыдӕртӕ фӕдзуры. Уымӕ гӕсгӕ дзуттаг дзырдбаст, «дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс», зӕгъгӕ, кӕмдӕрты тӕлмац у «хъуыды кӕнынӕй» дӕр (Пс. 62:7; 76:13; 142:5). Адӕймаг хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуыдыты ацӕуы, тагъд нӕ фӕкӕны. Цы кӕсыс, ууыл арф куы хъуыды кӕнай, цаутӕ дӕ цӕстытыл куы уайын кӕнай, уӕд Хуыцауы Ныхас дӕ зондыл дӕр тынгдӕр зындзӕн ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ дӕр тынгдӕр агайдзӕн. Библийы ис пехуымпарӕдтӕ, зондамындтӕ, ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ поэтикон уацмыстӕ; Хуыцау йӕ тӕрхӕттӕ кӕм дзуры, ахӕм бынӕттӕ; Иегъовӕйы фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй бӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ, ӕцӕг чи ӕрцыди, ахӕм цаутӕ. Иегъовӕйы фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдонӕн уыцы фыстытӕ сты зынаргъ хӕзна. Куыд хорз у Библи афтӕ кӕсын, ӕмӕ нын нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы арф фӕд куыд уадза!
Кӕсгӕ-кӕсын дӕ хъуыдытӕ дзӕгъӕлтӕ ма кӕнӕнт
Библийӕ цыфӕнды ма кӕсай, дӕхи афтӕ хат, цыма ды дӕр уым дӕ. Мӕнӕ дӕ цӕстыты раз лӕууынц, кӕй тыххӕй кӕсыс, уыдон, хатыс сын сӕ цин, сӕ рис, сӕ маст ӕмӕ сӕ хъыг. Уый зын нӕ вӕййы, зӕгъӕм, 1 Паддзахӕдты чиныджы 17-ӕм сӕры цы цауы кой цӕуы, ахӕм цаутӕ кӕсгӕйӕ (уым ис Давид ӕмӕ Голиафы хабар). Фӕлӕ, Рацыд ӕмӕ Левиты чингуыты сыгъдӕг цатыры арӕзтады тыххӕй кӕнӕ, сауджынтӕ ӕвӕрд куыд цыдысты, уый тыххӕй цы лыстӕг хабӕрттӕ ис фыст, уыдон дӕр цардӕгасау сыстдзысты дӕ разы, кӕд ӕмӕ дӕ цӕстытыл уайын кӕнай, цатыр ӕмӕ мигӕнӕнтӕ цӕйас ӕмӕ цӕмӕй арӕзт уыдысты, уый, судзгӕ буд, судзгӕ хор ӕмӕ нывӕндты адджын тӕф дӕ фындзыл куыд ӕмбӕлы, уыдӕттӕ. Мӕнӕ дӕхи цӕстӕй уыныс, кувӕндоны лӕггадгӕнгӕйӕ сауджынтӕ Иегъовӕйӕ куыд аргъуыц кӕнынц, уый (Лук. 1:8—10). О, цы кӕсыс, дӕ зӕрдӕ уым куы уа, уӕд ын йӕ нысаниуӕг ӕмӕ йӕ ахадындзинад дӕр арфдӕр бамбардзынӕ ӕмӕ йӕ хъуыды дӕр хуыздӕр бакӕндзынӕ.
Фӕлӕ кӕсгӕ-кӕсын дӕ хъуыдытӕ сӕхи бар куы ауадзай, уӕд дӕ, гӕнӕн ис, ӕндӕр искуыдӕм ахӕссой. Кӕсгӕ чиныгмӕ кӕныс, хъуыды та — бынтон ӕндӕр цӕуылдӕр. Цӕмӕн афтӕ у, мыййаг кӕд музыкӕ цӕгъды кӕнӕ телевизор кусы? Йе та кӕд хӕдзары иннӕтӕ ныхас кӕнынц, ӕмӕ дӕ уый хъыгдары? Гӕнӕн ӕмӕ амал уӕвгӕйӕ, кӕсынӕн иууыл хуыздӕр уыдзӕн, кӕм дӕ ницы хъыгдардзӕн, ахӕм хибар бынат. Фӕлӕ иу уынӕр дӕр куы никуыцӕй хъуыса, уӕддӕр дӕ, чи зоны, исты тыхсын кӕна ӕмӕ дӕ уый хъыгдара. Чи зоны дын бонӕй бирӕ хъуыддӕгтӕ уыди, ӕмӕ дӕ дӕ хъуыдытӕ бар-ӕнӕбары уырдӕм ахӕссынц. Фӕстӕмӕ акӕсын, цытӕ сарӕзтай, уыдӕттыл ахъуыды кӕнын ӕвзӕр нӕу. Ӕрмӕст кӕсгӕ куы кӕнай, уӕд нӕ. Чи зоны, кӕсыныл куы ӕрбадтӕ, уӕд дӕ хъуыдытӕ ӕрмӕстдӕр дӕ кӕсинагыл уыдысты, кувгӕ дӕр скодтай. Фӕлӕ куыд кӕсыс, афтӕ сындӕггай дӕ хъуыдытӕ авд ӕфцӕджы сӕрты ахызтысты. Ницы кӕны, ногӕй та бафӕлвар. Кус дӕхиуыл, ахуыр кӕн дӕ хъуыдытӕн сӕ рохтыл хӕцын, цӕмӕй, цы кӕсыс, ӕрмӕст ууыл хъуыды кӕнай. Кӕс-иу, кӕддӕра дын нӕ рауайа!
Кӕсгӕ-кӕсын цыдӕр дзырд куы нӕ фембарыс, уӕд цы бакӕныс? Хатт ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ фембарын кӕнынц дарддӕр. Арӕх та ӕнӕмбӕрст дзырдты хъуыды рабӕрӕг вӕййы, дарддӕр цӕуыл цӕуы дзырд, уымӕй. Йе та
ма фӕзивӕг кӕн дзырдуатмӕ ӕркӕсын (кӕд дӕм ис, уӕд), науӕд та йӕ фӕнысан кӕн ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр искӕй бафӕрс. Афтӕмӕй фылдӕр дзырдтӕ дӕр базондзынӕ ӕмӕ цы кӕсыс, уый ӕмбаргӕ дӕр дзӕбӕхдӕр кӕндзынӕ.Иннӕтӕн хъӕрӕй кӕс
Апостол Павел Тимофейӕн куы фӕдзӕхста, «дарддӕр дӕр... кӕс», зӕгъгӕ, уӕд йӕ ныхас сӕйраджыдӕр иннӕтӕн кӕсыныл уыди (1 Тим. 4:13, НД). Иннӕтӕн хорз кӕсын ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ, гӕххӕттыл цы фыст ис, уый хъӕрӕй бакӕсай. Иннӕтӕн чи кӕса, уый хъуамӕ ӕмбара алы дзырды нысаниуӕг дӕр ӕмӕ уыцы дзырдтӕ иумӕ цы хъуыды ӕвдисынц, уый дӕр. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн йӕ бон, чи йӕм хъусы, уыдонмӕ ӕрмӕджы мидис раст зӕрдӕйы уагимӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы цӕттӕ кӕнын, бирӕ хатт ӕй бакӕсын. Уымӕн сидти Павел дӕр: «Дарддӕр дӕр иннӕтӕн кӕс». Уыцы хъуыддаджы дын Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.
Кӕсынӕн рӕстӕг ар
«Бӕстонгӕнӕгӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц, йӕ хъуыддӕгтӕ уӕлӕнгӕйтты чи кӕны, уымӕн та йӕ фӕстаг мӕгуырмӕ ӕрцӕуы» (Ӕмб. 21:5). Ӕвӕдза, куыд раст ныхӕстӕ сты, Хуыцауы Ныхас куыд хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй! Цӕмӕй «нӕ фӕнд нӕ къухы бафта», уый тыххӕй нӕ алцыдӕр бӕстон кӕнын хъӕуы, ӕмӕ нын уӕд, кӕсынӕн цы рӕстӕг уыди, уый иннӕ хъуыддӕгтӕ нӕ байсдзысты.
Цафон фӕкӕсыс ды? Кӕсын дын ӕнцондӕр райсомӕй раджы вӕййы ӕви фӕстӕдӕр бонӕй? Бон 15—20 минуты уӕддӕр куы кӕсай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр дис кӕндзынӕ, куыд бирӕ дын ӕнтысдзӕн, ууыл. Сӕйраг у алы бон дӕр кӕсын.
Иегъовӕ йе стыр ӕмӕ йӕ рӕсугъд фӕндты тыххӕй чиныджы цӕмӕн радзырдта? Цӕмӕй йын йӕ фыст Ныхас кӕсӕм ӕмӕ дзы зонд исӕм. Уый фӕрцы нӕ бон у Иегъовӕйы диссаг хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнын, нӕ кӕстӕртӕн сӕ дзурын; иудзырдӕй, уый фӕрцы сӕ нӕ рох кӕнӕм (Пс. 77:5—7). Иегъовӕйы зынаргъ лӕварӕн, йӕ цардхӕссӕг Ныхасӕн, кӕй аргъ кӕнӕм, уый та уымӕй бӕрӕг уыдзӕни, ӕмӕ йӕ алы бон дӕр куы кӕсӕм.