Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 УРОК

Микрофонӕй дзурын куыд хъӕуы

Микрофонӕй дзурын куыд хъӕуы

НӔ ЧЫРЫСТОН ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуынӕн гыццыл рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ нӕ раттынц. Ӕмӕ цӕмӕй фембӕлдтӕй пайда исой, уый тыххӕй та, ныхас цӕуыл фӕцӕуы, уый сӕм хъуамӕ дзӕбӕх хъуыса.

Рагзаманты израилӕгтӕм зӕл фӕтыхджындӕр кӕнынӕн ницавӕр электрон фӕрӕзтӕ уыди. Уӕдӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны хӕдразмӕ, Моавы тыгъд быдырты Моисей семӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕй куыд хъуыстой, кӕд ӕмӕ цалдӕр милуаны уыдысты? Ӕвӕццӕгӕн, адӕм кӕм ӕрбынат кодтой, уым Моисей кӕрӕдзийӕ бӕлвырд дӕрддзӕджы сӕвӕрдта нӕлгоймӕгты, ӕмӕ йын уыдон йӕ ныхас иу иннӕйы дзыхӕй истой ӕмӕ йӕ адӕмӕн фӕлхат кодтой (Дык. з. 1:1; 31:1). Иорданы цӕугӕдонӕй ныгуылӕнырдӕм цы зӕххытӕ уыди, израилӕгтӕ уыдон исынмӕ куы ӕрӕвнӕлдтой, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ Йесо Навин ӕгас адӕмы дӕр ӕрӕмбырд кодта Гаризим ӕмӕ Гевалы хохрӕбынтӕм, левиттӕ та, ӕвӕццӕгӕн, лӕууыдысты уыцы дыууӕ хохы ’хсӕн комы. Уым адӕм хъуыстой, Хуыцауӕй сӕм цы хорздзинӕдтӕ кӕнӕ фыдбӕллӕхтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдон ӕмӕ дзырдтой, афтӕ фӕуӕд, зӕгъгӕ (Йес. Н. 8:33—35). Чи зоны, уым дӕр сӕрмагондӕй уый тыххӕй ӕвӕрд лӕгтӕ истой Йесойы ныхас кӕрӕдзийы дзыхӕй ӕмӕ йӕ дарддӕр лӕвӕрдтой; зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ сын къаддӕр ӕххуыс нӕ уыдаид, комы ныхас хорз кӕй хъуысы, уый дӕр.

Уымӕй 1 500 азы фӕстӕдӕр Галилейы денджызы был «ӕрӕмбырд бирӕ адӕм» Йесойы ныхасмӕ байхъусынмӕ. Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт, иу цасдӕр денджызы баивгъуыдта, ӕрбадти ӕмӕ уырдыгӕй райдыдта адӕмимӕ ныхас кӕнын (Маркы 4:1, 2). Фӕлӕ бӕлӕгъӕй цӕмӕн дзырдта? Ӕвӕццӕгӕн уымӕн, ӕмӕ зӕлтӕ сабыр доны уӕлцъарыл куы сӕмбӕлынц, уӕд дзы фӕстӕмӕ фесхъиуынц, ӕмӕ уый фӕрцы адӕймаджы ныхас хорз фӕхъуысы.

Суанг XX ӕнусы райдианмӕ дӕр кӕд дзурӕгӕн дзӕбӕх нӕргӕ ӕмӕ цъӕхснаг хъӕлӕс уыди, уӕд хорз, кӕннод ын адӕм йӕ ныхас, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ хъуыстой. Фӕлӕ XX ӕнусы 20-ӕм азтӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕ конгрессты райдыдтой пайда кӕнын зӕлтыхджындӕргӕнӕн электрон фӕрӕзтӕй.

Зӕлтыхджындӕргӕнӕн фӕрӕзтӕ. Ацы фӕрӕзтӕ хорз уымӕй сты, ӕмӕ адӕймаджы ныхас фӕхъуысы бирӕ хуыздӕр, йӕ хъӕлӕс йӕхи хуызӕнӕй баззайы, афтӕмӕй. Уымӕ гӕсгӕ дзурӕджы хъӕр кӕнын нӕ фӕхъӕуы, йӕ ныхасмӕхъусджыты та — цы дзуры, уый фехъусыныл тыхамӕлттӕй архайын. Уый бӕсты сӕ хъуыдытӕ ӕгасӕй дӕр вӕййынц, цы дзуры, уыимӕ.

Цӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгрессты хорз зӕлтыхджындӕргӕнӕн фӕрӕзтӕ уа, уый тыххӕй ӕфсымӕртӕ бирӕ бафыдӕбон кӕнынц. Микрофонтӕ ис сӕ Паддзахады залтӕй дӕр бирӕты, ӕмӕ уый фӕрцы ныхасы чи рацӕуы, фембӕлд чи уадзы кӕнӕ, иннӕтӕн чи фӕкӕсы, уыдонӕн сӕ ныхас дзӕбӕх фӕхъуысы. Иуӕй-иу ӕмбырдты та микрофонтӕй фӕдзурынц залыбадджытӕ дӕр, фембӕлды дзуапп куы фӕдӕттынц, уӕд. Кӕд де ’мбырды дӕр ис микрофонтӕ, уӕд дзы куыд дзурын хъӕуы, уый базон.

Сӕйраджыдӕр цы хъӕуы зонын. Микрофонӕй дзургӕйӕ зӕрдыл дарын хъӕуы цалдӕр хъуыддаджы. 1. Микрофон хъуамӕ уа дӕ дзыхӕй 10—15 сантиметры ӕддӕдӕр. Уымӕй хӕстӕгдӕр куы уа, уӕд дӕ ныхӕстӕн ничи ницы бамбардзӕн, ӕгӕр дард куы уа, уӕд та дзӕбӕх нӕ хъуысдзысты. 2. Микрофон хъуамӕ фӕрсырдыгӕй ма уа, фӕлӕ дӕ разы. Фӕрсырдӕм азилын дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу дзур, дӕ дзых та фӕстӕмӕ микрофоны бакомкоммӕ куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. 3. Дзурын хъӕуы, ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, уымӕй гыццыл хъӕрдӕр ӕмӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй. Ӕцӕг, хъӕр кӕнын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ микрофоны фӕрцы ныхас дзӕбӕх фӕхъуысы залы кӕцыфӕнды къуымы дӕр. 4. Ӕрӕхснырсын кӕнӕ-иу дӕм схуыфын куы цӕуа, уӕд-иу дӕхи микрофонӕй иуырдӕм акӕн.

Ныхасы рацӕугӕйӕ. Сценӕмӕ куы рацӕуай, уӕд дын ӕфсымӕр микрофон бараст кӕндзӕн. Уыцы рӕстӕджы ӕнӕуи куыд фӕлӕууыс, афтӕ слӕуу ӕмӕ дӕ ныхасмӕхъусджытыл дӕ цӕст ахӕсс. Дӕ гӕххӕттытӕ быцӕуӕвӕрӕныл ӕрӕвӕр ӕмӕ ӕркӕс, микрофонӕй дӕм дзӕбӕх зынынц ӕви нӕ.

Куыддӕр фыццаг ныхӕстӕ зӕгъай, афтӕ дӕхимӕ байхъус, дӕ хъӕлӕс зӕлтыхджындӕргӕнӕнӕй куыд хъуысы. Хъустӕ дзы нӕ къуырма кӕнынц кӕнӕ иуӕй-иу дзырдтӕ хӕрхӕргӕнгӕ нӕ хъуысынц? Чи зоны дӕ цалдӕр сантиметры фӕстӕдӕр алӕууын хъӕуы. Микрофон дӕ ма рох кӕнӕд, дӕ фыстытӕм куы ӕркӕсыс, уӕд дӕр. Дзурын хъӕуы комкоммӕ микрофоны; гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ цӕсгомӕй гыццыл бындӕр уа, фӕлӕ уӕлдӕр — ницы хуызы.

Сценӕйӕ кӕсгӕйӕ. Дӕ кӕсинаг ӕрмӕг Библи уа, журнал ӕви чиныг,— ӕгӕр дӕлиау ыл ма хӕц, кӕннод дӕ ныхасмӕхъусджытӕм дӕ цӕсгом дзӕбӕх нӕ зындзӕн. Микрофон уыдзӕн дӕ тӕккӕ раз, ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ дӕ кӕсинаг ӕрмӕг дарын хъӕудзӕн микрофонӕн иуырдыгӕй, дӕхӕдӕг та хъуамӕ слӕууай микрофонӕн иу гыццыл иннӕрдыгӕй, кӕсгӕ-кӕсын комкоммӕ микрофоны куыд дзурай.

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры рӕстӕджы ӕрмӕг чи фӕкӕсы, уыцы ӕфсымӕртӕ фылдӕр хатт фӕкӕнынц лӕугӕ, ӕмӕ цы микрофонӕй фӕдзурынц, уый вӕййы фидаргонд, хӕцын ыл нӕ фӕхъӕуы. Уый фӕрцы сын улӕфын дӕр ӕнцондӕр вӕййы ӕмӕ кӕсгӕ дӕр хуыздӕр фӕкӕнынц. Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ абзацтӕ куыд бакӕсай, уый фембӕлдыл никуыд фӕзындзӕн. Цы кастӕуы, уый адӕммӕ куыд хорз хъуысдзӕн, уымӕй аразгӕ у, фембӕлдӕй цас пайда райсдзысты, уый.

Фембӕлдты дзуапп дӕтгӕйӕ. Кӕд уе ’мбырды залыбадджытӕ дӕр дзуапп дӕтгӕйӕ микрофонӕй фӕдзурынц, уӕд дӕ зӕрдыл дар, микрофон дӕ бӕсты кӕй нӕ дзурдзӕн: дӕхи хъӕудзӕн алы дзырд дӕр хъӕрӕй ӕмӕ бӕлвырд дзурын. Дзуапп дӕтгӕйӕ ахуыры ӕрмӕг дӕр ӕмӕ Библи дӕр дӕ къухы дар, микрофоны дзургӕйӕ дӕм дзӕбӕх куыд зына.

Иуӕй-иу ӕмбырдты цалдӕр ӕфсымӕры микрофонтимӕ фӕлӕууынц, ӕмӕ дзуапп чи фӕдӕтты, уымӕ йӕ бахӕссынц. Кӕд уе ’мбырды дӕр афтӕ у, уӕд-иу дӕ куы бафӕрсой, уый фӕстӕ-иу дӕ къух уайтагъд ма ӕруадз, микрофон чи хӕссы, уыцы ӕфсымӕр, кӕм бадыс, уый куыд фена ӕмӕ дӕм ӕй уайтагъд авӕра. Кӕд микрофон къухӕй-къухмӕ дӕттын хъӕуы, уӕд та цырд лӕуу, уайтагъд ӕй куыд райсай. Цалынмӕ микрофон дӕ тӕккӕ раз нӕ уа, уӕдмӕ ма райдай дзурын. Дӕ ныхас куы фӕуай, уӕд ӕй уайтагъд фӕстӕмӕ адӕтт.

Хъусын кӕнӕн куыд ис, уый ӕвдисгӕйӕ. Ацы уавӕры уӕлдай лӕмбынӕг хъӕуы ахъуыды кӕнын, микрофонӕй куыд дзурдзынӕ, ууыл. Кӕд микрофон цӕджындзӕгыл фидаргонд уа, уӕд дӕ дыууӕ къухы дӕр сты сӕрибар ӕмӕ дын ӕнцондӕр уыдзӕн Библи бакӕнын, дӕ фыстытӕм ӕркӕсын. Микрофоныл дӕхӕдӕг куы хӕцай, уый та уымӕй хорз у, ӕмӕ дын змӕлынӕн фылдӕр фадӕттӕ ис. Фӕлӕ дӕ Библи бакӕнын куы хъӕуа, уӕд микрофоныл хӕцын хъӕудзӕн дӕ ныхасӕмбалы. Уымӕ гӕсгӕ уӕ рагацау иумӕ афӕлварын хъӕуы, хӕслӕвӕрды рӕстӕджы дын микрофоныл раст куыд хӕца. Дӕ зӕрдыл ма ноджыдӕр дар, рӕсугъд кӕй нӕу — уӕлдайдӕр дзургӕ-дзурын — ныхасмӕхъусджытӕм чъылдымӕздӕхтӕй лӕууын.

Хъусын кӕныны фембӕлды хаттӕй-хатт цыдӕр равдисынӕн бахъӕуы къорд адӕймаджы дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ хъӕуа сценӕйыл рацу-бацу кӕнын дӕр. Ӕмӕ уӕд иу микрофон фаг нӕу. Хорз уаид, микрофонтӕ рагацау зынгӕ ран сӕвӕрын, кӕнӕ архайджытӕ сценӕмӕ куыддӕр рацӕуой, афтӕ сын сӕ сӕ къухмӕ раттын. Уыдӕттыл хъӕуы раздӕр батыхсын, ӕмӕ уӕд микрофоны тыххӕй хъуыддаг нӕ бакъуылымпы уыдзӕн. Цы ӕвдисдзыстут, уый фембӕлды размӕ иумӕ куы бафӕлварат, уӕд дзы алкӕмӕндӕр дӕ бон уыдзӕн, микрофоныл хӕцын куыд хъӕуы, уый бацамонӕн. Уӕ равдыст куыд уыдзӕн, уый уын сценӕйыл афӕлварыны фадат куы нӕ уа, уӕд та хорз уаид, микрофонты бӕсты ӕндӕр истытӕ куы уаид уӕ къухы — афтӕмӕй уын равдысты рӕстӕджы ӕнцондӕр уыдзӕн. Равдысты фӕстӕ микрофонтӕ сабыргай ӕрӕвӕрын хъӕуы сӕ бынаты, сценӕйӕ дӕр хъӕуы арӕхсгӕ рахизын, микрофонты телтыл куыд нӕ фӕкӕлат.

Уӕдӕ микрофонӕй дзурын куыд хъӕуы, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ууыл баст у нӕ фембӕлдты ӕхсызгондӕр хӕстӕй иу — Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнгӕйӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнын (Дзут. 10:24, 25). Микрофонӕй раст дзурын куы зонӕм, уӕд нӕ алчидӕр ахъазгӕнӕг уыдзӕн уыцы хъуыддагӕн.