Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 УРОК

Пъланмӕ гӕсгӕ дзур

Пъланмӕ гӕсгӕ дзур

ПЪЛАНМӔ гӕсгӕ дзурын — ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр бирӕтыл ихӕнриз бахӕцы. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ сӕ раныхас кӕрӕй-кӕронмӕ гӕххӕттыл куы ныффыссой кӕнӕ йӕ куы сахуыр кӕной, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн.

Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, искӕимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ гӕххӕттӕй фӕкӕсӕм? Зӕгъӕм, хӕдзары нӕ бинонтимӕ кӕнӕ не ’рдхӕрдтимӕ? Науӕд уацамынды та? Уӕдӕ Иегъовӕмӕ иунӕгӕй кӕнӕ къорд адӕмы номӕй зӕрдӕбынӕй куы скувӕм, уӕд исты нӕ ныхӕстӕ фыст вӕййынц?

Уӕвгӕ та исты уӕлдай у, пъланмӕ гӕсгӕ дзурай ӕви гӕххӕттӕй кӕсай? О, дӕ ныхас кӕрӕй-кӕронмӕ фыст куы уа, уӕд дӕ дзырдтыл хъуыды кӕнын нӕ хъӕудзӕн, ницы дӕ дзы ферох уыдзӕн. Фӕлӕ цымӕ дӕ ныхас адӕмы зӕрдӕтыл сӕмбӕлдзӕн? Адӕймаджы дыууӕ-ӕртӕ хъуыдыйадӕй фылдӕр куы бахъӕуы хъӕрӕй кӕсын, уӕд кӕсын райдайы тагъддӕр, стӕй йӕ хъӕлӕсы уаг дӕр, ӕнӕуи куыд фӕдзуры, ахӕм нал вӕййы. Дӕ ныхасмӕхъусджытӕм куы нӕ кӕсай, фӕлӕ гӕххӕтмӕ куы фӕкӕс-фӕкӕс кӕнай, уӕд дӕм зӕрдиагӕй куыд хъуамӕ хъусой? Афтӕ сӕм нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ ды уым дӕхицӕн дзурыс, уыдоныл та хъуыдыгӕнӕг дӕр нӕй, дӕ ныхас уыдонмӕ куыд хауы, уый бӕрӕг нӕу? Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ дӕ ныхас адӕмы зӕрдӕты зынг ссудза, уӕд семӕ дзур дӕхи ныхӕстӕй.

Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола уымӕн у, ӕмӕ нын царды мидӕг ӕххуыс кӕна. Нӕ хӕлӕрттимӕ куы фембӕлӕм, уӕд уӕвгӕ, исты афтӕ куы нӕ зӕгъӕм, уый тӕсӕй нӕ хъуыдытӕ фысгӕ нӕ фӕкӕнӕм ӕмӕ сӕ стӕй уырдыгӕй нӕ фӕкӕсӕм. Хъусын кӕнынмӕ дӕр немӕ дӕргъӕй-дӕргъмӕ фыстытӕ нӕ ахӕссӕм, исты нӕ куы ферох уа, зӕгъгӕ. Уӕдӕ уацамынды адӕймагӕн цы ис зӕгъӕн, уый равдисын дын куы бахӕс кӕной, уӕд дӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, дзур, ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, афтӕ. Дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн, ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фендзынӕ: цы сӕйраг хъуыдытӕ равзаринаг дӕ, уыдон ӕрхъуыды кӕнынӕн пълан фаг у,— гӕххӕттыл фыст уа ӕви йӕ ӕнӕуи бахъуыды кӕнай, уӕлдай нӕу. Фӕлӕ дӕм цӕмӕй пъланмӕ гӕсгӕ дзурыны ныфс фӕзына, уымӕн цы хъӕуы?

Цы зӕгъинаг дӕ, ууыл ахъуыды кӕн. Пъланмӕ гӕсгӕ дзурынӕн хъӕуы, цы зӕгъинаг дӕ, ууыл рагацау хъуыды кӕнын. Уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ дӕ алы дзырд дӕр тӕрӕзтыл барӕгау барай. Фыццаг уал-иу ахъуыды кӕн, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ дзур.

Тӕвдтуг адӕймӕгтӕй се ’нӕрхъуыдыйӕ арӕх ахӕм ныхӕстӕ сирвӕзы, ӕмӕ стӕй сӕхи фӕсмонӕй фӕхӕрынц, цӕмӕн ӕй загътон, зӕгъгӕ. Ис ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр, ӕмӕ ам-цӕф уым-цӕф ныхас фӕкӕнынц, сӕ ныхас цӕуыл у, уый бӕрӕг нӕ вӕййы. Ацы дыууӕ ӕвзӕр миниуӕгӕй фервӕзынӕн дӕр ис иу хос: цы зӕгъинаг дӕ, ууыл раздӕр ахъуыды кӕн, ӕмӕ йӕ уӕд зӕгъ. Фыццаджыдӕр уал ахъуыды кӕн, цы у дӕ нысан, стӕй — дӕ ныхас йӕ нысаныл цӕмӕй сӕмбӕла, уый тыххӕй дӕ цы бакӕнын хъӕуы, ууыл ӕмӕ уӕд дзур.

 Зӕгъӕм, дӕхи цӕттӕ кӕныс хъусын кӕнынмӕ. Цытӕ дӕ бахъӕудзӕн, уыдон дӕ хызыны сӕвӕрай, уый фаг нӕу. Рӕстӕг ссар, цы дзурдзынӕ, ууыл ахъуыды кӕнынӕн дӕр. Кӕд дӕ «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» лӕвӕрд цӕвиттонтӕй искӕцыйӕ фӕнды спайда кӕнын, уӕд ӕй цалдӕр хатты бакӕс, сӕйраг хъуыдытӕ хорз куыд бамбарай. Уый фӕстӕ сӕ зӕгъ иу кӕнӕ дыууӕ цыбыр хъуыдыйадӕй. Уыцы хъуыдытӕ зӕгъ дӕхи ныхӕстӕй, дӕ бон у ӕмӕ сӕ гыццыл фӕивай: кӕмӕн хъусын кӕндзынӕ, уый дзы йӕ царды уавӕртӕ куыд фена. Цы дзурдзынӕ, уымӕн ӕнӕфыст пълан куы скӕнай, уӕд дын уыдзӕн бирӕ ӕнцондӕр. Ахӕм пъланы цы хъуамӕ уа? 1. Дӕ ныхасы райдиан — адӕмы тынг цы тыхсын кӕны, ахӕм зындзинад. Адӕймаджы бафӕрс, цы хъуыды кӕны уый тыххӕй. 2. Дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ бацӕттӕ кӕн бӕлвырд хъуыды, стӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл дзурӕг иу-дыууӕ стихы Библийӕ. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, адӕймагӕн йӕ хъус ӕрдар, уыцы хъуыддаг Иегъовӕ йӕ Паддзахады, ома йӕ уӕларвон хицауады руаджы кӕй бакӕндзӕн, уымӕ. 3. Адӕймаджы сразӕнгард кӕн, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайынмӕ. Бакӕсынӕн ын исты ныууадз ӕмӕ/кӕнӕ йын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ. Ма дӕ ферох уӕд, иннӕ хатт кӕд фембӕлдзыстут ӕмӕ цӕуыл дзурдзыстут, уый тыххӕй баныхас кӕнын дӕр.

Хъусын кӕнынӕн, ӕвӕццӕгӕн, фаг уыдзӕн, пълан дӕ хъуыдыйы куы уа. Фӕлӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ фыццаг бацыдӕн пълан ныффыссын хъӕуы, уӕд дзы хӕрз цыбыртӕй фӕнысан кӕн, дӕ ныхас куыд райдайдзынӕ, цавӕр стихтӕ ӕрхӕсдзынӕ — иу кӕнӕ дыууӕ, ӕмӕ фӕстагмӕ цы зӕгъдзынӕ. Нӕ ныхасӕн пълан куы аразӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы дзурӕм, уӕд ӕнӕсӕрфат, хылы-мылы ныхас нӕ кӕндзыстӕм, нӕ ныхас уыдзӕн бӕлвырд ӕмӕ ӕнцон бахъуыдыгӕнӕн.

Кӕд, кӕм хъусын кӕныс, уым иу цавӕрдӕр фарст арӕх фӕдӕттынц кӕнӕ нӕ ныхмӕ фӕдзурынц, уӕд хорз уаид уыцы фарст раиртасын, исты ӕрмӕг бацагурын. Дыууӕ-ӕртӕ хъуыдыйы, цалдӕр стихы, ӕмӕ ӕндӕр дӕр нӕ хъӕуы. Хорз пълан цӕттӕйӕ райсӕн ис «Адӕмимӕ ныхас кӕнӕм Библийӕ» кӕнӕ та йӕ саразӕн ис, чиныджы «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» (англ.) ставдфыстӕй цы дӕлсӕргӕндтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Чи зоны, хорз ныхӕстыл фӕхӕст уай ӕндӕр исты чиныджы,— уый дӕр ӕвзӕр нӕ уаид. Скӕн цыбыр пълан, уыцы ӕрмӕджы ксерокъопи дӕр ыл бафидар кӕн ӕмӕ йӕ уацамынды демӕ хӕсс. Исчи дӕм фарст куы ратта кӕнӕ исчи нӕ ныхмӕ куы дзура, уӕд ын зӕгъ, ахӕм фарст ӕм кӕй ис, уый дын ӕхсызгон кӕй у, ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, ахӕм ӕмӕ дӕ ахӕм цыдӕр цӕмӕ гӕсгӕ уырны, уый йын бамбарын кӕнын (1 Пет. 3:15, НФ). Адӕймаджы фарстӕн дзуапп дӕтт, рагацау цы пълан бацӕттӕ кодтай, уымӕ гӕсгӕ.

Дӕ бинонтимӕ кувай, чиныгахуыры къорды ӕви ӕгас ӕмбырды номӕй кувай,— хорз уаид, цы зӕгъдзынӕ, ууыл раздӕр ахъуыды кӕнын. Лукайы 11:2—4 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радта ахсджиаг куывды хуымӕтӕг пълан. Иерусалимы Иегъовӕйы номыл арӕзт кувӕндон гом кӕнгӕйӕ Соломон бирӕ фӕкуывта. Бӕрӕг у, Хуыцауӕн цы зӕгъинаг уыди, ууыл рагацау дзӕбӕх кӕй ахъуыды кодта: фыццаг уал йӕ ныхас уыд Иегъовӕйӕн йӕхи ӕмӕ, Давидӕн цы зӕрдӕвӕрд радта, уый тыххӕй; уый фӕстӕ кувӕндоны тыххӕй; стӕй уӕд бӕлвырд кӕйдӕрты ӕмӕ цӕйдӕрты тыххӕй (3 Пад. 8:22—53). Цӕй ӕмӕ мах дӕр афтӕ кӕнӕм.

Дӕ раныхасы пълан уӕд хуымӕтӕг. Цавӕр хъуамӕ уа дӕ ныхасы пълан? Цы дзы хъуамӕ уа?

Дӕ зӕрдыл дар, пълан кӕй хъӕуы, цы хъуыдытӕ зӕгъинаг дӕ, уыдон ӕрхъуыды кӕнынӕн. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ хуыздӕр уыдзӕн, фыццаг цалдӕр хъуыдыйады, ома разныхас, фысгӕ куы ныккӕнай. Фӕлӕ уымӕй фӕстӕмӕ дзырдтыл ма хъуыды кӕн, дӕ зӕрдӕ ратт хъуыдытӕм. Хъуыдытӕ фӕнысан кӕнӕн ис цыбыр хъуыдыйӕдтӕй. Сӕйраг хъуыдытӕ фӕнысан кӕн, иннӕты ’хсӕн бӕрӕг куыд дарой, афтӕ — кӕнӕ сӕ стыр дамгъӕтӕй ныффысс, кӕнӕ ӕндӕр хуызӕй, кӕнӕ сын сӕ быны бахахх кӕн. Алы сӕйраг хъуыдыйы бынмӕ дӕр фӕнысан кӕн, сӕ райхалынӕн дӕ цы хъуыдытӕ зӕгъын фӕнды, уыдон. Ма дӕ ферох уӕнт, цы стихтӕ ӕрхӕссинаг дӕ, уыдон дӕр. Уыцы стихтӕ хуыздӕр уыдзӕн комкоммӕ Библийӕ бакӕсын. Бацамон дзы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ дӕ кӕд ӕнӕуи литературӕйӕ исты ахадгӕ хъуыды ӕрхӕссын фӕнды, уӕд уый дӕр. Дӕ пълан хъуамӕ уа бӕстон, хъуамӕ дзы уа бӕлвырд хъуыдытӕ, бӕлвырд фарстатӕ. Пъланмӕ гӕсгӕ дзурын дын ӕнцондӕр уыдзӕн, сыгъдӕг, аив фыст куы уа, уӕд.

Иуӕй-иутӕн сӕ пъланы вӕййы, тӕккӕ ахсджиагдӕр цы у, ӕрмӕстдӕр уый: цалдӕр сӕйраг дзырды, сӕхи ныхӕстӕй сӕ цы стихтӕ фӕнды зӕгъын, уыдон ӕмӕ хъуыдытӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн нывтӕ кӕнӕ нысӕнттӕ. Ахӕм пълан хорз уымӕй у, ӕмӕ ныхасгӕнӕгӕн фадат дӕтты ӕрмӕг фӕд-фӕдыл раст равӕрынӕн ӕмӕ йӕ хи ныхӕстӕй радзурынӕн. Ӕмӕ ацы урокӕн та йӕ нысан растдӕр уый у.

Ацы урокыл кусгӕйӕ ма дын стыр ӕххуыс уыдзӕн, 39—42-ӕм фӕрстыл цы сӕргонд ис, уый дӕр — «Пълан аразын куыд хъӕуы».

Куыд хъӕуы пъланмӕ гӕсгӕ дзурын. Дӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ дӕ раныхасӕн ӕнӕуи пълан скӕнай. Дӕу хъӕуы уыцы пъланмӕ гӕсгӕ дӕсны дзурын.

Фыццаг уал бацӕттӕ кӕн дӕ раныхас. Ӕркӕс, цы у дӕ ныхасы сӕр, бакӕс сӕйраг хъуыдытӕ, ӕмӕ сбӕлвырд кӕн, сӕйраг хъуыдытӕй алкӕцыдӕр дӕ ныхасы сӕримӕ куыд баст у, уый. Фӕнысан кӕн, цас рӕстӕг дӕ бахъӕудзӕн алы сӕйраг хъуыды райхалынӕн дӕр. Ныр раздӕх сӕйраг хъуыдытӕй фыццагмӕ ӕмӕ йыл бӕстон ахъуыды кӕн. Уыцы хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн дӕ цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ, стихтӕ, цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕмӕ цаутӕ ӕрхӕссын фӕнды, уыдонмӕ ӕркӕс. Дӕ раныхасы уыцы хай цалдӕр хатты дӕр сфӕлхат кӕн, цалынмӕ дзы алцыдӕр дзӕбӕх нӕ бахъуыды кӕнай. Афтӕ сфӕлхат кӕн иннӕ сӕйраг хъуыдытӕ дӕр. Ахъуыды кӕн ууыл дӕр, рӕстӕг дӕ куы нӕ амона, уӕд дзы айсӕн цы уыдзӕн. Фӕстагмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй сфӕлхат кӕн. Цы хъуыдытӕ дӕ фӕнды зӕгъын, уыдон дзӕбӕх сныв кӕн дӕ зонды — цавӕр дзырдтӕй сӕ зӕгъдзынӕ, ууыл ма хъуыды кӕн. Дӕ ныхас сахуыр кӕныныл ма хъар дӕхи.

Сценӕмӕ рацӕугӕйӕ дӕу хъӕуы фылдӕр дӕ ныхасмӕхъусджытӕм кӕсын. Библийӕ стих куы бакӕсай, уӕд ӕй хъуамӕ дӕ бон бамбарын кӕнын уа ӕрмӕстдӕр Библийы руаджы, фыстытӕм нӕ кӕсгӕйӕ. Уӕдӕ цӕстуынгӕ цӕвиттон дӕр гӕххӕттӕй ма кӕс, радзур ӕй дӕхи ныхӕстӕй, де ’мбалӕн ӕй куыд дзурис, афтӕ. Алы хъуыдыйады фӕстӕ дӕ фыстытӕм ӕркӕс-ӕркӕс ма кӕн. Дзур зӕрдӕйӕ, ӕмӕ уӕд бацагайдзынӕ, чи дӕм хъуса, уыдоны зӕрдӕтӕ дӕр.

Пъланмӕ гӕсгӕ дзурын куы сахуыр уай, уӕд уый стыр ахъаз фӕуыдзӕн дӕ дзырдарӕхстдзинадӕн.