Пълан аразын куыд хъӕуы
БИРӔТӔН раныхас бацӕттӕ кӕнын куы бахӕс кӕнынц, уӕд дзы алы ныхас дӕр фысгӕ фӕкӕнынц, разныхасӕй кӕронбӕттӕны онг. Цалдӕр хатты йӕ куы рафыссынц, уӕд кӕддӕр цӕттӕ вӕййы раныхас дӕр. Цас рӕстӕг ыл бахардз вӕййы, уый кой та ма чи кӕны.
Ды дӕр афтӕ фӕцӕттӕ кӕныс раныхӕстӕ? Ӕнцондӕрӕй цӕттӕ кӕнын сахуыр уай, уый дӕ фӕнды? Пълан аразын куы сахуыр уай, уӕд дӕ алы ныхас дӕр фыссын нал хъӕудзӕн. Ӕмӕ дын уый фӕрцы фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн, цӕмӕй йӕ куыд дзурдзынӕ, ууыл ахъуыды кӕнай ӕмӕ цалынмӕ ӕмбырды раз ӕрлӕууай, уӕдмӕ уал ӕй хӕдзары радзурай. Афтӕмӕй дын канд йӕ радзурын нӕ уыдзӕн ӕнцон, фӕлӕ ма дӕм адӕм хъусгӕ дӕр цымыдисӕй кӕндзысты ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ дӕр агайдзынӕ.
Ӕцӕг, ӕмбырды ӕфсымӕртӕн ӕргом раныхас куы бахӕс кӕнынц, уӕд сын раттынц пълан дӕр. Фӕлӕ ӕндӕр раныхӕстӕн фылдӕр хатт пълан вӕййы хи аразинаг. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын ӕрмӕст ныхасы сӕр бацамоной, кӕнӕ дӕ цӕуыл дзурын хъӕудзӕн, уый дын дыууӕ ныхасӕй зӕгъой. Кӕнӕ та дын бахӕс кӕной раныхас цӕттӕ текстмӕ гӕсгӕ радзурын. Хаттӕй-хатт та дын-иу гӕнӕн ис цалдӕр ныхасӕй бацамоной, цы ӕмӕ дӕ куыд дзурын хъӕудзӕн, уый. Ахӕм раныхӕстӕй алкӕцыйӕн дӕр пълан аразын хъӕудзӕн дӕхи.
41-ӕм фарсыл фенӕн ис, цыбыр пълан куыд аразын хъӕуы, уый. Дӕ хъус ма ӕрдар, сӕйраг хъуыдытӕ райдайынц галиуырдыгӕй ӕмӕ фыст сты стыр дамгъӕтӕй. Алы сӕйраг хъуыдыйы бынмӕ дӕр ис, бӕлвырддӕр ӕй чи кӕны, ӕндӕр ахӕм хъуыдытӕ. Уыцы хъуыдыты бынмӕ та ис ӕндӕр уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ, ӕмӕ уыдон та фыст сты мидӕгаудӕр. Ацы пълан куыд арӕзт у, уымӕ дзӕбӕх ӕркӕс. Дӕ хъус ӕрдар, дыууӕ сӕйраг хъуыдыйы ныхасы сӕримӕ комкоммӕ баст кӕй сты, уымӕ. Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ афтӕ ӕнӕуи рӕсугъдӕн не сты. Алкӕцыдӕр дзы ӕххуыс кӕны, цы сӕйраг хъуыдыйы бын ис, уый бамбарынӕн.
Дӕхӕдӕг цы пълан саразай, уый бынтон ахӕм ай-гъай нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр, пълан куыд аразын хъӕуы, уый куы бамбарай, уӕд дӕ бон уыдзӕн, цы ӕрмӕг дӕм ис, уый, иу хъуыды дзы иннӕмӕ ӕнцонӕй куыд хиза, афтӕ фӕд-фӕдыл равӕрын ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ хорз раныхас бацӕттӕ кӕнын. Уӕдӕ цӕмӕй ис райдайӕн?
Хъуыды кӕн, ӕвзар ӕмӕ фӕд-фӕдыл ӕвӕр
Дӕу хъӕуы, дӕ ныхасы сӕр цы уыдзӕн, уый сбӕлвырд кӕнын. Ныхасы сӕр, иу ныхасӕй кӕмӕн ис зӕгъӕн, ахӕм иумӕйаг фарста нӕу. Ныхасы сӕр у, чи дӕм хъуса, уыдонӕн цы ахсджиаг цыдӕр зӕгъинаг дӕ ӕмӕ дӕ
раныхас цӕй бындурыл араздзынӕ, уый. Кӕд ӕмӕ дӕ ныхасы сӕр амынд у, уӕд дзы алы дзырдмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕс. Дӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн, уый кӕд мыхуыргонд ӕрмӕджы бындурыл арӕзт у, уӕд ӕй лӕмбынӕг сахуыр кӕн, дӕ ныхасы сӕр дӕ хъуыдыйы дар, афтӕмӕй. Кӕд ӕмӕ дӕ цӕуыл дзурын хъӕудзӕн, ӕрмӕстдӕр дын уый бацамыдтой, уӕд та дӕхи хъӕудзӕн дӕ ныхасӕн сӕр ӕрхъуыды кӕнын. Фӕлӕ уал дӕ раздӕр хъӕуы уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг бацагурын. Дӕ алыварс цы ис, цы уыныс, цы хъусыс, уымӕ дӕ хъус лӕмбынӕг дар, ӕмӕ-иу дӕм афтӕмӕй ног хъуыдытӕ ӕрцӕудзӕн.Уӕлдӕр цӕуыл дзырдтам, уыдӕттӕ аразгӕйӕ хъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: кӕмӕн ӕй дзурдзынӕн, уыдоны цӕмӕн хъӕуы? Мӕ раныхасӕй сын цы зӕгъинаг дӕн? Дӕ нысан уый хъуамӕ ма уа, ӕмӕ ӕрмӕг кӕрӕй-кӕронмӕ радзурай, кӕнӕ афтӕ рӕсугъд дзурай, ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдон ӕй дисӕн куыд хӕссой. Уымӕн сын ӕй дзурыс, цӕмӕй дӕм чи хъуса, уыдонӕн царды исты ахъаз фӕуа. Уӕдӕ дӕ раныхасӕн йӕ нысан цы у, уый куы сбӕлвырд кӕнай, уӕд ӕй ныффысс, ӕмӕ йӕ цӕттӕгӕнгӕйӕ ӕдзухдӕр дӕ зӕрдыл дар.
Дӕ раныхасӕн йӕ нысан ӕмӕ йӕ сӕр цы уыдзӕн (кӕд ын сӕр лӕвӕрд у, уӕд та, дӕ разы цы нысан ӕвӕрыс, уыимӕ куыд баст у), уый куы аскъуыддзаг кӕнай, уӕд зондзынӕ, бӕлвырдӕй дӕ цы агурын хъӕуы, уый. Агур, чи дӕм хъуса, уыдоны ӕцӕг чи бахъӕудзӕн, ахӕм ӕрмӕг. Фаг не сты иумӕйаг ныхӕстӕ, агур бӕлвырд, арф ӕмӕ ӕцӕгӕй пайда чи уыдзӕн, ахӕм хъуыдытӕ. Фӕлӕ ӕгӕр бирӕ агурын дӕр нӕ хъӕуы. Арӕх ӕрмӕг афтӕ бирӕ вӕййы, ӕмӕ та дзы стӕй, уӕлдай цы у, уый ӕвзарын бахъӕуы.
Рахицӕн кӕн сӕйраг хъуыдытӕ, цӕмӕй дӕ ныхасы сӕр цы у, уый райхалай ӕмӕ дӕ разы цы нысан ӕвӕрыс, уый дӕ къухы бафта. Уыдон уыдзысты дӕ ныхасӕн йе «стӕгдар», дӕ ныхас цӕуыл «ӕнцайдзӕн», уый. Раныхасы цал сӕйраг хъуыдыйы хъуамӕ уа? Цалдӕр минуты раныхасӕн фаг у дыууӕ сӕйраг хъуыдыйы, цыппар-фондз та фаг сты, сахаты бӕрц чи вӕййы, ахӕм раныхасӕн дӕр. Сӕйраг хъуыдытӕ цас къаддӕр уой, уыйас фидардӕрӕй зӕгъӕн ис, адӕм сӕ кӕй бахъуыды кӕндзысты.
Дӕ ныхасы сӕр ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ куы сбӕлвырд кӕнай, уӕд та хъӕуы, цы ӕрмӕг ӕрӕмбырд кодтай, уый фӕд-фӕдыл равӕрын. Ахъуыды кӕн, сӕйраг хъуыдытӕм дзы ӕнӕмӕнгӕй цы хауы. Равзар дзы, дӕ ныхасы дын уд чи бауадздзӕн, ахӕм хъуыдытӕ. Сӕйраг хъуыдытӕм Библийӕ стихтӕ куы ӕвзарай, уӕд фӕнысан кӕн, уыцы стихтӕ дын хуыздӕр бамбарын кӕнынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм
хъуыдытӕ. Алы хъуыдыйӕн дӕр бынат скӕн, цы сӕйраг хъуыдымӕ хауы, уый бын. Кӕд ӕмӕ, цы ӕрмӕг ссардтай, уый сӕйраг хъуыдытӕй никӕцымӕ хауы, уӕд ӕй, цыфӕнды хорз хъуыды куы уа, уӕддӕр айс, йе та йӕ ӕндӕр хатмӕ нывӕр. Ныууадз дзы ӕрмӕстдӕр иууыл хуыздӕр хъуыдытӕ. Дӕ зӕрдыл дар, ӕгӕр бирӕ дзуринаг дӕм куы уа, уӕд дӕ тагъд дзурын кӕй хъӕудзӕн ӕмӕ дзы афтӕмӕй иу хъуыды дӕр кӕронмӕ кӕй нӕ райхалдзынӕ. Фӕлтау дыууӕ ныхасы зӕгъ, фӕлӕ хуызӕнӕн. Цы рӕстӕг дын ис, уымӕй фылдӕр ма дзур.Ныр та (кӕд уый раздӕр нӕ бакодтай, уӕд) дӕ ӕрмӕг равӕр, алы хъуыды дӕр дзы йӕ бынаты куыд уа ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст куыд уой, афтӕ. Растдӕр афтӕ бакодта Лука, йӕ Евангели куы фыста, уӕд. Цӕй тыххӕй фыссинаг уыд, уый фӕдыл бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд сӕ стӕй «кӕрӕдзийы фӕдыл» равӕрдта (Лук. 1:3). Ӕрмӕг алыхуызӕтты ис равӕрӕн. Зӕгъӕм, цаутӕ куыд цыдысты, уымӕ гӕсгӕ кӕнӕ хицӕн фарстатӕм гӕсгӕ; йе та ахӕм фӕткмӕ гӕсгӕ: цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн, кӕнӕ — цы нӕ тыхсын кӕны ӕмӕ йын цы хос ис. Ӕрмӕг куыд равӕрдзынӕ, уый, дӕ разы цы нысан ӕвӕрыс, уымӕй кӕнгӕ у. Иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ ма гӕпп кӕн. Ныхасмӕхъусджытӕ хъуамӕ ӕнцонӕй хатой, иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ куыд рахизыс, уый, ӕмӕ дӕ хъуыдыты ’хсӕн «хидтӕ» ӕвӕрд куы нӕ уа, уӕд сын уый зын уыдзӕн. Цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссыс, уыдон сын хъуамӕ ӕххуыс кӕной раст хатдзӕгтӕм ӕрцӕуынӕн. Дӕ ныхасы хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куы ӕвӕрай, уӕд хъуыды кӕн дӕ ныхасмӕхъусджытыл: куыд ӕй ӕмбардзысты? Ӕнцон сын уыдзӕн, хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый фенын? Дӕ ныхас сын сӕ зӕрдӕ бацагайдзӕн, цӕй тыххӕй сын ӕй дзурыс, уый бамбардзысты?
Иннӕ къахдзӕф: дӕ ныхасӕн ӕрхъуыды кӕн, адӕмы зӕрдӕйыл чи сӕмбӕлдзӕн ӕмӕ, цӕуыл дзурдзынӕ, уыдӕттӕ сӕ ӕцӕгдӕр кӕй хъӕуынц, уый кӕй фӕрцы бамбарой, ахӕм разныхас. Чи зоны дын ӕнцондӕр уа, фыццаг цалдӕр хъуыдыйады фысгӕ куы ныккӕнай, уӕд. Ӕппынфӕстаг, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта, уый тыххӕй скӕн, зӕрдӕйыл чи сӕмбӕла, ахӕм кӕронбӕттӕн.
Пълан рагацау куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд дын уыдзӕн рӕстӕг, цӕмӕй ма йыл ноджыдӕр бакусай ӕмӕ йӕ фӕхуыздӕр кӕнай. Чи зоны, фӕхатай, кӕмдӕрты ма дӕ кӕй хъӕуы цалдӕр бӕлвырдгӕнӕны кӕнӕ цӕвиттон бафтауын, йе та исты цау радзурын. Ӕрӕджы чи ӕрцыд, ахӕм хабар куы ракӕнай кӕнӕ, кӕм цӕрыс, уым адӕмы цы тыхсын кӕны, ахӕм исты куы радзурай, уӕд дӕ ныхас ахадгӕдӕр уыдзӕн. Дӕ раныхасмӕ ма ноджыдӕр куы ’ркӕсай, уӕд ма, гӕнӕн ис, фенай, ӕрмӕг кӕмӕн дзурыс, уыдонмӕ йӕ тынгдӕр куыд ис ахӕссӕн, уый дӕр. Цӕттӕ раныхасыл ма ноджыдӕр хъӕуы бакусын ӕмӕ йӕ фӕхуыздӕр кӕнын, цӕмӕй мидисджындӕр уа.
Ӕфсымӕртӕй чи цыбыр пълан аразын уарзы, чи — даргъдӕр. Фӕлӕ ӕрмӕг цалдӕр сӕйраг хайыл дих кӕнын, уыцы хӕйтты сӕйраг хъуыдытӕ райхалынӕн цы нӕ бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ айсын ӕмӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийы фӕдыл раст ӕвӕрын куы сахуыр уай, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ, алы ныхас дӕр дӕ фыссын кӕй нал хъӕуы. Ахъуыды ма кӕн, ӕнӕхъуаджы цас рӕстӕг нал сафдзынӕ! Дӕ раныхӕстӕ куыд фӕхуыздӕр уыдзысты, уый та! Уӕд алчидӕр уындзӕн, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы дзӕгъӕлы кӕй нӕ ахуыр кӕныс.