Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 УРОК

Раст дзур

Раст дзур

ЧЫРЫСТӔТТӔЙ алчи хорз ахуыр нӕ райста. Апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоаннӕй ма афтӕ дӕр загътой, зӕгъгӕ, «уыдон чиныджыбакаст адӕм... не сты, фӕлӕ сты сау адӕмӕй» (Ап. к. 4:13, НФ). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ ныхасы ма рӕдийӕм, кӕннод адӕмӕн зын уыдзӕн Библийы ӕцӕгадмӕ хъусын.

Цы хъӕуы зӕрдыл дарын. Раст дзурыны ӕгъдӕуттӕ алы ӕвзаджы дӕр алыхуызӕттӕ сты. Зӕххыл цы ӕвзӕгтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕрыл фыссынц дамгъӕтӕй. Кириллицӕ — ирон фыссынад цы алфавиты бындурыл арӕзт у, уымӕй дарддӕр ма ис арабаг, грекъаг, дзуттаг ӕмӕ латинаг алфавиттӕ дӕр. Китайаг ӕвзагыл та фыссынц ӕнӕуи дамгъӕтӕй нӕ, фӕлӕ нывдамгъӕтӕй. Уыцы нывдамгъӕтӕ арӕзт вӕййынц цалдӕргай хӕххытӕй ӕмӕ амонынц кӕнӕ дзырд ӕнӕхъӕнӕй, кӕнӕ дзырды уӕнг. Кӕд япойнаг ӕмӕ корейаг фыссынад дӕр китайаг нывдамгъӕтӕй арӕзт у, уӕддӕр уыцы ӕвзӕгты нывдамгъӕтӕй бирӕтӕ хъуысгӕ дӕр ӕндӕрхуызон кӕнынц ӕмӕ амонгӕ дӕр бынтон ӕндӕр цыдӕртӕ кӕнынц.

Фыссынад дамгъӕтӕй арӕзт кӕм у, уыцы ӕвзӕгтыл цӕмӕй адӕймаг раст дзура, уый тыххӕй раст кӕсын хъӕуы алы дамгъӕ кӕнӕ дамгъӕты къорд дӕр. Раст дзурыны ӕгъдӕуттӕ фидар ӕвӕрд цы ӕвзӕгты сты, уыдоныл (зӕгъӕм, грекъаг, испайнаг кӕнӕ зулуйы ӕвзӕгтыл) раст дзурын ӕнцон у. Фӕлӕ бирӕ ӕвзӕгтыл тынг фӕзынди ӕндӕр ӕвзӕгты тӕваг, ӕмӕ иуӕй-иу дзырдтӕ дзургӕ дӕр фӕкӕнынц, цы ӕвзагӕй сӕ ӕрбайстой, уыцы ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ уӕд кӕцыдӕр дамгъӕтӕ кӕнӕ дамгъӕты къордтӕ фӕдзурынц цалдӕр хуызы, йе та сӕ ныхасы мидӕг бынтондӕр ауадзынц. Кӕд де ’взаджы дӕр ахӕм дзырдтӕ ис, уӕд сӕ бахъуыды кӕн ӕмӕ сӕ дӕ ныхасы мидӕг арӕхдӕр дзур. Китайаг ӕвзагыл дзырдтӕ раст дзурынӕн адӕймаджы бахъуыды кӕнын хъӕуы мингай нысӕнттӕ. Иуӕй-иу ӕвзӕгтӕ афтӕ арӕзт сты, ӕмӕ, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ хъӕлӕсы уаг гыццыл дӕр фӕивта, уӕд бынтондӕр фӕивы дзырды нысаниуӕг дӕр. Ӕмӕ ахӕм ӕвзагыл дзурӕг уыдӕттӕм йӕ хъус лӕмбынӕг куы нӕ дара, уӕд, цы хъӕуы, уый нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цыдӕртӕ дзурдзӕн.

Ӕвзаджы мидӕг дзырдтӕ уӕнгтӕй конд куы уой, уӕд цавд ӕвӕрын хъӕуы, цы уӕнгыл хауы, ууыл. Бирӕ ӕвзӕгты дзургӕ-дзурын цавд алыхатт дӕр фӕхауы уыцы иу уӕнгыл, ома фыццаг, дыккаг кӕнӕ ӕртыккаг уӕнгыл. Уыцы фӕткмӕ гӕсгӕ цы дзырдтӕ нӕ фӕдзурынц, уыдоны та фысгӕйӕ ӕвӕрдӕуы цавды нысан. Ӕмӕ сӕ уый фӕрцы ӕнцондӕр вӕййы раст зӕгъын. Фӕлӕ ӕвзаджы мидӕг цавд алы ӕмӕ алы уӕнгтыл куы хауа, уӕд раст дзурын зындӕр у. Ахӕм ӕвзагыл дзургӕйӕ адӕймаджы хъӕуы, алы дзырд дӕр куыд кӕсгӕ у, уый бахъуыды кӕнын.

Иуӕй-иу ӕвзӕгты стыр нысаниуӕг ис, дамгъӕты сӕрмӕ кӕнӕ сӕ бынмӕ цы нысӕнттӕ вӕййы, уыдонӕн. Ирон ӕвзаджы ахӕм нысанимӕ ис дамгъӕ «й». Уӕдӕ дын ӕмбырды кӕсын куы бахӕс кӕной, уӕд цӕттӕ кӕнгӕйӕ уымӕ дӕ хъус дар.

Раст дзурыныл архайгӕйӕ цӕмӕйдӕрты хъӕуы хи хизын дӕр. Дзырдтӕ ӕгӕр раст куы дзурай, уӕд иннӕтӕм афтӕ кӕсдзӕн, цыма аразгӕ ныхас кӕныс ӕмӕ дӕхи ӕвдисыс, мӕнӕ куыд рӕсугъд дзурын, зӕгъгӕ. Уый зӕгъӕн ис, адӕймаг, дзырдтӕ раздӕр куыд дзырдтой, фӕлӕ сӕ абон куыд нал дзурынц, афтӕ куы дзура, уӕд дӕр. Афтӕмӕй дзурӕг никӕмӕн ницы пайда хӕссы, адӕмы ӕргом йӕхимӕ цы здахы, ӕндӕр. Фӕлӕ куыд дзурӕм, уымӕ нӕ хъус бынтон ма дарӕм, уый дӕр раст нӕ уыдзӕн. Мах нӕхи хизын хъӕуы ӕдзӕлгъӕд ныхасӕй. Ныхасы ацы фӕзилӕнтӕй кӕцыдӕртыл дзырд цыди урочы, «Дзырдтӕ сыгъдӕг дзур», зӕгъгӕ.

Иу ӕвзагыл дзурӕг адӕм дӕр алы бӕстӕты, йе та иу бӕстӕйы дӕр алы рӕтты куы фӕцӕрынц, уӕд дзырдтӕ ӕмхуызон нӕ фӕдзурынц. Ӕндӕрбӕстаг адӕймагӕн, цы адӕмы ’хсӕн ис, уыдоны ӕвзагыл дзургӕйӕ вӕййы йӕхи ныхасыздӕхт. Хатт дзырдуӕттӕ фӕамонынц, дзырд цалдӕр хуызы кӕй ис зӕгъӕн. Кӕд дӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурын кӕй хъӕуы кӕнӕ дӕм фаг ахуырдзинад кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ дын раст дзурын зын у, уӕд лӕмбынӕг хъус, ӕвзагыл хорз чи дзуры, уыдонмӕ, ӕмӕ уыдон куыд дзурынц дзырдтӕ, ды дӕр сӕ афтӕ дзур; уый дын тынг феххуыс уыдзӕн. Мах Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ ныхасы уаг, цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕн йӕ кад дӕлӕмӕ ма кӕна, ӕмӕ йӕ цы адӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн ӕнцонӕмбарӕн уа.

Ӕнӕуи ныхасы мидӕг иууыл хуыздӕр у, хорз кӕй зоныс, ахӕм дзырдтӕй пайда кӕнын. Уӕд раст дзурын дӕр зын нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ адӕймаг хъӕрӕй куы фӕкӕсы, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы сӕмбӕлы, ӕнӕуи ныхасы кӕй нӕ фӕдзуры, ахӕм дзырдтыл. Ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты та хъӕрӕй кӕсын арӕх фӕхъӕуы. Зӕгъӕм, уацамынды нӕ бахъӕуы адӕймагӕн Библийӕ цыдӕртӕ бакӕсын. Ӕфсымӕртӕн ма бахӕс кӕнынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр ӕмӕ чиныгахуыры рӕстӕджы ӕрмӕг кӕсын дӕр. Куыд раст кӕсдзыстӕм, уымӕй бирӕ аразгӕ у, уымӕн ӕмӕ кӕцыдӕр дзырдтӕ раст куы нӕ зӕгъӕм, уӕд кӕмӕн кӕсӕм, уыдон ӕрмӕджы мидисыл нӕ хъуыды кӕндзысты, фӕлӕ нӕ рӕдыдтытыл.

Цы саразӕн ис. Раст чи нӕ дзуры, уыдон ӕй арӕх сӕхӕдӕг хатгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц. Уӕдӕ дын Скъолайы цӕстдарӕг куы зӕгъа, дӕ ныхасы дӕ цӕуылдӕр бакусын хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд дзы йӕ хорз уынаффӕйӕ бузныг у. Иугӕр, кӕм къуыхцы кӕныс, уый зоныс, уӕд цы ис саразӕн?

Исты дын хъӕрӕй кӕсын куы бахӕс кӕной, уӕд фыццаджыдӕр рӕстӕг ссар дзырдуатмӕ ӕркӕсынӕн. Фен дзы, ӕнӕзонгӕ дын цы дзырдтӕ сты, уыдоныл цавд кӕм ӕвӕргӕ у, уый. Кӕд дзырдуатимӕ архайын нӕ зоныс, уӕд ӕркӕс, фыццаг фӕрстыл дзы цы амындтӕ ис, уыдонмӕ, кӕнӕ та искӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй бацамондзӕн. Дзырдуат фӕамоны, дыууӕ кӕнӕ фылдӕр уӕнгтӕ цы дзырдты вӕййы, уыдоны цавд кӕцы уӕнгыл хауы, уый. Хатт дзырдӕн зӕгъӕн вӕййы афтӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр хуызы дӕр, цы хъуыдыйады ӕмбӕлы, уымӕн йӕ мидисмӕ гӕсгӕ. Дзырд куыд дзурын хъӕуы, уый дзырдуаты куы фенай, уӕд ӕй ма сӕхгӕн, цалынмӕ йӕ цалдӕр хатты не сфӕлхат кӕнай.

Дӕ ныхасы мидӕг кӕм рӕдийыс, уый сраст кӕнынӕн ма хорз уаид, дзырдтӕ раст чи дзуры, ахӕм искӕмӕн куы зӕгъис, ӕмӕ куыд кӕсыс, уымӕ байхъуса ӕмӕ-иу дын дӕ рӕдыдтытӕ бараст кӕна.

Цӕмӕй дзырдтӕ раст дзурын сахуыр уай, уый тыххӕй ма ис ноджыдӕр иу мадзал — хъус, дзырдарӕхст адӕм куыд дзурынц, уымӕ. Ӕндӕрхуызон цы дзырдтӕ дзурынц, уыдонмӕ дӕ хъус дар. Фысс сӕ дӕхимӕ ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ дӕхицӕн хъӕрӕй дзур. Цадӕггай сахуыр уыдзынӕ ӕппӕт дзырдтӕ дӕр раст дзурын ӕмӕ уый фӕрцы бӕрӕг фӕхуыздӕр уыдзӕн дӕ ныхасыхъӕд.