Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 УРОК

Раст кӕс

Раст кӕс

ФЫСТАД нын куыд дзуры, афтӕмӕй Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм се ’ппӕт дӕр «ӕцӕгад базоной» (1 Тим. 2:4, НФ). Уӕдӕ нӕ кӕд адӕмӕн, раст цы у, уый бацамонын фӕнды, уӕд уый хъуамӕ бӕрӕг уа, иннӕтӕн Библи куыд кӕсӕм, уымӕй.

Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ хъӕрӕй хорз кӕсын хъӕуы куыд ӕрыгӕтты, афтӕ ацӕргӕты дӕр. Махыл, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл, уыцы хӕс ис, ӕмӕ хъуамӕ адӕмӕн Иегъовӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзурӕм. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ арӕх цыдӕр кӕсын бахъӕуы кӕм иу адӕймагӕн, кӕм та цалдӕрӕн. Афтӕ ма фӕкӕсӕм нӕ бинонтимӕ дӕр. Ӕмӕ цӕмӕй хъӕрӕй раст кӕсӕм, уымӕн та нӕ алкӕмӕндӕр — ӕфсымӕртӕн дӕр ӕмӕ хотӕн дӕр, ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр — баххуыс кӕндзысты, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы нын цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдон.

Библи иу адӕймагӕн кӕсай ӕви ӕгас ӕмбырдӕн,— уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Библи Хуыцауы удцырынӕй фыст у. Уымӕй дарддӕр «Хуыцауы дзырд цӕрдуд ӕмӕ хъаруджын у... ӕмӕ тӕрхон кӕны зӕрдӕйы фӕндтӕн ӕмӕ хъуыдытӕн» (Дзут. 4:12, НФ). Адӕймаг Хуыцауы Ныхасӕй цы ахсджиаг цыдӕртӕ базоны, уый ӕндӕр никӕцӕй базонӕн ис. Уыцы чиныгӕй ис базонӕн, чи у иунӕг ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ хӕлар суай, уый тыххӕй цы аразын хъӕуы; уый нын ӕххуыс кӕны царды зындзинӕдты сӕрты ӕнтыстджынӕй хизынӕн. Хуыцау ма нын йӕ Ныхасы амоны, йе сконд ног дунейы ӕнустӕм цӕрынӕн цы хъӕуы, уый дӕр. Уӕдӕ нӕ уд куыннӕ хъуамӕ хъарӕм, Библи, нӕ бон куыд у, афтӕ хорз кӕсыныл! (Пс. 118:140; Иер. 26:2).

Цы хъӕуы раст кӕсынӕн. Хорз кӕсынӕн бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы, фӕлӕ уал фыццаджыдӕр хъӕуы, гӕххӕттыл цы ис фыст, уый раст кӕсын. Кӕсгӕ-кӕсын-иу дзырдтӕ ма ауадз, сӕ кӕрӕттӕ кӕнӕ сын сӕ фӕсӕфтуантӕ ма «ныхъуыр» ӕмӕ ӕмхуызон дзырдтӕ ма хӕццӕ кӕн.

Ӕрмӕджы иумӕйагӕй дзырд цӕуыл цӕуы, уый куы ӕмбарай, раст уӕд кӕсдзынӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы бӕстон цӕттӕ кӕнын. Цадӕггай сахуыр уыдзынӕ, кӕсгӕ-кӕсын ӕрмӕст иу дзырд уынын нӕ, фӕлӕ ма, йӕ фӕстӕ цы дзырдтӕ фыст ис, уыдон дӕр, ӕмӕ-иу хъуыды уайтагъд ацахсдзынӕ. Уый дӕ къухы куы бафта, уӕд бирӕ хуыздӕр ӕмӕ растдӕр кӕсдзынӕ.

Фыст ныхасы ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй бирӕ аразгӕ у. Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй бӕрӕг вӕййы, фӕлӕууын кӕм ӕмӕ цас хъӕуы кӕнӕ хъӕлӕсы уаг кӕм ӕмӕ куыд фӕивын хъӕуы, уыдӕттӕ. Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕм гӕсгӕ хъӕлӕсы уаг фӕивын кӕм хъӕуа, уым ӕй, зӕгъгӕ, нӕ фӕивтай, уӕд фарстон хъуыдыйадӕй, гӕнӕн ис, рауайа ӕнӕуи хъуыдыйад, йе та йӕ хъуыды бынтондӕр фӕива. Ӕцӕг, хаттӕй-хатт ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ фӕхъӕуынц ӕрмӕстдӕр хъуыдыйӕдтӕ раст аразынӕн. Де ’взаджы ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй куыд пайда кӕнынц, уый ӕнӕмӕнг сахуыр кӕн. Уӕд бирӕ хуыздӕр ӕмӕ аивдӕр кӕсдзынӕ. Куыдфӕнды ма уа, дӕ зӕрдыл дар, дзырдтӕ ӕнӕуи бакӕсын кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ уыцы дзырдтӕй иумӕ цы хъуыдытӕ рауайы, уыдон раст радӕттын.

Цӕмӕй раст кӕсын сахуыр уай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы дӕхиуыл бирӕ кусын. Бакӕс иу абзац, уый фӕстӕ ӕрлӕуу ӕмӕ та йӕ ногӕй бакӕс, ӕмӕ афтӕ — цалынмӕ йӕ ӕнӕрӕдыдӕй нӕ кӕсай. Уый фӕстӕ ахиз иннӕ абзацмӕ. Ӕппынфӕстаг ногӕй, ӕнӕрхӕцгӕйӕ бакӕс цалдӕр фарсы: иу дзырды дӕр дзы куыд нӕ фӕрӕдийай, иу дзырд дӕр дзы куыд нӕ ауадзай, афтӕ. Уый фӕстӕ искӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ ды куыд кӕсай, афтӕ уый дӕр ӕрмӕгыл йӕ цӕст хӕсса ӕмӕ-иу кӕм фӕрӕдийай, уым-иу дӕ бараст кӕна.

Хатт адӕймагӕн кӕсын зын вӕййы, цӕстӕй дзӕбӕх кӕй нӕ фӕуыны кӕнӕ уаты мынӕг рухс кӕй вӕййы, уый тыххӕй дӕр. Къуылымпыйы хос дын цы у, уымӕн, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, исты куы бакӕнай, уӕд хуыздӕр кӕсдзынӕ.

Фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕй кӕсынмӕ хорз чи арӕхсы, уыдонӕн бахӕс кӕнынц ӕмбырды чиныгахуыр ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры фембӕлдты цы ӕрмӕг фӕахуыр кӕнӕм, уый иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсын. Уыцы хӕс, куыд ӕмбӕлы, афтӕ сӕххӕст кӕнынӕн дзырдтӕ раст бакӕсын фаг нӕу. Ӕмбырды иннӕтӕн хорз уӕд кӕсдзынӕ, ӕмӕ дӕхицӕн дӕр хорз куы кӕсай. Зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ хъуыдыйады иу дзырд дӕр дзӕгъӕлы нӕй, алкӕцыдӕр дзы цӕйдӕр тыххӕй хъӕуы. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дзырдтӕй кӕцыдӕртӕ ауадзай ӕмӕ уыимӕ хъуыды ма фесӕфа. Дзырдтӕ куы схӕццӕ кӕнай (суанг дӕхицӕн кӕсгӕйӕ дӕр), уӕд ӕнӕмӕнг схӕццӕ уыдзӕн хъуыды дӕр. Адӕймаг та дзырдтӕ раст уӕд нӕ бакӕсы, иумӕйагӕй дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ йӕ хъус куы нӕ фӕдары. Уӕдӕ архай, алы дзырд дӕр, кӕм ӕй кӕсыс, уым цы амоны, уый бамбарыныл. Дӕ хъус дар, хъуыдыйады мидис ӕрхӕцӕн нысӕнттыл куыд баст у, уымӕ дӕр. Хъуыды фылдӕр хатт иу дзырдӕй нӕ, фӕлӕ цалдӕр дзырдӕй арӕзт вӕййы. Дӕ хъус дар ахӕм дзырдты къордтӕм ӕмӕ хъӕрӕй куы кӕсай, уӕд-иу хицӕн дзырдтӕ ма кӕс, фӕлӕ ӕнӕхъӕн дзырдбӕстытӕ ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕ. Цы кӕсыс, уый дӕхӕдӕг хорз куы ӕмбарай, уӕд ӕй дӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр афтӕ бакӕсын, Хуыцау сын цы зӕгъинаг у, уый раст куыд бамбарой.

Апостол Павел фӕдзӕхста иу фӕлтӕрд чырыстон хистӕр нӕлгоймагӕн: «Дарддӕр дӕр кӕс иннӕтӕн» (1 Тим. 4:13, НД). Куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йӕ кӕсыны хъуыддаджы цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын ма хъӕуа.