Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 УРОК

Раст ӕмӕ ӕцӕг цы у, уый дзур

Раст ӕмӕ ӕцӕг цы у, уый дзур

ХАТТ афтӕ цӕмӕн рауайы, ӕмӕ чырыстон, ӕцӕг цы нӕу, ахӕм цыдӕр фӕзӕгъы? Зӕгъӕм, цы фехъуыста, уый кӕмӕндӕр куы зӕгъа, раст у ӕви нӕ, уый та зонгӕ дӕр куы нӕ бакӕна. Йе та цыдӕр уӕлӕнгӕйтты куы акӕса, раст ӕй куы нӕ бамбара, ӕмӕ йӕ дзургӕ дӕр раст куы нӕ ракӕна. Цыфӕнды гыццыл хъуыддаджы дӕр раст куы дзурӕм, уӕд нӕ ныхасмӕхъусджытӕ нӕ фӕдызӕрдыг уыдзысты, ахсджиагӕй сын цы дзурӕм, уыдӕттыл дӕр.

Уацамынды. Иуӕй-иутӕ хъусын кӕнын райдайынмӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц, ницы зонын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ фӕхатынц, ӕрмӕст ӕцӕгады райдиантӕ зонгӕйӕ дӕр сӕ бон кӕй у адӕмӕн бирӕ цыдӕртӕ бамбарын кӕнын. Цӕй фӕрцы? Сӕхи хорз бацӕттӕ кӕнынц.

Уацамынды цӕуыл дзурдзынӕ, уымӕ-иу рагацау ӕркӕс. Ахъуыды кӕн, адӕймаг дӕм цавӕр фарстытӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ратта. Библийы бацагур, бӕлвырд дзуапп сын кӕм ис, ахӕм стихтӕ. Ахӕм фарстытӕн дзуапп куы ссарай, уӕд адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ нӕ тыхсдзынӕ. Искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд та? Цы ӕрмӕг ӕвзардзыстут, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕс. Цы фарстытӕ дзы ис, уыдонӕн Библийы стихтӕ дзуапп куыд дӕттынц, уый хъуамӕ дзӕбӕх ӕмбарай.

Уацамынды кӕнӕ дӕм куысты исчи, цӕттӕ кӕмӕ нӕ дӕ, ахӕм фарст куы ратта, уӕд та куыд бакӕнын хъӕуы? Кӕд хъуыддаг бӕлвырдӕй нӕ зоныс, уӕд ӕнхъӕлӕй ма дзур. «Рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ хъуыды акӕны» (Ӕмб. 15:28). Стыр ӕххуыс дын уыдзысты брошюрӕ «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн» ӕмӕ чиныг «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» (кӕд де ’взагыл сты, уӕд). Кӕд дзы демӕ никӕцы уа, уӕд ын зӕгъ, ацы фарста раиртасдзынӕн ӕмӕ дын иннӕ хатт ратдзынӕн дзуапп, зӕгъгӕ. Кӕд дӕ адӕймаг ӕнӕхинӕй фарсы, уӕд раст дзуапмӕ ӕнӕбанхъӕлмӕгӕсгӕ нӕ фӕуыдзӕн. Афтӕ сӕрныллӕг кӕй дӕ, уый тыххӕй ма дын, чи зоны, йӕ цӕсты стырдӕр кад дӕр уа.

Фӕлтӕрд хъусынгӕнджытимӕ-иу куы уай уацамынды, уӕд-иу сӕм кӕс, ӕмӕ ахуыр кӕн Хуыцауы Ныхас раст амонын. Дӕ хъус дар, Библийӕ цавӕр стихтӕ ӕрхӕссынц ӕмӕ сӕ куыд бамбарын кӕнынц, уымӕ. Кӕмдӕр дӕ бараст кодтой кӕнӕ, мӕнӕ афтӕ бакӕнын хуыздӕр уыдзӕн, зӕгъгӕ, дын загътой, уӕд у сӕрныллӕг ӕмӕ сӕ бузныгӕй баззай. Зынгзӕрдӕ ахуыргӕнинаг Аполлосӕн стыр ахъаз фӕци, иннӕты ӕххуысыл йӕхи кӕй нӕ атигъ кодта, уый. Лука куыд фыссы, афтӕмӕй уый уыди «дзурынмӕ рӕвдз», «Фыстытӕ хорз зонӕг» ӕмӕ йӕ удӕй арт чи цагъта, ахӕм адӕймаг. Уый «дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта Хицауы [Йесойы] тыххӕй раст». Фӕлӕ цыдӕртӕ дзӕбӕх не ’мбӕрста. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ уый куы фӕхатыдысты, уӕд ӕй сӕхимӕ «ӕрбакодтой, ӕмӕ йын бӕлвырдӕй бамбарын кодтой Хицауы [«Хуыцауы», НД] фӕндаг» (Ап. к. 18:24—28).

«Ӕцӕгады дзырдыл [фидар] хӕц». Фембӕлдты сценӕйӕ цы фӕдзурӕм, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, ӕмбырдӕн стыр аргъ кӕй кӕнӕм, «ӕцӕгады рӕбинаг цӕджындз ӕмӕ бындурыл» ӕй кӕй нымайӕм (1 Тим. 3:15, НФ). Ӕцӕгадыл фидар уӕд хӕцдзынӕ, дӕ ныхасы Библийӕ цы стихтӕ ӕрхӕссинаг дӕ, уыдон хорз куы ӕмбарай. Дӕ хъус дар, кӕцӕй ист сты ӕмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты фыст, уымӕ.

Ӕмбырды фембӕлды цы зӕгъай, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ноджы искӕмӕн радзурой. Цы йыл дзурӕм, «не ’ппӕт дӕр, ӕвӕдза, тыхджын... рӕдийӕм» (Иак. 3:2, НФ). Фӕлӕ дӕхиуыл куы кусай, алыхатт дӕр раст цы у, уый куы дзурай, уӕд къаддӕр рӕдийдзынӕ. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цы ӕфсымӕртӕ фыст сты, уыдонӕй бирӕтӕ суыдзысты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Ӕмӕ ахӕм стыр бӕрндзинад кӕуыл ис, уыдонмӕ та «фылдӕр» цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц (Лук. 12:48). Хистӕр нӕлгоймаг ӕнӕрхъуыдыйӕ раст уынаффӕ куы нӕ ратта ӕмӕ уыйадыл ӕмбырды уӕнгтӕ стыр мӕстыты хай куы фӕуой, уӕд уыцы ӕфсымӕр Хуыцауы фыдӕх нӕ райсдзӕн? (Матф. 12:36, 37). Уӕдӕ ӕфсымӕрӕн хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын йӕ бон уӕд уыдзӕн, иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ «ӕцӕгады дзырдыл [фидар чи] хӕцы», ахӕмӕй йӕ куы зоной (Тит. 1:9).

Мӕнӕ уый афтӕ у, зӕгъгӕ, цӕй тыххӕй зӕгъай, уымӕн йӕ ратӕдзӕн алы хатт дӕр хъуамӕ уа «раст ахуырады хуызӕг», ома, Библийы ӕцӕгад ӕмткӕй райсгӕйӕ (2 Тим. 1:13). Афтӕ кӕй хъуамӕ уа, уымӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Чи зоны, Библи сӕрӕй-кӕронмӕ нӕма бакастӕ. Кӕс ӕй дарддӕр дӕр. Фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг дӕ хъус ӕрдар, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ӕрхӕсдзыстӕм, уыдонмӕ, куыд дын баххуыс кӕндзысты, иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ цы ӕрмӕгӕй спайда кӕнинаг уай, уый раиртасынӕн.

Фыццаджыдӕр, дӕхи бафӕрс: ацы хъуыдытӕ, Библийӕ цы зонын, уый ныхмӕ не сты? Чи мӕм хъуса, уыдоны Иегъовӕмӕ хӕстӕгдӕр фӕкӕндзысты, ӕви сӕ ацы дунейы зондыл цӕуынмӕ баразӕнгард кӕндзысты? Йесо йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ афтӕ загъта: «Дӕ ныхас ӕцӕгад у» (Иоан. 17:17, НФ; Дык. з. 13:1—5; 1 Кор. 1:19—21). Афтӕ ма пайда кӕн, ӕрмӕг иртасынӕн нын ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы кусӕнгӕрзтӕ радта, уыдонӕй дӕр. Уыцы литературӕ нын Библийы стихтӕ канд раст не ’мбарын кӕны, фӕлӕ ма сӕ хуыздӕр кӕм ӕмӕ куыд спайдагӕнӕн ис, уый дӕр ӕвдисы. Уӕдӕ дӕ раныхас «раст ахуырады хуызӕгыл» куы ӕнцайа ӕмӕ Библийы стихтӕ, Иегъовӕйы ӕвӕрд цагъар цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ куы ӕмбарын кӕнай, уӕд дӕ ныхӕстӕ уыдзысты раст ӕмӕ ӕцӕг.

Сбӕлвырд-иу кӕн, цы зӕгъинаг дӕ, уый раст у ӕви нӕ. Хатт нӕ ӕрхӕссын фӕфӕнды исты ног хабӕрттӕ, искӕцӕй ист ныхӕстӕ кӕнӕ цавӕрдӕр цаутӕ. Раст сты ӕви нӕ, уый куыд сбӕлвырдгӕнӕн ис? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ пайда кӕнӕм, алы хатт дӕр рӕстытӕ фыст кӕм вӕййы, ахӕм ӕрмӕгӕй. Ӕрмӕг ӕгӕр зӕронд нӕу, уый сбӕрӕг кӕнын дӕр-иу дӕ ма ферох уӕд. Статистикӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕ тагъд «зӕронд кӕнынц»; кӕс, ӕмӕ та ахуыргӕндтӕ ног цыдӕртӕ базыдтой; адӕм истори ӕмӕ рагон ӕвзӕгтӕ куыд арфдӕр ӕмбарынц, афтӕ ивынц бӕлвырдгӕнӕнтӕ, бирӕ цауты фӕдыл раздӕр цы хъуыды кодтой, ныр афтӕ нал хъуыды кӕнынц. Телевизор, радио, газет, электрон пост кӕнӕ дӕ Интернетӕй куы фӕнда цыдӕр ӕрмӕг райсын, уӕлдай къӕрцхъус та уӕд у. Ӕмбисӕндты 14:15 ахӕм фӕдзӕхст ис: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та йӕ къахдзӕфтыл хъуыды кӕны лӕмбынӕг». Уымӕ гӕсгӕ дӕхи бафӕрс: ӕрмӕг кӕцӕй исын, уым алы хатт дӕр рӕстытӕ фыст вӕййы, рӕстытӕ дзы фӕдзурынц? Исты хуызы ма йӕ ис сбӕлвырдгӕнӕн? Кӕд ӕмӕ йыл гыццыл дӕр гуырысхо кӕныс, уӕд дӕ фӕлтау нӕ хъӕуы.

Ӕрмӕг раст у ӕви нӕ, иугӕр уый сбӕлвырд кодтай, уӕд ахъуыды кӕн, куыд дзы спайда кӕндзынӕ, ууыл дӕр. Кӕд дӕ цыдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕнӕ искӕцӕй ист ныхӕстӕ ӕрхӕссын фӕнды, уӕд сӕ хъуамӕ зӕгъай, ист кӕцӕй сты, уым цы уавӕры уыдысты загъд, ахӕм уавӕры. Дӕ ныхасы стырдӕр уӕз бавӕрыны оххыл дын афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ «адӕмӕй чидӕртӕ» фестадысты «адӕмӕн сӕ фылдӕр», «бирӕтӕ» — «алчидӕр», «хаттӕй-хатт» — «алы хатт дӕр». Ныхас фӕкарз кӕнын, нымӕцтыл бафтауын, хъуыддаг ныддиссаг кӕнын куы уарзай, куыд фӕзӕгъынц, къӕхтӕ ӕмӕ сыл къухтӕ куы ӕфтауай, уӕд адӕмы цӕсты де ’ууӕнк дӕхӕдӕг сафыс.

Фӕлӕ алкӕддӕр, раст цы у, уый куы дзурай, уӕд дӕ зондзысты, ӕцӕгадӕн стыр аргъ чи кӕны, ахӕм адӕймагӕй. Ӕмӕ уый та ӕмткӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты номыл дӕр хорзырдӕм фӕзындзӕн. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та — афтӕмӕй кадджын кӕндзынӕ «ӕцӕгады Хуыцау» Иегъовӕйы (Пс. 30:6).