Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

51 УРОК

Рӕстӕгмӕ кӕс, раст ӕй дих кӕн

Рӕстӕгмӕ кӕс, раст ӕй дих кӕн

АЙ-ГЪАЙ ДӔР, сӕйраджыдӕр хъуыды кӕнын хъӕуы, ӕрмӕг куыд хуыздӕр бацамонай, ууыл, фӕлӕ рӕстӕгмӕ дӕр кӕсын хъӕуы. Нӕ алы фембӕлдӕн дӕр ис бӕлвырд рӕстӕг, кӕд хъуамӕ райдайа ӕмӕ кӕд хъуамӕ фӕуа. Фембӕлд-иу уӕд нӕ ныддаргъ уыдзӕн, ӕмӕ дзы хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн ис, уыдон се ’ппӕт дӕр ууыл куы архайой.

Библи куы фыстой, уӕды заманты адӕм цардмӕ, абон ӕм бирӕ рӕтты цы цӕстӕй кӕсынц, уыцы цӕстӕй нӕ кастысты. Ӕндӕр цӕстӕй кастысты рӕстӕгмӕ, кӕцы сахат у, уый-иу бӕлвырдӕй нӕ амыдтой. Зӕгъӕм, Библийы ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ: «ӕртӕ сахатмӕ ’ввахс» кӕнӕ «дӕс сахатмӕ ’ввахс» (Матф. 20:3—6; Иоан. 1:39). Адӕм искуы иу стӕм хаттӕй дарддӕр никуы хъуыды кодтой, бӕлвырдӕй сӕ кӕд цы бакӕнын хъуыди, ууыл. Кӕмдӕрты ма абон дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсынц рӕстӕгмӕ.

Фӕлӕ кӕд нӕ алыварс адӕмӕн се ’гъдау афтӕ у, ӕмӕ рӕстӕгӕн ӕмгъуыд нӕ зонынц, йе та нӕхӕдӕг дӕр афтӕ сахуыр стӕм, уӕддӕр нӕ алкӕйдӕр хъӕуы рӕстӕгӕн аргъ кӕнын. Фембӕлды цалдӕр адӕймагӕн куы уа хӕслӕвӕрдтӕ, уӕд хъус дарын хъӕуы, цӕмӕй дзы алкӕцы дӕр йӕ афоныл фӕуа. Библи нын фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, алцыдӕр хъуамӕ уа уаг ӕмӕ ӕгъдауыл, ӕмӕ уый хауы, хӕслӕвӕрдтӕн нын цы рӕстӕг вӕййы, уымӕ дӕр (1 Кор. 14:40, НФ).

Цы хъӕуы, цӕмӕй дӕ рӕстӕгӕй ма ахизай. Хорз цӕттӕ кӕн — уый у сӕйраг. Дзӕбӕх цӕттӕ чи нӕ вӕййы, сӕ рӕстӕгӕй арӕхдӕр уыдон ахизынц. Чи зоны, сӕхицӕй ныфсджын вӕййынц, кӕнӕ цӕттӕ кӕныныл абон-сом фӕкӕнынц, цалынмӕ хъуыддаг къуырцмӕ не ’рцӕуы, уӕдмӕ. Адӕймаг йӕ рӕстӕгӕй нӕ ахиздзӕн, йӕ хӕслӕвӕрдӕн куы аргъ кӕна ӕмӕ йӕ дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнын куы фӕнда.

Зӕгъӕм, иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсын дын бахӕс кодтой. Фыццаджыдӕр уал ӕркӕс 4—7-ӕм уроктӕм. Уым дзырд цӕуы ӕнӕрхӕцгӕ ныхасыл, фӕлӕууын кӕм ӕмӕ цас хъӕуы, цавӕр дзырдтыл хъӕуы цавд сӕвӕрын ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕсын куыд хъӕуы, ууыл. Цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон дӕ зӕрдыл даргӕйӕ ӕрмӕг хъӕрӕй бакӕс. Дӕ хъус дар рӕстӕгмӕ. Цӕмӕй йӕ афоныл фӕуай каст, уый тыххӕй дӕ гыццыл рӕвдздӕр нӕ хъӕуы кӕсын? Афтӕ ахсджиаг цы хъуыдытӕ не сты, уыдон кӕс тагъддӕр, фӕлӕ ахсджиаг хъуыдытӕм ӕргом раздахын кӕм хъӕуа, уым-иу ӕрлӕуу ӕмӕ кӕс сындӕгдӕр. Бакӕс та йӕ ноджыдӕр. Ӕнӕрхӕцгӕйӕ куы кӕсай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн рӕстӕгыл фӕуын.

Пъланмӕ гӕсгӕ дӕ куы хъӕуа дзурын, уӕд та? Дӕ ныхас рӕстӕгыл фӕуынӕн алы ныхас фыссын нӕ хъӕуы, афтӕ, ӕмӕ дын дзы ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхас рауайа. 25-ӕм урокыл кусгӕйӕ ды базыдтай хуыздӕр мадзал. Дӕ зӕрдыл дар ацы фондз хъуыдыйы. 1. Ссар хорз ӕрмӕг, ӕрмӕст ӕгӕр бирӕ ма уӕд. 2. Сӕйраг хъуыдытӕ дӕ хъуыдыйы дар, фӕлӕ ӕнӕхъӕн хъуыдыйӕдтӕ сахуыр кӕныныл ма архай. 3. Дӕ пъланы фӕнысан кӕн, раныхасы алы хайӕн дӕр дӕ цас рӕстӕг рахицӕн кӕнын фӕнды, кӕнӕ иу хайӕ иннӕмӕ куы хизай, уӕд райдианӕй цас хъуамӕ рацӕуа, уый. 4. Цӕттӕ кӕнгӕйӕ ахъуыды кӕн, рӕстӕг куы нӕ фаг кӕна, уӕд дзы цы уыдзӕн айсӕн. 5. Куыд ӕй дзурдзынӕ, ууыл бакус, хӕдзары йӕ дӕхицӕн хъӕрӕй дзур.

Дӕ раныхас куыд дзурдзынӕ, уый дӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы хӕдзары фӕлварын. Дӕ хъус дар, алы хай дӕр дзы йӕ афоныл фӕвӕййыс ӕви нӕ. Дзур ӕмӕ йӕ дзур ногӕй ӕмӕ ногӕй, цалынмӕ йӕ рӕстӕгыл нӕ фӕуай, уӕдмӕ. Куыд фылдӕр зӕгъай, ууыл ма архай. Дӕ рӕстӕгӕй иу гыццыл фӕуадз, уымӕн ӕмӕ йӕ дӕхицӕн куы дзырдтай, уӕд дӕ цас рӕстӕг бахъуыд, уымӕй дӕ сценӕйыл, чи зоны, гыццыл фылдӕр бахъӕуа.

Дӕ рӕстӕг раныхасы хӕйттыл раст адих кӕн. Цӕмӕй дӕ раныхас афоныл фӕуай, уый тыххӕй рӕстӕг раст адих кӕнын хъӕуы раныхасы хӕйттыл дӕр. Фылдӕр рӕстӕг ныууадзын хъӕуы сӕйраг хайӕн. Уым сты сӕйраг хъуыдытӕ, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ дзы зондӕн цы хъуамӕ райсой, уый. Разныхас уыйас хъуамӕ уа, ӕмӕ дӕ къухы бафтой, 38-ӕм урочы цы ӕртӕ хӕсыл цӕуы дзырд, уыдон. Сӕйраг хай дӕр хъуамӕ ӕгӕр ма ныддаргъ уа, науӕд дын дӕ ныхас, куыд ӕмбӕлы, афтӕ балхынцъ кӕнынӕн рӕстӕг нал уыдзӕн (уый тыххӕй дзырдӕуы 39-ӕм урочы).

Цас тынгдӕр бацархайай рӕстӕгыл фӕуыныл, уыйас хуыздӕр рауайдзӕн дӕ раныхас. Афтӕ ма уымӕй равдисдзынӕ, фембӕлды иннӕ архайджытыл дӕр кӕй хъуыды кӕныс, стӕй ӕгас ӕмбырдӕн дӕр кӕй аргъ кӕныс.